Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Хабар ӕцӕгӕй куд ӕй, уой зонис?

Хабар ӕцӕгӕй куд ӕй, уой зонис?

«Адӕймагмӕ ку нӕ байгъосай, уотемӕй дзуапп ку раттай, уӕд е ӕй ӕнӕзунд миуӕ ӕма ходуйнаг» (ӔМБ. 18:13).

ЗАРТӔ: 126, 95

1, 2. а) Алкедӕр ни ци гъӕуама лӕдӕра ӕма цӕмӕн? б) Аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?

КУД ӕцӕг киристӕнттӕ, уотӕ гъӕуама архайӕн, ци хабӕрттӕ фегъосӕн, етӕ раст ӕнцӕ ӕви нӕ, уой исбӕрӕг кӕнунбӕл, цӕмӕй раст гъудимӕ ӕрцӕуӕн (Ӕмб. 3:21–23; 8:4, 5). Кенӕ ба нин Сайтан ӕма аци дуйне нӕ гъудитӕ хъӕбӕр ӕнцонтӕй исдзӕгъӕл кӕндзӕнцӕ (Еф. 5:6; Кол. 2:8). Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, цӕмӕй раст гъудимӕ ӕрцӕуӕн, уой туххӕй хабӕрттӕ хуарз зонун гъӕуй. Ӕмбесӕндти 18:13 финст ӕй: «Адӕймагмӕ ку нӕ байгъосай, уотемӕй дзуапп ку раттай, уӕд е ӕй ӕнӕзунд миуӕ ӕма ходуйнаг».

2 Аци статьяй ӕркӕсдзиан, хабӕрттӕ исбӕрӕг кӕнун ӕма раст гъудимӕ ӕрцӕун ӕнцон цӕмӕннӕ фӕууй, уомӕ. Удта ма базондзиан, еци гъуддаги нин Библийӕй цӕхуӕн хабӕрттӕ ӕма уагӕвӕрдтӕ банхус кӕндзӕнцӕ, уой.

«АЛЛИ ДЗУРДБӔЛ» МА ’УУӔНДЕТӔ

3. Ӕмбесӕндти 14:15 финст уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ цӕмӕн гъӕуама архайӕн? (Кӕсӕ хузӕмӕ статьяй райдайӕни.)

3 Абони телевизори кенӕ интернети ци хузи хабӕрттӕ нӕ фегъосӕн, уӕхӕн нӕбал байзадӕй. Уомӕй уӕлдай ма нин не ’мбӕлттӕ дӕр нӕ телефонмӕ аллихузи хабӕрттӕ ӕрбарветунцӕ. Хатгай еци хабӕрттӕн кӕрон дӕр нӕ фӕууй. Уомӕ гӕсгӕ ба гъӕуама лӕмбунӕг уӕн. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, не ’мбӕлттӕн сӕ зӕрди лӕгъузӕй неци фӕууй, фал ес уӕхӕн адӕн, ӕма хабӕрттӕ барӕй дӕр исусхъуммӕ кӕнунцӕ. Цума нин Библийӕй цӕхуӕн уагӕвӕрд банхус кӕндзӕй, ци фегъосӕн, уомӕ раст цӕстӕй кӕсун? Ӕмбесӕндти 14:15 финст ӕй: «Ӕвӕлтӕрд алли дзурдбӕл дӕр ӕууӕндуй, лӕдӕргӕ адӕймаг ба сагъӕс кӕнуй ӕ къахдзӕфтӕбӕл».

4. Филиппӕгтӕмӕ 4:8, 9 финст дзурдтӕ нин куд банхус кӕндзӕнцӕ, ци кӕсӕн, уой раст ӕвзарун? Хабар ӕцӕгӕй куд ӕй, уой зонун цӕмӕн гъӕуй? (Кӕсӕ рамкӕ « Ӕцӕг хабӕрттӕ базонӕн кӕми ес?».)

4 Раст унаффӕ рахӕссунмӕ, хабар ӕцӕгӕй куд адтӕй, уой зонун гъӕуй. Мадта ци кӕсӕн, уомӕ гъӕуама лӕмбунӕг уӕн. (Бакӕсӕ Филиппӕгтӕмӕ 4:8, 9.) Гъӕуама нӕ рӕстӕг ма исафӕн, ӕууӕнкӕ кӕбӕл нӕййес, уӕхӕн хабӕрттӕбӕл. Уӕлдайдӕр ба гъӕуама нӕхе еуварс дарӕн, раст дин ка ниууагъта, уони сайттӕй. Уонӕн сӕ нисан ӕй Хуцауи адӕни ӕууӕндундзийнадӕ фехалун ӕма рӕстдзийнадӕ исусхъуммӕ кӕнун. Ӕууӕнкӕ кӕбӕл нӕййес, уӕхӕн хабӕрттӕ лӕгъуз унаффитӕмӕ ӕркӕнунцӕ. Мадта дӕмӕ уотӕ ма кӕсӕд, ӕма, ци кӕсис, е дин неци зиан ӕрхӕсдзӕй (1 Тим. 6:20, 21).

5. Израилӕгтӕ цӕхуӕн хабӕрттӕ фегъустонцӕ ӕма сӕхе куд бадардтонцӕ?

5 Мӕнгӕ хабӕртти туххӕй адӕймаг тӕрсгӕ дӕр фӕккӕнуй. Зӕгъӕн, Моисеййи рӕстӕг 12 ӕсгарӕги Зӕрдӕвӕрд зӕнхӕ фӕууинунмӕ рандӕ ’нцӕ. Фӕстӕмӕ ку ’рбаздахтӕнцӕ, уӕд си дӕсемӕй лӕгъуз хабӕрттӕй ӕндӕр неци ӕрбахастонцӕ (Ним. 13:25–33). Еци ӕсгаргутӕ гъуддаг уотӕ ниддессаг кодтонцӕ, ӕма Йегови адӕн тӕрсун райдӕдтонцӕ ӕма сӕ къохтӕ ӕруагътонцӕ (Ним. 14:1–4). Цума цӕмӕн фӕттарстӕнцӕ? Ка ’й зонуй, сӕмӕ еци хабӕрттӕ ӕцӕг фӕккастӕнцӕ, уомӕн ӕма ӕсгаргутӕн сӕ фулдӕр уотӕ дзурдтонцӕ. Иннӕ дууӕ ӕсгарӕги зӕнхи туххӕй хуарзӕй ци дзурдтонцӕ, уомӕ ба некебал игъуста (Ним. 14:6–10). Хабӕрттӕ ӕцӕгӕй куд адтӕнцӕ, уой базонуни ӕма Йеговӕбӕл ӕууӕндуни бӕсти етӕ баууӕндтӕнцӕ, нифс кӕмӕй сӕттуй, уӕхӕн хабӕрттӕбӕл. Куд ӕнӕзунд разиндтӕнцӕ!

6. Йегови адӕнбӕл цитӕ ӕримисунцӕ, е нӕмӕ дессаг цӕмӕннӕ гъӕуама кӕса?

6 Уӕлдай лӕмбунӕг гъӕуама уӕн, Йегови адӕни туххӕй цӕхуӕндӕр хабӕрттӕ ку фегъосӕн уӕд. Цума цӕмӕн? Библи нӕ сӕйраг знаги, Сайтани, «не ’нсувӕртӕбӕл фауӕвӕрӕг» дзӕгъӕли нӕ хонуй (Рарг. 12:10). Йесо ӕ фӕдбӕлдзӕугути фӕдзахста, се ’знӕгтӕ сӕбӕл «алли лӕгъузтӕ» ке имисдзӕнцӕ (Матф. 5:11). Еци фӕдзӕхст нӕ зӕрдӕбӕл ку дарӕн, уӕд нӕмӕ дессаг некӕд кӕсдзӕй, Йегови адӕнбӕл цитӕ ӕримисунцӕ, е.

7. Ескӕмӕ цидӕр нӕуӕг хабар рарветуни размӕ бал цӕбӕл гъӕуама расагъӕс кӕнӕн?

7 Де ’мбӕлттӕн интернетӕй цӕхуӕндӕр хабӕрттӕ ӕрветун дӕ зӕрдӕмӕ цӕуй? Ести дессаг ку фегъосис, уӕд дӕ нӕ фӕффӕндуй хабар еци фӕдбӕл иннетӕн радзорун, репортертӕ куд фӕккӕнунцӕ, уотӕ? Ести сообщени рарветуни размӕ бал дӕхе бафӕрсӕ: «Мӕ бон ӕй уотӕ зӕгъун, ӕма е ӕцӕг хабар ӕй? Кӕцӕй ӕй зонун?» Кӕд ӕй нӕ зонис, уӕд цума уотӕ нӕ рауайдзӕй, ӕма мӕнгӕттӕ парахат кӕнис? Хабар раст ӕй ӕви нӕ, уой ку нӕ зонай, уӕд ӕй ӕрветгӕ дӕр ма кӕнӕ. Ра ’й ихалӕ!

8. Еуӕй-еу бӕстити нӕ нихмӕ ка ӕй, етӕ куд фӕййархайунцӕ ӕма син хатгай сӕ къох куд фӕййаразӕн, лӕдӕргӕ дӕр ӕй нӕ бакӕнӕн, уотемӕй?

8 Ӕнӕрасагъӕс кӕнгӕй цӕхуӕндӕр хабӕрттӕ ӕрветун ма тӕссаг ӕй еу гъуддаги туххӕй дӕр. Еуӕй-еу бӕстити Йегови Ӕвдесӕнтӕн сӕребарӕй лӕггадӕ кӕнуни барӕ нӕййес. Уӕхӕн бӕстити нӕ нихмӕ ка ӕй, етӕ барӕй дӕр уӕхӕн хабӕрттӕ парахат кӕнун райдайунцӕ, цӕмӕй Хуцауи адӕн фӕттӕрсонцӕ ӕма кӕрӕдзебӕл гурусхӕ кӕнун райдайонцӕ. Ӕркӕсӕн, Советон Цӕдеси цӕхуӕн хабӕрттӕ цудӕй, уомӕ. КГБ-й косгутӕ еуӕй-еу ӕнсувӕртӕбӕл уӕхӕн цъухтӕ рауадзиуонцӕ, цума Йегови адӕнбӕл гадзирахаттӕй рацудӕнцӕ *. Гъигагӕн, еци мӕнгӕттӕбӕл беретӕ баууӕндтӕнцӕ, ӕма Йегови организаци ниууагътонцӕ. Фӕстӕдӕр си беретӕ фӕстӕмӕ раздахтӕнцӕ, фал кадӕртӕ ба – нӕбал. Еци мӕнгӕтти туххӕй се ’ууӕндундзийнадӕ фесафтонцӕ (1 Тим. 1:19). Нӕ бон куд ӕй нӕхе уӕхӕн бӕллӕхӕй багъӕуай кӕнун? Адӕймаги тас ка бауадзуй кенӕ ӕцӕг ка нӕй, уӕхӕн хабӕрттӕй дӕхе еуварс дарӕ. Алцӕбӕл ма ’ууӕндӕ. Уой бӕсти бал ӕй базонӕ, ци фегъустай, е раст ӕй ӕви нӕ, уой.

ХАБАР ӔРДӔГМӔ РАСТ КУ УА

9. Хабарӕй раст хатдзӕг искӕнун ма зин никкидӕр цӕмӕн фӕууй?

9 Еуӕй-еухатт фегъосӕн, ӕцӕг ӕрмӕстдӕр сӕ кӕцидӕр хай кӕмӕн ӕй, уӕхӕн хабӕрттӕ. Иннетӕ ба ӕцӕг фӕуунцӕ, фал си алци не ’ской кӕнунцӕ. Уомӕ гӕсгӕ хъӕбӕр зин фӕууй раст хатдзӕг искӕнун. Хабарӕн ӕрмӕстдӕр ӕ кӕцидӕр хай ку уа раст, уӕд ӕй ӕцӕг исхонӕн нӕбал уодзӕй! Нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй нӕ уӕхӕн хабӕрттӕ ма фӕссайонцӕ? (Еф. 4:14).

10. Израилӕгтӕ се ’нсувӕрти нихмӕ цӕй туххӕй гъавтонцӕ истохун, фал уотӕ цӕмӕннӕ бакодтонцӕ?

10 Ӕркӕсӕн, Йесо Навини рӕстӕг цӕугӕдон Иордани нигулӕн фарс ка цардӕй, еци израилӕгтӕбӕл ци хабар ӕрцудӕй, уомӕ (Йес. Н. 22:9–34). Хабар сӕмӕ райгъустӕй, Иордани скӕсӕн фарс ка цардӕй, еци израилӕгтӕ цӕугӕдони рази устур нивондхӕссӕн искодтонцӕ, зӕгъгӕ. Ӕнӕуой еци хабар раст адтӕй, фал гъуддаг кӕронмӕ не ’сбӕрӕг кодтонцӕ. Уой туххӕй Иордани нигулӕн фарс ка цардӕй, еци израилӕгтӕ ӕрӕмбурд ӕнцӕ, цӕмӕй скӕсӕн фарс ка цардӕй, уони нихмӕ истухтайуонцӕ, уомӕн ӕма сӕмӕ уотӕ фӕккастӕй, ӕма се ’нсувӕртӕ Йегови нихмӕ рацудӕнцӕ. (Бакӕсӕ Йесо Навин 22:9–12.) Фал бал сӕмӕ раздӕр нӕлгоймӕгти рарвистонцӕ, цӕмӕй гъуддаг кӕронмӕ исбӕрӕг кодтайуонцӕ. Цума ци исбӕрӕг ӕй? Израилӕгтӕ нивондхӕссӕн мӕнгӕ хуцӕутти номбӕл не ’скодтонцӕ. Еци нивондхӕссӕн, Йегови лӕггадгӕнгутӕ ке ’нцӕ, уой ӕвдесӕн адтӕй. Израилӕгтӕн кунӕг ӕхцӕуӕн н’ адтӕй, се ’нсувӕрти хӕццӕ ке не ’стухтонцӕ, фал бал хабар ӕцӕгӕй куд адтӕй, уой ке базудтонцӕ.

11. а) Мемфивосфей цӕхуӕн хӕрандзийнадӕбӕл исӕмбалдӕй? б) Давиди бон ци адтӕй бакӕнун, цӕмӕй уотӕ ма рауадайдӕ?

11 Ка ’й зонуй, хатгай, мах туххӕй дӕр ци радзорунцӕ, уомӕй алци раст нӕ фӕууй, ӕма нин е зин фӕууй. Ӕргъуди кӕнӕн Мемфивосфеййи хабар. Паддзах Давид ин ӕ фидифидӕ Саули зӕнхитӕ еугурейдӕр равардта (2 Сам. 9:6, 7). Фал фӕстӕдӕр Давид Мемфивосфеййи туххӕй еу лӕгъуз хабар фегъуста. Ӕма е раст хабар адтӕй ӕви нӕ, уой исбӕрӕг кӕнуни бӕсти си байста, цидӕриддӕр имӕ адтӕй, уой (2 Сам. 16:1–4). Фӕстӕдӕр Давид Мемфивосфеййи хӕццӕ ӕхуӕдӕг ку радзурдта, уӕд ӕй балӕдӕрдтӕй ке фӕррӕдудӕй, уой, ӕма ин ӕ есбонӕй кӕцидӕр хай фӕстӕмӕ равардта (2 Сам. 19:24–29). Давид ку нӕ фӕттагъд кодтайдӕ ӕма бал хабар ку исбӕрӕг кодтайдӕ, уӕд Мемфивосфей уӕхӕн хӕрандзийнадӕ нӕ бавзурстайдӕ.

12, 13. а) Киристе ӕхе куд дардта, адӕн ибӕл алцитӕ ку имистонцӕ, уӕд? б) Еске мах туххӕй мӕнгӕттӕ ку дзора, уӕд нӕ бон ци ӕй кӕнун?

12 Еске ди мӕнгӕттӕ ку дзора, уӕд дӕу бон ба куд ӕй архайун? Уӕхӕн хабар ӕрцудӕй Киристе ӕма Аргъауӕг Иоаннбӕл. (Бакӕсӕ Матфеййи 11:18, 19.) Цума Йесо куд бакӕнидӕ? Е ӕ рӕстӕг ӕма ӕ хъауритӕ ӕхе рӕститӕ кӕнунбӕл нӕ харз кодта, фал адӕни разӕнгард кодта, цӕмӕй сӕхуӕдтӕ ци уинунцӕ, уомӕй хатдзӕгтӕ кодтайуонцӕ. Уой фӕндадтӕй, цӕмӕй адӕн се ’ргом ӕздахтайуонцӕ, ци гъуддӕгтӕ кӕнуй ӕма цӕбӕл ахур кӕнуй, уомӕ. Киристе загъта: «Зунд бӕрӕг фӕууй раст гъуддӕгтӕй» (Матф. 11:19).

13 Киристей хабарӕй еу ӕхсидзгӕ гъуддагбӕл ахур кӕнӕн. Гӕнӕн ес, ӕма мах туххӕй дӕр адӕн мӕнгӕттӕ дзоронцӕ ӕма нин нӕ ном иннети цӕсти ӕгадӕ кӕнонцӕ. Уӕхӕн уавӕри нӕ бон ци ӕй кӕнун? Гъӕуама идарддӕр дӕр уотӕ цӕрӕн, цӕмӕй ӕй иннетӕ уинонцӕ, ӕцӕгӕй цӕхуӕн адӕн ан, уой. Киристей хабарӕй ӕй уинӕн, цидӕриддӕр нӕбӕл имисунцӕ, етӕ раст ке нӕ ’нцӕ, е, куд цӕрӕн, уомӕй ке рабӕрӕг уодзӕй.

ДӔ ЗӔРДӔ ДӔХЕБӔЛ ӔГӔР НӔ ДАРИС?

14, 15. Нӕ зӕрдӕ нӕхебӕл ӕгӕр цӕмӕннӕ гъӕуама дарӕн?

14 Куд ӕй фӕууидтан, уотемӕй хабӕрттӕ ӕцӕгӕй куд адтӕнцӕ, уой базонун ӕнцон нӕ фӕууй. Иннердиги ба нӕхуӕдтӕ дӕр ӕнӕнхӕст ан. Ка ’й зонуй, Йеговӕн берӕ ӕнзти дӕргъи лӕггадӕ кӕнӕн, ӕма цӕхуӕндӕр гъуддӕгти фӕлтӕрдгун иссан. Иннетӕ нӕ нимайунцӕ, уомӕн ӕма берӕ цидӕртӕ лӕдӕрӕн. Е лӕгъуз нӕй, фал нин цума е скъӕппӕг не ’суодзӕй?

15 Уотӕ рауайдзӕй, нӕ зӕрдӕ нӕхебӕл ӕгӕр ку дарӕн, уӕд. Ка ’й зонуй нӕбӕл нӕхе гъудитӕ хъӕбӕрдӕр кӕнун райдайдзӕнцӕ, ӕма ма нӕмӕ уотӕ дӕр кӕсдзӕй, цума гъуддаг хуарз лӕдӕрӕн, еугур хабӕрттӕ ку нӕ зонӕн, уӕддӕр. Е хъӕбӕр тӕссаг ӕй! Библи нин ӕргом зӕгъуй, дӕхе зундӕй нифсгун ма уо, зӕгъгӕ кенӕ дӕ зӕрдӕ дӕхебӕл ма дарӕ (Ӕмб. 3:5, 6; 28:26).

16. Ресторани ци ’рцудӕй ӕма Томмӕ цӕхуӕн гъудитӕ фӕззиндтӕй?

16 Цӕветтонӕн ӕрхӕссӕн еу хабар. Еу хестӕр нӕлгоймаг Том изӕрӕй ресторанмӕ бацудӕй ӕма си уинуй, ӕндӕр хестӕр нӕлгоймаг Джони цидӕр силгоймаги хӕццӕ бадгӕ. Еци силгоймаг ӕ бийнойнаг нӕй. Том уинуй, еци дууӕ сӕ рӕстӕг игъӕлдзӕгӕй ке ӕрветунцӕ, кӕрӕдзей дӕр ма ӕрбахъури кӕнунцӕ. Том хъӕбӕр истухстӕй ӕма сагъӕс кӕнуй: «Джон ӕ бийнойнаги хӕццӕ хецӕн кӕнунмӕ гъавуй? Сӕ сувӕллӕнттӕ ба?» Том фӕлтӕрдгун хестӕр нӕлгоймаг ӕй, ӕма ’й зонуй, уӕхӕн хабӕрттӕ цӕмӕ ӕркӕнунцӕ, уой. Ду ба уой бунати цӕбӕл расагъӕс кодтайсӕ?

17. Том фӕстӕдӕр ци базудта ӕма аци хабарӕй мах цӕбӕл ахур кӕнӕн?

17 Нур ба ӕркӕсӕн, гъуддаг ӕцӕгӕй куд адтӕй, уомӕ. Томмӕ уотӕ фӕккастӕй, ӕма Джон ӕ бийнойнагбӕл гадзирахаттӕй рацудӕй. Фал цума алцидӕр раст балӕдӕрдтӕй? Фӕстӕдӕр, еци изӕр Том Джонмӕ бадзурдта ӕма ’й базудта, еци силгоймаг ӕ хуӕрӕ ке адтӕй. Джони хӕццӕ кӕрӕдзей цалдӕр анзи нӕ фӕууидтонцӕ, ӕма син радзубанди кӕнунмӕ ба берӕ рӕстӕг н’ адтӕй, уомӕн ӕма ’й идарддӕр цӕун гъудӕй. Фал Джони бийнойнаги ба бон не ’ссӕй ӕрбацӕун. Том цийнӕ кодта, ке некӕмӕн неци радзурдта, уобӕл. Аци хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? Цийфӕнди фӕлтӕрдгун ма уӕн, уӕддӕр цӕхуӕндӕр гъудимӕ ӕрцӕуни разӕй бал гъӕуама исбӕрӕг кӕнӕн, гъуддаг раст балӕдӕрдтан ӕви нӕ, уой.

18. Не ’нсувӕри туххӕй лӕгъуз ести ку фегъосӕн, уӕд ибӕл ӕнцонтӕй кӕд баууӕнддзиан?

18 Уавӕрмӕ раст цӕстӕй ракӕсун нин никки зиндӕр уодзӕй, ӕнсувӕри хӕццӕ ӕнӕуой дӕр ку нӕ федауӕн, уӕд. Ӕма си нӕ зӕрдӕмӕ ци нӕ цӕуй, уобӕл ку сагъӕс кӕнӕн, уӕд ма ибӕл гурусхӕ кӕнун дӕр райдайдзиан. Уотемӕй си ести лӕгъуз ку фегъосӕн, уӕд ибӕл ӕнцонтӕй баууӕнддзиан. Е цӕбӕл дзорӕг ӕй? Не ’нсувӕрмӕ нӕ зӕрди маст ку дарӕн, уӕд ибӕл лӕгъуз гъуди кӕнун райдайдзиан, гъуддаг кӕронмӕ ку нӕма исбӕрӕг кӕнӕн, уӕддӕр (1 Тим. 6:4, 5). Мадта гъӕуама архайӕн, цӕмӕй мӕстгун ӕма соцъа макӕмӕ кӕнӕн. Макӕд иронх кӕнӕ: Йегови фӕндуй, цӕмӕй не ’нсувӕрти уарзӕн ӕма син зӕрдӕй хатир кӕнӕн. (Бакӕсӕ Колоссӕгтӕмӕ 3:12–14.)

БИБЛИЙ УАГӔВӔРДТӔ НӔ ГЪӔУАЙ КӔНУНЦӔ

19, 20. а) Библийӕй нин цӕхуӕн уагӕвӕрдтӕ банхус кӕндзӕнцӕ хабармӕ раст цӕстӕй кӕсун? б) Иннӕ статьяй ци базондзиан?

19 Ци хабӕрттӕ игъосӕн, етӕ раст ӕнцӕ ӕви нӕ, уой исбӕрӕг кӕнун ӕма раст гъудимӕ ӕрцӕун абони хъӕбӕр зин ӕй. Цӕмӕн? Уомӕн ӕма ци фегъосӕн, уоми алци раст нӕ фӕууй кенӕ си цидӕр не ’ской кӕнунцӕ, удта ма нӕхуӕдтӕ дӕр ӕнӕнхӕст ан. Мадта нин ци банхус кӕндзӕй? Библий финст уагӕвӕрдтӕ! Сӕ еу уӕхӕн ӕй: хабар кӕронмӕ ку нӕ базонай, ӕма уотемӕй дзуапп ку раттай, уӕд е «ӕнӕзунд миуӕ ӕма ходуйнаг» ӕй (Ӕмб. 18:13). Иннӕ уагӕвӕрдӕй ба бӕрӕг ӕй, алли дзурдбӕл ӕууӕндгӕ ке нӕй (Ӕмб. 14:15). Ӕма цийфӕнди фӕлтӕрдгун ма уӕн, уӕддӕр гъӕуама нӕхе зундӕй нифсгун ма уӕн (Ӕмб. 3:5, 6). Гъӕуама архайӕн, гъуддаг ӕцӕгӕй куд адтӕй, уой базонунбӕл, ӕма нин уӕд Библий уагӕвӕрдтӕ ӕнхус кӕндзӕнцӕ, раст гъудимӕ ӕрцӕун ӕма зундгин унаффитӕ хӕссун.

20 Раст гъудимӕ ӕрцӕун ма нин зин фӕууй еу гъуддаги туххӕй дӕр. Адӕймаг иннетӕн арӕх се ’ндаг бакастмӕ гӕсгӕ фӕттӕрхон кӕнуй. Иннӕ статьяй базондзиан, уӕхӕн скъӕппӕги бахаунӕй тӕссаг кӕд фӕууй ӕма си нӕхе бахезун нӕ бон куд ӕй, уой.

^ 8 абз. Кӕсӕ 2004 анзи «Ежегодник», 111, 112 фӕрстӕ ӕма 2008 анзи «Ежегодник», 133–135 фӕрстӕ.