Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Облӕстон конгресс, Нижняя Апша (Украинӕ), 2012 аз

Кӕрдинаг бирӕ ис!

Кӕрдинаг бирӕ ис!

ЙЕСО загъта, йӕ фӕдылдзӕуджытӕн кӕроны рӕстӕджы кӕрдинаг бирӕ кӕй уыдзӕн (Матф. 9:37; 24:14). Ӕркӕсӕм-ма, ацы ныхӕстӕ Закарпатьейы, Украинӕйы, диссаджы хуызы куыд ӕххӕст кӕнынц, уымӕ. Уыцы ран, кӕрӕдзимӕ хӕстӕг чи сты, 3 ахӕм хъӕуы ис 50 ӕмбырды ӕмӕ 5 400 хъусынгӕнӕгӕй фылдӕр *. Уыцы 3 хъӕуы цӕрджыты нымӕц куы райсӕм, уӕд дзы алы 4 адӕймагӕй 1 у Йегъовӕйы Ӕвдисӕн!

Цымӕ уыцы ран цавӕр адӕм цӕры? Бынӕттон ӕфсымӕртӕй сӕ иу, Василе, загъта: «Амы цӕрджытӕ Библийӕн аргъ кӕнынц, хӕрам хъуыддӕгтӕ нӕ уарзынц, хиуӕттӕ кӕрӕдзийыл ӕнгом баст сты ӕмӕ кӕрӕдзийӕн зӕрдиагӕй ӕххуыс кӕнынц». Стӕй-ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Мах цӕуыл ӕууӕндӕм, уыимӕ сӕ алчи разы нӕ вӕййы, фӕлӕ сын Библийӕ исты куы фӕкӕсӕм, уӕд лӕмбынӕг фӕхъусынц».

Фӕлӕ, бирӕ хъусынгӕнджытӕ кӕм ис, ахӕм рӕтты хъусын кӕнгӕйӕ дӕр нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ цавӕрдӕр къуылымпыдзинӕдтыл сӕмбӕлынц. Зӕгъӕм, иу ӕмбырды ис 134 хъусынгӕнӕджы, се ’мбырды территорийы та 50 хӕдзары йеддӕмӕ нӕй! Цымӕ ахӕм уавӕры куыд фӕархайынц?

Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй бирӕтӕ хъусын кӕнынмӕ фӕцӕуынц, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм рӕттӕм. Иу 90-аздзыд ӕфсымӕр, Йонаш, загъта: «Не ’мбырды территорийы 1 хъусынгӕнӕгмӕ хауы 2 хӕдзары. Ӕз фӕхъусын кӕнын нӕхи хъӕуы, фӕлӕ цалынмӕ ме ’нӕниздзинад нӕ фӕцудыдта, уӕдмӕ-иу хъусын кӕнынмӕ цыдтӕн, иу ӕмбырдмӕ дӕр чи нӕ хауд, ахӕм территоримӕ дӕр, уый махӕй у 160 километры дарддӕр. Уым хъусын кодтон венгриаг ӕвзагыл». Ӕндӕр территорийы хъусын кӕныны тыххӕй адӕймаджы фӕхъӕуы йӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнын. Йонаш загъта: «Цӕмӕй-иу уырдӕм поездыл ацыдаин, уый тыххӕй-иу райсомӕй 4 сахатыл сыстадтӕн. Хъусын-иу кодтон изӕры 6 сахатмӕ, уымӕн ӕмӕ-иу поезд фӕстӕмӕ уыцы афон цыди. Уырдӕм-иу цыдтӕн къуыри дыууӕ-ӕртӕ хатты». Цымӕ афтӕ кӕй фыдӕбон кодта, ууыл нӕ фӕсмон кӕны? Мӕнӕ цы загъта йӕхӕдӕг: «Ӕмбырдтӕ кӕм нӕ уыд, ахӕм ран хъусын кӕнын мын стыр циндзинад хаста. Иу ахӕм ран иу бинонтимӕ Библи ахуыр кодтон, ӕмӕ мын уый тынг ӕхсызгон уыд».

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы ӕмбырдты алкӕй бон нӕу хъусын кӕнынмӕ дард рӕттӕм цӕуын. Фӕлӕ уӕддӕр се ’ппӕт дӕр, уыимӕ ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ дӕр, архайынц, цӕмӕй се ’мбырды территорийы хорз хабар бӕстон фехъусын кӕной. Ӕмӕ уый фӕрцы 2017 азы ацы 3 хъӕуы Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацыд хъусынгӕнджыты нымӕцӕй дыууӕ хатты фылдӕр адӕм – уыцы хъӕуты цӕрджытӕн се ’мбис. Дзырд дӕр ыл нӕй, кӕмфӕнды ма лӕггад кӕнӕм, уӕддӕр нӕ нӕ Хицауы хъуыддаджы нырма «бирӕ фыдӕбон кӕнын» хъӕуы (1 Кор. 15:58).

^ 2 абз. Уыцы хъӕутӕ сты: Глубокий Поток, Среднее Водяное ӕмӕ Нижняя Апша.