Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Де знаджы зон

Де знаджы зон

«[Сайтан] куыд архайы, уый нын ӕнӕзонгӕ нӕу» (2 КОР. 2:11).

ЗАРДЖЫТӔ: 150, 32

1. Едемы цӕхӕрадоны Йегъовӕ не знаджы тыххӕй цы раргом кодта?

АДАМ зыдта, кӕлмытӕ дзургӕ кӕй нӕ кӕнынц. Ӕмӕ йӕ, ӕвӕццӕгӕн, бамбӕрста, Евӕимӕ калмы уылты ӕнӕуынгӕ уӕларвон удгоймаг кӕй ныхас кодта (Райд. 3:1–6). Адам ӕмӕ Евӕ уыцы ӕнӕуынгӕ удгоймаджы тыххӕй ницы зыдтой. Фӕлӕ уӕддӕр Адам йӕ зондыл ацыд ӕмӕ афтӕмӕй рацыд йӕ уарзӕгой уӕларвон Фыды ныхмӕ (1 Тим. 2:14). Уый хӕдфӕстӕ Йегъовӕ райдыдта ӕргом кӕнын, Адам ӕмӕ Евӕйы йе ’взӕр зондыл чи акодта, уый, ӕмӕ загъта, ӕппынфӕстаг уыцы знаг сӕфт кӕй ӕрцӕудзӕн. Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай Йегъовӕ загъта, калмы уылты чи дзырдта, уыцы ӕнӕуынгӕ удгоймаг цасдӕр рӕстӕг, Хуыцауы чи уарза, уыдоны ныхмӕ кӕй цӕудзӕн (Райд. 3:15).

2, 3. Цымӕ Йегъовӕ Мессийӕйы ӕрцыды размӕ Сайтаны тыххӕй афтӕ гыццыл цӕмӕн раргом кодта?

2 Йегъовӕ никуы загъта, йӕ ныхмӕ чи рацыд, уыцы зӕды ном куыд у, уый *. Ӕмӕ йӕ кӕд ӕндӕрхуызон схуыдта, уӕддӕр уыцы ном, Едемы хабӕрттӕй иу-2 500 азы куы рацыд, ӕрмӕстдӕр уӕд раргом кодта (Иов 1:6). Библи йӕ хоны «Сайтан», ома «Ныхмӕлӕууӕг». Фӕлӕ зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ Дзуттаг Фыстыты йӕ кой цӕуы ӕрмӕстдӕр ӕртӕ чиныджы – 1 Азфыстыты, Иовы ӕмӕ Захарийы чингуыты. Цымӕ Йегъовӕ Мессийӕйы ӕрцыды размӕ уыцы знаджы тыххӕй афтӕ гыццыл цӕмӕн раргом кодта?

3 Йегъовӕйы, ӕвӕццӕгӕн, нӕ фӕндыди, цӕмӕй Сайтанмӕ уыцы кад ӕрхаудаид, ӕмӕ Дзуттаг Фыстыты йӕ хъуыддӕгты кой арӕх уыдаид. Йегъовӕ Дзуттаг Фыстытӕ сӕйраджыдӕр уый тыххӕй ныффыссын кодта, цӕмӕй йӕ адӕмӕн Мессийӕйы базонынӕн ӕмӕ йыл баууӕндынӕн баххуыс кодтаид (Лук. 24:44; Гал. 3:24). Сайтаны тыххӕй ӕмӕ, йӕ зондыл чи ацыд, уыцы зӕдты тыххӕй цы зонӕм, уымӕн йӕ фылдӕр хай Йегъовӕ раргом кодта, Мессийӕ куы ’рцыд, уӕд – Мессийӕйӕн йӕхи уылты ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгты уылты *. Ӕмӕ ӕндӕр куыд хъуамӕ уыдаид, кӕд ӕмӕ Йегъовӕ Сайтаны ӕмӕ, йӕ зондыл чи цӕуы, уыдоны фесафын Йесойӕн ӕмӕ сӕрстытӕн бахӕс кодта! (Ром. 16:20; Рарг. 17:14; 20:10).

4. Хӕйрӕгӕй тӕрсын цӕуылнӕ хъӕуы?

4 Апостол Петр Сайтан Хӕйрӕджы абарста «богътӕгӕнаг домбаимӕ», Иоанн та йӕ схуыдта «калм», стӕй ма «залиаг калм» дӕр (1 Пет. 5:8; Рарг. 12:9). Фӕлӕ нӕ Хӕйрӕгӕй тӕрсын нӕ хъӕуы – йӕ хъару ӕгӕрон нӕу. (Бакӕс Иаковы 4:7.) Махӕн ӕххуыс кӕнынц Йегъовӕ ӕмӕ Йесо, стӕй Хуыцауы иузӕрдион зӕдтӕ. Се ’ххуысы фӕрцы нӕ бон у не знаджы ныхмӕ фидар лӕууын. Фӕлӕ нӕ уӕддӕр хъӕуы дзуапп базонын ӕртӕ ахсджиаг фарстайӕн: Сайтанӕн йӕ бар цӕуыл цӕуы? Сайтан куыд архайы, цӕмӕй иннӕтыл йӕ бар цӕуа? Йӕ бар цӕуыл нӕ цӕуы? Цӕй ӕмӕ ацы фарстатӕм ӕркӕсӕм ӕмӕ базонӕм, уыцы хабӕрттӕй нӕ бон зондӕн райсын цы у, уый.

САЙТАНӔН ЙӔ БАР ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ?

5, 6. Зӕххон хицауӕдтӕй иуӕн дӕр йӕ бон цӕуылнӕ у, адӕмы ӕппӕты тынгдӕр цы тыхсын кӕны, уыдӕттӕй сӕ фервӕзын кӕнын?

5 Доны хъаймӕты размӕ Сайтан зӕдтӕй кӕйдӕрты сцыбӕл кодта, цӕмӕй зӕххон сылгоймӕгтимӕ ӕмуат ӕрцыдаиккой. Ӕмӕ ныр, уыйау Хуыцауы ныхмӕ чи рацыд, уыцы зӕдтыл се ’ппӕтыл дӕр йӕ бар цӕуы. Библийы уый тыххӕй фыст ис, «залиаг калм» йӕ фӕдыл «раласта уӕларвон стъалытӕн се ’ртыккаг хай», зӕгъгӕ (Райд. 6:1–4; Иуд. 6; Рарг. 12:3, 4). Уыцы зӕдтӕ Хуыцауы бинонтыл сӕ къух куы систой, уӕд афтӕмӕй сӕхи Сайтаны дӕлбар бакодтой. Фӕлӕ уыцы змӕнтӕг зӕдтӕй афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ сӕ алчидӕр хицӕнӕй архайы. Хуыцау куыд сфидар кодта Паддзахад, афтӕ Сайтан дӕр йӕхи ӕнӕуынгӕ хицауад скодта. Йӕхӕдӕг дзы у паддзах, дӕлимонтӕн та радта хицауы бартӕ ӕмӕ сӕ «дунейы хицӕуттӕ» скодта (Еф. 6:12).

6 Сайтан йӕхицӕн цы хицауад скодта, уый фӕрцы ӕппӕт зӕххон хицауӕдтыл дӕр йӕ бар цӕуы. Афтӕ зӕгъын нӕ бон уымӕн у, ӕмӕ Хӕйрӕг Йесойӕн, «зӕххыл цыдӕриддӕр паддзахӕдтӕ ис, уыдон» куы равдыста, уӕд ын загъта: «Ӕппӕт ацы паддзахӕдтӕ дын сӕ кадимӕ ратдзынӕн, уымӕн ӕмӕ мӕнӕн лӕвӕрд сты, ӕмӕ мӕ кӕмӕн фӕнды, уымӕн сӕ дӕттын» (Лук. 4:5, 6). Кӕд афтӕ у, уӕддӕр хицауӕдтӕй бирӕтӕ сӕ бӕстӕты цӕрджытӕн хорздзинӕдтӕ фӕаразынц ӕмӕ иуӕй-иу хицӕутты сыгъдӕгзӕрдӕйӕ фӕфӕнды адӕмӕн баххуыс кӕнын. Фӕлӕ иу хицауадӕн дӕр ӕмӕ иу хицауӕн дӕр йӕ бон нӕу адӕмы, ӕппӕты тынгдӕр сӕ цы тыхсын кӕны, уыдӕттӕй фервӕзын кӕнын (Пс. 146:3, 4; Рарг. 12:12).

7. Сайтан ма хицауӕдтӕй уӕлдай мӕнг динтӕй ӕмӕ коммерцийӕ куыд пайда кӕны? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

7 Сайтан ӕмӕ дӕлимонтӕ «зӕххыл ӕппӕт адӕмы дӕр» ӕрмӕст хицауӕдты фӕрцы нӕ сайынц, фӕлӕ ма мӕнг динтӕ ӕмӕ коммерцийы фӕрцы дӕр (Рарг. 12:9). Мӕнг динты руаджы Сайтан Йегъовӕйы тыххӕй мӕнг ныхӕстӕ парахат кӕны, стӕй ма адӕмӕй Хуыцауы ном басусӕг кӕныныл дӕр архайы (Йер. 23:26, 27). Ӕмӕ уый тыххӕй сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕй бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ Хуыцауӕн кувынц, фӕлӕ ӕцӕгӕй та кувынц дӕлимонтӕн (1 Кор. 10:20; 2 Кор. 11:13–15). Сайтан ма адӕмы сайы коммерцийы фӕрцы дӕр. Зӕгъӕм, адӕмы ахӕм зондыл аразы, зӕгъгӕ, адӕймаг амондджын уыдзӕн, бирӕ ӕхца ӕмӕ йӕм бирӕ мулк куы уа, ӕрмӕстдӕр уӕд (Ӕмб. 18:11). Уыцы мӕнг ныхӕстыл чи баууӕнды, уыдон свӕййынц «Хъӕздыгдзинады» цагъартӕ, Хуыцауы цагъартӕ нӕ, фӕлӕ (Матф. 6:24). Ӕмӕ сӕ кӕд чидӕртӕ раздӕр Хуыцауы уарзтой, уӕддӕр мулкыл афтӕ свӕййынц, ӕмӕ сӕм уыцы уарзондзинадӕн йӕ кой дӕр нал вӕййы (Матф. 13:22; 1 Иоан. 2:15, 16).

8, 9. а) Адам ӕмӕ Евӕйы, стӕй ӕгоммӕгӕс зӕдты хабарӕй цавӕр дыууӕ ахсджиаг хъуыддагыл ахуыр кӕнӕм? б) Сайтанӕн йӕ бар цӕуыл цӕуы, уый кӕй зонӕм, уый нын цавӕр пайда хӕссы?

8 Адам ӕмӕ Евӕйы, стӕй ӕгоммӕгӕс зӕдты хабарӕй базонӕн ис ӕппынкъаддӕр дыууӕ ахсджиаг хъуыддаджы. Фыццаг: кӕнӕ Йегъовӕйы фарс ис слӕууӕн, кӕнӕ Сайтаны, ӕртыккаг дзы нӕй (Матф. 7:13). Ӕмӕ дзы хъуамӕ иуы равзарӕм. Дыккаг: Сайтаны фарс чи слӕууы, уыдонӕн уый кӕд хорзӕй исты ӕрхӕссы, уӕддӕр – рӕстӕгмӕ. Адам ӕмӕ Евӕйӕн фадат фӕзынд, цӕмӕй сӕхӕдӕг скъуыддзаг кодтаиккой, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый. Стӕй дӕлимонтӕн дӕр зӕххон хицауӕдтыл цавӕрдӕр хъуыддӕгты сӕ бар цӕуы (Райд. 3:22). Фӕлӕ, Сайтаны фарс чи слӕууы, уыдоны уый ӕппынфӕстаг ӕркӕны бӕллӕхмӕ! (Иов 21:7–17; Гал. 6:7, 8).

9 Сайтанӕн йӕ бар цӕуыл цӕуы, уый кӕй зонӕм, уый нын цавӕр пайда хӕссы? Уый фӕрцы нӕ бон у зӕххон хицӕуттӕм раст цӕстӕй кӕсын, стӕй ма нӕ уый разӕнгард кӕны хъусын кӕнынмӕ дӕр. Мах зонӕм, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй хицӕутты нымайӕм (1 Пет. 2:17). Уый фӕнды, цӕмӕй хицауады закъӕттӕ ӕххӕст кӕнӕм,– Библийы уагӕвӕрдты ныхмӕ куы нӕ уой, уӕд (Ром. 13:1–4). Фӕлӕ ма уый дӕр зонӕм, ӕмӕ хъуамӕ ацы дунейы хъуыддӕгты ма архайӕм – политикон партитӕй ӕмӕ хицӕуттӕй иуы иннӕмӕй хуыздӕрыл хъуамӕ ма нымайӕм (Иоан. 17:15, 16; 18:36). Сайтан Йегъовӕйы номыл цъыф кӕй калы ӕмӕ йӕ басусӕг кӕныныл кӕй архайы, уый зонгӕйӕ мах фӕнды, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразын, цӕмӕй адӕмӕн нӕ Хуыцауы тыххӕй рӕстдзинад дзурӕм. Мах нӕхицӕн стыр кадыл нымайӕм, Йегъовӕйы ном кӕй хӕссӕм ӕмӕ йӕ кӕй дзурӕм, уый. Хуыцауы чи уарзы, уыдон бирӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын сты. Ӕхца ӕмӕ мулк чи уарзы, уыдонӕй та уый зӕгъӕн нӕй (Ис. 43:10; 1 Тим. 6:6–10).

САЙТАН КУЫД АРХАЙЫ, ЦӔМӔЙ ИННӔТЫЛ ЙӔ БАР ЦӔУА?

10–12. а) Цымӕ Сайтан зӕдты куыд сцыбӕл кодта? б) Уыцы зӕдты хабарӕй зондӕн цы ис райсӕн?

10 Сайтан алыхуызон мадзӕлттӕй архайы, цӕмӕй иннӕтыл йӕ бар цӕуа. Зӕгъӕм, адӕймаджы истӕмӕ сцыбӕл кӕны йе та дзы тас бауадзы, ӕмӕ йын афтӕмӕй хъазӕнхъул свӕййы.

11 Ахъуыды-ма кӕн, зӕдтӕй бирӕты куыд сцыбӕл кодта, ууыл. Ӕвӕццӕгӕн уал сӕм дзӕвгар рӕстӕг йӕ хъус дардта, цӕмӕй йӕ бамбӕрстаид, куыд сӕ ис сцыбӕл кӕнӕн. Ӕмӕ йын дзы кӕйдӕрты фӕсайын бантыст. Йӕ зондыл чи ацыд, уыцы зӕдтӕ-иу зӕххон сылгоймӕгтимӕ ӕмуат ӕрцыдысты. Цы цот сын цыди, уыдон уыдысты уӕйыг адӕм, ӕмӕ иннӕтӕн фыдмитӕ кодтой (Райд. 6:1–4). Ӕнӕгъдаудзинадӕй уӕлдай ма Сайтан уыцы зӕдты, чи зоны, цыбӕл кодта, ӕппӕт адӕмыл дӕр сӕ бар кӕй цӕудзӕн, уымӕй дӕр. Йӕ нысан, ӕвӕццӕгӕн, уый уыди, цӕмӕй, Йегъовӕ «сылгоймаджы... байзӕддаджы» тыххӕй цы пехуымпарад загъта, уый ма сӕххӕст уыдаид (Райд. 3:15). Куыдфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр Йегъовӕ зӕххыл Доны хъаймӕт рауагъта ӕмӕ Сайтанӕн ӕмӕ дӕлимонтӕн сӕ пълӕнттӕ иууылдӕр фехӕлдта.

Сайтан архайы, цӕмӕй нӕ сцыбӕл кӕна ӕнӕгъдаудзинад, сӕрбӕрзонддзинад ӕмӕ спиритизмы фӕрцы (кӕс 12, 13 абзацтӕ)

12 Ацы хабарӕй зондӕн цы ис райсӕн? Ӕнӕгъдаудзинады ӕмӕ сӕрбӕрзонддзинады къӕппӕджы ӕнцонтӕй бахауӕн ис. Сайтаны фарс чи слӕууыд, уыцы зӕдтӕ миназты дӕргъы уӕлӕрвты Хуыцауӕн лӕггад кодтой. Фӕлӕ уӕддӕр сӕ зӕрдӕты ӕвзӕр фӕндтӕн бынат радтой. Раст афтӕ мах дӕр, чи зоны, Хуыцауӕн бирӕ азты дӕргъы лӕггад кӕнӕм. Фӕлӕ уӕддӕр уый гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ зӕрдӕты ӕвзӕр фӕндтӕ уидаг ауадзой (1 Кор. 10:12). Уӕдӕ-иу хъуамӕ нӕ зӕрдӕтӕм ныккӕсӕм, ӕмӕ-иу нын дзы ӕнӕгъдау кӕнӕ сӕрбӕрзонд хъуыдытӕ куы фӕзына, уӕд-иу сӕ уайтагъд фӕсурӕм! (Гал. 5:26; бакӕс Колоссӕгтӕм 3:5).

13. Сайтаны къӕппӕджытӕй ма ноджыдӕр иу цавӕр у ӕмӕ нӕ бон куыд у уыцы къӕппӕгӕй нӕхи бахизын?

13 Сайтан ма пайда кӕны ноджыдӕр иу мадзалӕй – спиритизмӕй. Цӕмӕй адӕмы дӕлимонтимӕ баст хабӕрттӕ цымыдис кӕнын райдайой, уый тыххӕй пайда кӕны мӕнг динтӕй, стӕй ма ирхӕфсӕнтӕй дӕр. Киноты, видеохъӕзтыты ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хабӕртты спиритизм афтӕ ӕвдыст цӕуы, ӕмӕ адӕмы цӕст йӕхимӕ ӕлвасы. Ацы къӕппӕгӕй нӕхи куыд бахиздзыстӕм? Хъуамӕ уымӕ ма ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, ӕмӕ нын Йегъовӕйы организаци бӕлвырд дзурдзӕн, ирхӕфсӕнтӕй хорз кӕнӕ ӕвзӕр кӕцы у, уый. Алчидӕр нӕ хъуамӕ йе ’фсарм Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ ахуыр кӕна (Дзут. 5:14). Ӕмӕ Хуыцауы «ӕнӕхин» уарзтӕй куы уарзӕм, уӕд-иу хорз ирхӕфсӕнтӕ равзардзыстӕм (Ром. 12:9). Нӕ бон у ахъуыды кӕнын: «Цымӕ, цы ирхӕфсӕнтӕ равзарын, уыдонмӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ ӕнӕхин дӕн? Библи кӕимӕ ахуыр кӕнын кӕнӕ ногӕй кӕмӕ бацӕуын, уыдон куы фениккой, цавӕр ирхӕфсӕн равзӕрстон, уый, уӕд афтӕ зӕгъиккой, ӕмӕ, дзургӕ цы кӕнын, аразгӕ дӕр уый кӕнын?» Иннӕтӕн цы фӕдзурӕм, уый нӕхӕдӕг дӕр куы аразӕм, уӕд Сайтаны къӕппӕджытӕй хуыздӕр хъахъхъӕд уыдзыстӕм (1 Иоан. 3:18).

Сайтан архайы, цӕмӕй нӕ тас бауадза, хицауад нӕ ныхмӕ кӕй фӕцӕуы, нӕ къласӕгтӕ нын ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ кӕй фӕаразын кӕнынц ӕмӕ нӕ бинонтӕ, цӕуыл ӕууӕндӕм, уый ныхмӕ кӕй вӕййынц, уый фӕрцы (кӕс 14 абзац)

14. Сайтан куыд архайы, цӕмӕй нӕ тас бауадза, фӕлӕ фидар цӕй фӕрцы фӕлӕудзыстӕм?

14 Сайтан нӕ цӕмӕдӕрты кӕй цыбӕл кӕны, уымӕй уӕлдай ма архайы, цӕмӕй нӕ тас бауадза ӕмӕ уый тыххӕй Йегъовӕйыл нӕ зӕрдӕ сивӕм. Зӕгъӕм, йӕ бон у хицауад нӕ ныхмӕ скӕнын, цӕмӕй нӕ хъусын кӕнын мауал уадзой. Йе та йӕ бон у не ’мкусджыты кӕнӕ нӕ къласӕгты ахӕм зондыл саразын, цӕмӕй ныл, Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ кӕй цӕрӕм, уый тыххӕй худой (1 Пет. 4:4). Йӕ бон ма у не ’нӕуырнӕг бинонты дӕр нӕ ныхмӕ скӕнын, кӕд нӕ хорзыл тыхсынц, уӕддӕр, ӕмӕ нын, чи зоны, дзурын райдайой, цӕмӕй ӕмбырдтӕм мауал цӕуӕм (Матф. 10:36). Ахӕм уавӕрты фидар цӕй фӕрцы фӕлӕудзыстӕм? Фыццаджыдӕр, хъуамӕ ӕмбарӕм, ахӕм хабӕрттӕн ӕнӕрцӕугӕ кӕй нӕй, уымӕн ӕмӕ Сайтан немӕ тох кӕны (Рарг. 2:10; 12:17). Стӕй ма хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, хъуыддаг ӕцӕгӕй цӕй мидӕг ис, уый: Сайтан загъта, ӕнцон нын куы уа, ӕрмӕстдӕр уӕд кӕй лӕггад кӕндзыстӕм Йегъовӕйӕн, зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд та йӕ кӕй ныууадздзыстӕм (Иов 1:9–11; 2:4, 5). Уымӕй уӕлдай, цыфӕнды фӕлварӕны дӕр хъуамӕ Йегъовӕйӕ хъарутӕ курӕм. Рох дӕ ма уӕд, Хуыцау нӕ никуы ныууадздзӕн (Дзут. 13:5).

САЙТАНӔН ЙӔ БАР ЦӔУЫЛ НӔ ЦӔУЫ?

15. Цымӕ Сайтанӕн йӕ бон у, ӕмӕ нын тыххӕй исты саразын кӕна? Бамбарын ӕй кӕн.

15 Сайтанӕн йӕ бон нӕу адӕмӕн тыххӕй исты саразын кӕнын (Иак. 1:14). Бирӕтӕ йӕ ӕмбаргӕ дӕр нӕ кӕнынц, афтӕмӕй аразынц, Сайтаны цы фӕнды, уый. Фӕлӕ адӕймаг рӕстдзинад куы базоны, уӕд ӕй фӕхъӕуы равзарын, кӕмӕн лӕггад кӕндзӕн – Хуыцауӕн ӕви Сайтанӕн (Хъуыд. 3:17; 17:30). Кӕд Хуыцауы фӕндон фӕндфидарӕй ӕххӕст кӕнӕм, уӕд Сайтанӕн йӕ бон нӕ бауыдзӕн афтӕ бакӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйыл нӕ зӕрдӕ сивӕм (Иов 2:3; 27:5).

16, 17. а) Сайтанӕн ӕмӕ ма дӕлимонтӕн сӕ бар ноджыдӕр цӕуыл нӕ цӕуы? б) Йегъовӕмӕ хъӕрӕй кувын цӕуылнӕ хъуамӕ тӕрсӕм?

16 Сайтанӕн ӕмӕ ма дӕлимонтӕн сӕ бар ноджыдӕр цӕуыл нӕ цӕуы? Зӕгъӕм, Библийы никуы ис фыст, сӕ бон кӕй у адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ ӕмӕ йӕ хъуыдытӕ фенын. Уый ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ ӕмӕ Йесойӕн у сӕ бон (1 Сам. 16:7; Мар. 2:8). Фӕлӕ цы фӕдзурӕм ӕмӕ хъӕрӕй цӕй тыххӕй фӕкувӕм, уый тыххӕй та цы ис зӕгъӕн? Хӕйрӕг ӕмӕ нӕ дӕлимонтӕ кӕй фехъусдзысты ӕмӕ нӕ кӕй ныкъкъуылымпы кӕндзысты, уымӕй хъуамӕ тӕрсӕм? Ӕппындӕр нӕ! Цӕуылнӕ? Зӕгъӕм, Йегъовӕйы номыл хорз хъуыддӕгтӕ аразын нӕ тӕрсӕм, Хӕйрӕг нӕ куы фена, зӕгъгӕ. Ӕмӕ уӕд хъӕрӕй кувын цӕмӕн хъуамӕ тӕрсӕм? Библийы бирӕ рӕтты ис фыст, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ-иу хъӕрӕй кӕй куывтой, уый тыххӕй ӕмӕ дзы афтӕ никуы ис фыст, Хӕйрӕг сӕ кӕй фехъусдзӕн, уымӕй кӕй тарстысты (1 Пад. 8:22, 23; Иоан. 11:41, 42; Хъуыд. 4:23, 24). Кӕд ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй нӕ ныхӕстӕ дӕр ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕ дӕр Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ уой, уӕд хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ Хӕйрӕджы кӕй нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй нын ахӕм зиан ракӕна, ӕмӕ йын сраст кӕнӕн мауал уа. (Бакӕс Псалом 34:7.)

17 Мах хъуамӕ не знаджы зонӕм, фӕлӕ дзы тӕрсгӕ хъуамӕ ма кӕнӕм. Йегъовӕйы фӕрцы суанг ӕнӕххӕст адӕймагӕн дӕр йӕ бон у, ӕмӕ Сайтаныл фӕуӕлахиз уа (1 Иоан. 2:14). Йӕ ныхмӕ куы фӕлӕууӕм, уӕд нӕ ӕнӕмӕнг алидздзӕн (Иак. 4:7; 1 Пет. 5:9). Зӕгъӕн ис, ӕмӕ абон Сайтан йӕ ныхтӕ уӕлдайдӕр ӕрыгӕтты ныссагъта. Цы аразын сӕ хъӕуы, цӕмӕй йӕ ныхмӕ фидар фӕлӕууой? Уый базондзыстӕм иннӕ статьяйӕ.

^ 2 абз. Библийӕ бӕрӕг у, зӕдтӕй цалдӕрӕн уӕддӕр кӕй ис нӕмттӕ (Тӕрх. 13:18; Дан. 8:16; Лук. 1:19; Рарг. 12:7). Йегъовӕ алы стъалыйӕн дӕр радта ном, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ зӕдтӕй дӕр алкӕмӕн дӕр, уыимӕ, фӕстӕдӕр Сайтан чи сси, уымӕн дӕр, ном кӕй радта (Пс. 147:4).

^ 3 абз. Дзырд «Сайтан» Дзуттаг Фыстыты ӕмбӕлы ӕрмӕстдӕр 18 хатты, Чырыстон Грекъаг Фыстыты та – 30 хаттӕй фылдӕр.