Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хабар ӕцӕг у ӕви нӕ, уый сбӕрӕг кӕныс?

Хабар ӕцӕг у ӕви нӕ, уый сбӕрӕг кӕныс?

«Адӕймагмӕ куы нӕ байхъусай, афтӕмӕй дзуапп куы раттай, уӕд уый у ӕнӕзонд ми ӕмӕ худинаг» (ӔМБ. 18:13).

ЗАРДЖЫТӔ: 126, 95

1, 2. а) Цӕуыл хъуамӕ архайӕм ӕмӕ цӕмӕн? б) Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

ӔЦӔГ чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй-иу, цавӕрдӕр хабар ӕцӕг у ӕви нӕ, уый сбӕрӕг кӕнӕм ӕмӕ-иу раст хъуыдымӕ ӕрцӕуӕм (Ӕмб. 3:21–23; 8:4, 5). Афтӕ куы нӕ кӕнӕм, уӕд нын тӕссаг уыдзӕн, Хӕйрӕг ӕмӕ нын йӕ дуне нӕ зонд кӕй сзыгъуыммӕ кӕндзысты, уымӕй (Еф. 5:6; Кол. 2:8). Уӕдӕ-иу цавӕрдӕр хабар куы сбӕрӕг кӕнӕм, ӕрмӕстдӕр-иу уӕд уыдзӕн нӕ бон раст хъуыдымӕ ӕрцӕуын. Ӕмбисӕндты 18:13 стихы фыст ис: «Адӕймагмӕ куы нӕ байхъусай [кӕнӕ «хабар куы не сбӕрӕг кӕнай»], афтӕмӕй дзуапп куы раттай, уӕд уый у ӕнӕзонд ми ӕмӕ худинаг» (2013 азы уагъд «Ног дунейы тӕлмац», англ.).

2 Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, адӕймаджы, хабар ӕцӕгӕй куыд у, уый сбӕрӕг кӕнын ӕмӕ раст хъуыдымӕ ӕрцӕуын цы фӕкъуылымпы кӕны, уымӕ. Базондзыстӕм ма, Библийӕ нын цавӕр уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ цӕвиттонтӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй-иу, цавӕрдӕр хабар ӕцӕг у ӕви нӕ, уый сбӕрӕг кӕнӕм.

«АЛЫ НЫХАСЫЛ» МА ӔУУӔНД

3. Ӕмбисӕндты 14:15 стихы фыст уынаффӕмӕ гӕсгӕ цӕмӕн хъуамӕ архайӕм? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

3 Нӕ рӕстӕджы адӕймаг хабӕрттӕ кӕцӕй нӕ базоны, ахӕм нӕй. Алыхуызон хабӕрттӕ базонӕм телевизор, радио, интернет ӕмӕ газетты руаджы. Стӕй ма нӕм, чи зоны, не ’мбӕлттӕ ӕмӕ нӕ зонгӕтӕ ӕдзухдӕр электронон почтӕйӕ ӕмӕ телефонӕй алыхуызон хабӕрттӕ ӕрбарвитынц. Ӕмӕ хатгай адӕймагмӕ афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ сын кӕрон дӕр нӕй. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ уӕм лӕмбынӕг. Не ’мбӕлттӕ афтӕ, чи зоны, сӕ хорз зӕрдӕйӕ кӕнынц. Фӕлӕ ис ахӕмтӕ дӕр, ӕмӕ барӕй ӕрымысгӕ хабӕрттӕ фӕпарахат кӕнынц кӕнӕ хабӕрттӕ сзыгъуыммӕ кӕнынц. Уӕдӕ-иу нын Библийӕ цавӕр уагӕвӕрд баххуыс кӕндзӕн, цавӕрдӕр хабар ӕцӕг у ӕви нӕ, уый сбӕрӕг кӕнынӕн? Ӕмбисӕндты 14:15 стихы фыст ис: «Ӕвӕлтӕрд алы ныхасыл дӕр ӕууӕнды, ӕмбаргӕ адӕймаг та хъуыды кӕны йӕ къахдзӕфтыл».

4. Исты бакӕсинаг куы уӕм, уӕд нын Филиппӕгтӕм 4:8, 9 стихтӕ куыд баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй-иу лӕмбынӕг уӕм? Цавӕрдӕр хабар ӕцӕг у ӕви нӕ, уый сбӕлвырд кӕнын цӕмӕн фӕхъӕуы? (Ноджыдӕр кӕс рамкӕ « Ӕууӕнчы аккаг хабӕрттӕ кӕй фӕрцы ис базонӕн, уыцы мадзӕлттӕ».)

4 Раст уынаффӕ рахӕссӕн ис, ӕууӕндӕн кӕуыл ис, ӕрмӕстдӕр ахӕм хабар зонгӕйӕ. Уӕдӕ-иу исты бакӕсинаг куы уӕм, уӕд-иу хъуамӕ уӕм лӕмбынӕг. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 4:8, 9.) Ӕууӕнчы аккаг чи нӕу, ахӕм сайтты ног хабӕрттӕ кӕнӕ, электронон почтӕйӕ кӕй ӕрбарвитынц ӕмӕ бӕлвырд кӕй нӕ фӕзонӕм, ахӕм хабӕрттӕ кӕсыныл хъуамӕ нӕ рӕстӕг ма хардз кӕнӕм. Уӕлдай тынгдӕр та нӕхи хъуамӕ хизӕм, раст дины ныхмӕ чи сси, уыдоны сайттӕй. Уыдоны фӕнды Хуыцауы адӕмы раст фӕндагӕй фӕиппӕрд кӕнын ӕмӕ рӕстдзинад сзыгъуыммӕ кӕнын. Ӕцӕг цы нӕу, ахӕм истӕуыл куы ӕууӕндӕм, уӕд нӕ бон нӕ уыдзӕн раст уынаффӕтӕ хӕссын. Уӕдӕ нӕхиуыл хъуамӕ макуы фервӕссӕм, мӕнӕн уыдӕттӕй тӕссаг нӕу, зӕгъгӕ (1 Тим. 6:20, 21).

5. Израилӕгтӕ цавӕр ӕвзӕр хабар фехъуыстой ӕмӕ сыл уый куыд фӕзынд?

5 Адӕм, ӕцӕг чи нӕу, ахӕм хабӕрттыл куы баууӕндынц, уӕд уый хатгай фыдбылызмӕ дӕр ӕркӕны. Ӕркӕсӕм, Моисейы заман Зӕрдӕвӕрд зӕхх сгарынмӕ 12 нӕлгоймаджы куы арвыстой, уыцы хабармӕ. Фӕстӕмӕ куы ’рыздӕхтысты, уӕд уыдонӕй 10 адӕймаджы уыцы зӕххӕй ӕвзӕр йеддӕмӕ ницы дзырдтой (Ным. 13:25–33). Уыдон хабар афтӕ ныддиссаг кодтой, ӕмӕ Йегъовӕйы адӕмӕн сӕ ныфс бынтондӕр асаст (Ным. 14:1–4). Цымӕ цӕмӕн? Чи зоны, афтӕ ахъуыды кодтой, ӕмӕ, иугӕр сгарджытӕн сӕ фылдӕр ӕвзӕр хабар ӕрбахастой, уӕд ӕцӕгдӕр афтӕ у. Ӕууӕнкджын нӕлгоймӕгтӕ, Йесо Навин ӕмӕ Халев, цы хорз хабар ӕрбахастой, уый та ницӕмӕ ’рдардтой (Ным. 14:6–10). Хабар ӕцӕгӕй куыд уыд, уый не сбӕрӕг кодтой ӕмӕ Йегъовӕйыл сӕ ныфс нӕ сӕвӕрдтой, фӕлӕ ӕвзӕр хабарыл баууӕндыдысты. Цӕй ӕнӕзонд ми бакодтой!

6. Йегъовӕйы адӕмы тыххӕй, арвыцӕфау кӕмӕй фӕуай, ахӕм хабӕрттӕ фехъусгӕйӕ дис цӕуылнӕ хъуамӕ кӕнӕм?

6 Уӕлдай къӕрцхъус хъуамӕ уӕм, Йегъовӕйы адӕмы тыххӕй исты хабӕрттӕ куы фехъусӕм, уӕд. Рох нӕ ма уӕд, Хӕйрӕг Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытыл ӕдзухдӕр фаутӕ кӕй ӕвӕры (Рарг. 12:10). Йесо дӕр нӕ дзӕгъӕлы нӕ бафӕдзӕхста, уе знӕгтӕ уыл «алы ӕвзӕртӕ... мысдзысты», зӕгъгӕ (Матф. 5:11). Уыцы ныхӕстӕ нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд-иу Йегъовӕйы адӕмы тыххӕй, арвыцӕфау кӕмӕй фӕуай, ахӕм хабӕрттӕ фехъусгӕйӕ дис нӕ кӕндзыстӕм.

7. Искӕмӕ электронон почтӕйӕ кӕнӕ телефонӕй исты хабар арвитыны размӕ цӕуыл хъӕуы ахъуыды кӕнын?

7 Электронон почтӕйӕ кӕнӕ телефонӕй де ’мбӕлттӕм ӕмӕ дӕ зонгӕтӕм исты хабӕрттӕ ӕрвитын уарзыс? Исты цымыдисаг хабар куы бакӕсыс кӕнӕ куы фехъусыс, уӕд дӕ журналистау фӕфӕнды, цӕмӕй-иу уыцы хабар иннӕтӕн фыццаг ды радзурай? Кӕд о, уӕд уал-иу уый размӕ ахъуыды кӕн: «Цы хабар радзурынмӕ хъавын, уый ӕцӕг у? Уыцы хабар сбӕрӕг кодтон?» Цы арвитынмӕ хъавыс, уый куы не сбӕрӕг кӕнай, уӕд, гӕнӕн ис, афтӕ рауайа, ӕмӕ дӕ хотӕ ӕмӕ де ’фсымӕртӕн ӕрымысгӕ хабар радзурай. Уӕдӕ куы дызӕрдыг кӕнай, уӕд-иу ӕй фӕлтау ма арвит, сыхал-иу ӕй!

8. Кӕцыдӕр бӕстӕты, нӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдон куыд фӕархайынц ӕмӕ афтӕ куыд рауайдзӕн, ӕмӕ сын сӕ къух аразӕм?

8 Кӕй не сбӕрӕг кӕнай, ахӕм хабӕрттӕ иннӕтӕм электронон почтӕйӕ кӕнӕ телефонӕй ӕрвитай, уый ма ноджыдӕр ӕндӕр цӕмӕйдӕр у тӕссаг. Кӕцыдӕр бӕстӕты хицауад архайы, цӕмӕй нын нӕ хъуыддаг ныкъкъуылымпы кӕна, кӕцыдӕр бӕстӕты та нын хъусын кӕныны бар ӕппындӕр нӕй. Уыцы бӕстӕты, нӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдон, гӕнӕн ис, барӕй цавӕрдӕр хабӕрттӕ парахат кӕной, цӕмӕй нӕ тас бауадзой кӕнӕ кӕрӕдзийыл ӕнӕууӕнк кӕнӕм. Ӕркӕсӕм, Советон Цӕдисы хабар куыд уыд, уымӕ. КГБ-йы кусджытӕ алыхуызон бӕрнон ӕфсымӕрты тыххӕй мӕнг ныхӕстӕ парахат кодтой, зӕгъгӕ, дам, се ’фсымӕртыл гадзрахатӕй рацыдысты *. Хъыгагӕн, бирӕтӕ уыцы мӕнг ныхӕстыл баууӕндыдысты, ӕмӕ уый тыххӕй Йегъовӕйы организаци ныууагътой. Цасдӕр рӕстӕг куы рацыд, уӕд сӕ бирӕтӕ фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхтысты. Чидӕртӕ та нал ӕрбаздӕхтысты. Уыдон «сӕ уырнындзинады нау ныппырх» кӕнын бауагътой (1 Тим. 1:19). Нӕ бон куыд у ахӕм бӕллӕхӕй нӕхи бахизын? Ныфс чи сӕтты кӕнӕ бӕлвырд кӕй нӕ зонӕм, ахӕм хабӕрттӕ хъуамӕ ма парахат кӕнӕм. Стӕй нӕхӕдӕг дӕр алцӕуыл хъуамӕ ма ӕууӕндӕм. Хъуамӕ-иу сбӕрӕг кӕнӕм, цавӕрдӕр хабар ӕцӕг у ӕви нӕ, уый.

ХАБАР ӔЦӔГӔЙ КУЫД У, УЫЙ БӔРӔГ КУЫ НӔ УА

9. Раст хъуыдымӕ ӕрцӕуын ма адӕймаджы ноджыдӕр цы фӕкъуылымпы кӕны?

9 Адӕймаг ахӕм хабар куы фехъусы, ӕмӕ кӕмдӕр ӕцӕг у, кӕмдӕр та нӕ, кӕнӕ та алцы бӕстон куы нӕ фӕзоны, уӕд ӕй уый дӕр фӕкъуылымпы кӕны раст хъуыдымӕ ӕрцӕуын. Цавӕрдӕр хабарӕн ӕрмӕстдӕр йӕ кӕцыдӕр хай куы уа ӕцӕг, уӕд ӕй ӕцӕг хабар схонӕн нал уыдзӕн. Цӕмӕй нӕ ахӕм хабӕрттӕй мачи фӕсайа, уый тыххӕй нӕ цы хъӕуы аразын? (Еф. 4:14).

10. Афтӕ куыд рауад, ӕмӕ израилӕгтӕ, гыццыл ма, ӕмӕ се ’фсымӕртимӕ схӕцыдаиккой ӕмӕ сӕхи фыдбылызӕй куыд бахызтой?

10 Ӕркӕсӕм, Йесо Навины заман Иорданы цӕугӕдоны ныгуылӕн фарс чи цард, уыцы израилӕгты хабармӕ (Йес. Н. 22:9–34). Иуафон уыдон фехъуыстой, Иорданы цӕугӕдоны скӕсӕн фарс чи цард, уыцы израилӕгтӕ (Рувимы мыггаг, Гады мыггаг ӕмӕ Манассийы мыггаджы ӕмбис) Иорданы раз стыр нывондхӕссӕн кӕй сарӕзтой. Уый ӕцӕгдӕр афтӕ уыд. Фӕлӕ хабар кӕронмӕ нӕ зыдтой, ӕмӕ ахӕм хъуыдымӕ ӕрцыдысты, ӕмӕ се ’фсымӕртӕ Йегъовӕйы ныхмӕ рацыдысты. Гъемӕ иууылдӕр ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй скӕсӕн фарс цӕрӕг израилӕгтимӕ схӕцыдаиккой. (Бакӕс Йесо Навин 22:9–12.) Фӕлӕ уал сӕм уый размӕ ӕууӕнкджын нӕлгоймӕгты арвыстой, цӕмӕй, хабар ӕцӕгӕй куыд у, уый базыдтаиккой. Ӕмӕ цы базыдтой? Рувимы мыггаг, Гады мыггаг ӕмӕ Манассийы мыггаджы ӕмбис нывондхӕссӕн уый тыххӕй нӕ сарӕзтой, цӕмӕй йыл нывӕндтӕ хастаиккой, фӕлӕ цӕмӕй фидӕны фӕлтӕртӕн ӕвдисӕн уыдаид, уыдон дӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кодтой, уымӕн. Израилӕгтӕ куыннӕ цин кодтаиккой, се ’фсымӕртимӕ схӕцыныл кӕй нӕ фӕтагъд кодтой, фӕлӕ хабӕрттӕ кӕй сбӕрӕг кодтой, ууыл!

11. а) Мемфивосфей ӕнаххосӕй цавӕр ӕфхӕрд баййӕфта? б) Давидӕн йӕ бон куыд уыд йӕхи ахӕм хӕрам хъуыддагӕй бахизын?

11 Мах тыххӕй дӕр, гӕнӕн ис, исчи ахӕм хабӕрттӕ парахат кӕна, ӕмӕ кӕмдӕр ӕцӕг уой, кӕмдӕр та нӕ, кӕнӕ та хабар кӕронмӕ ма радзура. Ӕркӕсӕм, паддзах Давидыл ӕмӕ Мемфивосфейыл цы ’рцыд, уымӕ. Давид Мемфивосфеймӕ равдыста рӕдаудзинад ӕмӕ хӕларзӕрдӕдзинад – йӕ фыды фыд Саулы зӕххытӕ йын иууылдӕр фӕстӕмӕ радта (2 Сам. 9:6, 7). Фӕлӕ цасдӕры фӕстӕ Давидӕн чидӕр Мемфивосфейӕ рахъаст кодта. Давид, хабар ӕцӕгӕй куыд уыд, уый не сбӕрӕг кодта, афтӕмӕй йын йӕ исбон иууылдӕр байста (2 Сам. 16:1–4). Фӕлӕ Мемфивосфеимӕ куы аныхас кодта, уӕд йӕ рӕдыд бамбӕрста, ӕмӕ йын йӕ исбоны ӕмбис фӕстӕмӕ радта (2 Сам. 19:24–29). Давид сонтӕй куы нӕ архайдтаид ӕмӕ хабар сбӕрӕг кӕнынӕн йӕ рӕстӕг куы нӕ бавгъау кодтаид, уӕд ахӕм хӕрам хъуыддаг нӕ бакодтаид.

12, 13. а) Йесойы иннӕтӕ куы аххосджын кодтой, уӕд йӕхи куыд дардта? б) Иннӕтӕ нӕ мӕнг ныхӕстӕ куы кӕной, уӕд нӕ бон цы у аразын?

12 Фӕлӕ нӕ исчи мӕнг ныхӕстӕ куы кӕна, уӕд та? Йесо ӕмӕ Аргъауӕг Иоанн дӕр уый сӕхиуыл бавзӕрстой. (Бакӕс Матфейы 11:18, 19.) Цымӕ Йесо йӕхи куыд дардта? Йӕ рӕстӕг ӕмӕ йӕ хъарутӕ ууыл нӕ хардз кодта, цӕмӕй йӕхи сӕрыл дзырдтаид. Фӕлӕ сын загъта, «зонд бӕрӕг вӕййы раст хъуыддӕгтӕй», зӕгъгӕ, ӕмӕ сӕ афтӕмӕй баразӕнгард кодта, цӕмӕй, цы арӕзта ӕмӕ цы дзырдта, уый фӕрцы сӕхӕдӕг сбӕрӕг кодтаиккой, хабар ӕцӕгӕй куыд у, уый.

13 Йесойы хабарӕй нӕ бон цы у зондӕн райсын? Гӕнӕн ис, чидӕртӕ мах дӕр ӕнаххосӕй аххосджын кӕной йе та нӕ фыдкой кӕной. Ӕмӕ нӕ, чи зоны, бафӕнда нӕ ном исты хуызты ссыгъдӕг кӕнын. Фӕлӕ нӕ бон у ӕндӕрхуызон архайын. Иннӕтӕ нӕ мӕнг ныхӕстӕ куы кӕной, уӕд нӕ бон у нӕхи афтӕ дарын, цӕмӕй уыцы ныхӕстыл мачи баууӕнда. Уӕдӕ Йесойы цӕвиттонӕй ууыл ахуыр кӕнӕм, ӕмӕ, куыд цӕрӕм, уымӕй нӕ бон равдисын уыдзӕн, цы хъуыддаджы нӕ аххосджын кӕной, уый ӕрымысгӕ цыдӕр кӕй у.

МЫЙЙАГ, ДӔХИ ЗОНДӔЙ НЫФСДЖЫН НӔ ДӔ?

14, 15. Нӕхи зондӕй ныфсджын куы уӕм, уӕд нын уый къӕппӕг куыд суыдзӕн?

14 Куыд федтам, афтӕмӕй цавӕрдӕр хабар сбӕрӕг кӕнын алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Фӕлӕ ма адӕймаджы раст хъуыдымӕ ӕрцӕуын ноджыдӕр фӕкъуылымпы кӕны йе ’нӕххӕстдзинад. Чи зоны, Йегъовӕйӕн цалдӕр дӕс азы дӕргъы кӕй лӕггад кӕнӕм, уый фӕрцы уӕззау зондӕй архайын сахуыр стӕм ӕмӕ бирӕ хабӕрттӕ раст ӕмбарӕм. Стӕй нын, чи зоны, иннӕтӕ тынг аргъ кӕнынц, арфуынӕг кӕй стӕм, уый тыххӕй. Фӕлӕ цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ нын уый къӕппӕг суа?

15 О, ис, нӕхи зондӕй ныфсджын куы уӕм, уӕд. Гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕм цавӕрдӕр уавӕры ахӕм ӕнкъарӕнтӕ ӕмӕ ахӕм хъуыдытӕ фӕзына, ӕмӕ нӕ къуылымпы кӕной раст хъуыды кӕнын. Чи зоны нӕм афтӕ кӕса, ӕмӕ уыцы уавӕр тынг хорз ӕмбарӕм, афтӕмӕй та хабар кӕронмӕ ма зонӕм. Уый у тынг тӕссаг! Библи нӕ комкоммӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй нӕхи зондӕй ныфсджын ма уӕм (Ӕмб. 3:5, 6; 28:26).

16. Ацы цӕвиттоны кафейы цавӕр хабар ӕрцыд ӕмӕ Артур цы ахъуыды кодта?

16 Ӕрхӕссӕм иу цӕвиттон. Фӕлтӕрд хистӕр нӕлгоймаг, Артур, иннӕ хистӕр нӕлгоймаджы, Эдикы, кафейы бадгӕ федта, йӕ ус чи нӕу, иу ахӕм сылгоймагимӕ, ӕмӕ хорзау нал фӕци. Уыдон кӕрӕдзиимӕ зӕрдиаг ныхас кӕнынц, худынц ӕмӕ кӕрӕдзи ӕрбахъӕбыс кӕнынц. Артур мӕты бафтыд ӕмӕ хъуыдытӕ кӕны: «Ныр Эдик йӕ усӕй ахицӕн уыдзӕн? Сӕ сывӕллӕттӕ та цы бауыдзысты?» Артур зоны, сӕ хабар афтӕ кӕмӕн рауад, ахӕм бинонты. Ды та йӕ бынаты куы уыдаис, уӕд цы ахъуыды кодтаис?

17. Артур фӕстӕдӕр цы базыдта ӕмӕ ацы цӕвиттонӕй зондӕн райсӕн цы ис?

17 Фӕлӕ тагъд ма кӕн. Цымӕ Артур хабар кӕронмӕ зыдта ӕмӕ афтӕмӕй ӕрцыд ахӕм хъуыдымӕ, ӕмӕ Эдик йӕ бинойнагыл гадзрахатӕй цӕуы? Уыцы изӕр фӕстӕдӕр Артур Эдикмӕ телефонӕй бадзырдта. Уыцы сылгоймаг Эдикӕн йӕ хӕрз хо разынд. Ахъуыды-ма кӕн, Артурӕн куыд фенцондӕр уый базонгӕйӕ. Йӕ хо ӕндӕр ран цӕры, ӕмӕ кӕрӕдзи бирӕ азты дӕргъы нӕ федтой. Цалдӕр сахаты йеддӕмӕ йын нӕ уыд, цӕмӕй йе ’фсымӕры федтаид, ӕмӕ сын ӕрмӕстдӕр кафейы рауад фембӕлын. Эдикы бинойнагӕн та фадат нӕ фӕци уырдӕм ӕрбацӕуынӕн. Хорз, ӕмӕ Артур, цы рӕдыд хъуыдымӕ ӕрцыд, уый тыххӕй никӕмӕн радзырдта. Ацы цӕвиттонӕй цы ис зондӕн райсӕн? Йегъовӕйӕн цасфӕнды ма лӕггад кӕнӕм, уӕддӕр ӕрмӕст фӕлтӕрддзинад фаг нӕу, цӕмӕй-иу раст хъуыдымӕ ӕрцӕуӕм. Уый тыххӕй фӕхъӕуы, хабар ӕцӕгӕй куыд у, уый сбӕрыг кӕнын.

18. Кӕрӕдзи куы нӕ бамбарӕм, уӕд нӕ уый раст хъуыдымӕ ӕрцӕуын куыд фӕкъуылымпы кӕны?

18 Раст хъуыдымӕ ӕрцӕуын ма нӕ, чи зоны, къуылымпы кӕна, ӕмбырды искӕимӕ кӕрӕдзи куы нӕ бамбарӕм, уый дӕр. Не ’хсӕн цы рауад, ӕдзухдӕр ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд, гӕнӕн ис, не ’фсымӕрыл ӕнӕууӕнк кӕнын ӕмӕ йӕм фаутӕ хӕссын райдайӕм. Ӕмӕ, зӕгъӕм, исчи йе ’взӕры кой куы ракӕна, уӕд, чи зоны, уыцы адӕймаджы ныхӕстыл ӕнцонтӕй баууӕндӕм. Уӕдӕ цы ис зӕгъӕн? Не ’фсымӕрмӕ ӕвзӕр зӕрдӕ куы дарӕм йе та йӕм куы хӕлӕг кӕнӕм, уӕд, гӕнӕн ис, уыцы ӕфсымӕры тыххӕй исты рӕдыд хъуыдымӕ ӕрцӕуӕм (1 Тим. 6:4, 5). Цӕмӕй нӕхи ахӕм хабарӕй бахизӕм, уый тыххӕй хъуамӕ уыцы ӕнкъарӕнтӕн нӕ зӕрдӕйы бынат ма скӕнӕм. Хъуамӕ нӕ рох ма уа, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй не ’фсымӕрты уарзӕм ӕмӕ сын зӕрдӕйӕ хатыр кӕнӕм. (Бакӕс Колоссӕгтӕм 3:12–14.)

БИБЛИЙЫ УАГӔВӔРДТӔ НӔ ХЪАХЪХЪӔНДЗЫСТЫ

19, 20. а) Библийӕ нын цавӕр уагӕвӕрдтӕ баххуыс кӕндзысты раст хъуыдымӕ ӕрцӕуынӕн? б) Иннӕ статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

19 Куыд федтам, афтӕмӕй нын алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы цавӕрдӕр хабар сбӕрӕг кӕнын ӕмӕ раст хъуыдымӕ ӕрцӕуын, уымӕн ӕмӕ, цы хабӕрттӕ фехъусӕм, уыдонӕй бирӕтӕ вӕййынц ӕрымысгӕ кӕнӕ та кӕмдӕр ӕцӕг вӕййынц, кӕмдӕр та нӕ. Стӕй ма нӕ фӕкъуылымпы кӕны не ’нӕххӕстдзинад дӕр. Уӕдӕ-иу нын раст хъуыдымӕ ӕрцӕуынӕн цы баххуыс кӕндзӕн? Хъуамӕ Библийы уагӕвӕрдтӕ зонӕм ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ архайӕм. Уыцы уагӕвӕрдтӕй иу у ахӕм: хабар куы не сбӕрӕг кӕнай, афтӕмӕй дзуапп куы раттай, уӕд уый у ӕнӕзонд ми ӕмӕ худинаг (Ӕмб. 18:13). Иннӕ уагӕвӕрд та нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, цӕмӕй-иу алы ныхасыл ма ӕууӕндӕм, фӕлӕ-иу хабар кӕронмӕ базонӕм (Ӕмб. 14:15). Ӕртыккаг уагӕвӕрд та уый у, ӕмӕ Йегъовӕйӕн цасфӕнды ма лӕггад кӕнӕм, уӕддӕр хъуамӕ нӕхи зондӕй ныфсджын ма уӕм (Ӕмб. 3:5, 6). Библийы уагӕвӕрдтӕ нӕ хъахъхъӕндзысты ӕмӕ нын ӕххуыс кӕндзысты, цӕмӕй-иу, цавӕрдӕр хабар ӕцӕг у ӕви нӕ, уый сбӕрӕг кӕнӕм, раст хъуыдымӕ-иу ӕрцӕуӕм ӕмӕ-иу раст уынаффӕ рахӕссӕм.

20 Фӕлӕ ма адӕймаджы раст хъуыдымӕ ӕрцӕуын, гӕнӕн ис, ноджыдӕр иу цыдӕр къуылымпы кӕна. Адӕймаг арӕх цавӕрдӕр хъуыдымӕ ӕрцӕуы, цы фӕуыны, уымӕ гӕсгӕ. Иннӕ статьяйы дзырд цӕудзӕн, цавӕр уавӕрты рауайы афтӕ ӕмӕ нӕ бон куыд у нӕхи уымӕй бахизын.

^ 8 абз. Кӕс 2004 азы «Ежегодник», 110, 111 фӕрстӕ ӕмӕ 2008 азы «Ежегодник», 133–135 фӕрстӕ.