Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕддаг бакастмӕ гӕсгӕ ма тӕрхон кӕн

Ӕддаг бакастмӕ гӕсгӕ ма тӕрхон кӕн

«Ӕддаг бакастмӕ гӕсгӕ мауал тӕрхон кӕнут, фӕлӕ раст тӕрхон кӕнут» (ИОАН. 7:24).

ЗАРДЖЫТӔ: 142, 123

1. Исайы пехуымпарады Йесойы тыххӕй цы фыст ис ӕмӕ нӕ уый ныфс цӕмӕн уадзы?

ИСАЙЫ пехуымпарады Йесо Чырыстийы тыххӕй цы фыст ис, уый Хуыцауы лӕггадгӕнджыты стыр ныфс уадзы. Исай загъта, Йесо, «цӕстӕй цы уына, уымӕ гӕсгӕ [кӕй] нӕ кӕндзӕн тӕрхон ӕмӕ, хъусӕй цы хъуса, уымӕ гӕсгӕ [кӕй] нӕ кӕндзӕн уайдзӕф». Уый «мӕгуыртӕн кӕндзӕн ӕнӕхӕрам тӕрхон» (Ис. 11:3, 4). Ацы ныхӕстӕ нын ныфсы хос цӕмӕн сты? Уымӕн ӕмӕ ахӕм дунейы цӕрӕм, ӕмӕ адӕм кӕрӕдзимӕ ӕвзӕр цӕстӕй кӕсынц ӕмӕ кӕрӕдзийӕн, цӕстӕй цы уынынц, уымӕ гӕсгӕ тӕрхон кӕнынц. Уӕдӕ не ’ппӕты дӕр хъӕуы алцӕмӕй ӕххӕст Тӕрхонгӕнӕг, не ’ддаг бакастмӕ гӕсгӕ нын чи никуы тӕрхон кӕндзӕн, ахӕм!

2. Йесо цы бафӕдзӕхста? Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

2 Алы бон дӕр алыхуызон адӕмыл сӕмбӕлӕм ӕмӕ, цавӕр адӕймӕгтӕ сты, уый фӕдыл нӕм алыхуызон хъуыдытӕ фӕзыны. Фӕлӕ иннӕтӕй цы ахъуыды кӕнӕм, уый алы хатт раст нӕ вӕййы, уымӕн ӕмӕ Йесойӕ уӕлдай мах ӕххӕст не стӕм. Адӕймаг йе ’ргом фылдӕр фездахы, цӕстӕй цы уыны, уымӕ. Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд бафӕдзӕхста: «Ӕддаг бакастмӕ гӕсгӕ мауал тӕрхон кӕнут, фӕлӕ раст тӕрхон кӕнут» (Иоан. 7:24). Бӕрӕг у, Йесойы кӕй фӕнды, цӕмӕй йӕ фӕзмӕм ӕмӕ иннӕтӕн се ’ддаг бакастмӕ гӕсгӕ ма тӕрхон кӕнӕм. Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, иннӕты тыххӕй цы хъуыды кӕнӕм, ууыл хатгай цы ӕртӕ хъуыддаджы фӕзынынц, уыдонмӕ: 1) адӕймаг цавӕр расӕйӕ кӕнӕ адӕмыхаттӕй у, 2) хъӕздыг у ӕви мӕгуыр ӕмӕ 3) цы кары ис. Алы хъуыддагыл дӕр хицӕнтӕй аныхас кӕндзыстӕм ӕмӕ базондзыстӕм, нӕ бон куыд у, Йесо нын цы бафӕдзӕхста, уымӕ гӕсгӕ архайын.

ИННӔТӔН, ЦАВӔР АДӔМЫХАТТӔЙ СТЫ, УЫМӔ ГӔСГӔ МА ТӔРХОН КӔН

3, 4. а) Петр, ӕндӕр адӕмтӕй чи уыд, уыдонмӕ ӕндӕр цӕстӕй цавӕр хабӕртты фӕрцы ракаст? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.) б) Йегъовӕ Петрӕн цавӕр ног хабар бамбарын кодта?

3 Ахъуыды-ма кӕнӕм, апостол Петры Кесаримӕ, дзуттаг чи нӕ уыд, уыцы Корнилийы хӕдзармӕ куы фӕхуыдтой, уӕд ӕм цавӕр хъуыдытӕ фӕзындаид, ууыл (Хъуыд. 10:17–29). Петр йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ иннӕ дзуттӕгтау ахӕм хъуыдыйыл хӕст уыд, ӕмӕ, ӕндӕр адӕмтӕй чи у, уыдон сыгъдӕг не сты. Фӕлӕ йыл цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдоны фӕрцы йӕ хъуыды фӕивта. Зӕгъӕм, Хуыцау Петрӕн равдыста цӕстылуайӕн (Хъуыд. 10:9–16). Уыцы цӕстылуайӕны арвӕй кӕттаджы хуызӕн цыдӕр ӕрцӕйцыд, ӕмӕ дзы уыди, сыгъдӕгыл нымад чи нӕ уыд, ахӕм цӕрӕгойтӕ. Стӕй Петр фехъуыста зӕды хъӕлӕс: «Петр, сыст, аргӕвд дзы ӕмӕ бахӕр!» Петр нӕ бакуымдта. Ӕмӕ та уӕд ногӕй зӕды хъӕлӕс фехъуыста: «Хуыцау цы ссыгъдӕг кодта, уый чъизи мауал хон». Цӕстылуайӕны фӕстӕ Петр хъуыдытӕ кодта, цымӕ уыцы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты, зӕгъгӕ. Ӕмӕ йӕм растдӕр уӕд ӕрбацыдысты Корнилийы ӕрвыст лӕгтӕ. Сыгъдӕг тых Петры сразӕнгард кодта Корнилийы хӕдзармӕ ацӕуынмӕ, ӕмӕ уый дӕр уыцы лӕгтимӕ араст.

4 Петр адӕмӕн се ’ддаг бакастмӕ гӕсгӕ куы тӕрхон кодтаид, уӕд Корнилийы хӕдзармӕ йӕ къах дӕр нӕ бавӕрдтаид. Дзуттӕгтӕ, ӕндӕр адӕмтӕй чи уыд, ахӕм адӕймаджы хӕдзармӕ хӕстӕг дӕр нӕ цыдысты. Уӕдӕ кӕд Петр дӕр ахӕм зондыл хӕст уыд, уӕд цымӕ Корнилийы хӕдзармӕ цӕмӕн ацыд? Цы цӕстылуайӕн федта ӕмӕ йын Хуыцауы сыгъдӕг тых цы разамынд радта, уый фӕрцы йӕ хъуыды фӕивта. Ӕмӕ Корнилийы ныхӕстӕм куы байхъуыста, уӕд загъта: «Ныр ӕй ӕцӕг бамбӕрстон, Хуыцау кӕй никӕй хъулон кӕны, фӕлӕ алы адӕмӕй йӕ зӕрдӕйӕн адджын у, чи дзы тӕрсы ӕмӕ рӕстӕй чи цӕры, ахӕм адӕймаг» (Хъуыд. 10:34, 35). Петр, хӕрзаг, дис кодта, Хуыцау ын цы ног хабар бамбарын кодта, ууыл! Ӕмӕ уыцы хабар чырыстӕттыл се ’ппӕтыл дӕр хъуамӕ фӕзындаид. Цымӕ куыд?

5. а) Чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр цы хъуамӕ ӕмбарой? б) Кӕд, Йегъовӕ адӕммӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый зонӕм, уӕддӕр, гӕнӕн ис, нӕ зӕрдӕйы бынат цӕмӕн уа?

5 Петры уылты Йегъовӕ чырыстӕттӕн се ’ппӕтӕн дӕр бамбарын кодта, кӕй никӕй хъулон кӕны. Йегъовӕйӕн уӕлдай нӕу, адӕймаг цавӕр расӕйӕ кӕнӕ цавӕр адӕмыхаттӕй у, стӕй, цавӕр ӕвзагыл дзуры, уый. Уымӕн йӕ зӕрдӕйӕн адджын сты, чи дзы тӕрсы ӕмӕ рӕстӕй чи цӕры, ахӕм адӕймӕгтӕ (Гал. 3:26–28; Рарг. 7:9, 10). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый дӕхӕдӕг дӕр зоныс. Фӕлӕ, чи зоны, иннӕ адӕмыхӕттытӕм ӕвзӕр цӕстӕй кӕм кӕсынц, ахӕм бӕстӕйы кӕнӕ ахӕм бинонты ’хсӕн схъомыл дӕ. Ӕмӕ, гӕнӕн ис, дӕумӕ афтӕ кӕса, ӕмӕ никӕй хъулон кӕныс, фӕлӕ дӕ зӕрдӕйы та арф кӕмдӕр хъулон митӕ уа. Суанг ма Петр дӕр,– Йегъовӕ кӕй никӕй хъулон кӕны, уыцы ног хабар иннӕтӕн чи бамбарын кодта, уый,– фӕстӕдӕр йӕхӕдӕг хъулон митӕ кӕнын райдыдта (Гал. 2:11–14). Уӕдӕ нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй Йесойы уынаффӕмӕ хъусӕм ӕмӕ иннӕтӕн се ’ддаг бакастмӕ гӕсгӕ мауал тӕрхон кӕнӕм?

6. а) Цы нын баххуыс кӕндзӕн нӕ зӕрдӕйӕ хъулон митӕ бындзарӕй стонынӕн? б) Иу хистӕр нӕлгоймаг йӕ писмойы цы ныффыста, уымӕй цы рабӕрӕг?

6 Хъулон митӕ нӕм ис ӕви нӕ, уый бамбарыны тыххӕй-иу хъуамӕ Библийы фӕрцы нӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсӕм (Пс. 119:105). Нӕ бон ма у нӕ хорз ӕмбалы бафӕрсын, мыййаг мӕм хъулон митӕ нӕ вӕййы, зӕгъгӕ (Гал. 2:11, 14). Гӕнӕн ис, хъулон митӕ нӕ зӕрдӕйы афтӕ ныффидар уой, ӕмӕ йӕ ӕмбаргӕ дӕр ма кӕнӕм, уыцы ӕвзӕр миниуӕг нӕм кӕй ис. Ӕркӕсӕм-ма, йӕ хабар афтӕ кӕмӕн уыд, иу ахӕм хистӕр нӕлгоймаджы цӕвиттонмӕ. Уый филиалмӕ писмо арвыста, зынгзӕрдӕйӕ ӕххӕстрӕстӕг чи лӕггад кодта, иу ахӕм лӕг ӕмӕ усы тыххӕй. Лӕг цы адӕмыхаттӕй у, уымӕ бирӕтӕ ӕвзӕр цӕстӕй кӕсынц. Ӕмӕ кӕд хистӕр нӕлгоймаг уыцы ӕфсымӕры тыххӕй бирӕ хорз цыдӕртӕ фӕфыста, уӕддӕр фӕстагмӕ ахӕм ныхӕстӕ ныффыста: «Кӕд [уыцы адӕмыхаттӕй] у, уӕддӕр йӕ уагахастмӕ ӕмӕ йӕ цардыуагмӕ кӕсгӕйӕ иннӕтӕн сӕ бон у бамбарын, [уыцы адӕмыхаттӕй] уай, уый ӕнӕмӕнг ууыл дзурӕг кӕй нӕу, ӕмӕ, [уыдонӕй] бирӕтӕ куыд чъизи ӕмӕ ӕнӕхсӕст сты, ды дӕр ахӕм хъуамӕ уай». Ацы хабар нын цӕуыл дзурӕг у? Йегъовӕйы организацийы цавӕрфӕнды хӕстӕ ма ӕххӕст кӕнӕм, уӕддӕр-иу хъуамӕ нӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсӕм ӕмӕ-иу иннӕтӕй ӕххуыс ракурӕм, цӕмӕй-иу бамбарӕм, хъулон митӕ нӕм ис ӕви нӕ. Ноджыдӕр ма нӕ бон цы у саразын?

7. «Нӕ зӕрдӕтӕ... уӕрӕх [кӕй] байгом кодтам», уый нӕ бон куыд у равдисын?

7 «Нӕ зӕрдӕтӕ... уӕрӕх [куы] байгом кӕнӕм», уӕд нӕ хъулон митӕ уарзондзинадӕй раивдзысты (2 Кор. 6:11–13). Мыййаг, дӕ рӕстӕг фылдӕр, дӕ расӕйӕ кӕнӕ дӕ адӕмыхаттӕй чи у йе та иу ӕвзагыл кӕимӕ дзурыс, уыдонимӕ уарзыс ӕрвитын? Кӕд афтӕ у, уӕд бацархай, цӕмӕй иннӕтимӕ дӕр лымӕн кӕнай. Хорз уаид, алыхуызон адӕмыхӕттытӕй чи сты, ахӕм хоты ӕмӕ-иу ӕфсымӕрты демӕ уацамынды куы акӕнис кӕнӕ-иу сӕ дӕ хӕдзармӕ къӕбӕр бахӕрынмӕ кӕнӕ бадтмӕ куы фӕхонис (Хъуыд. 16:14, 15). Рӕстӕг куыд цӕуа, афтӕ уыцы хоты ӕмӕ ӕфсымӕрты афтӕ тынг бауарздзынӕ, ӕмӕ дӕм хъулон митӕн сӕ кой дӕр нал уыдзӕн. Иннӕтӕн се ’ддаг бакастмӕ гӕсгӕ кӕй фӕтӕрхон кӕнӕм, уый ма ноджыдӕр цӕмӕй рабӕрӕг вӕййы? Хъӕздыг ӕви мӕгуыр сты, уымӕ кӕй фӕкӕсӕм, уымӕй. Цӕй ӕмӕ ныр та ацы хъуыддагыл аныхас кӕнӕм.

ИННӔТӔН, ХЪӔЗДЫГ КӔНӔ МӔГУЫР КӔЙ СТЫ, УЫМӔ ГӔСГӔ МА ТӔРХОН КӔН

8. Левиты 19:15 стихмӕ гӕсгӕ, иннӕтӕ хъӕздыг кӕнӕ мӕгуыр кӕй сты, уый хатгай куыд фӕзыны, цы цӕстӕй сӕм кӕсӕм, ууыл?

8 Адӕймагмӕ цы цӕстӕй кӕсӕм, ууыл, чи зоны, фӕзына, хъӕздыг кӕнӕ мӕгуыр кӕй у, уый. Левиты 19:15 стихы фыст ис: «Хӕрам тӕрхон ма кӕнут. Мӕгуыр адӕймаджы ма хъулон кӕнут ӕмӕ кадджын адӕймаджы фарс ма ут. Иннӕтӕн рӕстӕй тӕрхон кӕнут».

9. Ӕнӕххӕст адӕймаг цы зондыл хӕст вӕййы, уый тыххӕй Соломон цы ныффыста ӕмӕ нын йӕ ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты?

9 Иннӕтӕм цы зӕрдӕ дарӕм, ууыл, хъӕздыг кӕнӕ мӕгуыр кӕй сты, уый куыд фӕзыны? Хуыцауы фӕндӕй Соломон, ӕнӕххӕст адӕймаг цы зондыл хӕст вӕййы, уый тыххӕй ныффыста: «Мӕгуыры йӕ хион дӕр нӕ уарзы, хъӕздыгӕн та бирӕ ӕмбӕлттӕ вӕййы» (Ӕмб. 14:20). Ацы ныхӕстӕ нын цӕуыл дзурӕг сты? Лӕмбынӕг куы нӕ уӕм, уӕд, гӕнӕн ис, хъӕздыг чи у, ӕрмӕст ахӕм ӕфсымӕртимӕ лымӕн кӕнӕм, мӕгуыр чи у, уыцы ӕфсымӕртӕй та нӕхи дард ласӕм. Иннӕтӕн, хъӕздыг кӕнӕ мӕгуыр кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ тӕрхон кӕнын тӕссаг цӕмӕн у?

10. Иаковы ныхӕстӕм гӕсгӕ, фыццаг ӕнусы ӕмбырдтӕй иуӕй-иутӕ цавӕр уавӕры уыдысты?

10 Мӕгуыр ӕмӕ хъӕздыг ӕфсымӕртӕм иухуызон цӕстӕй куы нӕ кӕсӕм, уӕд, гӕнӕн ис, мах аххосӕй ӕмбырд дихтӕ кӕнын райдайа. Ахӕм уавӕры уыдысты фыццаг ӕнусы ӕмбырдтӕй дӕр иуӕй-иутӕ, ӕмӕ ахуыргӕнинаг Иаков чырыстӕтты уыцы хъуыддагӕй бафӕдзӕхста. (Бакӕс Иаковы 2:1–4.) Уӕдӕ хъуамӕ къӕрцхъус уӕм, цӕмӕй не ’мбырдты ахӕм зондахастӕн йӕ кой дӕр ма уа. Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй иннӕтӕн, цы сӕм ис ӕмӕ сӕм цы нӕй, уымӕ гӕсгӕ ма тӕрхон кӕнӕм?

11. Адӕймаг Хуыцауы хӕлар уыдзӕн ӕви нӕ, уый, хъӕздыг у ӕви мӕгуыр, уымӕй кӕнгӕ у? Бамбарын ӕй кӕн.

11 Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕм хъуамӕ Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсӕм. Йегъовӕ адӕймагӕн аргъ кӕндзӕн ӕви нӕ, уый, хъӕздыг у ӕви мӕгуыр, ууыл баст нӕу. Стӕй, адӕймаг йӕ хӕлар уыдзӕн ӕви нӕ, уый дӕр, цы йӕм ис ӕмӕ йӕм цы нӕй, уымӕй аразгӕ нӕу. Кӕд Йесо афтӕ загъта, зӕгъгӕ, «зын уыдзӕн хъӕздыгӕн уӕларвон паддзахадмӕ бацӕуын», уӕддӕр йӕ ныхӕстӕ ууыл дзурӕг не сты, ӕмӕ уымӕн гӕнӕн ӕппындӕр нӕ уыдзӕн (Матф. 19:23). Йесо ма афтӕ дӕр загъта: «Амондджын стут, мӕгуыртӕ, уымӕн ӕмӕ сымах у Хуыцауы паддзахад» (Лук. 6:20). Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ мӕгуыр адӕм се ’ппӕт дӕр Йесойы ныхӕстӕ сӕ зӕрдӕмӕ айстой ӕмӕ уӕлдай арфӕгонд ӕрцыдысты. Мӕгуыртӕй Йесойы фӕдылдзӕуӕг чи сси, ахӕмтӕ бирӕ нӕ уыд. Уӕдӕ никӕй бон у афтӕ зӕгъын, ӕмӕ, адӕймаг Хуыцауы хӕлар уыдзӕн ӕви нӕ, уый, хъӕздыг у ӕви мӕгуыр у, уымӕй кӕнгӕ у.

12. Хуыцауы Ныхас мӕгуырты дӕр ӕмӕ хъӕздгуыты дӕр цӕмӕй фӕдзӕхсы?

12 Абон Йегъовӕйы адӕмы ’хсӕн ис хъӕздгуытӕ дӕр ӕмӕ мӕгуыртӕ дӕр. Уыдон се ’ппӕт дӕр Йегъовӕйы уарзынц ӕмӕ йын ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнынц. Хуыцауы Ныхас, хъӕздыг чи у, уыдонӕн дзуры, цӕмӕй «сӕ зӕрдӕ, ӕууӕнк кӕуыл нӕй, уыцы хъӕздыгдзинадыл ма дарой, фӕлӕ Хуыцауыл». (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 6:17–19.) Уымӕй уӕлдай-ма Библи Хуыцауы лӕггадгӕнджыты се ’ппӕты дӕр, хъӕздыгӕй-мӕгуырӕй, фӕдзӕхсы, цӕмӕй ӕхцауарзаг ма суой (1 Тим. 6:9, 10). Уӕдӕ не ’фсымӕртӕм Йегъовӕйы цӕстӕй куы кӕсӕм, уӕд сын, хъӕздыг кӕнӕ мӕгуыр кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ нӕ кӕндзыстӕм тӕрхон. Фӕлӕ цымӕ, адӕймаг цы кары ис, уый тыххӕй та цы ис зӕгъӕн? Иннӕтӕн сӕ кармӕ гӕсгӕ тӕрхон кӕнын раст у? Цӕй ӕмӕ ацы фарстайыл аныхас кӕнӕм.

ИННӔТӔН СӔ КАРМӔ ГӔСГӔ МА ТӔРХОН КӔН

13. Библийы цы фыст ис, хистӕртӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм, уый тыххӕй?

13 Библийы бирӕ рӕтты ис фыст, хистӕртӕн кад кӕнын кӕй хъӕуы. Левиты 19:32 стихы фыст ис: «Урссӕр адӕймаджы раз-иу сыст ӕмӕ зӕрондӕн кад кӕн. Тӕрс дӕ Хуыцауӕй». Ӕмбисӕндты 16:31 стихы та фыст ис, зӕгъгӕ, «адӕймагӕн йӕ урс сӕр у рӕсугъд кадыхуд, рӕстдзинады фӕндагыл куы уа, уӕд». Апостол Павел дӕр Тимофейӕн загъта, цӕмӕй ацӕргӕ нӕлгоймӕгтӕн карз уайдзӕф ма кодтаид, фӕлӕ семӕ ныхас кодтаид, фыдимӕ куыд ныхас кӕнай, афтӕ (1 Тим. 5:1, 2). Кӕд Тимофей, хистӕр кары чи уыд, уыцы ӕфсымӕртӕн цавӕрдӕр хъуыддӕгты разамынд лӕвӕрдта, уӕддӕр сӕм хъуамӕ уыдаид фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ сын хъуамӕ кад кодтаид.

14. Нӕхицӕй хистӕр чи у, ахӕм чырыстонӕн нӕ, гӕнӕн ис, зонд бацамонын кӕд бахъӕуа?

14 Фӕлӕ, хистӕр кары чи ис, ахӕм чырыстон зонгӕ-зонын тӕригъӕдтӕ куы араза кӕнӕ, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм хъуыддӕгты сӕрыл куы дзура, уӕд та? Ахӕм уавӕры-иу хъуамӕ хъусӕй лӕууӕм? Ацӕргӕ чырыстон зонгӕ-зонын тӕригъӕдтӕ куы араза, уӕд ын Йегъовӕ, ахӕм кары кӕй ис ӕмӕ йын иннӕтӕ кӕй кад кӕнынц, ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ ныххатыр кӕндзӕн. Дӕ хъус-ма ӕрдар, Исайы 65:20 стихы цы фыст ис, уымӕ: «Тӕригъӕдджын адӕймагыл сӕдӕ азы дӕр куы цӕуа, уӕддӕр ӕлгъыст ӕрцӕудзӕн». Йегъовӕ адӕймаджы кармӕ кӕй нӕ кӕсы, уый ма бӕрӕг у, Йезекил цы цӕстылуайӕн федта, уымӕй дӕр (Йез. 9:5–7). Уӕдӕ ӕппӕты ахсджиагдӕр у, цӕмӕй кад кӕнӕм Йегъовӕ Хуыцауӕн – «раджы замантӕй фӕстӕмӕ Чи ис», уымӕн (Дан. 7:9, 10, 13, 14). Уӕд нӕм уыдзӕн фаг хъӕбатырдзинад, цӕмӕй-иу, кӕмӕн хъӕуа, уымӕн зонд бацамонӕм, цыфӕнды кары ма уа, уӕддӕр (Гал. 6:1).

Ӕрыгон ӕфсымӕртӕн кад кӕныс? (кӕс 15 абзац)

15. Апостол Павелы хабарӕй цы ис базонӕн, ӕрыгон ӕфсымӕртӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм, уый тыххӕй?

15 Ӕмбырды цы ӕрыгон ӕфсымӕртӕ ис, уыдонмӕ та цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм? Апостол Павел Тимофеймӕ ныффыста: «Ӕрыгон кӕй дӕ, уый тыххӕй дыл ӕнӕрвӕссон макуы мачи кӕнӕд. Фӕлӕ дзыхыныхасӕй, уаг ӕмӕ ӕгъдауӕй, уарзондзинадӕй, уырнындзинадӕй ӕмӕ сыгъдӕгдзинадӕй фӕзминаг у, иузӕрдион чи у, уыдонӕн» (1 Тим. 4:12). Павел ацы ныхӕстӕ куы ныффыста, уӕд Тимофейыл цыдаид 30 азӕй гыццыл фылдӕр. Кӕд ахӕм кары уыд, уӕддӕр ын Павел йӕ бӕрны ахсджиаг хӕстӕ бакодта. Уый махӕн цӕуыл дзурӕг у? Хъуамӕ ӕрыгон ӕфсымӕртӕн сӕ кармӕ гӕсгӕ ма тӕрхон кӕнӕм. Йесо Чырысти зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд уымӕн дӕр 33 азмӕ бирӕ цыдӕртӕ бантыст.

16, 17. а) Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куыд сбӕрӕг кӕнынц, ӕфсымӕры кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй кӕнӕ хистӕр нӕлгоймагӕй снысан кӕнӕн ис ӕви нӕ, уый? б) Адӕймагӕн йӕ зондахаст кӕнӕ, йӕ адӕмыхатт цы зондыл хӕст у, уый хатгай куыд фӕзыны, цы уынаффӕ рахӕссы, ууыл?

16 Иуӕй-иу бӕстӕты ӕрыгӕттӕм ӕнӕрвӕссон цӕстӕй фӕкӕсынц. Ӕмӕ, чи зоны, ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕй чидӕртӕ афтӕ хъуыды кӕной, ӕмӕ ӕрыгон ӕфсымӕрты кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕй кӕнӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕй снысан кӕнын раст нӕу, ӕмӕ сын уый тыххӕй, гӕнӕн ис, рекомендаци ма дӕттой. Фӕлӕ Библийы никуы ис фыст, ӕмӕ цӕмӕй ӕфсымӕрӕн йӕ бӕрны ахӕм хӕстӕ бакӕнӕн уа, уый тыххӕй бӕлвырд цавӕрдӕр кары хъуамӕ уа (1 Тим. 3:1–10, 12, 13; Тит. 1:5–9). Ӕмӕ кӕд хистӕр нӕлгоймагыл йӕ адӕмыхатты зондахаст афтӕ фӕзынд, ӕмӕ уыцы хъуыддагӕн цавӕрдӕр ӕгъдау сӕвӕрдта, уӕд афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ Библимӕ гӕсгӕ архайы. Ӕрыгон ӕфсымӕрӕн йӕ бӕрны цавӕрдӕр хӕстӕ бакӕнӕн ис ӕви нӕ, уый скъуыддзаг кӕнгӕйӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕхи зондӕй кӕнӕ та, сӕ адӕмыхатт цы зондыл хӕст у, уымӕй хъуамӕ ма архайой, фӕлӕ сӕ хъус дарой, уый фӕдыл Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уымӕ (2 Тим. 3:16, 17).

17 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ уыцы хъуыддаджы Библийы разамындмӕ гӕсгӕ куы нӕ архайой, уӕд, ахӕм хӕстӕ кӕй бӕрны ис бакӕнӕн, уыцы ӕфсымӕрты къуылымпы кӕндзысты. Ӕркӕсӕм иу хабармӕ. Иу бӕстӕйы иу кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр, ӕмбырды йыл цы ахсджиаг хӕстӕ уыд, уыдон хорз ӕххӕст кодта, ӕмӕ йе ’мбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ разы уыдысты, Библимӕ гӕсгӕ хистӕр нӕлгоймагмӕ цы миниуджытӕ хъуамӕ уа, уыдон ӕм кӕй сты. Фӕлӕ, уыдонӕй хистӕр чи уыд, цалдӕр ахӕм хистӕр нӕлгоймаджы йын рекомендаци нӕ лӕвӕрдтой, зӕгъгӕ, дам, ӕгӕр ӕрыгон у. Хъыгагӕн, уыцы ӕфсымӕры хистӕр нӕлгоймагӕй не снысан кодтой. Ӕмӕ цӕуылнӕ? Ӕрыгон кӕй уыд, ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй! Ӕмӕ куыд зыны, афтӕмӕй ахӕм зондахаст алыхуызон бӕстӕты бирӕтыл фӕзынд. Уӕдӕ куыд ахсджиаг у, цӕмӕй нӕхи зондӕй кӕнӕ, цы адӕмыхаттӕй стӕм, уый зондӕй ма архайӕм, фӕлӕ разамынд Библийы агурӕм! Ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзӕн зӕгъӕн, Йесойы уынаффӕмӕ кӕй хъусӕм ӕмӕ адӕмӕн се ’ддаг бакастмӕ гӕсгӕ кӕй нӕ тӕрхон кӕнӕм.

РАСТ ТӔРХОН КӔН

18, 19. Цӕмӕй не ’фсымӕртӕм Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсӕм, уый тыххӕй нӕ цы хъӕуы аразын?

18 Кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр уымӕн гӕнӕн ис, цӕмӕй иннӕтӕм Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсын сахуыр уӕм ӕмӕ макӕй хъулон кӕнӕм (Хъуыд. 10:34, 35). Цӕмӕй уый нӕ къухы бафта, уый тыххӕй нӕ хъӕуы ӕппӕт хъарутӕй архайын ӕмӕ, Хуыцауы Ныхасы цы уынаффӕтӕ ис, уыдон нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнын. Ӕмӕ уыцы уынаффӕтӕм гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ нын Йесо цы бафӕдзӕхста, «ӕддаг бакастмӕ гӕсгӕ мауал тӕрхон кӕнут», зӕгъгӕ, уымӕ хъусӕм (Иоан. 7:24).

19 Тагъд рӕстӕджы нӕ Паддзах Йесо Чырысти тӕрхон кӕндзӕн ӕппӕт адӕмӕн дӕр. Йӕ тӕрхон, цӕстӕй цы уына ӕмӕ хъусӕй цы хъуса, уымӕ гӕсгӕ нӕ уыдзӕн. Уый кӕндзӕн раст тӕрхон (Ис. 11:3, 4). Ӕмӕ уыцы рӕстӕгмӕ мах тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм!