Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕй хорзӕх ссарын дӕ фӕнды?

Кӕй хорзӕх ссарын дӕ фӕнды?

«Хуыцау мӕнгард нӕу, ӕмӕ уын нӕ ферох кӕндзӕн уӕ фыдӕбон ӕмӕ йын йӕ номмӕ цы уарзондзинад равдыстат, уый» (ДЗУТ. 6:10).

ЗАРДЖЫТӔ: 39, 30

1. Алы адӕймаджы дӕр цы фӕнды ӕмӕ уымӕ цы хауы?

КӔЙ зоныс ӕмӕ кӕмӕн аргъ кӕныс, уыдонӕй дын исчи дӕ ном куы нал фӕхъуыды кӕны йе та дӕ, уымӕй фыддӕр, зонгӕ дӕр куы нал бакӕны, уӕд куыд фӕвӕййыс? Ӕвӕццӕгӕн дын тынг хъыг вӕййы. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ афтӕ конд стӕм, ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ иннӕтӕ зоной ӕмӕ нын аргъ кӕной. Ӕмӕ уымӕ ӕрмӕст уый нӕ хауы, ӕмӕ, чи стӕм, уый зоной. Мах фӕнды, цӕмӕй нын аргъ кӕной, цавӕр адӕймӕгтӕ стӕм ӕмӕ нын цы бантыст, уый тыххӕй (Ным. 11:16; Иов 31:6).

2, 3. Иннӕтӕ нын аргъ кӕной, уый нӕ кӕй фӕфӕнды, уый тыххӕй нын цавӕр рӕдыд зондӕй у тӕссаг? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

2 Фӕлӕ кӕд афтӕ конд стӕм, уӕддӕр ӕнӕххӕст стӕм, ӕмӕ нӕ уый тыххӕй уыцы фӕнд, гӕнӕн ис, зыгъуыммӕ зондыл сараза. Ӕмӕ уӕд кадмӕ бӕллын райдайдзыстӕм. Хӕйрӕджы дуне адӕмы ахӕм зондыл аразы, цӕмӕй, зындгонд ӕмӕ кадджын суой, уымӕ тырной. Фӕлӕ мах дӕр уымӕ бӕллын куы райдайӕм, уӕд нӕ уӕларвон Фыдӕн, Йегъовӕ Хуыцауӕн, цы кад ӕм ӕмбӕлы, уыцы кад нал кӕндзыстӕм (Рарг. 4:11).

3 Аргъ кӕнын кӕмӕн ӕмӕ цӕмӕн хъӕуы, уымӕ Чырыстийы заман дины разамонджытӕй иуӕй-иутӕ раст цӕстӕй нӕ кастысты. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты бафӕдзӕхста: «Уӕхи хъахъхъӕнут чиныджыдӕснытӕй. Уыдон уарзынц даргъ дарӕсты цӕуын, стӕй ма сын цӕмӕй базарты адӕм сӕ сӕрӕй кувой, уый дӕр. Уарзынц ӕмбырдгӕнӕнты разӕй бадын, фынгтыл та – уӕлейӕ». Стӕй йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Уыдон уӕлдай карз ӕфхӕрд баййафдзысты» (Лук. 20:46, 47). Фӕлӕ мӕгуыр идӕдз усӕй та раппӕлыд – уыцы сылгоймаг, ӕвӕццӕгӕн ӕй ничи уыдта, афтӕмӕй кувӕндоны ӕхцавӕрӕны дыууӕ лыстӕг ӕхцайы ныппӕрста (Лук. 21:1–4). Йесо кӕмӕн ӕмӕ цӕмӕн аргъ кодта, уымӕй тынг хицӕн кодта иннӕтӕй. Уый уыцы хъуыддаджы хӕст уыд, Йегъовӕйы цӕсты раст чи у, ахӕм зондыл. Ӕмӕ нын ацы статья баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй мах дӕр уыцы зондыл хӕст уӕм.

ЙЕГЪОВӔ ДӔ ЗОНА ӔМӔ ДЫН АРГЪ КӔНА, УЫЙ У ӔППӔТЫ СТЫРДӔР КАД

4. Адӕймагӕн ӕппӕты стырдӕр кад цы у ӕмӕ цӕмӕн?

4 Цымӕ адӕймагӕн ӕппӕты стырдӕр кад цы у? Уый, ацы дунейы адӕм уӕлдӕр ахуырад ӕмӕ хорз куысты фӕрцы йе та спорт кӕнӕ аивады архайгӕйӕ цы кад ссарынмӕ бӕллынц, уыцы кад нӕу. Ӕппӕты стырдӕр кад цы у, уый Павел бамбарын кодта мӕнӕ ацы ныхӕстӕй: «Ныр та Хуыцауы базыдтат, растдӕр зӕгъгӕйӕ, Хуыцау сымах базыдта, ӕмӕ ма уӕд дунейы ӕнӕпайда ӕмӕ ницӕйаг хъуыддӕгтӕм фӕстӕмӕ куыд здӕхут? Афтӕ уӕ фӕнды, ӕмӕ та сын фӕстӕмӕ цагъартау лӕггад кӕнат?» (Гал. 4:9). Дунедарӕг Хуыцау дӕ зона, уымӕй стырдӕр кад ма цы хъуамӕ уа! Йегъовӕ нӕ хорз зоны, уарзы нӕ ӕмӕ, йӕ хӕлӕрттӕ уӕм, уый йӕ фӕнды. Уӕвгӕ нӕ уый тыххӕй сфӕлдыста, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ уӕм (Еккл. 12:13, 14).

5. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нӕ Йегъовӕ зона?

5 Моисей дӕр уыцы стыр кадӕй хайджын уыд. Йегъовӕйӕн куы балӕгъстӕ кодта, «бацамон мын дӕ фӕндӕгтӕ», зӕгъгӕ, уӕд ын уый загъта: «Цӕй тыххӕй мын зӕгъыс, уый дӕр сараздзынӕн, уымӕн ӕмӕ мын ды ссардтай мӕ хорзӕх ӕмӕ дӕ ӕз зонын дӕ номӕй» (Рац. 33:12–17). Цымӕ уымӕн гӕнӕн ис, ӕмӕ мах дӕр уыцы арфӕдзинадӕй схайджын уӕм, ӕмӕ нӕ Йегъовӕ зона? Куыннӕ! Фӕлӕ нӕ цӕмӕй Хуыцау зона, ома нӕ йӕ хӕлӕрттыл нымайа, уый тыххӕй йӕ хъуамӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзӕм ӕмӕ йын нӕхи снывонд кӕнӕм. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 8:3.)

6, 7. Уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ нын Йегъовӕимӕ цы хӕлардзинад ис, уымӕй ӕнӕхай фӕуӕм?

6 Фӕлӕ нын нӕ уӕларвон Фыдимӕ цы хӕлардзинад ис, уый хъӕуы зынаргъ хӕзнайау хъахъхъӕнын. Павел кӕмӕ фыста, уыцы галатаг чырыстӕттау мах дӕр хъуамӕ «дунейы ӕнӕпайда ӕмӕ ницӕйаг хъуыддӕгтӕн» цагъартау мауал лӕггад кӕнӕм. Ӕмӕ уыцы хъуыддӕгтӕм хауы, адӕймаг ацы дунейы хорзӕхмӕ кӕй фӕбӕллы, уый дӕр (Гал. 4:9). Уыцы чырыстӕттӕ ахӕм арфӕдзинадӕй схайджын сты, ӕмӕ сӕ Хуыцау зыдта. Фӕлӕ Павел куыд загъта, афтӕмӕй растдӕр уыцы ӕфсымӕртӕ фӕстӕмӕ афтид хъуыддӕгтӕм аздӕхтысты. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ сӕ Павел бафарста: «Кӕд уын уыйбӕрц бантыст, уӕд ма, кӕй ныууагътат, уыцы ӕнӕзонд ӕмӕ ӕнӕпайда хъуыддӕгтӕм фӕстӕмӕ цӕмӕн здӕхут?»

7 Цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ махӕн дӕр нӕ хабар афтӕ рауайа? О, ис. Йегъовӕйы куы базыдтам, уӕд, чи зоны, мах дӕр Павелау нӕ къух систам, Хӕйрӕджы дунейы нын цы кад уыд, ууыл. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 3:7, 8.) Чи зоны, нӕ бон уыди уӕлдӕр ахуырад райсын, хорз куыстмӕ бацӕуын йе та фылдӕр ӕхца бакусын, фӕлӕ уыцы фадӕттӕй не спайда кодтам. Йе та, чи зоны, спортмӕ кӕнӕ музыкӕйы цӕмӕдӕр тынг хорз арӕхсӕм, ӕмӕ уый фӕрцы, чи зоны, зындгонд ӕмӕ хъӕздыг суыдаиккам, фӕлӕ ууыл дӕр нӕ къух систам (Дзут. 11:24–27). Ӕмӕ куыд ӕнӕзонд ми уаид, уӕд цы хорз уынаффӕтӕ рахастам, уыдоныл ныр куы фӕсмон кӕниккам ӕмӕ афтӕ куы хъуыды кӕниккам, цас хорз фадӕттӕ ауагътон, зӕгъгӕ! Ахӕм зондахаст нӕ уымӕ ӕркӕндзӕн, ӕмӕ, «ӕнӕпайда ӕмӕ ницӕйаг хъуыддӕгтыл» цы банымадтам, фӕстӕмӕ та уыдӕттӕм тырнын райдайдзыстӕм.

ФӔНДФИДАРӔЙ АРХАЙ ЙЕГЪОВӔЙЫ ХОРЗӔХ ССАРЫНЫЛ

8. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйы хорзӕх ссарыныл фӕндфидарӕй архайӕм?

8 Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фӕндфидарӕй архайӕм Йегъовӕйы хорзӕх ссарыныл, ацы дунейы хорзӕх ссарыныл нӕ, фӕлӕ? Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм дыууӕ ахсджиаг хъуыддаджы. Фыццаг уый, ӕмӕ, Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, уыдонӕн уый алкӕддӕр фӕхай кӕны йӕ хорзӕхӕй. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 6:10; 11:6.) Уый йӕ лӕггадгӕнджытӕй алкӕмӕн дӕр тынг аргъ кӕны ӕмӕ йыл иузӕрдион чи у, уыдонӕй искӕмӕ йӕ хъус ма ӕрдара, уый мӕнгард хъуыддагыл нымайы. Йегъовӕ «зоны йӕхиуӕтты» (2 Тим. 2:19). Уый «зоны рӕстгӕнджыты фӕндаг», стӕй зоны, «фӕлварӕнтӕй ирвӕзын кӕнын» сӕ куыд хъӕуы, уый дӕр (Пс. 1:6; 2 Пет. 2:9).

9. Йегъовӕ йӕ адӕмӕн йӕ хорзӕхӕй кӕй хай кӕны, уый-иу куыд равдыста? Ӕрхӕсс цӕвиттонтӕ.

9 Хатгай-иу Йегъовӕ диссаджы хуызы равдыста, йӕ адӕмӕн йӕ хорзӕхӕй кӕй хай кӕны, уый (2 Аз. 20:20, 29). Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, зӕгъӕм, израилӕгты фараоны хъомысджын ӕфсад фӕстейӕ куы расырдта, уӕд сӕ Йегъовӕ Сырх денджызы раз куыд фервӕзын кодта (Рац. 14:21–30; Пс. 106:9–11). Уый ахӕм стыр диссаг уыд, ӕмӕ уыцы бӕстӕты цӕрӕг адӕм 40 азы фӕстӕ дӕр йӕ кой кодтой (Йес. Н. 2:9–11). Йегъовӕ йӕ адӕмы раджы заманты куыд ирвӕзын кодта, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд-иу нӕ ныфсыл ныфс бафтдзӕн. Уый ахсджиаг у, уымӕн ӕмӕ ныл тагъд рӕстӕджы, Магогы зӕххӕй чи у, уыцы Гог йӕхи ныццӕвдзӕн (Йез. 38:8–12). Уыцы рӕстӕг уӕлдай тынгдӕр цин кӕндзыстӕм, ацы дунейы хорзӕх нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хорзӕх кӕй агуырдтам, ууыл.

10. Нӕ зӕрдыл ма ноджыдӕр цавӕр ахсджиаг хъуыддаг хъуамӕ дарӕм?

10 Нӕ зӕрдыл ма хъуамӕ дарӕм ноджыдӕр иу ахсджиаг хъуыддаг: Йегъовӕ нӕ арӕх схорзӕхджын кӕны, мах ӕнхъӕл дӕр куыд нӕ вӕййӕм, афтӕ. Хорз хъуыддӕгтӕ ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй чи аразы, ӕмӕ дзы адӕм раппӕлой, уыдонӕн Йегъовӕйӕ хӕрзиуӕг нӕ уыдзӕн. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ, Йесо куыд загъта, афтӕмӕй уыдонӕн сӕ хӕрзиуӕг у, иннӕтӕ сӕ кӕй раппӕлыдысты, уый. (Бакӕс Матфейы 6:1–5.) Фӕлӕ ис ахӕмтӕ дӕр, ӕмӕ сын сӕ хорз хъуыддӕгтӕ иннӕтӕ хъуыды дӕр не ’ркӕнынц. Йесо загъта, ахӕм адӕймӕгтӕн, «алцыдӕр чи уыны», уыцы Хуыцау Йегъовӕ сӕ хорздзинӕдтӕ ӕнӕмӕнгӕй кӕй бафиддзӕн. Фӕлӕ нӕ хатгай Йегъовӕ схорзӕхджын кӕны, ӕнхъӕл дӕр куыд нӕ вӕййӕм, афтӕ. Ӕркӕсӕм цалдӕр цӕвиттонмӕ.

ӔРЫГОН СӔРНЫЛЛӔГ СЫЛГОЙМАГӔН, ӔНХЪӔЛ ДӔР КУЫД НӔ УЫД, АФТӔ СКАД КОДТОЙ

11. Йегъовӕ Марийӕйӕн куыд скад кодта?

11 Хуыцауы Фырт зӕххыл куы хъуамӕ райгуырдаид, уыцы рӕстӕг куы ралӕууыд, уӕд Йегъовӕ равзӕрста иу сӕрныллӕг ӕнӕцыд чызджы, Марийӕйы, цӕмӕй уыцы диссаджы сывӕллон уымӕн райгуырдаид. Марийӕ царди Назареты, Иерусалимӕй ӕмӕ йӕ рӕсугъд кувӕндонӕй дард чи уыд, уыцы гыццыл горӕты. (Бакӕс Лукайы 1:26–33.) Цымӕ Йегъовӕ Марийӕйы цӕмӕн равзӕрста? Зӕд Гавриил Марийӕйӕн загъта, зӕгъгӕ, «ды ссардтай Хуыцауы хорзӕх». Марийӕ фидар уырнындзинады хицау кӕй уыд, уый бӕрӕг у, йӕ хӕстӕг Елизаветӕимӕ ныхас кӕнгӕйӕ цы загъта, уымӕй (Лук. 1:46–55). Уӕдӕ Йегъовӕ Марийӕмӕ йӕ хъус дардта, ӕмӕ йӕ йӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй схорзӕхджын кодта, ӕнхъӕл дӕр куыд нӕ уыд, афтӕ.

12, 13. Йесойӕн куыд скад кодтой, куы райгуырд, уӕд ӕмӕ йӕ 40 боны фӕстӕ кувӕндонмӕ куы ’рбахастой, уӕд?

12 Марийӕйӕн Йесо куы райгуырд, уӕд Йегъовӕ Иерусалимы ӕмӕ Вифлеемы кадджын адӕмӕй кӕнӕ хицӕуттӕй ахӕм кад никӕмӕн скодта, цӕмӕй сын уыцы хабар фехъусын кодтаид. Зӕдтӕ фӕзындысты хуымӕтӕг фыййӕуттӕм, Вифлеемы раз быдырты сӕ фысты дзугтӕ чи хъахъхъӕдта, уыдонмӕ (Лук. 2:8–14). Ӕмӕ стӕй уыцы фыййӕуттӕ ноггуырд сывӕллоны фенынмӕ ӕрбацыдысты (Лук. 2:15–17). Марийӕ ӕмӕ Иосиф уый ӕнхъӕл кӕцӕй уыдаиккой, ӕмӕ Йесойӕн афтӕ скад кӕндзысты, ӕмӕ сын уый ӕхсызгон куыннӕ уыдаид! Йегъовӕ куыд фӕархайы, уый тынг хицӕн кӕны, Хӕйрӕг куыд фӕархайы, уымӕй. Хӕйрӕг астрологты Йесомӕ ӕмӕ йӕ ныййарджытӕм куы арвыста, уӕд Йесойы райгуырды тыххӕй фехъусгӕйӕ ӕгас Иерусалимы адӕм дӕр базмӕлыдысты (Матф. 2:3). Хабар афтӕ кӕй айхъуыст, уый хорзӕй ницӕмӕ ӕркодта – дуне ӕнаххос сывӕллӕттӕ фӕмард (Матф. 2:16).

13 Йесойӕн йӕ райгуырдӕй 40 боны куы рацыд, уӕд Марийӕ Йегъовӕйы Закъонмӕ гӕсгӕ хъуамӕ Иерусалимы кувӕндоны нывонд ӕрхастаид. Иерусалим та Вифлеемӕй уыд 9 километры дарддӕр (Лук. 2:22–24). Марийӕ Иосифимӕ ӕмӕ гыццыл Йесоимӕ фӕндагыл куы уыд, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, хъуыдытӕ кодта, цымӕ Йесойӕн сауджын искуыд скад кӕндзӕн, зӕгъгӕ. Йесойӕн ӕцӕгдӕр скад кодтой, фӕлӕ, Марийӕ куыд ӕнхъӕл уыд, афтӕ нӕ. Йегъовӕ равзӕрста Симеоны, «рӕстаг, Хуыцауыл ӕнувыд адӕймаг» чи уыд, уый, ӕмӕ ус-пехуымпар Аннӕйы, 84-аздзыд идӕдз сылгоймаджы, цӕмӕй уыдон фехъусын кодтаиккой, Йесо кӕй суыдзӕн зӕрдӕвӕрд Мессийӕ, кӕнӕ Чырысти (Лук. 2:25–38).

14. Йегъовӕ Марийӕйы куыд схорзӕхджын кодта?

14 Цымӕ Йегъовӕ Марийӕйӕн дарддӕр дӕр кад кодта, йӕ Фырты йын кӕй схъомыл кодта, уый тыххӕй? Бӕгуыдӕр! Хуыцау афтӕ бакодта, цӕмӕй Марийӕйы ныхӕстӕй ӕмӕ хъуыддӕгтӕй кӕцыдӕртӕ Библийы фыст ӕрцыдаиккой. Куыд зыны, афтӕмӕй, Йесо ӕртӕ азы ӕмӕ ӕрдӕг куы хъусын кодта, уӕд Марийӕйӕн уый фадат нӕ уыд, цӕмӕй йемӕ цыдаид. Чи зоны, идӕдз кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ Назареты баззайын бахъуыд. Фӕлӕ кӕд уый тыххӕй бирӕ хорздзинӕдтӕй уыд цух, уӕддӕр Йесойы мӕлӕты рӕстӕг йӕ фарсмӕ уыд (Иоан. 19:26). Фӕстӕдӕр та, Фӕндзайӕм боны размӕ ӕмӕ уыцы бӕрӕгбоны рӕстӕг дӕр, Марийӕ уыди иннӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ (Хъуыд. 1:13, 14). Ӕмӕ, куыд зыны, афтӕмӕй уый дӕр уыцы бон сыгъдӕг тыхӕй сӕрст ӕрцыд. Уӕдӕ уӕд уымӕн дӕр фӕзынди фадат, цӕмӕй уӕлӕрвты Йесоимӕ ӕнустӕм уа. Диссаджы хӕрзиуӕг йӕ иузӕрдион лӕггады тыххӕй!

ЙЕГЪОВӔ РАВДЫСТА, ЙӔ ФЫРТӔН КӔЙ АРГЪ КӔНЫ, УЫЙ

15. Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд Йегъовӕ куыд равдыста, кӕй йын аргъ кӕны, уый?

15 Йесо дины разамонджыты ӕмӕ хицӕутты хорзӕх ссарынмӕ нӕ бӕллыд. Уымӕн ӕппӕты ахсджиагдӕр уыд, цӕмӕй хайджын уыдаид Йегъовӕйы хорзӕхӕй. Ӕмӕ Йегъовӕ уӕлӕрвтӕй ӕртӕ хатты куы ’рдзырдта ӕмӕ йын тынг кӕй аргъ кӕны, уый куы равдыста, уӕд ын ӕхсызгон куыннӕ уыдаид! Йесо Иорданы цӕугӕдоны аргъуыд куы райста, уӕд Йегъовӕ загъта: «Ай у мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт» (Матф. 3:17). Ӕвӕццӕгӕн, уыцы ныхӕстӕ Аргъауӕг Иоанны йеддӕмӕ ничи фехъуыста. Цасдӕры фӕстӕ, Йесойы мӕлӕтӕй иу-афӕдз раздӕр, йӕ апостолтӕй ӕртӕйӕ фехъуыстой, Йегъовӕ Йесойы тыххӕй афтӕ кӕй загъта: «Ай у мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт. Хъусут ӕм» (Матф. 17:5). Ӕмӕ ма ноджыдӕр иу хатт, Йесойы мӕлӕтӕй цалдӕр боны раздӕр, Йегъовӕ йӕ Фыртмӕ уӕлӕрвтӕй ӕрдзырдта (Иоан. 12:28).

Йегъовӕ Йесойӕн куыд скад кодта, уымӕй цы ис базонӕн? (кӕс 15–17 абзацтӕ)

16, 17. Йегъовӕ, Йесо ӕнхъӕл дӕр куыд нӕ уыд, афтӕ йын куыд скад кодта?

16 Йесо зыдта, адӕм ӕй Хуыцауы фауӕг кӕй рахондзысты ӕмӕ стӕй худинаджы мӕлӕтӕй кӕй амӕлдзӕн. Фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕмӕ куывта, зӕгъгӕ, мӕн куыд фӕнды, афтӕ нӕ, фӕлӕ, дӕу куыд фӕнды, афтӕ уӕд (Матф. 26:39, 42). Йесо «худинаг ницӕмӕ ӕрдардта ӕмӕ хъизӕмӕртты хъӕдыл мӕлӕт бавзӕрста», уымӕн ӕмӕ дунейы хорзӕх нӕ агуырдта, фӕлӕ йӕ Фыды хорзӕх (Дзут. 12:2). Цымӕ Йегъовӕ Йесойӕн уый тыххӕй куыд скад кодта?

17 Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд йӕ Фыдмӕ куывта, цӕмӕй та йын ногӕй уыдаид, уӕлӕрвты йемӕ куы уыд, уӕд ын цы кад уыд, уыцы кад (Иоан. 17:5). Библийы никуы ис фыст, ӕмӕ Йесо уымӕй фылдӕр цӕмӕдӕр бӕллыд. Зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон кӕй сӕххӕст кодта, уый тыххӕй уӕлдай хӕрзиуӕгмӕ не ’нхъӕлмӕ каст. Фӕлӕ Йегъовӕ куыд бакодта? Йесо ӕнхъӕл дӕр куыд нӕ уыд, афтӕ йын скад кодта – куы йӕ райгас кодта, уӕд ӕй уӕлӕрвты «ноджы уӕлдӕр сӕвӕрдта» ӕмӕ йӕ схайджын кодта ӕнӕмӕлгӕ цардӕй. Ахӕм цардӕй та Хуыцау уӕдмӕ никуы никӕй схайджын кодта! * (Фил. 2:9; 1 Тим. 6:16). Йегъовӕ Йесойӕн йӕ иузӕрдион лӕггады тыххӕй ӕцӕгдӕр диссаджы кад скодта!

18. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ацы дунейы хорзӕх ма агурӕм?

18 Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ацы дунейы хорзӕх ма агурӕм? Хъуамӕ ӕдзухдӕр нӕ зӕрдыл дарӕм, Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн йӕ хорзӕхӕй алкӕддӕр кӕй фӕхай кӕны ӕмӕ сӕ арӕх, ӕнхъӕл дӕр куыд нӕ вӕййынц, афтӕ кӕй схорзӕхджын кӕны. Фидӕны нын Йегъовӕ куыд раарфӕ кӕндзӕн, уый ныр нӕ бон кӕронмӕ бамбарын дӕр нӕу. Фӕлӕ уал абон, ацы фыддунейы цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, уыдонимӕ тох кӕнгӕйӕ, хъуамӕ алкӕддӕр нӕ зӕрдыл дарӕм, ацы дуне кӕй аивгъуыйдзӕн. Ӕмӕ уӕд, адӕймагӕн цы кадӕй ӕвӕры ныфс, уый дӕр аивгъуыйдзӕн (1 Иоан. 2:17). Фӕлӕ нӕ уарзӕгой Фыд Йегъовӕ «мӕнгард нӕу», ӕмӕ нын нӕ фыдӕбон ӕмӕ йын йӕ номмӕ цы уарзондзинад равдыстам, уый никуы ферох кӕндзӕн (Дзут. 6:10). Уый нӕ ӕнӕмӕнгдӕр йӕ хорзӕхӕй схайджын кӕндзӕн, ӕмӕ, чи зоны, мах ӕнхъӕл дӕр куыд не стӕм, афтӕ!

^ 17 абз. Дзуттаг Фыстыты ӕнӕмӕлгӕ царды кой нӕй. Уымӕ гӕсгӕ Йесо, ӕвӕццӕгӕн, ахӕм хӕрзиуӕг райсын ӕнхъӕл нӕ уыд.