Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Мах стӕм Йегъовӕйы

Мах стӕм Йегъовӕйы

«Амондджын сты, сӕ Хуыцау Йегъовӕ кӕмӕн у, уыцы адӕм, йӕхицӕн бынӕн кӕй равзӕрста, уыцы адӕм» (ПС. 33:12).

ЗАРДЖЫТӔ: 40, 50

1. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ ӕппӕт дӕр Йегъовӕйы у? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

ДУН-ДУНЕЙЫ цыдӕриддӕр ис,– ӕппӕт дӕр у Йегъовӕйы! Уый сты «уӕлӕрвтӕ, суанг арвы кӕрӕттӕ дӕр, зӕхх ӕмӕ йыл цыдӕриддӕр ис, уыдон» (Дык. з. 10:14; Рарг. 4:11). Ӕмӕ адӕмы кӕй сфӕлдыста, уымӕ гӕсгӕ се ’ппӕт дӕр уый сты (Пс. 100:3). Фӕлӕ адӕм куы фӕзындысты, уӕдӕй фӕстӕмӕ-иу Йегъовӕ йӕхицӕн равзӕрста, уӕлдай аргъ кӕмӕн кодта, ахӕм адӕмы.

2. Библимӕ гӕсгӕ, «Хуыцауӕн уӕлдай зынаргъ чи у, уыцы адӕм» чи сты?

2 Зӕгъӕм, Йегъовӕйӕн рагзаманты иузӕрдионӕй чи лӕггад кодта, уыцы израилӕгты тыххӕй 135-ӕм псаломы фыст ис, уыдон сты, «уӕлдай зынаргъ ын чи у, уыцы адӕм», зӕгъгӕ (Пс. 135:4). Стӕй ма Осийы чиныджы дӕр рагацау фыст ӕрцыд, израилаг чи нӕ уыд, уыдонӕй дӕр чидӕртӕ Йегъовӕйы адӕмӕй кӕй хъуамӕ суыдаиккой (Оси 2:23). Осийы пехуымпарад сӕххӕст, Йегъовӕ, дзуттаг чи нӕ уыд, уыдонӕй дӕр кӕйдӕрты куы равзӕрста, цӕмӕй Чырыстиимӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ уой (Хъуыд. 10:45; Ром. 9:23–26). Уыдон сты «сыгъдӕг адӕм» ӕмӕ, «Хуыцауӕн уӕлдай зынаргъ чи у, уыцы адӕм». Уыдон сӕрст ӕрцыдысты Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй ӕмӕ хуынд ӕрцыдысты уӕларвон цардмӕ (1 Пет. 2:9, 10). Зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыцы иузӕрдион чырыстӕттӕй та се ’ппӕтӕй цы ис зӕгъӕн? Йегъовӕ уыдоны дӕр хоны, «мӕ адӕм» ӕмӕ «ме ’взӕрст адӕм», зӕгъгӕ (Ис. 65:22).

3. а) Абон Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ чи сты? б) Ацы статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

3 Абон «гыццыл дзуг», ома уӕлӕрвты цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдон, ӕмӕ «ӕндӕр фыстӕ», ома зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдон, сты «иу дзуг». Йегъовӕ сӕ нымайы йӕ адӕмыл ӕмӕ сын тынг аргъ кӕны (Лук. 12:32; Иоан. 10:16). Йегъовӕ нӕ ахӕм кады аккаг кӕй скодта, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ уӕм, уый тыхӕй дзы тынг бузныг стӕм ӕмӕ нӕ фӕнды уый хъуыддагӕй ӕвдисын. Ацы статьяйы дзырд цӕудзӕн, Йегъовӕйӕ уыцы диссаджы фадаты тыххӕй бузныг кӕй стӕм, уый нӕ бон цавӕр хъуыддӕгтӕй у ӕвдисын.

МАХ НӔХИ ЙЕГЪОВӔЙӔН СНЫВОНД КОДТАМ

4. Йегъовӕйӕ бузныг кӕй стӕм, уый нӕ бон куыд у равдисын ӕмӕ Йесо дӕр уый куыд равдыста?

4 Йегъовӕйӕ бузныг кӕй стӕм, уый йын равдыстам, нӕхи йын кӕй снывонд кодтам, уымӕй. Ӕмӕ донаргъуыд куы райстам, уӕд уымӕй иннӕтӕн дӕр равдыстам, ныр Йегъовӕйы кӕй стӕм ӕмӕ нӕ цард йӕ бар кӕй кӕнӕм (Дзут. 12:9). Йесо донаргъуыд куы райста, уӕд уый дӕр уымӕй равдыста, йӕ цард Йегъовӕйы бар кӕй бакодта. Ӕмӕ кӕд йӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ ӕнӕуи дӕр Хуыцауы адӕмӕй уыд, уӕддӕр ын йӕхи снывонд кодта. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Йесо Йегъовӕйӕн загъта: «О мӕ Хуыцау, дӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын мын у цины хос» (Пс. 40:7, 8).

5, 6. а) Йесо донаргъуыд кӕй райста, уымӕ Йегъовӕ цы цӕстӕй ракаст? б) Кӕд ӕппӕт дӕр Йегъовӕйы у, уӕд ын цымӕ стыр цины хос цӕмӕн вӕййы, нӕ цард ын куы снывонд кӕнӕм, уый? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

5 Йесо донаргъуыд кӕй райста, уымӕ Йегъовӕ цы цӕстӕй ракаст? Библийы фыст ис: «Йесо куыддӕр аргъуыд райста, афтӕ донӕй рахызт, ӕмӕ уӕд арв фегом, ӕмӕ йын Иоанн йӕ сӕрмӕ федта Хуыцауы сыгъдӕг тых бӕлоны хуызы ӕрцӕйцӕугӕ. Ӕмӕ уӕларвӕй ӕрыхъуыст хъӕлӕс: „Ай у мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт“» (Матф. 3:16, 17). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесо ӕнӕуи дӕр йӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕйы уыд. Фӕлӕ Йегъовӕйӕн стыр цины хос уыд, йӕ Фырты ӕрмӕстдӕр уый фӕндон ӕххӕст кӕнын кӕй фӕндыд, уый. Раст афтӕ мах дӕр нӕ цард Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕнӕм, уӕд йӕ зӕрдӕ барухс вӕййы ӕмӕ нӕ уый тыххӕй йӕ арфӕдзинӕдтӕй дӕр схайджын кӕны (Пс. 149:4).

6 Ӕрхӕссӕм иу цӕвиттон. Иу нӕлгоймаг йӕ цӕхӕрадоны бирӕ рӕсугъд дидинджытӕ ныссагъта. Иу бон йӕ гыццыл чызг уыцы дидинджытӕй иу ӕртыдта ӕмӕ йын ӕй балӕвар кодта. Чи зоны, исчи зӕгъа, дидинӕг ӕнӕуи дӕр фыды куы у, уӕд ма уый цӕй лӕвар у, зӕгъгӕ. Фӕлӕ уарзӕгой фыд ахӕм фарстайыл хъуыды дӕр нӕ акӕндзӕн. Уымӕн уый стыр цины хос уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ чызджы лӕвар ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ фыды уарзы. Уыцы дидинӕг ын, цӕхӕрадоны ма цы дидинджытӕ зайы, уыдонӕй се ’ппӕтӕй зынаргъдӕр уыдзӕн! Йегъовӕйӕн дӕр стыр цины хос вӕййы, нӕхи йын куы снывонд кӕнӕм ӕмӕ ӕрмӕстдӕр ууыл куы вӕййӕм иузӕрдион, уый (Рац. 34:14).

7. Йегъовӕ, ӕппӕт зӕрдӕйӕ йын чи лӕггад кӕны, уыдонмӕ цы зӕрдӕ дары, уый тыххӕй Малахийы чиныджы цы фыст ис?

7 Бакӕс Малахийы 3:16. Кӕд дӕхи Йегъовӕйӕн нӕма снывонд кодтай ӕмӕ донаргъуыд нӕма райстай, уӕд ахъуыды кӕн, уый ахсджиаг къахдзӕф цӕмӕн у, ууыл. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, адӕймаг йӕ мады гуыбыны куы сӕвзӕры, уӕдӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕйы вӕййы. Фӕлӕ-ма ахъуыды кӕн, Йегъовӕйы зӕрдӕ куыд барухс вӕййы, нӕ Хицауыл ӕй куы банымайӕм ӕмӕ йын нӕхи куы снывонд кӕнӕм, уӕд (Ӕмб. 23:15). Йегъовӕ зоны, ӕппӕт зӕрдӕйӕ йын чи лӕггад кӕны, уыдоны, ӕмӕ сӕ нӕмттӕ фыст ӕрцӕуынц йӕ «зӕрдылдарӕн чиныджы».

8, 9. Йегъовӕйы «зӕрдылдарӕн чиныджы» кӕй нӕмттӕ фыст ӕрцыдысты, уыдонмӕ Йегъовӕ цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

8 Нӕ нӕмттӕ Йегъовӕйы «зӕрдылдарӕн чиныджы» фыст кӕй ӕрцыдысты, уый махыл ӕвӕры цавӕрдӕр хӕс. Малахи куыд ныффыста, афтӕмӕй хъуамӕ Йегъовӕйӕ «тӕрсӕм ӕмӕ йын йӕ... номыл хъуыды кӕнӕм». Фӕлӕ ӕндӕр искӕмӕн кӕнӕ ӕндӕр истӕмӕн кувын куы райдайӕм, уӕд нӕ нӕмттӕ Йегъовӕйы «царды чиныгӕй» хӕлд ӕрцӕудзысты (Рац. 32:33; Рарг. 3:5).

9 Йегъовӕйӕн, йӕ фӕндон ын кӕй ӕххӕст кӕндзыстӕм, уый фӕдыл дзырд раттын ӕмӕ донаргъуыд райсын фаг нӕу. Уыцы дыууӕ къахдзӕфы иу хатт йеддӕмӕ нӕ саразӕм. Фӕлӕ, Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕнӕм, уый у царды фӕндаг, ӕмӕ хъуамӕ ӕдзухдӕр, цӕрӕнбонты, нӕ коммӕгӕсдзинад хъуыддагӕй ӕвдисӕм (1 Пет. 4:1, 2).

МАХ НӔ КЪУХ СИСТАМ ЗӔХХОН МОНЦТЫЛ

10. Йегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны ӕмӕ йын чи нӕ лӕггад кӕны, уыдон кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хъуамӕ хицӕн кӕной?

10 Айразмӕйы статьяйы дзырд цыд Каин, Соломон ӕмӕ израилӕгтыл. Се ’ппӕт дӕр сӕхи нымадтой Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытыл, фӕлӕ сӕ иуӕй дӕр афтӕ зӕгъӕн нӕ уыд, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр Хуыцауыл уыд иузӕрдион. Сӕ цӕвиттонтӕй бӕрӕг у: Йегъовӕйы чи у, уыдон хъуамӕ, хорз цы у, уый уарзой, ӕвзӕрдзинадӕй та се сӕфт уыной (Ром. 12:9). Бафиппайын хъӕуы уый, ӕмӕ Малахи «зӕрдылдарӕн чиныджы» кой куы скодта, уый фӕстӕ ныффыста Йегъовӕйы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, «фендзыстут, рӕстгӕнӕг ӕмӕ фыдгӕнӕг, Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны ӕмӕ йын чи нӕ лӕггад кӕны, уыдон кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц, уый» (Мал. 3:18).

11. Цӕмӕн у ахсджиаг, цӕмӕй иннӕтӕ дӕр уыной, ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйыл кӕй стӕм иузӕрдион?

11 Нӕ бон ма ноджыдӕр куыд у равдисын, Йегъовӕ нӕ йӕ адӕмыл кӕй нымайы, уый тыххӕй дзы бузныг кӕй стӕм? Хуыцауӕн ӕнтыстджынӕй кӕй лӕггад кӕнӕм, уый хъуамӕ «алчидӕр уына» (1 Тим. 4:15; Матф. 5:16). Дӕхимӕ ахӕм фарстатӕ ратт: «Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйыл кӕй дӕн иузӕрдион, уый иннӕтӕ дӕр уынынц? Алы фадатӕй дӕр фӕпайда кӕнын, цӕмӕй-иу, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй дӕн, уый иннӕтӕн зӕгъон?» Ахъуыды-ма кӕн, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ кӕй стӕм, уый тыххӕй ӕргом зӕгъын куы ӕфсӕрмы кӕнӕм, уӕд Йегъовӕйы зӕрдӕ куыд фӕриссын кӕндзыстӕм! (Пс. 119:46; бакӕс Марчы 8:38).

Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй дӕ, уый дӕ царды алы хъуыддагӕй дӕр бӕрӕг у? (кӕс 12, 13 абзацтӕ)

12, 13. Кӕмӕйдӕрты зын зӕгъӕн цӕмӕн вӕййы, ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сты?

12 Хъыгагӕн, чырыстӕттӕй чидӕртӕ, Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыдонӕй тынг нал хицӕн кӕнынц, уымӕн ӕмӕ «ацы дунейы зондыл» цӕуын райдыдтой (1 Кор. 2:12). Ацы дунейы зонд адӕймагыл афтӕ фӕзыны, ӕмӕ йӕ «буары монцты» фӕдыл ацӕуы (Еф. 2:3). Зӕгъӕм, иуӕй-иутӕн сӕ уӕлӕдарӕс ӕмӕ се ’ддаг бакаст ӕфсармыл дзурӕг нӕ вӕййынц, кӕд уый фӕдыл ӕмбырдты ӕмӕ нӕ публикациты бирӕ уынаффӕтӕ вӕййы, уӕддӕр. Уыдон фӕдарынц ӕлхъывд ӕмӕ гом дзаумӕттӕ, ӕмӕ суанг ӕмбырдтӕм дӕр афтӕмӕй фӕцӕуынц. Стӕй сӕ сӕрӕлвыдӕй ӕмӕ сӕ сӕрыфастӕй сӕхимӕ адӕмы ӕркӕсын кӕнынц (1 Тим. 2:9, 10). Ӕмӕ иннӕ адӕмы ’хсӕн куы вӕййынц, уӕд зын раиртасӕн вӕййы, Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг сӕ чи у ӕмӕ, «ацы дунеимӕ лымӕн чи у, уый» (Иак. 4:4).

13 Иуӕй-иу чырыстӕттӕ ацы дунейы адӕмӕй тынг кӕй нӕ хицӕн кӕнынц, уый ма бӕрӕг вӕййы ӕндӕр хъуыддӕгтӕй дӕр. Зӕгъӕм, бадтыты рӕстӕг ӕнӕгъдау кӕфтытӕ фӕкӕнынц ӕмӕ, чырыстонӕн куыд не ’мбӕлы, сӕхи афтӕ фӕдарынц. Стӕй социалон сетьты ахӕм къамтӕ сӕвӕрынц ӕмӕ дзы ахӕм ныхӕстӕ ныффыссынц, ӕмӕ зын зӕгъӕн вӕййы, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ кӕй сты, уый. Чи зоны, ахӕм чырыстӕттӕ уӕззау тӕригъӕдтӕ нӕ аразынц ӕмӕ ӕмбырдтӕм дӕр фӕцӕуынц. Фӕлӕ уӕддӕр, гӕнӕн ис, сӕ зондахаст ӕвзӕрырдӕм фӕзына, йӕ уаг ӕмӕ йе ’гъдауӕй иннӕтӕн фӕзминаг уа, ууыл чи архайы, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртыл. (Бакӕс 1 Петры 2:11, 12.)

Йегъовӕйы фарс фидарӕй чи нӕ лӕууы, уыдоны зондыл ма цу

14. Цӕмӕй дарддӕр дӕр Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ уӕм, уый тыххӕй нӕ цы аразын хъӕуы?

14 Ацы дуне адӕймаджы ахӕм зондыл аразы, цӕмӕй йын царды ӕппӕты сӕйрагдӕр уой «тӕригъӕдджын буары монцтӕ, цӕстыты монцтӕ ӕмӕ мулкӕй ӕппӕлын» (1 Иоан. 2:16). Фӕлӕ мах Йегъовӕйы кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ Библи фӕдзӕхсы, цӕмӕй «ӕнӕхуыцау хъуыддӕгтӕй ӕмӕ зӕххон монцтӕй дард лидзӕм ӕмӕ ацы дунейы уӕм ӕмбаргӕ, цӕрӕм рӕстӕй ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдионӕй» (Тит. 2:12). Нӕ царды алы хъуыддаг дӕр,– фӕнды не ’ддаг бакаст уа, фӕнды нӕ дзыхыныхас, фӕнды хӕрд ӕмӕ нозт, фӕнды куыст,– иннӕтӕн хъуамӕ ууыл дзурӕг уа, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйыл стӕм иузӕрдион. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 10:31, 32.)

КӔРӔДЗИЙЫ АФТӔ УАРЗӔМ, НӔ УАРЗТ «АРТАУ КУЫД СУДЗА»

15. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕм алкӕддӕр хӕларзӕрдӕ цӕмӕн хъуамӕ уӕм ӕмӕ сӕ цӕмӕн хъуамӕ уарзӕм?

15 Йегъовӕимӕ нын цы хӕлардзинад ис, уымӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый ма бӕрӕг уыдзӕн, не ’мчырыстӕттӕм цы зӕрдӕ дарӕм, уымӕй дӕр. Уыдон дӕр махау Йегъовӕйы сты. Ӕмӕ нӕ уый рох куы нӕ уа, уӕд нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕм алкӕддӕр уыдзыстӕм хӕларзӕрдӕ ӕмӕ сӕ уарздзыстӕм (1 Фес. 5:15). Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта: «Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм иууылдӕр уымӕй базондзысты, ӕмӕ уӕ кӕрӕдзийы куы уарзат» (Иоан. 13:35).

16. Моисейы закъонӕй цавӕр хабарӕй у бӕрӕг, Йегъовӕ йӕ адӕммӕ цы зӕрдӕ дары, уый?

16 Ӕмбырды иннӕтӕм цы зӕрдӕ хъуамӕ дарӕм, уый бамбарыны тыххӕй ӕркӕсӕм иу цӕвиттонмӕ. Йегъовӕйы кувӕндоны уыд, ӕрмӕстдӕр Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн кӕмӕй пайда кодтой, ахӕм мигӕнӕнтӕ. Моисейы закъоны бӕстон фыст уыд, уыцы мигӕнӕнтимӕ куыд архайын хъуыд, уый тыххӕй. Ӕмӕ-иу уыцы амындтӕ чи ницӕмӕ ӕрдардта, уый-иу хъуамӕ амардтаиккой (Ным. 1:50, 51). Кӕд Йегъовӕ уыцы мигӕнӕнтӕм – удӕгас цы нӕу, уыдӕттӕм – йӕ хъус афтӕ тынг дардта, уӕд йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕм та йӕ хъус ноджы тынгдӕр куыннӕ дардзӕн! Йегъовӕйӕн йӕ адӕм куыд зынаргъ сты, уый бамбарын кӕныны тыххӕй сын загъта: «Сымахмӕ чи ӕвналы, уый мын мӕ цӕстыгагуымӕ ӕвналы» (Зах. 2:8).

17. Йегъовӕ лӕмбынӕг цӕмӕ фӕхъусы?

17 Малахийы ныхӕстӕй куыд зыны, афтӕмӕй Йегъовӕ «лӕмбынӕг фӕхъусы», йӕ лӕггадгӕнджытӕ кӕрӕдзиимӕ куыд фӕныхас кӕнынц, уымӕ (Мал. 3:16). Дзырд дӕр ыл нӕй, «Йегъовӕ зоны йӕхиуӕтты» (2 Тим. 2:19). Цыфӕнды ма дзурӕм ӕмӕ цыфӕнды ма аразӕм, Хуыцау алцыдӕр зоны (Дзут. 4:13). Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕм хӕларзӕрдӕ куы нӕ вӕййӕм, уӕд уый Йегъовӕ фӕуыны. Ӕмӕ сӕм уазӕгуарзондзинад, рӕдаудзинад ӕмӕ хӕларзӕрдӕдзинад куы равдисӕм ӕмӕ сын сӕ рӕдыдтытӕ куы ныххатыр кӕнӕм, уӕд Йегъовӕ уый дӕр фӕуыны (Дзут. 13:16; 1 Пет. 4:8, 9).

«ЙЕГЪОВӔ НӔ ФЕРОХ КӔНДЗӔН ЙӔ АДӔМЫ»

18. Йегъовӕ нӕ йӕ адӕмыл кӕй нымайы, уый тыххӕй дзы бузныг кӕй стӕм, уый нӕ бон куыд у ӕвдисын?

18 Мах Йегъовӕйӕ бузныг стӕм, йӕ адӕмыл нӕ кӕй нымайы, уый тыххӕй ӕмӕ нӕ фӕнды уый хъуыддагӕй ӕвдисын. Дзырд дӕр ыл нӕй, нӕхи йын кӕй снывонд кодтам, уый у, нӕ царды цы уынаффӕтӕ рахастам, уыдонӕй ӕппӕты растдӕр уынаффӕ. Ӕмӕ кӕд «хӕлд ӕмӕ зыгъуыммӕ фӕлтӕры ’хсӕн» цӕрӕм, уӕддӕр нӕ фӕнды, цӕмӕй иннӕтӕ уыной, «ӕнаипп ӕмӕ сыгъдӕг» кӕй стӕм ӕмӕ ацы дунейы «рухсгӕнӕнтау» кӕй ӕрттивӕм (Фил. 2:15). Мах фидар лӕууӕм ӕвзӕрдзинады ныхмӕ (Иак. 4:7). Стӕй ӕмбарӕм, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ дӕр Йегъовӕйы кӕй сты, ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ уарзӕм ӕмӕ сын аргъ кӕнӕм (Ром. 12:10).

19. Йегъовӕ йӕ адӕмӕн куыд арфӕ кӕны?

19 Библи зӕрдӕ ӕвӕры: «Йегъовӕ нӕ ферох кӕндзӕн йӕ адӕмы» (Пс. 94:14). Йегъовӕ йӕ ныхасӕн алкӕддӕр хицау разыны, ӕмӕ цыфӕнды ма ’рцӕуа, уӕддӕр нӕ фарсмӕ уыдзӕн. Йегъовӕйы уарзтӕй нӕ суанг мӕлӕт дӕр нӕ фӕхицӕн кӕндзӕн (Ром. 8:38, 39). Апостол Павел загъта: «Цӕргӕ кӕнӕм,– цӕрӕм Йегъовӕйы тыххӕй, мӕлгӕ кӕнӕм,– мӕлӕм Йегъовӕйы тыххӕй. Гъемӕ уӕдӕ цӕргӕ кӕнӕм ӕви мӕлгӕ кӕнӕм, уӕддӕр Йегъовӕйы стӕм» (Ром. 14:8). Мах тынг бӕллӕм, Йегъовӕ, йӕ иузӕрдион хӕлӕрттӕй чи амард, уыдоны та фӕстӕмӕ цардмӕ куы раздаха, уыцы бонмӕ (Матф. 22:32). Уӕвгӕ, абон дӕр бирӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын стӕм. Библи мӕнгӕй нӕ зӕгъы: «Амондджын сты, сӕ Хуыцау Йегъовӕ кӕмӕн у, уыцы адӕм, йӕхицӕн бынӕн кӕй равзӕрста, уыцы адӕм» (Пс. 33:12).