Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Де скаст Йегъовӕмӕ у?

Де скаст Йегъовӕмӕ у?

«Дӕумӕ кӕсын, уӕларвыл цӕрӕг» (ПС. 123:1).

ЗАРДЖЫТӔ: 143, 124

1, 2. Де скаст Йегъовӕмӕ уа, уый цӕуыл дзурӕг у?

МАХ цӕрӕм «тынг уӕззау рӕстӕджы» (2 Тим. 3:1). Ӕмӕ цалынмӕ Йегъовӕ ацы фыддунейӕн кӕрон не скӕна ӕмӕ зӕхмӕ фарн не ’рхӕсса, уӕдмӕ цард уӕззауӕй-уӕззаудӕр кӕндзӕн. Уымӕ гӕсгӕ хорз уаид, алчидӕр нӕ куы ахъуыды кӕнид: «Ӕххуыс ӕмӕ мӕ разамынд куы фӕхъӕуы, уӕд ме скаст кӕмӕ вӕййы?» Чи зоны, уайтагъддӕр зӕгъӕм, Йегъовӕмӕ, зӕгъгӕ. Ӕмӕ уый ӕппӕты хуыздӕр дзуапп у.

2 Де скаст Йегъовӕмӕ уа, уый цӕуыл дзурӕг у? Ӕмӕ нӕ бон куыд у базонын, зындзинӕдты рӕстӕг дӕр не скаст Йегъовӕмӕ кӕй вӕййы? Бирӕ ӕнустӕ раздӕр псаломзарӕггӕнӕг загъта, адӕймагӕн бахъуаджы сахат йе скаст Йегъовӕмӕ кӕй хъуамӕ уа. (Бакӕс Псалом 123:1–4.) Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Йегъовӕмӕ кӕсай, уый абарӕн ис, лӕггадгӕнӕг йӕ хицаумӕ куыд кӕса, уыимӕ. Ома куыд? Лӕггадгӕнӕг фенхъӕлмӕ кӕсы, йӕ хицау ӕй хӕринагцух кӕй нӕ ныууадздзӕн ӕмӕ йӕ кӕй хъахъхъӕндзӕн, уымӕ. Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай хъуамӕ йӕ хицаумӕ лӕмбынӕг кӕса, цӕмӕй-иу бамбара, цӕмӕ йӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый, ӕмӕ-иу стӕй, уый куыд фӕнды, афтӕ бакӕна. Раст афтӕ мах дӕр хъуамӕ алы бон дӕр Хуыцауы Ныхас иртасӕм, цӕмӕй-иу бамбарӕм, Йегъовӕ нӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый, ӕмӕ-иу стӕй йӕ разамындмӕ гӕсгӕ архайӕм. Уӕд ӕй фидарӕй зондзыстӕм, Йегъовӕ нын бахъуаджы сахат кӕй баххуыс кӕндзӕн (Еф. 5:17).   

3. Цӕй тыххӕй рауайы афтӕ, ӕмӕ не скаст Йегъовӕмӕ нал вӕййы?

3 Кӕд ӕй ӕмбарӕм, не скаст алкӕддӕр Йегъовӕмӕ кӕй хъуамӕ уа, уӕддӕр, гӕнӕн ис, ӕмӕ не ’ргом ӕндӕр истӕмӕ аздахӕм. Иухатт ахӕм хабар ӕрцыд Йесойы ӕввахс хӕларыл, Марфӕйыл. Йесо сӕм уазӕгуаты куы уыд, уӕд Марфӕ хӕринаг «цӕттӕ кӕныныл фӕци» (Лук. 10:40–42). Кӕд Марфӕйы хуызӕн иузӕрдион адӕймаг йе ’ргом ӕндӕр цӕмӕдӕр аздӕхта, Йесо йӕ фарсмӕ уыд, афтӕмӕй, уӕд диссаг дӕр нӕу, махӕн дӕр нӕ хабар афтӕ куы рауайа. Уӕдӕ цӕй тыххӕй рауайы афтӕ, ӕмӕ не скаст Йегъовӕмӕ нал вӕййы? Зӕгъӕм, иннӕтӕ цы аразынц, уый тыххӕй. Ӕмӕ ууыл дзырд цӕудзӕн ацы статьяйы. Уымӕй уӕлдай ма базондзыстӕм, цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй не скаст алкӕддӕр Йегъовӕмӕ уа.

КӔД ИУЗӔРДИОН УЫД, УӔДДӔР ДИССАДЖЫ ФАДАТӔЙ ӔНӔХАЙ ФӔЦИ

4. Моисей Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бацӕуыны фадатӕй ӕнӕхай кӕй фӕци, уый нӕм, чи зоны, диссаг цӕмӕн фӕкӕса?

4 Дзырд дӕр ыл нӕй, Моисейы-иу разамынд куы хъуыд, уӕд-иу йе скаст алкӕддӕр уыд Йегъовӕмӕ. Уый «уыд фидар, цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцауы цыма уынгӕ кодта, афтӕ». (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 11:24–27.) Библийы фыст ис: «Моисейы хуызӕн пехуымпар Израилы никуы уыд, Йегъовӕ йӕ лӕгӕй-лӕгмӕ зыдта» (Дык. з. 34:10). Фӕлӕ кӕд Моисей Йегъовӕйы ӕввахс хӕлар уыд, уӕддӕр диссаджы фадатӕй ӕнӕхай фӕци – Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ нӕ бацыд (Ным. 20:12). Афтӕ цӕмӕн рауад?

5–7. Израилӕгтӕ Египетӕй куы рацыдысты, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр цавӕр хабар ӕрцыд ӕмӕ Моисей куыд бакодта?

5 Йегъовӕ израилӕгты Египетӕй куы ракодта, уымӕй дыууӕ мӕйы дӕр нӕма рацыд ӕмӕ Синайы хохмӕ дӕр нӕма бахӕццӕ сты, афтӕ ӕрцыд иу хабар. Адӕм Моисейыл хъуыр-хъуыр кӕнын райдыдтой, ӕмӕ хабар уый онг сси, ӕмӕ Моисей Йегъовӕмӕ сдзынӕзта: «Цы кӕнон ацы адӕмӕн? Гыццыл ма, ӕмӕ мӕ дуртӕй амардзысты!» (Рац. 17:4). Йегъовӕ Моисейӕн загъта, куыд бакӕнын ӕй хъӕуы, уый. Хъуамӕ йӕ лӕдзӕг райстаид ӕмӕ, Хоривы чи уыд, уыцы къӕдзӕх ӕрцавтаид, ӕмӕ уӕд къӕдзӕхӕй дон ракалдаид. Библийы кӕсӕм: «Моисей дӕр Израилы хистӕр лӕгты раз афтӕ бакодта». Къӕдзӕхӕй дон рагуылф кодта, ӕмӕ израилӕгтӕ сӕ дойны басастой. Гъемӕ хабар ууыл ахицӕн (Рац. 17:5, 6).

6 Библийы дарддӕр фыст ис, Моисей уыцы бынат кӕй схуыдта Массӕ, ома «фӕлварӕн», ӕмӕ Меривӕ, ома «хыл» кӕнӕ «быцӕу». Цымӕ цӕмӕн? «Уымӕн ӕмӕ уым Израилы фырттӕ йемӕ хыл кодтой ӕмӕ уым фӕлвӕрдтой Йегъовӕйы. Уыдон дзырдтой: „Йегъовӕ немӕ ис ӕви нӕ?“» (Рац. 17:7).

7 Цымӕ Йегъовӕ, Меривӕйы цы хабар ӕрцыд, уымӕ цы цӕстӕй ракаст? Израилӕгтӕ цы сарӕзтой, уый Йегъовӕ афтӕ банымадта, цыма йӕ ныхмӕ ӕмӕ йӕ хицаудзинады ныхмӕ рацыдысты, Моисейы ныхмӕ нӕ, фӕлӕ. (Бакӕс Псалом 95:8, 9.) Израилӕгтӕ тынг фӕрӕдыдысты. Моисейӕн та йе скаст Йегъовӕмӕ уыд ӕмӕ йын йӕ разамындмӕ байхъуыста, ӕмӕ уымӕй раст бакодта.

8. Израилӕгтӕн ӕдзӕрӕг быдыры сӕ балц кӕронмӕ куы ’рхӕццӕ, уӕд цавӕр хабар ӕрцыд?

8 Израилӕгтӕ 40 азы бӕрц ӕдзӕрӕг быдыры куы фӕрацу-бацу кодтой ӕмӕ сӕ балц кӕронмӕ куы ӕрхӕццӕ, уӕд та ногӕй ахӕм уавӕры бахаудысты. Ногӕй та ӕрлӕууыдысты Меривӕйы. Фӕлӕ уый ӕндӕр Меривӕ уыд – Кадесмӕ хӕстӕг, Зӕрдӕвӕрд зӕххы арӕнмӕ ӕввахс *. Ӕмӕ та хъуыр-хъуыр кӕнын райдыдтой, дон сӕм кӕй нӕ уыд, ууыл (Ным. 20:1–5). Фӕлӕ ацы хатт Моисей ӕндӕрхуызон бакодта.

9. Йегъовӕ Моисейӕн цавӕр разамынд радта, фӕлӕ уый куыд бакодта? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

9 Адӕм змӕнтын кӕй райдыдтой, уымӕ Моисей цы цӕстӕй ракаст? Йегъовӕйӕ та ногӕй разамынд ракуырдта. Фӕлӕ йын ацы хатт Йегъовӕ афтӕ нӕ загъта, цӕмӕй къӕдзӕх ӕрцавтаид. Загъта йын, цӕмӕй йӕ лӕдзӕг райстаид, адӕмы къӕдзӕхы раз ӕрӕмбырд кодтаид ӕмӕ къӕдзӕхӕн загътаид, цӕмӕй дон ратта (Ным. 20:6–8). Фӕлӕ Моисей къӕдзӕхмӕ не сдзырдта. Адӕммӕ афтӕ мӕсты уыд, ӕмӕ сыл ныхъхъӕр кодта: «Райхъусут-ма, ӕнӕсӕттон адӕм! Афтӕ уӕ фӕнды, ӕмӕ уын мах ацы къӕдзӕхӕй рауадзӕм дон?» Стӕй къӕдзӕх ӕрцавта, ӕмӕ уымӕй дӕр иу хатт нӕ, фӕлӕ дыууӕ хатты (Ным. 20:10, 11).

10. Моисей куыд бакодта, уымӕ Йегъовӕ цы цӕстӕй ракаст?

10 Йегъовӕ Моисеймӕ тынг смӕсты (Дык. з. 1:37; 3:26). Цымӕ цӕмӕн? Иуӕй, чи зоны, уымӕн, ӕмӕ Моисей, Йегъовӕ йын ацы хатт куыд загъта, афтӕ нӕ бакодта.

11. Моисей къӕдзӕх кӕй ӕрцавта, уый тыххӕй израилӕгтӕ афтӕ цӕмӕн ахъуыды кодтаиккой, ӕмӕ дон йӕхигъӕдӕй ракалд?

11 Фӕлӕ Моисеймӕ Йегъовӕйы маст кӕй ссыгъд, уымӕн, чи зоны, ис ӕндӕр аххосаг дӕр. Рефидимы раз цы Меривӕ уыд, уыцы ран уыд гранит къӕдзӕхтӕ. Гранит цыфӕнды тынг ма ӕрцӕвай, уӕддӕр дзы дон нӕ ракӕлдзӕн. Кадесы раз цы Меривӕ уыд, уым та фылдӕр уыди чъырдур къӕдзӕхтӕ. Гранитӕй уӕлдай, чъырдуры дон ӕнцонтӕй ахъары ӕмӕ зӕххы бын ӕрӕмбырд вӕййы. Ахӕм къӕдзӕхы цъасс куы скӕнай, уӕд дзы дон сисӕн уыдзӕн. Ӕмӕ Моисей къӕдзӕхмӕ дзургӕ кӕй не скодта, фӕлӕ йӕ цӕвгӕ кӕй ӕркодта, уый тыххӕй цымӕ израилӕгтӕ афтӕ нӕ ахъуыды кодтаиккой, ӕмӕ дон йӕхигъӕдӕй ракалд, Йегъовӕйы фӕрцы нӕ, фӕлӕ? * Уый нӕ бон бӕлвырдӕй зӕгъын нӕу.

ХУЫЦАУ ЦЫ ЗАГЪТА, УЫЙ НЫХМӔ РАЦЫД

12. Йегъовӕйы маст ма Моисей ӕмӕ Ааронмӕ ноджыдӕр цӕй тыххӕй ссыгъдаид?

12 Йегъовӕйы маст Моисей ӕмӕ Ааронмӕ кӕй ссыгъд, уымӕн ма, чи зоны, ис ӕндӕр аххосаг дӕр. Дӕ хъус-ма ӕрдар, Моисей адӕмӕн афтӕ кӕй загъта: «Афтӕ уӕ фӕнды, ӕмӕ уын мах ацы къӕдзӕхӕй рауадзӕм дон?» Моисей, «мах», зӕгъгӕ, куы загъта, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, кодта йӕхи ӕмӕ Аароны кой. Уӕдӕ куыд зыны, афтӕмӕй Моисей Йегъовӕйы не скадджын кодта, афтӕмӕй та уыцы диссаджы тыххӕй ӕппӕт кад дӕр Йегъовӕмӕ ӕмбӕлд. Уый ма бӕрӕг у псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстӕй дӕр: «Меривӕйы дӕтты раз Моисейы мӕсты кодтой, ӕмӕ уыдоны тыххӕй бӕллӕхы бахауд. Афтӕ йӕ смӕсты кодтой, ӕмӕ йӕ дзыхӕй ссыд ӕнӕрхъуыды ныхӕстӕ» * (Пс. 106:32, 33; Ным. 27:14). Моисей Йегъовӕйӕн, цы кад ӕм ӕмбӕлд, уыцы кад не скодта. Ӕмӕ Йегъовӕ Моисей ӕмӕ Ааронӕн загъта: «Сымах, ӕз уын... цы загътон, уый ныхмӕ рацыдыстут» (Ным. 20:24). Уый уыди стыр тӕригъӕд!

13. Йегъовӕ Моисейӕн цы тӕрхон рахаста, уый раст цӕмӕн уыд?

13 Моисей ӕмӕ Аарон Йегъовӕйы адӕмӕн разамынд кӕй лӕвӕрдтой, уый тыххӕй сӕ Йегъовӕ фылдӕр домдта (Лук. 12:48). Ацы хабарӕй бирӕ раздӕр, израилӕгтӕ Хуыцауы ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд, Йегъовӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бацӕуыны бар нӕ радта ӕнӕхъӕн фӕлтӕрӕн (Ным. 14:26–30, 34). Ӕмӕ Моисей йӕ ныхмӕ куы рацыд, уӕд дӕр афтӕ архайдта, ӕмӕ уый уыди раст. Израилӕгтӕй Йегъовӕйы ныхмӕ чи рацыд, уыдонау Моисей дӕр Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ нӕ бацыд.

ХЪУЫДДАГ ЦӔЙ МИДӔГ УЫД

14, 15. Афтӕ цӕмӕн рауад, ӕмӕ Моисей Йегъовӕйы ныхмӕ рацыд?

14 Цымӕ Моисей Йегъовӕйы ныхмӕ цӕмӕн рацыд? Ногӕй-ма ӕркӕсӕм 106-ӕм псаломмӕ 32-ӕм ӕмӕ 33-ӕм стихтӕм: «Меривӕйы дӕтты раз Моисейы мӕсты кодтой, ӕмӕ уыдоны тыххӕй бӕллӕхы бахауд. Афтӕ йӕ смӕсты кодтой, ӕмӕ йӕ дзыхӕй ссыд ӕнӕрхъуыды ныхӕстӕ». Израилӕгтӕ Йегъовӕйы ныхмӕ рацыдысты, мӕсты та сӕм Моисей сси. Моисей хиуылхӕцгӕ нӕ разынд, ӕмӕ ӕнӕрхъуыды ныхӕстӕ загъта. Йӕ ныхӕстӕ цӕмӕ ӕркӕндзысты, ууыл нӕ ахъуыды кодта.

15 Моисейӕн йе скаст Йегъовӕмӕ нал уыд. Уый йе ’ргом аздӕхта, иннӕтӕ сӕхи куыд дардтой, уымӕ. Адӕм доны тыххӕй фыццаг хатт куы хъуыр-хъуыр кодтой, уӕд Моисей раст архайдта (Рац. 7:6). Фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, цалдӕр дӕс азы дӕргъы уыцы змӕнтаг адӕммӕ кӕсгӕйӕ бафӕллад ӕмӕ йӕ сӕрӕн ницыуал зыдта. Чи зоны, Моисей фылдӕр хъуыды кодта йе ’нкъарӕнтыл, Йегъовӕйы куыд скадджын кӕна, ууыл нӕ, фӕлӕ.

16. Моисейы хабарыл ахъуыды кӕнын нӕ цӕмӕн хъӕуы?

16 Кӕд Моисейы хуызӕн иузӕрдион адӕймаг йе ’ргом ӕндӕр цӕмӕдӕр аздӕхта ӕмӕ фӕрӕдыд, уӕд махыл дӕр, гӕнӕн ис, ахӕм хабар ӕрцӕуа. Моисей Зӕрдӕвӕрд зӕххы къӕсӕрыл куыд лӕууыд, афтӕ мах дӕр лӕууӕм, Йегъовӕ нын зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы ног дунейы къӕсӕрыл (2 Пет. 3:13). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, махӕй никӕй фӕнды, цӕмӕй уыцы диссаджы фадатӕй ӕнӕхай фӕуа. Фӕлӕ цӕмӕй ног дунейы цӕрӕм, уый тыххӕй хъуамӕ ӕдзухдӕр Йегъовӕмӕ кӕсӕм ӕмӕ йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнӕм (1 Иоан. 2:17). Моисейы рӕдыдӕй нӕ бон зондӕн райсын цы у?

ИННӔТӔ ЦЫ АРАЗЫНЦ, УЫЙ ДЫН КЪУЫЛЫМПЫЙЫ ХОС МА СУӔД

17. Куы смӕсты уӕм, уӕд-иу нын нӕхиуыл фӕхӕцынӕн цы баххуыс кӕндзӕн?

17 Куы смӕсты уӕм, уӕд-иу нӕхиуыл фӕхӕцӕм. Кӕд цавӕрдӕр зын уавӕры ногӕй ӕмӕ ногӕй бахауӕм, уӕддӕр-иу хъуамӕ, «хорз цы у, уый аразгӕйӕ нӕ ныфс ма асӕтта, уымӕн ӕмӕ йӕ рӕстӕджы ӕркӕрддзыстӕм тыллӕг, кӕд нӕ бафӕллайӕм, уӕд» (Гал. 6:9; 2 Фес. 3:13). Истӕуыл кӕнӕ искӕмӕ ногӕй ӕмӕ ногӕй куы смӕсты вӕййӕм, уӕд уал исты зӕгъыны размӕ ахъуыды кӕнӕм? Нӕ маст бауромӕм? (Ӕмб. 10:19; 17:27; Матф. 5:22). Исчи нӕ куы смӕсты кӕна, уӕд-иу хъуамӕ «уыцы хъуыддаг Хуыцауы бар бакӕнӕм, цӕмӕй уый ныккала йӕ маст». (Бакӕс Ромӕгтӕм 12:17–21.) Уый цӕуыл дзурӕг у? Мӕсты кӕныны бӕсты хъуамӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Йегъовӕ йӕ рӕстӕджы хъуыддаг куыд алыг кӕндзӕн, уымӕ. Ӕмӕ уӕд зӕгъӕн уыдзӕн, не скаст Йегъовӕмӕ кӕй у. Маст исыны хъуыддаг нӕхимӕ куы райсӕм, уӕд та афтӕ рауайдзӕн, ӕмӕ Йегъовӕйы ницӕмӕ дарӕм.

18. Разамындмӕ байхъусын куы хъӕуа, уӕд-иу нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?

18 Цы ног разамынд райсӕм, уымӕ гӕсгӕ-иу архайӕм. Йегъовӕ нын йӕ организацийы уылты цы ног разамынд ратты, уымӕ гӕсгӕ алкӕддӕр фӕархайӕм? Цавӕрдӕр хъуыддӕгты фӕдыл ног разамынд куы райсӕм, уӕд-иу хъуамӕ уыцы хъуыддӕгтӕ, раздӕр сӕ куыд кодтам, афтӕ мауал кӕнӕм, фӕлӕ-иу ног разамындмӕ гӕсгӕ уайтагъд архайын райдайӕм (Дзут. 13:17). Фӕлӕ хъуамӕ лӕмбынӕг уӕм, цӕмӕй-иу, «фыст цы у, уый сӕрты ма ахизӕм» (1 Кор. 4:6). Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд фидарӕй зӕгъӕн уыдзӕн, Йегъовӕмӕ кӕй кӕсӕм.

Моисей иннӕты рӕдыдтытӕм цы цӕстӕй ракаст, уымӕй нӕхицӕн зондӕн цы хъуамӕ райсӕм? (кӕс 19 абзац)

19. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй иннӕты рӕдыдтыты тыххӕй Йегъовӕйӕ ма адард уӕм?

19 Иннӕты рӕдыдтыты тыххӕй Йегъовӕйӕ ма адард уӕм. Йегъовӕмӕ алкӕддӕр куы кӕсӕм, уӕд дзы иннӕты рӕдыдтыты тыххӕй никуы адард уыдзыстӕм, стӕй-иу сӕм мӕсты дӕр нӕ кӕндзыстӕм. Уый уӕлдай ахсджиаг у, кӕд махӕн дӕр Моисейау Йегъовӕйы организацийы кадджын хӕстӕ ис, уӕд. Дзырд дӕр ыл нӕй, махӕй алчидӕр хъуамӕ Йегъовӕмӕ хъуса ӕмӕ йын ӕппӕт хъарутӕй лӕггад кӕна. Ууыл баст у нӕ ирвӕзындзинад (Фил. 2:12). Фӕлӕ ныл цас фылдӕр хӕстӕ ис, уыйас нӕ Йегъовӕ фылдӕр домы (Лук. 12:48). Куыдфӕнды ма уа,– Йегъовӕйы ӕцӕгдӕр куы уарзӕм, уӕд нын цӕлхдур ницы суыдзӕн ӕмӕ нӕ йӕ уарзтӕй ницы фӕхицӕн кӕндзӕн (Пс. 119:165; Ром. 8:37–39).

20. Нӕ тыхтӕ цӕмӕ хъуамӕ саразӕм?

20 Абон тынг уӕззау рӕстӕджы кӕй цӕрӕм, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ алкӕддӕр кӕсӕм Йегъовӕмӕ – «уӕларвыл цӕрӕг» Хуыцаумӕ, цӕмӕй-иу бамбарӕм, цӕмӕ нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. Уӕдӕ ма бауадзӕм, цӕмӕй иннӕты рӕдыдтыты тыххӕй Йегъовӕйӕ адард уӕм. Моисейыл цы хабар ӕрцыд, уый нын ацы ахсджиаг хъуыддаг нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны. Иннӕты рӕдыдтытӕ-иу ма ныддиссаг кӕнӕм, фӕлӕ-иу нӕ тыхтӕ уымӕ саразӕм, цӕмӕй «кӕсӕм нӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ» ӕмӕ «ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм йӕ хорзӕхмӕ» (Пс. 123:1, 2).

^ 8 абз. Ам цы Меривӕйы кой цӕуы, уый, Рефидиммӕ хӕстӕг чи уыд ӕмӕ Массӕ кӕй хуыдтой, уыцы Меривӕ нӕу. Фӕлӕ дыууӕ раны дӕр Меривӕ уымӕн хуыйнынц, ӕмӕ уым израилӕгтӕ хыл кодтой, кӕнӕ хъуыр-хъуыр кодтой. (Кӕс брошюрӕ «Ӕрмӕг Библи иртасынӕн», 7 хай.)

^ 11 абз. Профессор Джон Бек уыцы хабары фӕдыл загъта: «Иу дзуттаг таурӕгъмӕ гӕсгӕ, змӕнтджытӕ, Моисей цы сарӕзта, уымӕ фау ӕрхастой: „Уый уӕртӕ рагацау зыдта, ацы къӕдзӕхӕй дон райсӕн кӕй ис! Кӕд йӕ бон ӕцӕгдӕр диссӕгтӕ аразын у, уӕд нын дон ӕндӕр къӕдзӕхӕй рауадзӕд“». Фӕлӕ уый ӕрмӕстдӕр таурӕгъ у.

^ 12 абз. Кӕс 1989 азы 1 январы «Сторожевая башня», «Вопросы читателей».