Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Берӕфӕразондзийнадӕ. Уой фӕрци нӕ нифсбӕл федар хуӕцӕн

Берӕфӕразондзийнадӕ. Уой фӕрци нӕ нифсбӕл федар хуӕцӕн

АЦИ «фӕстаг бӕнтти» цард никки зиндӕр ке иссӕй, уомӕ гӕсгӕ нӕ никки фулдӕр фӕразондзийнадӕ гъӕуй (2 Тим. 3:1–5). Нӕ алливарс адӕнӕй беретӕ ӕппундӕр нецӕмӕнбал бухсунцӕ. Етӕ ӕрмӕстдӕр сӕхе сагъӕс кӕнунцӕ, сӕхе дзурд размӕ тӕрунцӕ, удта сӕхебӕл хуӕцун нӕ зонунцӕ. Мадта гъӕуама нӕхе бафӕрсӕн: «Ӕз ба, ӕппундӕр ка нецӕмӕн бухсуй, еци адӕни хузӕн не ’сдӕн? Фӕразондзийнадӕ ци ӕй? Мӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй еци менеуӕг мӕ уодигъӕди ӕрфедар уа?»

ФӔРАЗОНДЗИЙНАДӔ ЦИ ӔЙ

Библий дзурд фӕразондзийнадӕ ци нисан кӕнуй? Еци менеуӕгмӕ айдагъ зиндзийнӕдтӕн бухсун нӕ хауй. Фӕразон адӕймагӕн ӕ нифс нӕ сӕттуй, ӕма ӕ зӕрдӕ даруй, гъуддаг хуӕздӕрӕрдӕмӕ ке раййевдзӕй, уобӕл. Удта уӕхӕн адӕймаг айдагъ ӕхебӕл нӕ фӕссагъӕс кӕнуй, фал ма иннетбӕл дӕр, карзӕй имӕ ку дзоронцӕ кенӕ ’й ку ӕфхуӕронцӕ, уӕддӕр. Е идарддӕр дӕр ӕ зӕрдӕ даруй, ӕ зӕрдихудти ин ка бацудӕй, еци адӕймаги хӕццӕ ке бафедаудзӕй. Мадта дессаг нӕй, Библимӕ гӕсгӕ фӕразондзийнадӕ уарзондзийнадӕй * ке рацӕуй (1 Кор. 13:4). Уомӕй уӕлдай ма фӕразондзийнадӕ, Хуцауи сугъдӕг хъаурӕй ка цӕуй, еци менеугутӕмӕ дӕр хауй (Гал. 5:22, 23). Мадта нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй нӕмӕ еци менеуӕг уа?

ФӔРАЗОНДЗИЙНАДӔ НӔМӔ ЦӔЙ ФӔРЦИ УОДЗӔЙ

Цӕмӕй нӕмӕ фӕразондзийнадӕ уа, уой туххӕй гъӕуама Йеговӕй корӕн, ӕ зӕрдӕ ибӕл ка даруй, уони ци сугъдӕг хъаурӕй хайгин кӕнуй, уой (Лук. 11:13). Кӕд сугъдӕг хъаури фӕрци адӕймаги бон берӕ цидӕртӕ ӕй, уӕддӕр е уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма нӕхе нецибал гъӕуй кӕнун. Цӕбӕл ковӕн, уомӕ гӕсгӕ гъӕуама архайгӕ дӕр кӕнӕн (Пс. 86:10, 11). Е ба уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма гъӕуама алли бон дӕр фӕразондзийнадӕбӕл архайӕн, цӕмӕй нӕ уодигъӕди ӕрфедар уа. Фал е алкӕд ӕнцон нӕ фӕууй. Цума нин ци банхус кӕндзӕй?

Цӕмӕй нӕмӕ фӕразондзийнадӕ уа, уой туххӕй гъӕуама Киристей ӕнхӕст цӕветтонбӕл сагъӕс кӕнӕн ӕма ’й фӕнзӕн. Апостол Павел, нӕуӕг уодигъӕдӕмӕ цӕхуӕн менеугутӕ хауй, уой кой ку кодта, уӕд фӕразондзийнади туххӕй дӕр дзурдта. Удта ма уотӕ дӕр загъта: «Уӕ зӕрдити медӕг хецау уӕд Киристей фарнӕ» (Кол. 3:10, 12, 15). Цӕмӕй нӕ зӕрди уӕхӕн фарнӕ уа, уой туххӕй гъӕуама Киристей хузӕн федарӕй ӕууӕндӕн, Йеговӕ ӕ рӕстӕги рӕстдзийнадӕ ке ӕрфедар кӕндзӕй, уобӕл. Киристей ку фӕнзӕн, уӕд, нӕ фӕразондзийнадӕн фӕлварӕн ка исуй, уӕхӕн уавӕрти дӕр нӕхебӕл хуӕцун зондзиан (Иоан. 14:27; 16:33).

Алкедӕр ни фӕндуй, цӕмӕй Хуцауи зӕрдӕвӕрд нӕуӕг дуйней туххӕй тагъддӕр исӕнхӕст уа. Фал нӕмӕ Йеговӕ куд фӕразон ӕй, уобӕл ку сагъӕс кӕнӕн, уӕд нӕхуӕдтӕ дӕр фӕразондзийнадӕбӕл ахур кӕндзиан. Библи нин зӕгъуй: «Йеговӕ, зӕрдӕ цӕмӕй байвардта, уой исӕнхӕст кӕнунбӕл фӕстиат нӕ кӕнуй, кӕд еуӕй-еуетӕ уой фӕстиатбӕл нимайунцӕ, уӕддӕр, фал уин бухсуй, уомӕн ӕма ’й нӕ фӕндуй, цӕмӕй еске фесӕфа, фал ӕй фӕндуй, цӕмӕй алкӕмӕндӕр уа ӕрфӕсмон кӕнуни фадуат» (2 Пет. 3:9). Йеговӕ махмӕ куд фӕразон ӕй, уобӕл ку сагъӕс кӕнӕн, уӕд нӕхуӕдтӕ дӕр иннетӕмӕ фӕразон уодзиан (Ром. 2:4). Цума нӕ еци менеуӕг кӕми багъӕудзӕй?

ФӔРАЗОНДЗИЙНАДӔ НӔ КӔМИ БАГЪӔУЙ

Фӕразондзийнадӕ нӕ арӕх багъӕуй. Зӕгъӕн, адӕймаг дин цидӕр дзоруй, дӕумӕ ба ӕвваст цӕхуӕндӕр гъуди фӕззиндтӕй. Уӕхӕн уавӕри дӕ гъӕуй фӕразон ун, цӕмӕй адӕймагмӕ кӕронмӕ байгъосай ӕма ин ӕ дзурд ӕрдӕгбӕл ма ’ркъуӕрай (Иак. 1:19). Фӕразондзийнадӕ ма фӕгъгъӕуй, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй еске миутӕмӕ ку мӕстгун кӕнай, уӕддӕр. Мӕстгун кӕнуни бӕсти расагъӕс кӕнӕ, Йеговӕ ӕма Йесо нин нӕхе рӕдудтитӕмӕ ци цӕстӕй кӕсунцӕ, уобӕл. Етӕ нин нӕ листӕг рӕдудтитӕмӕ нӕ кӕсунцӕ, фал нин нӕ хуарз менеугутӕ уинунцӕ ӕма ӕнгъӕлмӕ кӕсунцӕ, кӕд раййевдзиан, уомӕ (1 Тим. 1:16; 1 Пет. 3:12).

Ескӕмӕ уотӕ ку фӕккӕсуй, ӕма цидӕр раст нӕ загътан кенӕ раст нӕ бакодтан, уӕддӕр нӕ фӕразондзийнадӕ фӕгъгъӕуй. Ка ’й зонуй, уӕхӕн адӕймагбӕл нӕ зӕрдӕ дӕр раходдзӕй кенӕ нӕхе рӕститӕ кӕнунмӕ фӕййагайдзиан. Фал Библий ес еу хуарз унаффӕ: «Фӕразон адӕймаг хуӕздӕр ӕй сӕрбӕрзондӕй. Минкъий нецӕй туххӕй дӕр ма фӕббостӕ уисӕ, уомӕн ӕма бостӕгӕнагӕ ка ӕй, етӕ ӕнӕзунд ӕнцӕ» (Еккл. 7:8, 9). Мадта ди еске ӕргом мӕнгӕттӕ ку дзора, уӕд мӕстгун кӕнунмӕ тагъд ма кӕнӕ. Киристе дӕр мӕстгун кӕнунмӕ некӕд тагъд кодта, алцитӕ ибӕл ку имисиуонцӕ, уӕд (Матф. 11:19).

Ниййергутӕн фӕразон ун уӕлдай ӕхсидзгӕ фӕууй, сӕ сувӕллӕнттӕ раст гъудибӕл хуӕст ку нӕбал фӕуунцӕ, уӕд. Ӕркӕсӕн, Скандинавий филиали ка лӕггадӕ кӕнуй, еци ӕнсувӕр Маттиаси хабармӕ. Скъолай ма ку ахур кодта, уӕд ибӕл е ’нгӕрттӕ ӕ дини туххӕй гириз кодтонцӕ. Фиццӕгти ӕ ниййергутӕ еци хабӕрттӕн неци зудтонцӕ, фал фӕстӕдӕр сӕ биццеу рӕстдзийнадӕбӕл гурусхӕ кӕнун ку райдӕдта, уӕд ӕй балӕдӕрдтӕнцӕ, гъуддаг цӕй медӕги ӕй, уой. Маттиаси фидӕ Йиллис зӕгъуй: «Уӕд нӕ берӕ фӕразондзийнадӕ багъудӕй. Маттиас нӕ арӕх фарста: „Хуцау ка ӕй? Мадима Библи Хуцауи дзурд нӕй? Кӕцӕй ӕй зонетӕ, Хуцауи фӕдзӕхститӕ си финст ке ес?“» Маттиас ма ӕ фиди уотӕ дӕр бафӕрсидӕ: «Сумах хузӕн Хуцаубӕл ке не ’ууӕндун, ӕма ’й сумах куд уарзетӕ, уотӕ ке нӕ уарзун, уой туххӕй мин цӕмӕн уайдзӕф кӕнтӕ?»

Йиллис идарддӕр зӕгъуй: «Уӕхӕн фарстатӕ ку лӕвардта, уӕд ибӕл бӕрӕг адтӕй, мӕстгун ке кӕнуй, ӕрмӕст мӕнмӕ кенӕ ӕ мадӕмӕ нӕ, фал рӕстдзийнадӕмӕ. Уотӕ имӕ кастӕй ӕма ин рӕстдзийнадӕ ӕ къӕхтӕ ӕма ӕ къохтӕ ниббаста». Цума Йиллис ӕхе куд бадардта? Мӕнӕ ӕхуӕдӕг ци зӕгъуй: «Маттиаси хӕццӕ ӕрбадинӕ ӕма уотид дзубандитӕ кӕнинӕ, арӕх сахатгай дӕр. Фулдӕр е дзурдта, ӕз ба ӕрмӕстдӕр фарстатӕ лӕвардтон, цӕмӕй хуӕздӕр балӕдӕрдтайнӕ, цӕбӕл сагъӕс кӕнуй ӕма ӕ зӕрди ци ес, уой. Хатгай ин зӕгъинӕ, сагъӕси ’й ка бафтауидӕ, уӕхӕн гъуди, удта ибӕл бон кенӕ дууӕ боней фӕсте нӕуӕгӕй радзорианӕ. Еуӕй-еухатт ба мӕхе дӕр цалдӕр бони гъӕуидӕ, цӕмӕй ин ӕ дзурдтӕбӕл расагъӕс кодтайнӕ. Гъе уотемӕй Маттиас минкъийгай лӕдӕрун райдӕдта, Киристей нивонд, Хуцауи хецаудзийнадӕ ӕма Хуцауи уарзт ци ’нцӕ, уой. Мах берӕ рӕстӕг ӕма хъауритӕ багъудӕй, цӕмӕй нӕ биццеу Хуцауи уарзун райдӕдтайдӕ. Мӕ бийнойнаги хӕццӕ абони хъӕбӕр цийнӕ кӕнӕн фӕразон ке разиндтан ӕма нӕ биццеуӕн ӕ ирӕзгӕ кари ӕ фарсмӕ ке балӕудтан. Нӕ хъиамӕттӕ дзӕгъӕли нӕ фӕцӕнцӕ: ӕ зӕрдӕмӕ ин над иссирдтан».

Йиллис ӕма ӕ бийнойнаг сӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл дардтонцӕ ӕма сӕ фуртӕн фӕразонӕй ӕнхус кодтонцӕ. Фӕстӕмӕ ракӕсгӕй Йиллис зӕгъуй: «Маттиасӕн арӕх дзоринӕ, ӕз ӕма ’й ӕ мадӕ берӕ ке уарзӕн ӕма Йеговӕмӕ ке ковӕн, цӕмӕй ин банхус кӕна алцидӕр балӕдӕрун». Маттиаси ниййергутӕ хъӕбӕр цийнӕ кӕнунцӕ фӕразондзийнадӕ сӕмӕ ке разиндтӕй ӕма сӕ къохтӕ ке не ’руагътонцӕ!

Фӕразондзийнадӕ ма фӕгъгъӕуй, уӕззау сӕйгӕ ка ӕй, уӕхӕн хеуонмӕ ка фӕккӕсуй, уони дӕр. Ӕркӕсӕн Эллени * хабармӕ. Е дӕр цӕруй Скандинавий бӕститӕй еуеми.

Аст анзей разӕй ӕ сӕрихецауи дууӕ хатти инсульт ниццавта, ӕма е рабӕрӕг ӕй ӕ сӕри магъзи кустбӕл. Уой туххӕй тӕрегъӕд кӕнун, цийнӕ кӕнун ӕма ӕнкъард кӕнун нӕбал зонуй. Расагъӕс кӕнӕ Эллен цӕхуӕн уавӕри бахаудтӕй. Е зӕгъуй: «Фӕразондзийнадӕ мӕ гъӕуй, ӕма уой туххӕй арӕх фӕкковун. Мӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕр цӕунцӕ Филиппӕгтӕмӕ 4:13 финст дзурдтӕ, ӕма сӕ ку фӕккӕсун, уӕд мин фенцондӕр уй. Уоми финст ӕй: „Алцидӕр мӕ бон ӕй, хъаурӕ мин ка дӕттуй, уой фӕрци“». Йегови фӕрци Эллен ӕ зиндзийнӕдти хӕццӕ фӕразонӕй тох кӕнуй, ӕма ӕппундӕр нӕ гурусхӕ кӕнуй, идарддӕр дӕр ин ке ӕнхус кӕндзӕй, уобӕл (Пс. 62:5, 6).

ЙЕГОВИ ХУЗӔН ФӔРАЗОН УО

Дун-дуйней Йегови хузӕн фӕразон неке ӕй (2 Пет. 3:15). Йеговӕ куд фӕразон ӕй, е Библий берӕ хабӕрттӕй зиннуй (Неем. 9:30; Ис. 30:18). Ӕргъуди кӕнӕн, Авраам куд гурусхӕ кодта, Йеговӕ Содом ӕма Гоморри туххӕй ци унаффӕ рахаста, уобӕл. Йеговӕ имӕ ци цӕстӕй ракастӕй? Ӕ дзурд ин ӕрдӕгбӕл не ’ркъуӕридӕ, фал ин ци дзурдта ӕма цӕбӕл тухстӕй, уомӕ лӕмбунӕг байгъосидӕ. Удта ма ин зӕрдӕ байвардта, Содоми дӕс раст адӕймаги дӕр ку разинна, уӕддӕр ӕй ке нӕ фесафдзӕй (Райд. 18:22–33). Йеговӕ нин ӕй хуарз бавдиста, адӕймаги хӕццӕ дзоргӕй фӕразон ке гъӕуама уӕн ӕма мӕстгун ке гъӕуама ма кӕнӕн.

Фӕразондзийнадӕ алли киристони дӕр гъӕуй, цӕмӕй ӕ уодигъӕдӕ нӕуӕгмӕ ӕййева. Еци ӕхсидзгӕ менеуӕг нӕ уодигъӕди федар кӕнунбӕл ку архайӕн, уӕд кадӕ хӕсдзиан нӕ уарзӕгой ӕма фӕразон Фидӕ Йеговӕн, удта нӕ «ӕууӕндундзийнадӕ ӕма нӕ фӕразондзийнади» фӕрци бангъӕлмӕ кӕсдзиан Йегови зӕрдӕвӕрдтӕмӕ (Дзиуит. 6:10–12).

^ 4 абз. Уарзондзийнади туххӕй дзурд цудӕй, аци рубрики, «Хуцауи сугъдӕг хъаурӕй ка цӕуй, еци менеугутӕ», зӕгъгӕ, фиццаг статьяй.

^ 15 абз. Ном ӕййивд ӕй.