Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Йегъовӕйы фарс чи у?»

«Йегъовӕйы фарс чи у?»

«Хъуамӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕ тӕрсай, хъуамӕ уымӕн лӕггад кӕнай, хъуамӕ ууыл уай ӕнувыд» (ДЫК. З. 10:20).

ЗАРДЖЫТӔ: 28, 32

1, 2. а) Йегъовӕйы фарс уӕм, уый зондыл дзурӕг цӕмӕн у? б) Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

УЫМӔЙ растдӕр ницы у, ӕмӕ Йегъовӕимӕ алкӕддӕр ӕнгом уӕм. Нӕ Хуыцауӕй хъомысджындӕр ӕмӕ зондджындӕр ничи у ӕмӕ нӕ уый хуызӕн ничи уарзы! Ӕмӕ нӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фӕнды, цӕмӕй йыл иузӕрдион уӕм ӕмӕ алкӕддӕр йӕ фарс лӕууӕм (Пс. 96:4–6). Фӕлӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй чидӕртӕ цавӕрдӕр уавӕрты иузӕрдион нӕ разындысты.

2 Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, йӕхи Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг чи хуыдта, фӕлӕ йӕ хъуыддӕгтӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ чи фӕриссын кодта, ахӕм адӕймӕгты цӕвиттонтӕм. Уыцы хабӕрттӕй цы базондзыстӕм, уый нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйыл алкӕддӕр иузӕрдион уӕм.

ЙЕГЪОВӔ СГАРЫ ЗӔРДӔТӔ

3. Йегъовӕ Каинӕн баххуыс кӕныныл цӕмӕн архайдта ӕмӕ йын цы загъта?

3 Ӕркӕсӕм Каины хабармӕ. Каин Йегъовӕйы йеддӕмӕ ӕндӕр никӕмӕн куывта, фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕ йӕ лӕггадӕй райгонд нӕ уыд. Цымӕ цӕуылнӕ? Йегъовӕ уыдта, Каины зӕрдӕйы ӕвзӕр фӕндтӕ кӕй фӕзынд (1 Иоан. 3:12). Ӕмӕ йын загъта: «Хорздзинад аразын куы райдайай, уӕд дӕ не сбӕрзонд кӕндзынӕн? Фӕлӕ хорздзинад аразын куы нӕ райдайай, уӕд тӕригъӕд ӕрӕмбӕхст дӕ къӕсӕрыл ӕмӕ дӕ ӕрцахсынмӕ хъавы. Фӕлӕ йыл ды фӕуӕлахиз уыдзынӕ?» (Райд. 4:6, 7). Ӕндӕр ныхасӕй йын Йегъовӕ загъта: «Куы ’рфӕсмон кӕнай ӕмӕ мӕ фарс фидарӕй куы слӕууай, уӕд ӕз дӕр уыдзынӕн дӕ фарс».

4. Кӕд Каинӕн ахӕм фадат уыд, ӕмӕ Йегъовӕйы фарс слӕууыдаид, уӕддӕр куыд бакодта?

4 Каин йӕ зондахаст куы фӕивтаид, уӕд та Йегъовӕ ногӕй йӕ лӕггадӕй райгонд уыдаид. Фӕлӕ Каин Йегъовӕйы уынаффӕ ницӕмӕ ӕрдардта. Ӕвзӕр хъуыдытӕн ӕмӕ хиуарзон фӕндтӕн йӕ зӕрдӕйы бынат кӕй скодта, уый йӕ ӕркодта фыдхъуыддӕгтӕм (Иак. 1:14, 15). Каин ӕрыгонӕй, ӕвӕццӕгӕн, ууыл хъуыды дӕр нӕ акодтаид, ӕмӕ искуы Йегъовӕйы ныхмӕ рацӕудзӕн. Фӕлӕ ныр стыр тӕригъӕд сарӕзта – Хуыцауы ныхмӕ рацыд ӕмӕ йӕ хӕрзӕфсымӕры амардта!

5. Йегъовӕйы хорзӕхӕй ӕнӕхай цавӕр зондахасты тыххӕй фӕуыдзыстӕм?

5 Абон дӕр чырыстӕттӕй исчи, гӕнӕн ис, ӕмӕ Каинау йӕхи Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг хона ӕмӕ уыцы иу рӕстӕг, Йегъовӕ йе сӕфт цӕмӕй уыны, уый дӕр араза (Иуд. 11). Зӕгъӕм, гӕнӕн ис, чырыстон ӕдзухдӕр хъусын кӕнынмӕ цӕуа ӕмӕ ӕмбырдтӕ дӕр ма цух кӕна, фӕлӕ уыцы иу рӕстӕг йӕ сӕрмӕ ӕнӕгъдау хъуыдытӕ уадза, искӕмӕ хӕлӕг кӕна йе та йе ’мчырыстӕттӕй искӕмӕй йе сӕфт уына (1 Иоан. 2:15–17; 3:15). Ахӕм хъуыдытӕ арӕх ӕркӕнынц тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕм. Цӕуыл хъуыды кӕнӕм ӕмӕ цы аразӕм, уый, чи зоны, иннӕтӕ ма зоной, фӕлӕ Йегъовӕ та алцыдӕр уыны ӕмӕ, кӕд йӕ фарс ӕппӕт зӕрдӕйӕ не стӕм, уӕд уый дӕр зоны. (Бакӕс Йеремийы 17:9, 10.)

6. Йегъовӕйы фарс фидарӕй куы слӕууӕм, уӕд нын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ тӕригъӕдджын зӕрдӕйы фӕндтыл «фӕуӕлахиз уӕм»?

6 Фӕлӕ кӕд хатгай фӕрӕдийӕм, уӕддӕр ныл Йегъовӕ йӕ къух нӕ сисы. Рӕдыд фӕндагыл куы адзӕгъӕл вӕййӕм, уӕд нын Йегъовӕ фӕдзуры: «Раздӕхут мӕм, ӕмӕ уӕм ӕз дӕр раздӕхдзынӕн» (Мал. 3:7). Йегъовӕ ӕмбары, нӕ лӕмӕгъдзинӕдтимӕ тох кӕнын нын ӕнцон кӕй нӕ вӕййы. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр фӕнды, цӕмӕй нӕхи фыддзинадӕй хизӕм (Ис. 55:7). Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд уый дӕр нӕ фарс уыдзӕн ӕмӕ нын хъарутӕ дӕтдзӕн, цӕмӕй нӕ тӕригъӕдджын зӕрдӕйы фӕндтыл «фӕуӕлахиз уӕм» (Райд. 4:7).

«МА РӔДИЙУТ»

7. Афтӕ куыд рауад, ӕмӕ Соломон Йегъовӕйы хӕлар нал уыд?

7 Паддзах Соломоны хабар дӕр нын у зондзонӕн. Соломон ӕрыгон куы уыд, уӕд разамынд Йегъовӕйӕ агуырдта. Хуыцау ӕй стыр зондӕй схайджын кодта ӕмӕ йын бабар кодта Иерусалимы диссаджы кувӕндон саразын. Фӕлӕ уӕддӕр Соломон Йегъовӕйӕ адард, ӕмӕ йӕ хӕлар нал уыд (1 Пад. 3:12; 11:1, 2). Хуыцауы Закъон дзуттаг паддзӕхты фӕдзӕхста: «Хъуамӕ йӕхицӕн бирӕ устытӕ... ма скӕна, цӕмӕй йӕ зӕрдӕ мӕнӕй ма аздӕха» (Дык. з. 17:17). Фӕлӕ Соломон уыцы закъон фехӕлдта, ӕмӕ 700 усы ӕрхаста. Стӕй ма йын уыд 300 номылусы дӕр (1 Пад. 11:3). Йӕ устытӕй бирӕтӕ израилӕгтӕ нӕ уыдысты ӕмӕ куывтой мӕнгхуыцӕуттӕн. Афтӕмӕй ма Соломон фехӕлдта ӕндӕр закъон дӕр – ӕндӕр адӕмтӕй чи уыд, уыдоны йӕхицӕн хӕстӕгӕн кӕй хъуамӕ ма агуырдтаид, уыцы закъон (Дык. з. 7:3, 4).

8. Соломон цавӕр фыдхъуыддӕгтӕ арӕзта?

8 Соломон Йегъовӕйы закъӕттӕ сабыргай халын кӕй райдыдта, уый йӕ ӕркодта стыр тӕригъӕдтӕм. Мӕнгхуыцӕуттӕн – Астартӕйӕн ӕмӕ Хамосӕн – нывондхӕссӕнтӕ сарӕзта. Стӕй сын йӕ устытимӕ иумӕ кувын дӕр райдыдта. Ӕмӕ уыцы нывондхӕссӕнтӕ кӕм сарӕзта? Уый размӕ Йегъовӕйы кувӕндон кӕм сарӕзта, уыцы горӕт Иерусалимы акомкоммӕ цы хох уыд, растдӕр уым! (1 Пад. 11:5–8; 2 Пад. 23:13). Чи зоны, Соломон йӕхи ахӕм хъуыдытӕй сайдта, ӕмӕ Йегъовӕйӕн кувӕндоны дарддӕр дӕр нывӕндтӕ куы хӕсса, уӕд ын йе ’взӕр хъуыддӕгтӕм ӕнцад кӕсдзӕн.

9. Соломон Йегъовӕйы фӕдзӕхстыты сӕрты кӕй ахызт, уый цӕмӕ ӕркодта?

9 Фӕлӕ Йегъовӕ тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕм ӕнцад никуы фӕкӕсы. Библийы фыст ис: «Йегъовӕйы маст ссыгъд Соломонмӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ зӕрдӕ аздӕхт... Йегъовӕйӕ, дыууӕ хатты йӕм чи фӕзынд, уыцы Хуыцауӕй. Йегъовӕ йӕ бафӕдзӕхста, цӕмӕй ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл ма ацыдаид, фӕлӕ йын уый йӕ ныхасы сӕрты ахызт». Ӕмӕ уый тыххӕй Йегъовӕ Соломоны йӕ хорзӕхӕй ӕнӕхай фӕкодта ӕмӕ йын нал ӕххуыс кодта. Соломонӕн йӕ байзӕддӕгтӕ та ӕнӕхъӕн Израилӕн паддзӕхтӕ нал уыдысты ӕмӕ-иу цалдӕр ӕнусы дӕргъы сӕ сӕр бирӕ бӕллӕхтӕ баййӕфта (1 Пад. 11:9–13).

10. Куыд ис уый гӕнӕн, ӕмӕ Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ мауал уӕм?

10 Соломоны хабар нын ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕ чи не ’мбары ӕмӕ сын чи нӕ аргъ кӕны, уыдонимӕ лымӕн кӕнын нӕ уырнындзинадӕн тынг тӕссаг у. Чи зоны, кӕимӕ лымӕн кӕнӕм, уыдонӕй чидӕртӕ не ’мчырыстӕттӕ сты, фӕлӕ сӕ уырнындзинад фидар нӕу. Йе та, чи зоны, нӕ рӕстӕг арӕх ӕрвитӕм, Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыдонимӕ, зӕгъӕм, нӕ хӕстӕджытимӕ, нӕ сыхӕгтимӕ, не ’мкусджытимӕ кӕнӕ нӕ къласӕгтимӕ. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр, Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕн чи нӕ аргъ кӕны, ахӕм ӕмбӕлтты зондахаст ныл, гӕнӕн ис, афтӕ тынг фӕзына, ӕмӕ Хуыцауы хӕлӕрттӕ мауал уӕм.

Кӕимӕ лымӕн кӕныс, уыдоны зондахаст, Йегъовӕимӕ дын цы хӕлардзинад ис, ууыл куыд фӕзындзӕн? (кӕс 11 абзац)

11. Кӕимӕдӕр лымӕн кӕнӕм ӕви ма кӕнӕм, уый бамбарынӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн?

11 Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 15:33. Адӕмӕн сӕ фылдӕрмӕ цавӕрдӕр хорз миниуджытӕ ис. Стӕй бирӕтӕ, кӕд Йегъовӕйӕн нӕ лӕггад кӕнынц, уӕддӕр фыдхъуыддӕгтӕ нӕ фӕаразынц. Кӕд дӕ зонгӕтӕй дӕр уый зӕгъӕн ис, уӕддӕр сӕ цымӕ хорз ӕмбӕлттӕ ис схонӕн? Ахъуыды кӕн, семӕ кӕй лымӕн кӕныс, уый, Йегъовӕимӕ дын цы хӕлардзинад ис, ууыл куыд фӕзындзӕн? Ӕххуыс дын кӕндзысты, цӕмӕй Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кӕнай? Цавӕр зондыл хӕст сты? Мыййаг, фылдӕр модӕйыл, ӕхцайыл, телефонтӕ ӕмӕ планшеттыл, ирхӕфсӕнтыл кӕнӕ ӕндӕр ахӕм хабӕрттыл фӕдзурынц? Мыййаг, арӕх иннӕты фыдкой фӕкӕнынц? Ӕнӕфсарм хъазӕн ныхӕстӕ фӕкӕнынц? Йесо загъта: «Адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ йедзаг цӕмӕй вӕййы, дзургӕ дӕр уый фӕкӕны» (Матф. 12:34). Кӕд ӕй бамбӕрстай, ӕмӕ, дӕ рӕстӕг кӕимӕ ӕрвитыс, уыдоны тыххӕй дын тӕссаг у, Йегъовӕйы хӕлар куы нал уай, уымӕй, уӕд уымӕ ӕнцад ма кӕс! Семӕ къаддӕр рӕстӕг ӕрвит. Кӕнӕ та, чи зоны, бахъӕуа афтӕ бакӕнын, ӕмӕ сӕм ӕмгӕрон дӕр мауал цӕуай (Ӕмб. 13:20).

ЙЕГЪОВӔ ДОМЫ, ЦӔМӔЙ ӔРМӔСТДӔР УУЫЛ УӔМ ИУЗӔРДИОН

12. а) Йегъовӕ израилӕгты Египетӕй куы ракодта, уӕд сын цы загъта? б) Хуыцау израилӕгтӕн куы загъта, ӕрмӕстдӕр ууыл кӕй хъуамӕ уой иузӕрдион, уӕд куыд бакодтой?

12 Зондзонӕн ма нын у, Йегъовӕ израилӕгты Египетӕй куы ракодта, уӕд цы хабар ӕрцыд, уый дӕр. Адӕм Синайы хохы раз куы ӕрӕмбырд сты, уӕд сын Йегъовӕ ирдӕй равдыста, се ’хсӕн кӕй ис, уый. Хохы сӕрмӕ фӕзынд сау мигъ. Йегъовӕ афтӕ бакодта, ӕмӕ арв ныннӕрыд ӕмӕ цӕхӕртӕ калын райдыдта, стӕй хох фӕздӕг калын райдыдта ӕмӕ сыкъайы уасын райхъуыст (Рац. 19:16–19). Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ израилӕгтӕн загъта, кӕй сӕ домы, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр ууыл уой иузӕрдион. Стӕй зӕрдӕ бавӕрдта, чи йӕ уарзы ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ чи ’ххӕст кӕны, уыдоныл ӕнувыд кӕй уыдзӕн. (Бакӕс Рацыд 20:1–6.) Ӕндӕр ныхасӕй, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн загъта: «Алкӕддӕр мӕ фарс куы уат, уӕд ӕз дӕр уӕ фарс уыдзынӕн». Ды дӕр уыцы адӕмы ’хсӕн куы уыдаис ӕмӕ Йегъовӕйы ныхӕстӕ куы фехъуыстаис, уӕд куыд бакодтаис? Ӕвӕццӕгӕн, ды дӕр израилӕгтау бакодтаис. Уыдон ӕмхъӕлӕсӕй загътой: «Йегъовӕ цыдӕриддӕр загъта, уый кӕндзыстӕм» (Рац. 24:3). Фӕлӕ уыцы хабарӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ сӕ иузӕрдиондзинад фӕлвӕрд ӕрцыд.

13. Израилӕгтӕн сӕ иузӕрдиондзинад фӕлвӕрд куыд ӕрцыд?

13 Хуыцау израилӕгтӕн уыцы диссӕгты фӕрцы йӕ хъару куы равдыста, уӕд фыртӕссӕй барызтысты. Ӕмӕ Моисейӕн загътой, зӕгъгӕ, ды дзур нӕ бӕсты Йегъовӕимӕ. Уый дӕр сразы, ӕмӕ Синайы хохмӕ ссыд (Рац. 20:18–21). Моисей хохы сӕр дзӕвгар рӕстӕг фӕци. Цымӕ ныр израилӕгтӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры ӕнӕ разамонӕгӕй баззайдзысты? Сӕ уырнындзинад, ӕвӕццӕгӕн, баст уыд, Моисейы сӕхи цӕстӕй кӕй уыдтой, ууыл. Ӕмӕ фырмӕтӕй Ааронӕн загътой: «Сараз нын хуыцау, цӕмӕй нӕ разӕй цӕуа, уымӕн ӕмӕ нӕ Египетӕй чи ракодта, уыцы Моисейыл цы ’рцыди, уый нӕ зонӕм» (Рац. 32:1, 2).

14. Израилӕгтӕ сӕхи цавӕр хъуыдытӕй сайдтой ӕмӕ Йегъовӕ уымӕ цы цӕстӕй ракаст?

14 Израилӕгтӕ зыдтой, мӕнгхуыцӕуттӕн кувын Йегъовӕйы цӕсты стыр тӕригъӕд кӕй у (Рац. 20:3–5). Фӕлӕ уӕддӕр сызгъӕрин родӕн кувын райдыдтой! Кӕд уымӕй Йегъовӕйы ныхасы сӕрты ахызтысты, уӕддӕр сӕхи ахӕм хъуыдытӕй сайдтой, зӕгъгӕ, афтӕмӕй дӕр Йегъовӕйы фарс стӕм. Уыцы родӕн кӕй куывтой, уымӕй ма Аарон афтӕ дӕр загъта, зӕгъгӕ, уый у «бӕрӕгбон Йегъовӕйы номыл»! Цымӕ Йегъовӕ та уымӕ цы цӕстӕй ракаст? Уыцы хабар афтӕ банымадта, цыма йыл гадзрахатӕй рацыдысты. Йегъовӕ Моисейӕн израилӕгтӕй загъта, зӕгъгӕ, «сӕфты фӕндагыл ныллӕууыдысты» ӕмӕ «адзӕгъӕл сты, цы фӕндагыл сын бафӕдзӕхстон цӕуын, уымӕй». Йегъовӕйы маст сӕм ссыгъд ӕмӕ се ’ппӕты дӕр фесафынвӕнд скодта (Рац. 32:5–10).

15, 16. Моисей ӕмӕ Аарон куыд равдыстой, Йегъовӕйы фарс фидарӕй кӕй слӕууыдысты? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

15 Фӕлӕ Йегъовӕ у фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау, ӕмӕ израилӕгты сӕфты хай нал бакодта. Уый сын фадат радта, цӕмӕй йӕ фарс фидарӕй слӕууыдаиккой (Рац. 32:14). Израилӕгтӕ сызгъӕрин роды раз куыд хъӕр кӕнынц, куыд зарынц ӕмӕ куыд кафынц, Моисей уый куы федта, уӕд ӕй райста ӕмӕ йӕ ныммур кодта. Стӕй загъта: «Йегъовӕйы фарс чи у? Мӕ разы ӕрлӕууӕд!» Уӕд «Левийы фырттӕ се ’ппӕт дӕр йӕ разы ӕрӕмбырд сты» (Рац. 32:17–20, 26).

16 Кӕд Аарон уыцы сызгъӕрин род сарӕзта, уӕддӕр уый фӕстӕ ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ иннӕ левиттау Йегъовӕйы фарс слӕууыд. Уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ Йегъовӕйы фарс кӕй слӕууыдысты, уый иу, фӕлӕ ма афтӕмӕй, тӕригъӕд чи сарӕзта, уыдонӕй сӕхи фӕхицӕн кодтой. Уымӕй зондджын ми бакодтой, уымӕн ӕмӕ уыцы бон фӕстӕдӕр мингай адӕм мӕлӕты хай баисты, гуымирыйӕн кӕй куывтой, уый тыххӕй. Йегъовӕйы фарс чи уыд, уыдон та удӕгасӕй баззадысты ӕмӕ сын Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ хорзӕхӕй сӕ кӕй схайджын кӕндзӕн (Рац. 32:27–29).

17. Павел сызгъӕрин роды тыххӕй цы загъта, уымӕй зондӕн райсӕн цы ис?

17 Ацы хабарӕй зондӕн райсӕн цы ис? Апостол Павел загъта: «Уыцы хабӕрттӕ махӕн сты цӕвиттон, цӕмӕй... ма суӕм мӕнгхуыцӕуттӕн кувджытӕ... уыдонӕй иуӕй-иутӕ куыд систы, афтӕ. [Уыцы] цӕвиттонтӕ... фыст ӕрцыдысты, цӕмӕй дзы мах, ацы дуджы кӕрон чи цӕры, уыдон, нӕхицӕн зонд райсӕм. Уӕдӕ афтӕ чи хъуыды кӕны, ӕмӕ фидар лӕууы, уый йӕхимӕ кӕсӕд, цӕмӕй ма ахауа» (1 Кор. 10:6, 7, 11, 12). Павел куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй суанг Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй дӕр чидӕртӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтыл бафтынц. Чи зоны сӕм афтӕ кӕса, ӕмӕ сӕ Йегъовӕ уӕддӕр райгонд уыдзӕн. Фӕлӕ, Йегъовӕйы хӕлар уай, уый дӕ кӕй фӕнды кӕнӕ афтӕ кӕй дзурыс, ӕмӕ йыл иузӕрдион дӕ, уый ууыл дзурӕг нӕма у, ӕмӕ дӕ Йегъовӕ райгонд у (1 Кор. 10:1–5).

18. Чырыстӕттӕй чидӕртӕ Йегъовӕйӕ цӕй тыххӕй адард вӕййынц ӕмӕ сӕ уый цӕмӕ ӕркӕны?

18 Моисей Синайы хохӕй куы нал ӕмӕ нал цыд, уӕд израилӕгтӕ тыхсын райдыдтой. Раст афтӕ абон мах дӕр, чи зоны, тыхсӕм, Йегъовӕ ныронг ацы дунейӕн кӕрон кӕй не скодта, ууыл ӕмӕ хъуыды кӕнӕм, цыдӕр фӕстиат кӕны, зӕгъгӕ. Чи зоны, афтӕ хъуыды кӕнын дӕр райдайӕм, ӕмӕ, Хуыцау зӕрдӕ цы диссаджы фидӕнӕй ӕвӕры, уый нырма тагъд нӕ ралӕудзӕн кӕнӕ та рӕсугъд фынӕй уӕлдай нӕу. Ӕмӕ уый тыххӕй, гӕнӕн ис, фылдӕр хъуыды кӕнын райдайӕм нӕ зӕрдӕйы фӕндтыл, Йегъовӕйы фӕндоныл нӕ, фӕлӕ. Ӕмӕ уӕд, гӕнӕн ис, Йегъовӕйӕ адард уӕм ӕмӕ ӕппынфӕстаг райдайӕм, раздӕр нӕ сӕрмӕ кӕй нӕ хастам, ахӕм хъуыддӕгтӕ аразын.

19. Цы хъуамӕ ма рох кӕнӕм ӕмӕ цӕуылнӕ?

19 Хъуамӕ макуы рох кӕнӕм, Йегъовӕ кӕй домы, цӕмӕй ӕппӕт зӕрдӕйӕ йӕ коммӕ кӕсӕм ӕмӕ ӕрмӕстдӕр ууыл уӕм иузӕрдион (Рац. 20:5). Йегъовӕйы куыд фӕнды, афтӕ йын куы нӕ лӕггад кӕнӕм, уӕд, зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ, Хӕйрӕджы цы фӕнды, уый аразӕм, ӕмӕ нӕ уый та фыдбылыз йеддӕмӕ ӕндӕр ницӕмӕ ӕркӕндзӕн. Уӕдӕ Павел дӕр дзӕгъӕлы нӕ загъта: «Уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ Йегъовӕйы нуазӕнӕй дӕр нуазат ӕмӕ хӕйрӕджыты нуазӕнӕй дӕр. Уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ „Йегъовӕйы фынгӕй дӕр хӕрат“ ӕмӕ хӕйрӕджыты фынгӕй дӕр» (1 Кор. 10:21).

ЙЕГЪОВӔЙЫЛ ӔНУВЫД УТ!

20. Рӕдыд къахдзӕф куы саразӕм, уӕддӕр нын Йегъовӕ куыд баххуыс кӕндзӕн?

20 Каинӕн дӕр, Соломонӕн дӕр ӕмӕ израилӕгтӕн дӕр фадат уыд, цӕмӕй ӕрфӕсмон кодтаиккой ӕмӕ се ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууагътаиккой (Хъуыд. 3:19). Ӕцӕгдӕр, рӕдыд къахдзӕф чи саразы, уыдоныл Йегъовӕ йӕ къух нӕ сисы. Зӕгъӕм, Ааронӕн йӕ тӕригъӕд ныххатыр кодта. Абон нӕ Йегъовӕ рӕдыд фӕндагӕй фӕдзӕхсы Библи ӕмӕ нӕ публикациты фӕрцы, стӕй ма не ’мчырыстӕтты фӕрцы дӕр. Ӕмӕ-иу ын йӕ уынаффӕтӕм куы байхъусӕм, уӕд-иу нӕм ӕнӕмӕнгдӕр фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдисдзӕн.

21. Нӕ иузӕрдиондзинад фӕлвӕрд куы цӕуа, уӕд-иу куыд хъуамӕ бакӕнӕм?

21 Йегъовӕ нын цы стыр хорзӕхӕй бахай кодта, уымӕй «цӕй тыххӕй стӕм хайджын», уый нӕ хъуамӕ рох ма уа (2 Кор. 6:1). Уый фӕрцы нӕ бон у «ӕнӕхуыцау хъуыддӕгтӕй ӕмӕ зӕххон монцтӕй дард лидзын». (Бакӕс Титмӕ 2:11–14.) Цалынмӕ ацы дунейы цӕрӕм, уӕдмӕ нӕ иузӕрдиондзинад алыхуызон уавӕрты фӕлвӕрд цӕудзӕн. Цӕй уӕдӕ алкӕддӕр цӕттӕ уӕм, цӕмӕй-иу Йегъовӕйы фарс фидарӕй слӕууӕм, уымӕн ӕмӕ хъуамӕ нӕ Хуыцау Йегъовӕйӕ «тӕрсӕм, хъуамӕ уымӕн лӕггад кӕнӕм» ӕмӕ «хъуамӕ ууыл уӕм ӕнувыд» (Дык. з. 10:20).