«Йегови фарс ка ӕй?»
«Гъӕуама дӕ Хуцау Йеговӕй тӕрсай, гъӕуама уомӕн лӕггадӕ кӕнай, гъӕуама уобӕл уай ӕновуд» (ДУК. З. 10:20).
1, 2. а) Йегови фарс цӕмӕн гъӕуама лӕууӕн? б) Аци статьяй дзурд цӕбӕл цӕудзӕй?
ЙЕГОВӔБӔЛ еузӕрдон цӕмӕн гъӕуама уӕн? Уомӕй хъаурӕгиндӕр ӕма зундгиндӕр неке ӕй, удта нӕ уомӕй фулдӕр неке уарзуй! Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, алкедӕр ни фӕндуй Хуцаубӕл еузӕрдон ун ӕма алкӕддӕр уой фарс лӕуун (Пс. 96:4–6). Фал си уӕддӕр ӕ лӕггадгӕнгутӕй еуӕй-еуетӕ райеуварс унцӕ.
2 Аци статьяй дзурд цӕудзӕй, ӕхе Йегови лӕггадгӕнӕг ка худта, фал ӕ гъуддӕгтӕй Хуцауи ка ӕгадӕ кодта, уӕхӕн адӕнбӕл. Еци хабӕрттӕбӕл ку сагъӕс кӕнӕн, уӕд рӕдуд къахдзӕфтӕй нӕхе багъӕуай кӕндзиан, ӕма алкӕддӕр Йегови фарс лӕудзиан.
ЙЕГОВӔ УИНУЙ ЗӔРДИТӔ
3. Йеговӕ Каинӕн ци загъта ӕма цӕмӕн?
3 Фиццаг бал ӕркӕсӕн Каини хабармӕ. Кӕд Каин Йеговӕн кувта, мӕнгӕ хуцӕуттӕн нӕ, фал, уӕддӕр си Йеговӕ арази н’ адтӕй. Цума цӕмӕн? Йеговӕ ин ӕ зӕрди фудвӕндтӕ уидта (1 Иоан. 3:12). Уой туххӕй Каини бафӕдзахста: «Хуарздзийнадӕ кӕнун ку райдайай, уӕд дӕ не ’сбӕрзонд кӕндзӕн? Фал хуарздзийнадӕ кӕнун ку нӕ райдайай, уӕд тӕрегъӕд дӕ къӕсӕрбӕл ӕй ӕма дӕ ӕрахӕссунмӕ гъавуй. Фал ибӕл ду фӕууӕлахез уодзӕнӕ?» (Райд. 4:6, 7). Ӕндӕр загъдӕй ин Йеговӕ балӕдӕрун кодта, ку ӕрфӕсмон кӕна ӕма ӕ фарс ку ӕрлӕууа, уӕд е дӕр уой фарс ке уодзӕй.
4. Каинӕн Йегови фарс ислӕууни барӕ ку адтӕй, уӕд куд бакодта?
4 Каин ӕ зундахаст ку раййивтайдӕ, уӕд си Йеговӕ нӕуӕгӕй арази адтайдӕ. Фал Каин Йеговӕ Хуцаумӕ ке нӕ байгъуста ӕма ӕ лӕгъуз фӕндтӕ ке нӕ ниууагъта, уой туххӕй устур тӕрегъӕд искодта (Иак. 1:14, 15). Каин ма ӕригондӕр ку адтӕй, уӕд, ӕвӕдзи, сагъӕс дӕр некӕд ракодтайдӕ, ескӕд Йегови фарс ке нӕбал уодзӕй. Фал фӕстӕдӕр Йегови нихмӕ рацудӕй ӕма ӕ кӕстӕр ӕнсувӕри рамардта!
5. Адӕймаг Йегови хуарзӕнхӕ куд фесафуй?
5 Абони дӕр, гӕнӕн ес, ӕма еске Каини хузӕн ӕхе Йегови лӕггадгӕнӕг хона, ӕцӕгӕй ба, Йеговӕ е ’сӕфт кӕмӕй уинуй, уӕхӕн гъуддӕгтӕ кӕна (Иуд. 11). Ка ’й зонуй, игъосун кӕнунмӕ ӕма ӕмбурдтӕмӕ алкӕддӕр фӕццӕуй, фал имӕ ӕнӕгъдау сагъӕстӕ ку фӕззиннуй, уӕд сӕ нӕ фӕссоруй, зудӕгӕнагӕ исуй кенӕ е ’нсувӕрмӕ фудзӕрдӕ дарун райдайуй (1 Иоан. 2:15–17; 3:15). Уӕхӕн сагъӕстӕ адӕймаги тӕрегъӕдмӕ ӕркӕнунцӕ. Иннетӕ ’й, ка ’й зонуй, нӕ уинунцӕ, ӕ зӕрди ци ес ӕма ци миутӕ кӕнуй, уой, фал ӕй Йеговӕ уинуй. Йеговӕ зонуй, ӕгас зӕрдӕй ин лӕггадӕ кӕнӕн ӕви нӕ, уой. (Бакӕсӕ Йереми 17:9, 10.)
6. Йеговӕ нин нӕ лӕгъуз фӕндти хӕццӕ тох кӕнунмӕ кӕд банхус кӕндзӕй?
6 Тӕрегъӕд ку искӕнӕн, уӕд ни Йеговӕ ӕхе рахатунмӕ нӕ фӕттагъд кӕнуй. Тӕссаг надбӕл ку ислӕууӕн, уӕд нин Йеговӕ фӕззӕгъуй: «Раздӕхетӕ мӕмӕ, ӕма уӕмӕ ӕз дӕр раздӕхдзӕн» (Мал. 3:7). Йеговӕ ӕй уинуй, нӕ лӕмӕгъдзийнӕдти хӕццӕ ке тох кӕнӕн, уой, ӕма ’й фӕндуй, цӕмӕй идарддӕр дӕр тӕрегъӕдгун гъуддӕгтӕй еуварс лӕууӕн (Ис. 55:7). Ӕма нин гъе уӕд хъауритӕ дӕтдзӕй, цӕмӕй нӕ тӕрегъӕдгун фӕндти хӕццӕ тох кӕнӕн (Райд. 4:7).
«МА РӔДУЙЕТӔ»
7. Соломон Хуцауӕй куд райеуварс ӕй?
7 Соломон ма ӕригон ку адтӕй, уӕд Йеговӕн еузӕрдонӕй лӕггадӕ кодта. Йеговӕ ’й курухон зундӕй исхайгин кодта, удта ин баихӕс кодта хъӕбӕр ӕхсидзгӕ куст – Йерусалими рӕсугъд ковӕндонӕ исаразун. Фал рӕстӕг рацудӕй, ӕма Соломон Хуцауӕй раидард ӕй (1 Пад. 3:12; 11:1, 2). Хуцауи Закъонмӕ гӕсгӕ паддзах гъӕуама ӕхецӕн берӕ уоститӕ ма курдтайдӕ, цӕмӕй ӕ зӕрдӕ Хуцауӕй ма раидард адтайдӕ (Дук. з. 17:17). Фал Соломон еци закъони сӕрти рахизтӕй. Адтӕй ин 700 уоси ӕма 300 номбӕлуоси! (1 Пад. 11:3). Уонӕй беретӕ ӕндӕрбӕстӕгтӕ адтӕнцӕ ӕма мӕнгӕ хуцӕуттӕн кувтонцӕ. Уотемӕй ма Соломон еу закъон дӕр фехалдта – закъонмӕ гӕсгӕ ӕндӕрбӕстаг силгоймӕгтӕ корӕн н’ адтӕй (Дук. з. 7:3, 4).
8. Соломон Йегови куд фегадӕ кодта?
8 Минкъийгай Соломони зӕрдӕ Хуцауи закъӕнттӕмӕ ӕруазал ӕй. Уой 1 Пад. 11:5–8; 2 Пад. 23:13). Ӕвӕдзи, Соломон уотӕ сагъӕс кодта, ӕма цалинмӕ Йегови ковӕндони нивӕндтӕ хӕссуй, уӕдмӕ ин Йеговӕ ӕ тӕрегъӕдтӕ нӕ уиндзӕй.
фӕсте ба уӕззау тӕрегъӕдти дӕр бафтудӕй. Мӕнгӕ хуцӕуттӕн, Астартӕ ӕма Хамосӕн, нивондхӕссӕнтӕ искодта ӕма ӕ уостити хӕццӕ еци хуцӕуттӕн кувта. Удта еци нивондхӕссӕнтӕ кӕмидӕр не ’скодта, фал Йерусалиммӕ хӕстӕг хуӕнхтӕй еуебӕл, Йегови ковӕндонӕ кӕми адтӕй, уоми! (9. Соломон Хуцауи фӕдзӕхститӕмӕ ке нӕ байгъуста, е цӕмӕ ӕркодта?
9 Фал Йеговӕ тӕрегъӕдмӕ цийфӕнди цӕстӕй некӕд фӕккӕсуй. Библий финст ӕй: «Йегови маст иссугъдӕй Соломонмӕ, уомӕн ӕма ӕ зӕрдӕ рахадта... Йеговӕй, дууӕ хатти имӕ ка фӕззиндтӕй, еци Хуцауӕй. Йеговӕ ’й бафӕдзахста, цӕмӕй ӕндӕр хуцӕутти фӕдбӕл ма рандӕ адтайдӕ, фал ин е ӕ дзурди сӕрти рахизтӕй». Фӕстагмӕ Йеговӕ Соломонӕй арази нӕбал адтӕй ӕма ин нӕбал ӕнхус кодта. Фӕстӕдӕр Израили Паддзахадӕ дууӕ дехи фӕцӕй ӕма Соломони байзӕддӕгтӕ ӕрмӕстдӕр ӕ кӕцидӕр хаййӕн адтӕнцӕ паддзӕхтӕ, удта сӕдӕгай ӕнзти дӕргъи гъезӕмӕрттӕ ӕвзурстонцӕ (1 Пад. 11:9–13).
10. Хуцауӕй цӕй туххӕй раидард уодзиан?
10 Соломони хабарӕй бӕрӕг ӕй,
Хуцауи уагӕвӕрдтӕ ка нецӕмӕ даруй, уони хӕццӕ ку лимӕн кӕнӕн, уӕд е нӕ зундахастбӕл лӕгъузӕрдӕмӕ ке рабӕрӕг уодзӕй кенӕ Йеговӕй ке раидард уодзиан. Гӕнӕн ес, ӕма ке хӕццӕ лимӕн кӕнӕн, е ӕмбурдтӕмӕ дӕр цӕуй, фал ӕй Йегови ӕмбал исхонӕн ба нӕййес. Кенӕ ба, ка ’й зонуй, нӕ рӕстӕг арӕх ферветӕн, Йеговӕн ка нӕ лӕггадӕ кӕнуй, уӕхӕн хеуӕнтти, ӕмкосгути, синхонти кенӕ ке хӕццӕ ахур кӕнӕн, уони хӕццӕ. Кудфӕнди ма уа, уӕддӕр, Хуцауи ӕгъдӕуттӕ ка нӕ нимайуй, уӕхӕнтти хӕццӕ ку лимӕн кӕнӕн, уӕд Йеговӕй раидард уодзиан.11. Хуарз ӕмбӕлттӕ ӕвзарунмӕ нин ци банхус кӕндзӕй?
11 Бакӕсӕ 1 Коринфӕгтӕмӕ 15:33. Фулдӕр адӕнмӕ ес хуарз менеугутӕ, ӕма Йегови Ӕвдесӕн ка нӕй, уонӕй дӕр беретӕ лӕгъузӕй неци кӕнунцӕ. Кӕд дӕу зонгити астӕу дӕр уӕхӕнттӕ ес, уӕддӕр сӕ цума хуарз ӕмбӕлттӕ исхонӕн уодзӕй? Дӕхе бафӕрсӕ: «Сӕ хӕццӕ ку лимӕн кӕнон, уӕд Йеговӕй нӕ раидард уодзӕн? Ӕнхус мин кӕнунцӕ, цӕмӕй Хуцаумӕ хӕстӕгдӕр кӕнон? Царди син фиццаг бунати ци ӕй? Арӕхдӕр цӕбӕл фӕдздзорунцӕ? Хъӕппӕлтӕ, ӕхца, телефонтӕ кенӕ ерхӕфсӕнтӕбӕл? Иннети фудкой кенӕ ихӕлд гиризтӕ нӕ фӕккӕнунцӕ?» Киристе загъта: «Адӕймагӕн ӕ зӕрдӕ идзаг цӕмӕй фӕууй, дзоргӕ дӕр уой фӕккӕнуй» (Матф. 12:34). Ку ’й лӕдӕрай, кедӕр хӕццӕ берӕ рӕстӕг ке ’рветис, уой туххӕй Йеговӕй ке идард кӕнис, уӕд рӕстӕг мабал ивазӕ. Ӕ хӕццӕ минкъийдӕр рӕстӕг ӕрветӕ кенӕ ба, ку багъӕуа, уӕд си дӕхе райеуварс кӕнӕ (Ӕмб. 13:20).
ЙЕГОВӔ НИ АГОРУЙ, ЦӔМӔЙ ӔРМӔСТДӔР УОБӔЛ УӔН ЕУЗӔРДОН
12. а) Израилӕгтӕ Египетӕй ку рацудӕнцӕ, уӕд син Йеговӕ ци загъта? б) Израилӕгтӕ Йеговӕн цӕхуӕн дзурд равардтонцӕ?
12 Нур ба ӕркӕсӕн, израилӕгтӕ Египетӕй ку исуӕгъдӕ ’нцӕ, уомӕй минкъий фӕстӕдӕр ци ’рцудӕй, уомӕ. Израилӕгтӕ Синаййи хонхрӕбун ку лӕудтӕнцӕ, уӕд син Йеговӕ ’стур дессӕгтӕ бавдиста, ӕма син уотемӕй ӕхе раргом кодта. Сӕ сӕрмӕ фӕззиндтӕй сау мегъӕ, арвӕрттивд ӕма хъуӕцӕ, удта фегъустонцӕ арвигъӕр ӕма сикъай уасун (Рац. 19:16–19). Йеговӕ син фегъосун кодта: «Ӕз, дӕ Хуцау Йеговӕ, дӕуӕй агорун, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр мӕнбӕл уай еузӕрдон». Удта ма син зӕрдӕ байвардта, ка ’й уарзуй ӕма ин ӕ фӕдзӕхститӕ ка ӕнхӕст кӕнуй, уонӕбӕл еузӕрдон ке уодзӕй. (Бакӕсӕ Рацуд 20:1–6.) Ӕндӕр дзурдтӕй син Йеговӕ загъта: «Мӕн фарс ку уайтӕ, уӕд ӕз дӕр уодзӕн уӕ фарс». Ду дӕр уони астӕу ку адтайсӕ, ӕма Йегови дзурдтӕ ку фегъустайсӕ, уӕд куд бакодтайсӕ? Ӕвӕдзи, израилӕгти хузӕн загътайсӕ: «Йеговӕ цидӕриддӕр загъта, уой кӕндзиан» (Рац. 24:3). Фал минкъий фӕстӕдӕр ци ’рцудӕй, уомӕй рабӕрӕг ӕй, Йеговӕбӕл еузӕрдон адтӕнцӕ ӕви нӕ, е. Цума е ци адтӕй?
13. Израилӕгти еузӕрдондзийнадӕ фӕлвӕрд куд ӕрцудӕй?
13 Йеговӕ израилӕгтӕн ӕ хъаурӕ ку Рац. 20:18–21). Фал рӕстӕг цудӕй, Моисей ба некӕцӕй зиндтӕй. Израилӕгтӕмӕ уотӕ кӕсун райдӕдта, цума ӕдзӕрӕг будури сӕхе барӕ байзадӕнцӕ. Бӕрӕг ӕй, израилӕгтӕ сӕ зӕрдӕ зӕнхон адӕймагбӕл ӕгӕр ке дардтонцӕ. Тухсун ке райдӕдтонцӕ, уомӕ гӕсгӕ Ааронбӕл ӕрӕмбурд ӕнцӕ ӕма ин загътонцӕ: «Искӕнӕ нин хуцау, цӕмӕй нӕ разӕй цӕуа, уомӕн ӕма нӕ Египетӕй ка ракодта, еци Моисейбӕл ци ’рцудӕй, уой нӕ зонӕн» (Рац. 32:1, 2).
бавдиста, уӕд хъӕбӕр фӕттарстӕнцӕ, ӕма Моисеййӕн загътонцӕ, цӕмӕй Синаййи хонхмӕ иссӕуа ӕма Йегови хӕццӕ е радзора (14. Израилӕгтӕ сӕхе куд сайдтонцӕ ӕма Йеговӕ уомӕ ци цӕстӕй ракастӕй?
14 Израилӕгтӕ ’й зудтонцӕ, гумерийӕн ковун Йегови закъони нихмӕ ке ӕй (Рац. 20:3–5). Фал уӕддӕр сугъзӕрийнӕ уӕсӕн ковун райдӕдтонцӕ. Ӕма кӕд Йегови закъони сӕрти рахизтӕнцӕ, уӕддӕр ма сӕмӕ уотӕ кастӕй, ӕма Йегови фарс лӕуунцӕ. Аарон ба ма еци хабар исхудта «бӕрӕгбон Йегови номбӕл». Фал уомӕй ӕрмӕстдӕр сӕхе сайдтонцӕ. Цума Йеговӕ уомӕ ци цӕстӕй ракастӕй? Йеговӕ Моисеййӕн загъта: «Адӕн исӕфти надбӕл ниллӕудтӕнцӕ. Куд тагъд радзӕгъӕл ӕнцӕ, ци надбӕл син ниффӕдзахстон цӕун, уомӕй!» Йеговӕ сӕмӕ гъе уотӕ исмӕстгун ӕй, ӕма ӕгас адӕнихатт фесафунмӕ гъавта (Рац. 32:5–10).
15, 16. Моисей ӕма Аарон куд бавдистонцӕ, Йегови фарс ке лӕудтӕнцӕ, уой? (Кӕсӕ хузӕмӕ статьяй райдайӕни.)
15 Фал Йеговӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуцау ӕй. Ӕма ӕгас адӕнихатт нӕ фесафта. Йеговӕ израилӕгтӕн фадуат равардта, цӕмӕй ӕй бавдистайуонцӕ, ӕ фарс ке ’нцӕ (Рац. 32:14). Моисей ӕй ку фӕууидта, адӕн сугъзӕрийнӕ уӕси рази куд гъӕр кӕнунцӕ, удта куд зарунцӕ ӕма куд кафунцӕ, уӕд еци уӕс басугъта ӕма ’й ругӕ фестун кодта. Уой фӕсте ба нигъгъӕр кодта: «Йегови фарс ка ӕй? Мӕ рази ӕрлӕууӕд!» Ӕма Левиййи фурттӕ еугурӕйдӕр Моисеййи рази ӕрӕмбурд ӕнцӕ (Рац. 32:17–20, 26).
16 Кӕд сугъзӕрийнӕ уӕс Аарон искодта, уӕддӕр ӕрфӕсмон кодта ӕма иннӕ левитти хӕццӕ Йегови фарс ислӕудтӕй. Еци еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕ тӕрегъӕдгунтӕй сӕхе райеуварс кодтонцӕ. Ӕма е раст адтӕй, уомӕн ӕма еци бон цалдӕр мин адӕймаги цагъди фӕцӕнцӕ. Йегови фарс ка ислӕудтӕй, етӕ ба фӕййервазтӕнцӕ ӕма Хуцау зӕрдӕ байвардта, ке син райарфӕ кӕндзӕй (Рац. 32:27–29).
17. Павел сугъзӕрийнӕ уӕси туххӕй ци ниффинста, уомӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?
17 Аци хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? Апостол Павел загъта: «Еци хабӕрттӕ махӕн ӕнцӕ цӕветтон, цӕмӕй уони хузӕн нӕ зӕрдитӕ лӕгъуздзийнадӕ ма агоронцӕ. Ма исуӕн мӕнгӕ хуцӕуттӕн ковгутӕ дӕр, уонӕй еуӕй-еуетӕ куд иссӕнцӕ, уотӕ... Ци хабӕрттӕ сӕбӕл ӕрцудӕй, етӕ ба... финст ӕрцудӕнцӕ, цӕмӕй си мах, аци доги кӕрон ка цӕруй, етӕ, нӕхецӕн зунд райсӕн. Мадта уотӕ ка сагъӕс кӕнуй, ӕма федар лӕууй, е ӕхемӕ кӕсӕд, цӕмӕй ма рахауа» (1 Кор. 10:6, 7, 11, 12). Павел куд балӕдӕрун кодта, уомӕ гӕсгӕ Йеговӕбӕл еузӕрдон ка ӕй, уонӕн дӕр тӕссаг ӕй тӕрегъӕдгун гъуддӕгти бафтуйунӕй. Ка ’й зонуй сӕмӕ уотӕ дӕр фӕккӕсуй, ӕма си Йеговӕ уотемӕй дӕр арази уодзӕй. Фал адӕймаг ӕхе Йегови еузӕрдон ӕмбал ку хона, уӕд е уобӕл дзорӕг нӕма ӕй, ӕма си Йеговӕ ӕцӕгӕйдӕр арази ӕй (1 Кор. 10:1–5).
18. Адӕймаг Йеговӕй кутемӕй райеуварс уй, ӕма ’й е арӕх цӕмӕ ӕркӕнуй?
18 Моисей Синаййи хонхӕй, израилӕгтӕ куд ӕнгъӕл адтӕнцӕ, уотӕ тагъд ку не ’рхизтӕй, уӕд тухсун райдӕдтонцӕ. Мах дӕр, ӕвӕдзи, тухсун райдайӕн, аци дуйней кӕрон, куд ӕнгъӕл ан, уотӕ тагъд ке не ’рцудӕй, уой туххӕй. Ка ’й зонуй, уотӕ сагъӕс кӕнун дӕр райдайӕн, ӕма нӕуӕг дуйне тагъд нӕ уодзӕй кенӕ ни нӕбал ӕруагӕс кӕндзӕй, ӕцӕгӕйдӕр уӕхӕн цард ке уодзӕй, е, ӕма Йегови гъуддӕгти архайуни бӕсти нӕхе гъуддӕгтӕбӕл фӕууодзиан. Къӕрцгъос ку нӕ уӕн, уӕд Йеговӕй раидард уодзиан, ӕма, раздӕр сагъӕс дӕр кӕбӕл нӕ ракодтайанӕ, уӕхӕн гъуддӕгти бафтуйдзиан.
19. Ци гъӕуама ма иронх кӕнӕн ӕма цӕмӕн?
19 Йегови уотӕ фӕндуй, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр уобӕл уӕн еузӕрдон, ӕма уой гъӕуама макӕд иронх кӕнӕн (Рац. 20:5). Йегови фӕндон ку не ’нхӕст кӕнӕн, уӕд уотӕ уайуй, ӕма Сайтани фӕндон ӕнхӕст кӕнӕн, е ба нӕ еу афони фидбилизмӕ ӕркӕндзӕй. Павел дӕр уомӕ гӕсгӕ финста: «Уомӕн гӕнӕн нӕййес, ӕма Йегови ниуазӕнӕй дӕр ниуазайтӕ ӕма сайтӕнтти ниуазӕнӕй дӕр. Уомӕн гӕнӕн нӕййес, ӕма „Йегови фингӕй дӕр хуӕрайтӕ“ ӕма сайтӕнтти фингӕй дӕр» (1 Кор. 10:21).
ЙЕГОВӔБӔЛ ЕУЗӔРДОН УОТӔ
20. Ку фӕррӕдуйӕн, уӕддӕр нин Йеговӕ куд банхус кӕнуй?
20 Каинӕн, Соломонӕн ӕма Синаййи хонхи рази ка ӕрӕмбурд ӕй, еци израилӕгтӕн се ’гасемӕндӕр сӕ бон адтӕй сӕ гъуддӕгтӕбӕл ӕрфӕсмон кӕнун ӕма Йегови фарс ӕрлӕуун (Гъуд. 3:19). Куд ӕй фӕууидтан, уотемӕй Йеговӕ, рӕдуд надбӕл ка ислӕууй, уонӕн тӕрхон кӕнунмӕ тагъд нӕ фӕккӕнуй. Зӕгъӕн, Йеговӕ Ааронӕн ӕ тӕрегъӕд ниххатир кодта. Абони нӕ Йеговӕ фӕдзӕхсуй, цӕмӕй лӕгъуз гъуддӕгти ма бафтуйӕн. Еци фӕдзӕхститӕ нин дӕттуй Библий, нӕ публикацити ӕма нӕ хуӕртӕ ма не ’нсувӕрти фӕрци. Удта нин ци зӕгъуй, ку имӕ игъосӕн, уӕд нӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ ке уодзӕй.
21. Нӕ еузӕрдондзийнадӕ фӕлвӕрд ку цӕуа, уӕд куд гъӕуама архайӕн?
21 Цума нӕ Йеговӕ е ’стур хуарзӕнхӕй цӕмӕн хайгин кӕнуй? (2 Кор. 6:1). Уотемӕй нин дӕттуй фадуат, «цӕмӕй ӕнӕхуцау гъуддӕгтӕй ӕма зӕнхон монцтӕй идард ледзӕн». (Бакӕсӕ Титмӕ 2:11–14.) Цалинмӕ ма аци дуйней цӕрӕн, уӕдмӕ нӕ еузӕрдондзийнадӕ фӕлвӕрд цӕудзӕй. Мадта нӕ федар фӕндӕ уӕд, цӕмӕй Йегови фарс лӕууӕн ӕма макӕд иронх кӕнӕн аци дзурдтӕ: «Гъӕуама дӕ Хуцау Йеговӕй тӕрсай, гъӕуама уомӕн лӕггадӕ кӕнай, гъӕуама уобӕл уай ӕновуд» (Дук. з. 10:20).