Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Тӕригъӕд кӕнут «алыхуызон адӕмӕн»

Тӕригъӕд кӕнут «алыхуызон адӕмӕн»

ЙЕСО йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн, хорз хабар хъусын кӕнын куыд хъӕуы, уый куы амыдта, уӕд ма сын загъта, се ’ппӕт сӕм кӕй нӕ хъусдзысты (Лук. 10:3, 5, 6). Уацамынды кӕуыл сӕмбӕлӕм, уыдонӕй нӕм чидӕртӕ тызмӕгӕй кӕнӕ ма суанг мӕстыйӕ дӕр сдзурынц. Ӕмӕ нын уый тыххӕй зын вӕййы, кӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыдонӕн тӕригъӕд кӕнын.

Тӕригъӕдгӕнаг адӕймаг фӕуыны, иннӕтӕ цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц ӕмӕ сӕ цы тыхсын кӕны, уый. Уый сын сӕ зын фембары ӕмӕ йӕ фӕфӕнды, цӕмӕй сын баххуыс кӕна. Фӕлӕ уацамынды цы адӕмыл сӕмбӕлӕм, уыдонӕн куы нӕ тӕригъӕд кӕнӕм, уӕд зынгзӕрдӕйӕ нал хъусын кӕндзыстӕм ӕмӕ нӕ нал фӕнддзӕн уыцы адӕмӕн баххуыс кӕнын. Зынгзӕрдӕдзинад абарӕн ис артимӕ. Цӕмӕй арт ма ахуысса, уый тыххӕй дзы фӕхъӕуы сугтӕ ӕппарын. Раст афтӕ, цӕмӕй зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ иннӕтӕн тӕригъӕд кӕнын зонӕм (1 Фес. 5:19).

Кӕд нын иннӕтӕн тӕригъӕд кӕнын ӕнцон нӕу, уӕд нын цы баххуыс кӕндзӕн уыцы миниуӕг ӕвдисынӕн? Ӕркӕсӕм-ма, уыцы хъуыддаджы нын Йегъовӕ, Йесо ӕмӕ Павел фӕзминаг куыд сты, уымӕ.

ЙЕГЪОВӔЙАУ ТӔРИГЪӔДГӔНАГ УТ

Цалдӕр мин азы дӕргъы адӕм Йегъовӕйы номыл цъыф калынц. Фӕлӕ уый, «хорздзинад чи не ’мбары ӕмӕ фыдзӕрдӕ чи у, уыдонмӕ дӕр хӕларзӕрдӕ у» (Лук. 6:35). Йӕ хӕларзӕрдӕдзинад та бӕрӕг у, фӕразон кӕй у, уымӕй. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй «алыхуызон адӕм» фервӕзой (1 Тим. 2:3, 4). Ӕмӕ кӕд фыддзинадӕй йе сӕфт уыны, уӕддӕр алы адӕймаджы цардӕн дӕр аргъ кӕны ӕмӕ йӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй исчи амӕла (2 Пет. 3:9).

Йегъовӕ зоны, Хӕйрӕг адӕмы сӕрызонд бакуырм кӕныныл кӕй архайы ӕмӕ йын уый хорз кӕй ӕнтысы (2 Кор. 4:3, 4). Бирӕтӕн сӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ Хуыцауы тыххӕй мӕнг ахуырӕдтӕ фӕамонынц. Ӕмӕ сӕм уый тыххӕй цы хъуыдытӕ ӕмӕ ӕнкъарӕнтӕ фӕзыны, уыдон сӕ фӕкъуылымпы кӕнынц рӕстдзинад сӕ зӕрдӕмӕ айсын. Фӕлӕ Йегъовӕйы тынг фӕнды ахӕм адӕмӕн баххуыс кӕнын. Кӕцӕй йӕ зонӕм?

Ӕркӕсӕм-ма, Йегъовӕ рагон горӕт Ниневийы цӕрджытӕм цы зӕрдӕ дардта, уымӕ. Кӕд уыцы адӕм ӕгъатыр уыдысты, уӕддӕр Йегъовӕ Ионӕйӕн загъта: «Ӕмӕ уӕд ӕз куыннӕ хъуамӕ фӕтӕригъӕд кӕнон уыцы стыр горӕт Ниневийӕн, сӕдӕ дыууын мин адӕймагӕй дзы фылдӕр куы цӕры ӕмӕ рахиз къух галиу къухӕй куы нӕ хицӕн кӕнынц» (Ионӕ 4:11). Ниневиӕгтӕ Йегъовӕйы тыххӕй рӕстдзинад нӕ зыдтой, ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ сӕм Ионӕйы арвыста, цӕмӕй сӕ бафӕдзӕхстаид.

Мах дӕр Йегъовӕйау алы адӕймаджы цардӕн дӕр аргъ кӕнӕм. Ӕмӕ мах дӕр фӕархайӕм, цӕмӕй сын рӕстдзинад базонынӕн баххуыс кӕнӕм, суанг нӕм афтӕ куы фӕкӕсы, ӕмӕ нӕм нӕ байхъусдзысты, уӕд дӕр.

ЙЕСОЙАУ ТӔРИГЪӔДГӔНАГ УТ

Йесо дӕр йӕ Фыдау адӕмӕн тӕригъӕд кодта, «уымӕн ӕмӕ уыдысты ӕнӕфыййау фыстау, ӕфхӕрд ӕмӕ дзӕгъӕл» (Матф. 9:36). Йесо ӕмбӕрста, адӕм ахӕм уавӕры цӕй тыххӕй уыдысты, уый – дины разамонджытӕ сӕ ӕфхӕрдтой ӕмӕ сын мӕнг ахуырӕдтӕ амыдтой. Уый зыдта, йӕ ныхӕстӕм байхъусынмӕ-иу ӕм чи ’рбацыд, уыдонӕй бирӕтӕ алыхуызон цӕлхдурты тыххӕй йӕ фӕдылдзӕуджытӕ кӕй не суыдзысты, фӕлӕ-иу сын уӕддӕр «бирӕ цыдӕртӕ амыдта» (Мар. 4:1–9).

Адӕймаг фыццаг хатт хорз хабармӕ куы нӕ байхъуса, уӕд-иу дӕ къухтӕ ма ’руадз

Кӕмӕндӕрты сӕ царды уавӕртӕ куы фӕивынц, уӕд рӕстдзинадмӕ ӕндӕр цӕстӕй ракӕсынц

Адӕймаг хорз хабармӕ ӕвзӕр цӕстӕй куы ракӕсы, уӕд-иу хъуамӕ бацархайӕм, ахӕм зондыл хӕст цӕмӕн у, уый бамбарыныл. Иуӕй-иутӕ Библимӕ кӕнӕ чырыстон динмӕ ӕвзӕр цӕстӕй уымӕн фӕкӕсынц, ӕмӕ арӕх фӕуынынц, йӕхи чырыстон чи хоны, уыдоны фыдхъуыддӕгтӕ. Чидӕртӕ та, чи зоны, цӕуыл ӕууӕндӕм, уый тыххӕй мӕнг ныхӕстӕ фехъусынц. Иннӕтӕ та, чи зоны, фӕтӕрсынц, зӕгъгӕ мӕ, мыййаг, мӕ бинонтӕ кӕнӕ мӕ зонгӕтӕ семӕ ныхасгӕнгӕ куы феной ӕмӕ мыл куы худой.

Чидӕртӕ хорз хабармӕ, чи зоны, уый тыххӕй нӕ байхъусынц, ӕмӕ сыл цыдӕр бӕллӕх ӕрцыд ӕмӕ сӕхимӕ ныхъхъуыстой. Миссионерӕй чи лӕггад кӕны, иу ахӕм хо, Ким, радзырдта: «Кӕм хъусын кӕнӕм, уым бирӕтӕ хӕсты тыххӕй ӕнӕ хӕдзӕрттӕй ӕмӕ ӕнӕ исбонӕй баззадысты. Фидӕнӕй сӕ ӕппындӕр ныфс нӕй. Сӕ къухтӕ ӕруагътой ӕмӕ никӕуылуал ӕууӕндынц. Ам хъусынгӕнгӕйӕ арӕх фембӕлӕм, ӕвзӕр цӕстӕй нӕм чи ракӕсы, ахӕм адӕмыл. Иухатт ма мӕм чидӕр суанг къухӕй дӕр бавнӕлдта».

Кӕд Киммӕ чидӕртӕ хорз цӕстӕй нӕ ракӕсынц, уӕддӕр ын цымӕ цы ’ххуыс кӕны, цӕмӕй тӕригъӕдгӕнаг уа? Ким алкӕддӕр йӕ зӕрдыл фӕдары Ӕмбисӕндты 19:11 стихы фыст ныхӕстӕ: «Ӕмбаргӕдзинад адӕймагӕн йӕ маст уромы». Кӕм хъусын кӕны, уыцы ран цӕрӕг адӕм цытӕ бавзӕрстой, ууыл куы фӕхъуыды кӕны, уӕд сыл йӕ зӕрдӕ фӕриссы. Стӕй сӕ алчи тызмӕгӕй не сдзуры. Кӕйдӕрты сӕ бафӕнды фылдӕр базонын, ӕмӕ сӕ Ким ногӕй бабӕрӕг кӕны.

Нӕ бон у ахӕм фарстайыл ахъуыды кӕнын: «Рӕстдзинад куы нӕ зыдтаин, афтӕмӕй мӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ куы ’рбацыдаиккой, уӕд сӕм цы цӕстӕй ракастаин?» Зӕгъӕм, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй арӕх мӕнг ныхӕстӕ куы хъуыстаиккам, уӕд цымӕ куыд бакодтаиккам? Чи зоны сӕм нӕхӕдӕг дӕр нӕ байхъуыстаиккам, ӕмӕ уӕд махӕн дӕр бахъуыдаид фӕтӕригъӕд кӕнын. Йесо загъта, зӕгъгӕ, сымах куыд фӕнды, цӕмӕй уын адӕм уой, афтӕ сын хъуамӕ уат уӕхӕдӕг дӕр. Уӕдӕ-иу хъуамӕ фӕразондзинад равдисӕм ӕмӕ-иу сын се ’нкъарӕнтӕ бамбарыныл бацархайӕм, кӕд уый ӕнцон нӕ вӕййы, уӕддӕр (Матф. 7:12).

ПАВЕЛАУ ТӔРИГЪӔДГӔНАГ УТ

Апостол Павел-иу, йӕ ныхмӕ карзӕй чи цыд, суанг уыдонӕн дӕр тӕригъӕд кодта. Цымӕ цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ йӕ рох нӕ уыд, кӕддӕр йӕхӕдӕг дӕр афтӕ кӕй кодта. Павел загъта: «Кӕддӕр Хуыцауы фаудтон, йӕ адӕмы йын ӕфхӕрдтон ӕмӕ ӕдзӕсгом адӕймаг уыдтӕн... Фӕлӕ мӕм Хицау фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдыста, уымӕн ӕмӕ, цы арӕзтон, уый не ’мбӕрстон ӕмӕ мӕм уырнындзинад нӕ уыд» (1 Тим. 1:13). Павел ӕмбӕрста, Йегъовӕ ӕмӕ йӕм Йесо стыр фӕлмӕнзӕрдӕдзинад кӕй равдыстой. Ӕвӕццӕгӕн-иу, йӕ ныхмӕ чи цыд, уыдоны бамбарыныл бацархайдта, уымӕн ӕмӕ-иу уыдонмӕ кӕсгӕйӕ йӕхи ӕрхъуыды кодта.

Хатт-иу Павел фембӕлд, мӕнг ахуырӕдтыл тынг ӕнувыд чи уыд, ахӕм адӕмыл. Цымӕ-иу уӕд куыд бакодта? Зӕгъӕм, иухатт Павел уыд горӕт Афинты, ӕмӕ, «горӕт мӕнгхуыцӕуттӕй йедзаг кӕй уыди, уый фенгӕйӕ смӕсты» (Хъуыд. 17:16). Фӕлӕ йын ахӕм уавӕры дӕр фадат фӕзынд хъусын кӕнынӕн, ӕмӕ дзы спайда кодта (Хъуыд. 17:22, 23). Павел зыдта, алыхуызон адӕмимӕ куыд хъӕуы ныхас кӕнын, уый, ӕмӕ-иу йӕ ныхас афтӕ сарӕзта, «цӕмӕй исты хуызы иуӕй-иуты уӕддӕр фервӕзын кодтаид» (1 Кор. 9:20–23).

Кӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыдон-иу хорз хабармӕ ӕвзӕр цӕстӕй куы ракӕсой кӕнӕ-иу исты мӕнг ахуырӕдты кой куы скӕной, уӕд хорз уаид, Павелы-иу куы бафӕзмиккам. Адӕймаг цы хъуыдыйыл хӕст у, уымӕй нӕ бон у афтӕ спайда кӕнын, цӕмӕй йын, «хуыздӕр цыдӕр кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй хорз хабар» радзурӕм (Ис. 52:7). Иу хо, Дороти, загъта: «Кӕм хъусын кӕнын, уыцы ран адӕм ахӕм хъуыдыйыл хӕст сты, ӕмӕ, дам, Хуыцау тызмӕг у ӕмӕ адӕймагӕн ӕрмӕстдӕр йӕ рӕдыдтытӕм кӕсы. Ӕмӕ ахӕм адӕмыл куы сӕмбӕлын, уӕд сӕ раппӕлын, Хуыцау сӕ тынг кӕй уырны, уый тыххӕй. Ӕмӕ сын стӕй се ’ргом раздахын, Йегъовӕ цы уарзӕгой Хуыцау у ӕмӕ фидӕнӕй цы ныфс ӕвӕры, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис, уымӕ».

«ӔВЗӔРДЗИНАДЫЛ ХОРЗДЗИНАДӔЙ УӔЛАХИЗ КӔНУТ»

«Фӕстаг бонтӕн» сӕ кӕрон куыд хӕстӕгдӕр кӕны, афтӕ адӕм «фыддӕрӕй-фыддӕр» кӕндзысты (2 Тим. 3:1, 13). Ӕмӕ-иу уацамынды ахӕм адӕмыл куы сӕмбӕлӕм, уӕддӕр-иу хъуамӕ уӕм тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ-иу нӕ зӕрдӕйы цин ӕрмынӕг кӕнын ма бауадзӕм. Йегъовӕ нын хъарутӕ ратдзӕн, цӕмӕй «ӕвзӕрдзинадыл хорздзинадӕй уӕлахиз кӕнӕм» (Ром. 12:21). Пионерӕй чи лӕггад кӕны, иу ахӕм хо, Джессикӕ, радзырдта: «Уацамынды арӕх сӕмбӕлын, сӕрныллӕг кӕй не схондзынӕ, ахӕм адӕмыл. Уыдон махыл, стӕй цы хабар хъусын кӕнӕм, ууыл фӕхудынц. Ӕмӕ сӕм уый тыххӕй адӕймаг хатгай рамӕсты вӕййы. Фӕлӕ искӕимӕ куы сныхас кӕнын, уӕд мӕхинымӕр Йегъовӕмӕ скувын, цӕмӕй йӕм уый цы цӕстӕй кӕсы, ӕз дӕр ӕм ахӕм цӕстӕй ракӕсон. Афтӕмӕй ме ’нкъарӕнтыл нал фӕхъуыды кӕнын, фӕлӕ, уыцы адӕймагӕн куыд баххуыс кӕнон, ууыл».

Мах дарддӕр дӕр фӕагурӕм, ӕнусон царды фӕндагыл цӕуын кӕй фӕнды, ахӕм адӕмы

Чидӕртӕ не ’ххуысыл сразы вӕййынц ӕмӕ рӕстдзинад сӕ зӕрдӕмӕ айсынц

Уацамынды-иу хъуамӕ нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты дӕр фидар кӕнӕм. Джессикӕ загъта: «Нӕ ныхмӕ исчи куы сдзуры, уӕд фӕархайын, цӕмӕй-иу, кӕимӕ хъусын кӕнын, уыимӕ уыцы хабарыл ма дзурон. Уый бӕсты исты хорз хъуыдытыл ныхас кӕнын райдайын. Зӕгъӕм, кӕд нӕм чидӕртӕ хорз цӕстӕй нӕ ракӕсынц, уӕддӕр нын хъусынгӕнгӕйӕ бирӕ цыдӕртӕ бантысы, ӕмӕ уый кой скӕнын».

Йегъовӕ хорз зоны, уацамынды цы къуылымпыдзинӕдтыл сӕмбӕлӕм, уый. Ӕмӕ уыйау фӕлмӕнзӕрдӕдзинад куы равдисӕм, уӕд тынг фӕцин кӕны! (Лук. 6:36). Йегъовӕ ацы дунейы адӕмӕн ӕнустӕм нӕ тӕригъӕд кӕндзӕн. Мах нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, ацы дунейӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн, кӕд хъӕуа, растдӕр уӕд. Уӕдмӕ та уал хъуамӕ ӕвӕстиатӕй хъусын кӕнӕм (2 Тим. 4:2). Цӕй ӕмӕ дарддӕр дӕр зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнӕм ӕмӕ «алыхуызон адӕмӕн» тӕригъӕд кӕнӕм.