Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Бирӕ дыргъ» цӕмӕн хъуамӕ хӕссӕм?

«Бирӕ дыргъ» цӕмӕн хъуамӕ хӕссӕм?

«Бирӕ дыргъ куы хӕссат ӕмӕ, мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый хъуыддагӕй куы ’вдисат, уӕд уымӕй мӕ Фыд скадджын уыдзӕн» (ИОАН. 15:8).

ЗАРДЖЫТӔ: 53, 60

1, 2. а) Йесо йӕ мӕлӕты размӕ изӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ цӕуыл ныхас кодта? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.) б) Цӕмӕн хъуамӕ хъусын кӕнӕм, уый цӕуылнӕ хъуамӕ рох кӕнӕм? в) Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

ЙЕСО йӕ мӕлӕты размӕ изӕр йӕ апостолтимӕ бирӕ фӕныхас кодта ӕмӕ сын бамбарын кодта, бирӕ сӕ кӕй уарзы. Айразмӕйы статьяйӕ куыд базыдтам, афтӕмӕй ма сын уыцы изӕр радзырдта фӕсномыг ныхас сӕнӕфсирбӕласы тыххӕй. Йесо уыцы фӕсномыг ныхасы фӕрцы йӕ ахуыргӕнинӕгты баразӕнгард кодта, цӕмӕй «бирӕ дыргъ... хӕссой», ома дарддӕр дӕр Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕной (Иоан. 15:8).

2 Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн, цы хъуамӕ аразой, ӕрмӕст уый нӕ загъта, фӕлӕ йӕ цӕмӕн хъуамӕ аразой, уый дӕр. Бамбарын сын кодта, цӕмӕн хъуамӕ хъусын кӕной, уый. Йесо сын уӕд цы загъта, уымӕ ӕркӕсын махӕн дӕр ахсджиаг цӕмӕн у? Цӕмӕн хъуамӕ хъусын кӕнӕм, уый куы нӕ рох кӕнӕм, уӕд нӕ фӕнддзӕн уыцы хъуыддаджы дарддӕр дӕр архайын, цӕмӕй «хорз хабар... ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой» (Матф. 24:13, 14). Цӕмӕн хъусын кӕнӕм, уымӕн ис цыппар аххосаджы, ӕмӕ сӕм ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм. Стӕй ма базондзыстӕм, Йегъовӕ нӕ цы цыппар арфӕдзинадӕй схайджын кодта, уыдоны тыххӕй дӕр. Уыцы арфӕдзинӕдты фӕрцы нӕ бон у дарддӕр дыргъ хӕссын.

КАДДЖЫН КӔНӔМ ЙЕГЪОВӔЙЫ

3. а) Иоанны 15:8 стихмӕ гӕсгӕ, сӕйраджыдӕр цӕмӕн хъусын кӕнӕм? б) Йесойы фӕсномыг ныхасы сӕнӕфсиры цупӕлттӕ цӕмӕ амонынц ӕмӕ афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис?

3 Мах сӕйраджыдӕр уымӕн хъусын кӕнӕм, ӕмӕ афтӕмӕй адӕмы ’хсӕн Йегъовӕйы кадджын кӕнӕм ӕмӕ йын йӕ ном рухс кӕнӕм. (Бакӕс Иоанны 15:1, 8.) Йесо сӕнӕфсирбӕласы тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уым Йегъовӕйы абарста сӕнӕфсиры куыстгӕнӕгимӕ, йӕхи абарста сӕнӕфсирбӕласимӕ, йӕ фӕдылдзӕуджыты та – къалиутимӕ (Иоан. 15:5). Уӕдӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ сӕнӕфсиры цупӕлттӕ та амонынц, Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ цы дыргъ хӕссынц, уымӕ, ома, хорз хабар кӕй хъусын кӕнынц, уымӕ. Йесо йӕ апостолтӕн загъта: «Бирӕ дыргъ куы хӕссат... уӕд уымӕй мӕ Фыд скадджын уыдзӕн». Сӕнӕфсир хорз дыргъ куы ратты, уӕд уый сӕнӕфсиры куыстгӕнӕгӕн кад ӕрхӕссы. Раст афтӕ мах дӕр хъусын кӕныны хъуыддаджы ӕппӕт тыхтӕй куы фӕархайӕм, уӕд Йегъовӕйӕн кад фӕхӕссӕм (Матф. 25:20–23).

4. а) Хуыцауы ном куыд фӕрухс кӕнӕм? б) Хуыцауы ном рухс кӕныны фадат дын кӕй ис, уымӕ цы цӕстӕй кӕсыс?

4 Цымӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы фӕрцы Хуыцауы ном куыд кадджын кӕнӕм? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, махӕн нӕ бон нӕу, Хуыцауы ном, куыд у, уымӕй ноджы сыгъдӕгдӕр скӕнын. Хуыцауы ном ӕнӕуи дӕр сыгъдӕг ӕмӕ табуйаг у. Фӕлӕ-ма нӕ хъус ӕрдарӕм, пехуымпар Исай цы загъта, уымӕ: «Хъуамӕ ӕрмӕстдӕр ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйы ном рухс кӕнат» (Ис. 8:13). Мах Хуыцауы ном рухс кӕнӕм, иннӕ нӕмттӕй йӕ ӕппӕты кадджындӕрыл кӕй нымайӕм ӕмӕ, йӕ ном табуйаг кӕй у, уый иннӕтӕн дӕр кӕй ӕмбарын кӕнӕм, уымӕй (Матф. 6:9). Зӕгъӕм, Йегъовӕйы диссаджы миниуджыты тыххӕй ӕмӕ, адӕмӕн зӕххыл дзӕнӕт скӕнын кӕй фӕнд кӕны, уый тыххӕй иннӕтӕн куы фӕдзурӕм, уӕд уый фӕрцы бамбарынц, Хӕйрӕг Йегъовӕйы тыххӕй цытӕ фӕдзырдта, уыдон мӕнг ныхӕстӕ кӕй сты (Райд. 3:1–5). Стӕй ма Йегъовӕйы ном фӕрухс кӕнӕм, «кад ӕмӕ намысы аккаг» ӕмӕ «стыр тыхы хицау» кӕй у, уый адӕмӕн куы фембарын кӕнӕм, уӕд дӕр (Рарг. 4:11). 16 азы пионерӕй чи лӕггад кӕны, иу ахӕм ӕфсымӕр, Руне, загъта: «Уый фадат мын кӕй ис, ӕмӕ Дунесфӕлдисӕг Хуыцауы тыххӕй ӕвдисӕн лӕууон, уый тыххӕй дзы тынг бузныг дӕн. Ӕмӕ мӕ уый разӕнгард кӕны, цӕмӕй дарддӕр дӕр хъусын кӕнон».

ЙЕГЪОВӔЙЫ ӔМӔ ЙӔ ФЫРТЫ УАРЗӔМ

5. а) Иоанны 15:9, 10 стихтӕм гӕсгӕ, цӕмӕн хъусын кӕнӕм? б) Йесо куыд равдыста, йӕ ахуыргӕнинӕгты фӕразондзинад кӕй хъӕуы, уый?

5 Бакӕс Иоанны 15:9, 10. Хорз хабар ма ноджыдӕр уый тыххӕй хъусын кӕнӕм, ӕмӕ Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзӕм (Мар. 12:30; Иоан. 14:15). Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, «дарддӕр дӕр» сӕ кӕй хъӕуы архайын, цӕмӕй йӕ уарзондзинадӕй хайджын уой. Цымӕ сын афтӕ цӕмӕн загъта? Уымӕн ӕмӕ йӕ зыдта, йӕ фӕдылдзӕуджыты фӕразондзинад кӕй хъӕудзӕн, цӕмӕй, ӕцӕг чырыстӕттӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ цӕрой. Ӕмӕ Иоанны 15:9, 10 стихты дзырдбастӕй, «дарддӕр дӕр», зӕгъгӕ, иу хатт нӕ, фӕлӕ дыууӕ хатты кӕй спайда кодта, уымӕй сын сӕ хъус ӕрдардта, фӕразондзинад куыд ахсджиаг у, уымӕ.

6. Цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, Йесойы уарзтӕй хайджын уӕм, уый нӕ кӕй фӕнды?

6 Цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, Йесойы уарзтӕй хайджын уӕм ӕмӕ нӕ райгонд уа, уый нӕ кӕй фӕнды? Куы йӕм хъусӕм, уымӕй. Йесо нӕ бирӕ ницы домы – йӕхӕдӕг цы арӕзта, ӕрмӕстдӕр уый. Уый загъта: «Ӕз уын равдыстон, куыд хъуамӕ кӕнат, уый, цӕмӕй уын ӕз куыд сарӕзтон, афтӕ аразат сымах дӕр» (Иоан. 15:10). Уӕдӕ хъуамӕ Йесойы фӕзмӕм (Иоан. 13:15).

7. Коммӕгӕсдзинад ӕмӕ уарзондзинад кӕрӕдзиимӕ куыд баст сты?

7 Йесо бӕлвырд бамбарын кодта, коммӕгӕсдзинад ӕмӕ уарзондзинад кӕрӕдзиимӕ баст кӕй сты, уый. Йӕ апостолтӕн загъта: «Мӕ фӕдзӕхстытӕ мын йӕ зӕрдӕмӕ чи исы ӕмӕ сӕ чи ӕххӕст кӕны, уый мӕ уарзы» (Иоан. 14:21). Йесойы фӕдзӕхст кӕй ӕххӕст кӕнӕм ӕмӕ хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕй ма ӕвдисӕм, Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый дӕр, уымӕн ӕмӕ Йесойы фӕдзӕхстытӕ йӕ Фыдӕй сты (Матф. 17:5; Иоан. 8:28). Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ уыдон дӕр сӕ уарзтӕй хайджын кӕнынц.

АДӔМЫ ФӔДЗӔХСӔМ

8, 9. а) Ноджыдӕр ма цӕмӕн хъусын кӕнӕм? б) Йезекилы 3:18, 19 стихты ӕмӕ 18:23 стихы цы ныхӕстӕ фыст ис, уыдон нӕ хъусын кӕнынмӕ куыд разӕнгард кӕнынц?

8 Хорз хабар ма ноджыдӕр уый тыххӕй хъусын кӕнӕм, ӕмӕ афтӕмӕй адӕмы фӕдзӕхсӕм. Библийы Нойы тыххӕй фыст ис, «хъусынгӕнӕг» кӕй уыд. (Бакӕс 2 Петры 2:5.) Ной Доны хъаймӕты размӕ адӕмӕн куы хъусын кодта, уӕд сӕ, ӕвӕццӕгӕн, фӕдзӕхсгӕ дӕр кодта, бӕллӕх сӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕй. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Нӕ хъус-ма ӕрдарӕм, Йесо цы загъта, уымӕ: «Доны хъаймӕты размӕ адӕм хордтой ӕмӕ нуӕзтой, устытӕ куырдтой ӕмӕ моймӕ цыдысты, цалынмӕ Ной наумӕ нӕ бацыд, уӕдмӕ. Ӕмӕ сӕм нымады дӕр ницы уыди, цалынмӕ доны хъаймӕт нӕ райдыдта ӕмӕ се ’ппӕты дӕр нӕ фӕласта. Раст афтӕ уыдзӕн, Адӕймаджы Фырт куы ’рцӕуа, уыцы рӕстӕг дӕр» (Матф. 24:38, 39). Кӕд Ноймӕ хъусӕг нӕ уыд, уӕддӕр йӕ хӕс иузӕрдионӕй ӕххӕст кодта – дарддӕр дӕр адӕмы фӕдзӕхста.

9 Абон мах хорз хабар уый тыххӕй хъусын кӕнӕм, цӕмӕй иууылдӕр базоной, Хуыцаумӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис, уый. Йегъовӕйау мах дӕр тынг фӕнды, цӕмӕй адӕм хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ айсой ӕмӕ ӕнустӕм цӕрой (Йез. 18:23). Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ ӕмӕ, адӕм кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд фӕархайӕм, цӕмӕй-иу, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр адӕмы бафӕдзӕхсӕм, тагъд Хуыцауы Паддзахад ацы фыддунейӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн, уымӕй (Йез. 3:18, 19; Дан. 2:44; Рарг. 14:6, 7).

АДӔМЫ УАРЗӔМ

10. а) Матфейы 22:39 стихмӕ гӕсгӕ, цӕмӕн хъусын кӕнӕм? б) Радзур, Павел ӕмӕ Силӕ горӕт Филиппты ахӕстонгӕсӕн куыд баххуыс кодтой, уый тыххӕй.

10 Хорз хабар ма ноджыдӕр цӕмӕн хъусын кӕнӕм? Уымӕн ӕмӕ адӕмы уарзӕм (Матф. 22:39). Адӕмы кӕй уарзӕм, уый тыххӕй нӕ фӕнды дарддӕр дӕр хъусын кӕнын, уымӕн ӕмӕ йӕ зонӕм: сӕ царды уавӕртӕ куы фӕивой, уӕд, чи зоны, хорз хабармӕ ӕндӕр цӕстӕй ракӕсой. Ӕркӕсӕм-ма, апостол Павел ӕмӕ Силӕйыл цы хабар ӕрцыд, уымӕ. Горӕт Филиппты куы хъусын кодтой, уӕд сӕ сӕ ныхмӕдзӕуджытӕ ахӕстоны баппӕрстой. Ӕмбисӕхсӕв ӕнӕнхъӕлӕджы зӕхх нынкъуысыд, ӕмӕ ахӕстоны дуӕрттӕ фегом сты. Ахӕстонгӕс фӕтарст, ахст адӕм алыгъдысты, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕхи марынвӕнд скодта. Фӕлӕ Павел ныхъхъӕр кодта: «Дӕхицӕн мацы бакӕн!» Ӕмӕ сӕ уӕд ахӕстонгӕс бафарста: «Цы кӕнын мӕ хъӕуы, цӕмӕй фервӕзон?» Уыдон ын загътой: «Баууӕнд Хицау Йесойыл, ӕмӕ фервӕздзынӕ» (Хъуыд. 16:25–34).

Йегъовӕйы, Йесойы ӕмӕ адӕмы кӕй уарзӕм, уый нӕ разӕнгард кӕны хъусын кӕнынмӕ (кӕс 5, 10 абзацтӕ)

11, 12. а) Ахӕстонгӕсы хабарӕй хъусын кӕныны хъуыддаджы тыххӕй цы ис базонӕн? б) Дарддӕр дӕр нӕ хъусын кӕнын цӕмӕн фӕнды?

11 Ахӕстонгӕсы хабарӕй цы ис базонӕн? Нӕ хъус-ма ӕрдарӕм, уыцы адӕймаг хорз хабармӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕд ракаст ӕмӕ ӕххуыс кӕд ракуырдта, уымӕ – ӕрмӕстдӕр зӕххӕнкъуысты фӕстӕ. Раст афтӕ абон дӕр, раздӕр хорз хабармӕ уазал цӕстӕй чи каст, уыдонӕй йӕм чидӕртӕ ӕндӕр цӕстӕй ракӕсынц ӕмӕ ӕххуыс бацагурынц, сӕ царды мӕсыг куы банкъуысы, уӕд. Зӕгъӕм, чидӕртӕ ӕнӕнхъӕлӕджы ӕнӕ куыстӕй баззайынц, ӕмӕ сӕ ныфс асӕтты. Чидӕртӕ зӕрдӕсаст фӕвӕййынц, сӕ бинонты цард кӕй фехӕлы, уый тыххӕй. Кӕмӕдӕрты та цавӕрдӕр ӕвзӕр низ ссарынц, йе та сӕ бинонтӕй кӕнӕ се ’мбӕлттӕй исчи фӕзиан вӕййы, ӕмӕ ууыл фӕмаст кӕнынц. Ахӕм хабӕрттӕ кӕуыл ӕрцӕуы, уыдонӕй чидӕртӕ хъуыды кӕнын райдайынц, раздӕр-иу сӕм чи нӕ фӕзынд, ахӕм фарстатыл, зӕгъӕм, адӕймаг цӕмӕн цӕры, ууыл. Ӕмӕ ахӕм адӕмыл куы фембӕлӕм, уӕд сӕ, гӕнӕн ис, сӕ царды фыццаг хатт бафӕнда хорз хабармӕ байхъусын.

12 Уӕдӕ дарддӕр дӕр куы хъусын кӕнӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн, хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ айсынмӕ цӕттӕ чи уа, уыцы адӕмы ныфс бауадзын (Ис. 61:1). 38 азы ӕххӕстрӕстӕг чи лӕггад кӕны, иу ахӕм хо, Шарлотт, загъта: «Абон адӕмы ныфс ницӕмӕй ис. Ӕмӕ сын хъуамӕ фадат уа хорз хабар фехъусынӕн». 34 азы пионерӕй чи лӕггад кӕны, иу ахӕм ӕфсымӕр та, Эйвор, зӕгъгӕ, афтӕ загъта: «Абон тынг бирӕтӕ сты зӕрдӕсаст. Раздӕр афтӕ никуы уыд. Тынг мӕ фӕнды ахӕм адӕмӕн баххуыс кӕнын, ӕмӕ мӕ уый разӕнгард кӕны, цӕмӕй сын хъусын кӕнон». Ӕцӕгдӕр, кӕд адӕмы уарзӕм, уӕд сын куыннӕ хъуамӕ хъусын кӕнӕм!

ДАРДДӔР ДӔР НӔ БОН ХЪУСЫН КӔНЫН КӔЙ ФӔРЦЫ У, УЫЦЫ АРФӔДЗИНӔДТӔ

13, 14. а) Иоанны 15:11 стихы цавӕр арфӕдзинады тыххӕй фыст ис? б) Йесойы цинӕй цӕй фӕрцы схайджын уыдзыстӕм? в) Циндзинад нын дарддӕр лӕггад кӕнынӕн куыд ӕххуыс кӕны?

13 Йесо йӕ мӕлӕты размӕ изӕр йӕ апостолтимӕ куы ныхас кодта, уӕд ма ской кодта, сӕ бон дарддӕр дӕр хъусын кӕнын кӕй фӕрцы уыдаид, цыппар ахӕм арфӕдзинады тыххӕй. Цымӕ уыцы арфӕдзинӕдтӕ цы сты ӕмӕ нын цы пайда хӕссынц?

14 Фыццаг: цинӕй хайджын стӕм. Цымӕ Йесойы фӕдзӕхст кӕй ӕххӕст кӕнӕм ӕмӕ кӕй хъусын кӕнӕм, уый уаргъыл нымайӕм? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Йесо сӕнӕфсирбӕласы тыххӕй фӕсномыг ныхас куы радзырдта, уӕд загъта, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй куы хъусын кӕнӕм, уӕд йӕ цинӕй хайджын кӕй уыдзыстӕм. (Бакӕс Иоанны 15:11.) Цымӕ уымӕн гӕнӕн куыд ис? Куыд загътам, афтӕмӕй Йесо йӕхи абарста сӕнӕфсирбӕласимӕ, йӕ ахуыргӕнинӕгты та – къалиутимӕ. Къалиутӕм дон ӕмӕ алыхуызон пайдайаг буаргъӕдтӕ фӕхӕццӕ кӕнынц, сӕнӕфсирбӕласы хъӕдыл куы вӕййынц, ӕрмӕстдӕр уӕд. Раст афтӕ мах дӕр, Йесойау цинӕй хайджын уыдзыстӕм, йемӕ иудзинады куы уӕм ӕмӕ йӕ къахвӕдтыл куы цӕуӕм, ӕрмӕстдӕр уӕд (Иоан. 4:34; 17:13; 1 Пет. 2:21). 40 азӕй фылдӕр пионерӕй чи лӕггад кӕны, иу ахӕм хо, Ханне, загъта: «Уацамынды фӕстӕ алы хатт дӕр афтӕ фӕцин кӕнын, ӕмӕ мӕ ноджы тынгдӕр фӕфӕнды дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын». Ӕцӕгдӕр, нӕ зӕрдӕты циндзинад кӕй ис, уый нын хъарутӕ дӕтты дарддӕр хъусын кӕнынӕн, бирӕтӕ нӕм куы нӕ фӕхъусынц, уӕд дӕр (Матф. 5:10–12).

15. а) Иоанны 14:27 стихы цавӕр арфӕдзинады кой ис? б) Фарн нын дарддӕр хъусын кӕнынӕн куыд ӕххуыс кӕны?

15 Дыккаг: фарнӕй хайджын стӕм. (Бакӕс Иоанны 14:27.) Йесо йӕ мӕлӕты размӕ изӕр йӕ апостолтӕн цины тыххӕй куы дзырдта, уӕд ма уымӕй размӕ афтӕ дӕр загъта: «Мӕ фарн уын дӕттын». Йесойы фарн нын дарддӕр хъусын кӕнынӕн куыд ӕххуыс кӕны? Куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд нӕ зӕрдӕты вӕййы фарн, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕзонӕм, афтӕмӕй Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы зӕрдӕ кӕй фӕрухс кӕнӕм. Ӕмӕ уый фӕрцы та нӕ бон вӕййы дарддӕр дӕр уыцы хъуыддаджы архайын (Пс. 149:4; Ром. 5:3, 4; Кол. 3:15). 45 азы ӕххӕстрӕстӕг чи лӕггад кӕны, иу ахӕм ӕфсымӕр, Улф, йӕхи тыххӕй афтӕ загъта: «Кӕд уацамынды фӕстӕ бафӕллайын, уӕддӕр райгондӕй баззайын ӕмӕ фембарын, ацы куыст кӕнынӕй хуыздӕр кӕй ницы ис». Куыд тынг бузныг стӕм Хуыцауӕй, нӕ зӕрдӕты ӕнӕкӕрон фарн кӕй ис, уый тыххӕй!

16. а) Иоанны 15:15 стихы цавӕр арфӕдзинады тыххӕй фыст ис? б) Йесойы апостолты цы хъуыди аразын, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ уыдаиккой?

16 Ӕртыккаг: стӕм Йесойы хӕлӕрттӕ. Йесо йӕ апостолтӕн куы загъта, кӕй йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ цинӕй «ӕххӕстӕй» хайджын уой, уӕд сын уый фӕстӕ бамбарын кодта, кӕрӕдзи удуӕлдай уарзтӕй кӕй хъуамӕ уарзой (Иоан. 15:11–13). Стӕй загъта: «[Ӕз] уӕ хонын мӕ хӕлӕрттӕ». Йесойы хӕлар уай, уый цӕй стыр арфӕдзинад у! Йесойы апостолты цы аразын хъуыди, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ уыдаиккой? Хъуамӕ дарддӕр дӕр «бирӕ дыргъ хастаиккой». (Бакӕс Иоанны 15:14–16.) Уымӕй иу-дыууӕ азы раздӕр Йесо йӕ апостолтӕн бафӕдзӕхста хъусын кӕнын ӕмӕ сын загъта: «Адӕмӕн дзурут, уӕларвон паддзахад ӕрхӕстӕг, зӕгъгӕ» (Матф. 10:7). Гъемӕ сӕ уыцы изӕр баразӕнгард кодта, цӕмӕй, цы куыст райдыдтой, уый дарддӕр дӕр кодтаиккой (Матф. 24:13; Мар. 3:14). Чырыстийы фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнын ӕнцон нӕ уыд. Фӕлӕ уӕддӕр уымӕн гӕнӕн уыд, цӕмӕй уыцы хъуыддаг ӕнтыстджынӕй кодтаиккой ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕ уыдаиккой. Цымӕ цӕй фӕрцы? Ноджыдӕр ма иу арфӕдзинады фӕрцы.

17, 18. а) Иоанны 15:16 стихы цавӕр арфӕдзинады кой цӕуы? б) Уыцы арфӕдзинад Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕн куыд ӕххуыс кӕны? в) Хъару нӕм цавӕр арфӕдзинӕдты фӕрцы фӕзыны?

17 Цыппӕрӕм: Хуыцау нын нӕ куывдтытӕ хъусы. Йесо загъта: «Мӕ Фыдӕй цыдӕриддӕр ракурат мӕ номӕй, уый уын ратдзӕн» (Иоан. 15:16). Уыцы ныхӕстӕ апостолты цӕй стыр ныфс бауагътаиккой! * Уыдон кӕронмӕ не ’мбӕрстой, Йесо тагъд кӕй хъуамӕ амардаид, уый. Фӕлӕ сӕ Разамонӕджы мӕлӕты фӕстӕ дӕр ӕнӕ ӕххуысӕй нӕ баззадаиккой. Йегъовӕ сын сӕ куывдтытӕ алкӕддӕр хъуыстаид ӕмӕ сын хъусын кӕнынӕн ӕххуыс кодтаид. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, Йесойы мӕлӕтӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ сӕхицӕй базыдтой, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты куывдтытӕ кӕй хъусы ӕмӕ сын кӕй ӕххуыс кӕны, уый (Хъуыд. 4:29, 31).

Нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕ кӕй хъусы (кӕс 18 абзац)

18 Абон дӕр хабар афтӕ у. Хорз хабар дарддӕр дӕр куы хъусын кӕнӕм, уӕд Йесойы хӕлӕрттӕ уыдзыстӕм. Стӕй нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, хъусын кӕнын нын ӕнцон куы нӕ уа ӕмӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс куы курӕм, уӕд нын нӕ куывдтытӕ кӕй хъусдзӕн (Фил. 4:13). Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕ кӕй хъусы ӕмӕ Йесойы хӕлӕрттӕ кӕй стӕм, уый тыххӕй сӕ тынг бузныг стӕм! Уыцы арфӕдзинӕдты фӕрцы нӕм хъару фӕзыны, цӕмӕй дарддӕр дӕр дыргъ хӕссӕм (Иак. 1:17).

19. а) Хорз хабар цӕмӕн хъусын кӕнӕм? б) Цы нын баххуыс кӕндзӕн, Хуыцау нын нӕ бӕрны цы куыст бакодта, уый кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнынӕн?

19 Ацы статьяйӕ базыдтам, цӕмӕн хъусын кӕнӕм, уый: 1) цӕмӕй Йегъовӕйы кадджын кӕнӕм ӕмӕ йын йӕ ном рухс кӕнӕм; 2) цӕмӕй равдисӕм, Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы кӕй уарзӕм; 3) цӕмӕй адӕмы фӕдзӕхсӕм ӕмӕ 4) цӕмӕй бӕрӕг уа, адӕмы кӕй уарзӕм, уый. Стӕй ма базыдтам, Йегъовӕ нӕ цы цыппар арфӕдзинадӕй схайджын кодта, уыдоны тыххӕй: нӕ зӕрдӕты ис циндзинад, фарнӕй хайджын стӕм, Йесо у нӕ хӕлар ӕмӕ нын Хуыцау нӕ куывдтытӕ хъусы. Ацы арфӕдзинӕдты фӕрцы нӕм хъарутӕ уыдзӕн, цӕмӕй нын Хуыцау нӕ бӕрны цы куыст бакодта, уый кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнӕм. Ӕппӕт хъарутӕй куы архайӕм, цӕмӕй «бирӕ дыргъ... хӕссӕм», уӕд нӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ райдзӕн!

^ 17 абз. Йесо йӕ апостолтимӕ куы ныхас кодта, уӕд сын цалдӕр хатты зӕрдӕ бавӕрдта, Хуыцау сын сӕ куывдтытӕ кӕй хъусдзӕн (Иоан. 14:13; 15:7, 16; 16:23).