Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Кӕд уый зонут ӕмӕ афтӕ кӕнут, уӕд амондджын стут»

«Кӕд уый зонут ӕмӕ афтӕ кӕнут, уӕд амондджын стут»

«Мӕнӕн мӕ хӕринаг у, чи мӕ рарвыста, уымӕн йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын ӕмӕ йын йӕ хъуыддаг кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнын» (ИОАН. 4:34).

ЗАРДЖЫТӔ: 80, 35

1. Ацы дунейы зонд чырыстӕттыл хатгай куыд фӕзыны?

БИБЛИЙӔ цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ архайын нын ӕнцон цӕуылнӕ вӕййы? Иу уый, ӕмӕ нӕ, раст цы у, уый аразынӕн фӕхъӕуы сӕрныллӕгдзинад. Ӕмӕ ацы «фӕстаг бонты» цӕргӕйӕ та сӕрныллӕгдзинад ӕвдисын алы хатт нӕ фӕуайы, уымӕн ӕмӕ нӕ алыварс адӕм сты «хиуарзон, ӕхцауарзаг, хиппӕлой, сӕрбӕрзонд», стӕй «хиуыл хӕцын нӕ зонынц» (2 Тим. 3:1–3). Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ ӕмбарӕм, ахӕм зондахаст ӕмӕ уагахаст раст кӕй не сты. Фӕлӕ нӕм, чи зоны, хатгай афтӕ кӕса, ӕмӕ ахӕм адӕмӕн сӕ къухы алцыдӕр ӕфты ӕмӕ цардӕй къӕртт ӕппарынц (Пс. 37:1; 73:3). Чи зоны, хъуыды кӕнӕм: «Мӕхиуыл нӕ, фӕлӕ иннӕты хорзыл тыхсон, уый уый аргъ у? Мӕхи „иннӕтӕй дӕлдӕр“ куы ’вӕрон, уӕд ма мын адӕмы цӕсты кад уыдзӕн?» (Лук. 9:48). Ацы дунейы адӕмау хиуарзон куы уӕм, уӕд тӕссаг уыдзӕн, хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ кӕй нал фидаудзыстӕм, уымӕй, стӕй нӕ чырыстӕттӕ схонӕн дӕр зынтӕй уыдзӕн. Уӕдӕ хорз уаид, Библийы кӕй кой ис, ахӕм сӕрныллӕг адӕймӕгты цӕвиттонтӕм куы ’ркӕсиккам ӕмӕ сӕ куы бафӕзмиккам. Уый нын стыр пайда фӕуыдзӕн.

2. Хуыцауӕн рагзаманты иузӕрдионӕй чи лӕггад кодта, уыдоны цӕвиттонтӕй цы ис базонӕн?

2 Хуыцауӕн рагзаманты иузӕрдионӕй чи лӕггад кодта, уыцы адӕймӕгтӕ йӕ хӕлӕрттӕ цӕй фӕрцы систы? Йӕ зӕрдӕ йын куыд рухс кодтой? Раст цы у, уый аразынӕн-иу сӕм хъарутӕ кӕцӕй уыд? Сӕ хабӕрттӕ сын Библийы куы кӕсӕм ӕмӕ сыл лӕмбынӕг куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ уырнындзинад бафидар уыдзӕн.

НӔ УЫРНЫНДЗИНАД ФИДАР ЦӔЙ ФӔРЦЫ УЫДЗӔН?

3, 4. а) Йегъовӕ нӕ куыд ахуыр кӕны? б) Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ, цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар уа, уый тыххӕй ӕрмӕст зонындзинӕдтӕ фаг не сты?

3 Йегъовӕ нын Библийы, нӕ публикациты, нӕ сайтты, нӕ интернет-телеуынынады, ӕмбырдты ӕмӕ конгрессты фӕрцы дӕтты бирӕ уынаффӕтӕ ӕмӕ нӕ ахуыр кӕны. Фӕлӕ, Йесойы ныхӕстӕй куыд зыны, афтӕмӕй ӕрмӕст зонындзинӕдтӕ фаг не сты, цӕмӕй адӕймагӕн йӕ уырнындзинад фидар уа. Уый загъта: «Мӕнӕн мӕ хӕринаг у, чи мӕ рарвыста, уымӕн йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын ӕмӕ йын йӕ хъуыддаг кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнын» (Иоан. 4:34).

4 Йесойӕн Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын хӕринагӕй уӕлдай нӕ уыд. Цымӕ уыцы хъуыддаг хӕринагимӕ цӕмӕн ис абарӕн? Хӕрзхъӕд хӕринаг куы фӕхӕрӕм, уӕд уый не ’нӕниздзинадыл хуыздӕрырдӕм фӕзыны. Раст афтӕ, Хуыцауы фӕндон куы феххӕст кӕнӕм, уӕд нӕ уырнындзинад бафидар вӕййы. Зӕгъӕм, афтӕ дын никуы вӕййы, ӕмӕ уацамындон фембӕлдмӕ фӕлладӕй ацыдтӕ, фӕлӕ стӕй уацамынды фӕстӕ хӕдзармӕ цингӕнгӕйӕ ӕрбаздӕхтӕ ӕмӕ та дӕ ног хъарутӕ бацыд?

5. Зондӕй кӕй архайӕм, уый фӕрцы арфӕгонд куыд стӕм?

5 Кӕд нын Йегъовӕ цы амоны, уый аразӕм, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ зондӕй архайӕм (Пс. 107:43). Ӕмӕ уый фӕрцы стӕм арфӕгонд. Библийы зонды тыххӕй фыст ис: «Уый у зынаргъ дуртӕй дӕр зынаргъдӕр, ӕмӕ дын циндзинад цыдӕриддӕр хӕссы, уыдонӕй йӕ ницӕимӕ ис абарӕн. [...] Чи йыл ныххӕцы, уыдонӕн у царды бӕлас, ӕмӕ йыл фидар чи хӕцы, уыдоны схондзысты амондджын» (Ӕмб. 3:13–18). Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Кӕд уый зонут ӕмӕ афтӕ кӕнут, уӕд амондджын стут» (Иоан. 13:17). Цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ амондджын уыдаиккой, уый тыххӕй сӕ хъуыди, цы сын амыдта, уымӕ гӕсгӕ алкӕддӕр архайын. Йӕ амындтӕм ын искуы иу хатт байхъусын ӕмӕ йӕ искуы иу хатт бафӕзмын фаг нӕ уыд – уый хъуамӕ суыдаид сӕ царды фӕндаг.

6. Цы зонӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ дарддӕр дӕр архайын цӕмӕн хъӕуы?

6 Абон дӕр тынг ахсджиаг у, цӕмӕй, цы зонӕм, уымӕ гӕсгӕ дарддӕр дӕр архайӕм. Зӕгъӕм, дохтырмӕ вӕййы зонындзинӕдтӕ, стӕй йӕм вӕййы кусӕнгӕрзтӕ ӕмӕ ӕрмӕг. Фӕлӕ йын уыдӕттӕ йӕ куысты ӕххуыс уыдзысты, куы сӕ пайда кӕна, ӕрмӕстдӕр уӕд. Кӕд йӕ куыст рагӕй кӕны ӕмӕ фӕлтӕрдджын у, уӕддӕр ӕй дарддӕр дӕр хъӕуы, цы зоны, уымӕ гӕсгӕ архайын, цӕмӕй дӕсны дохтырыл нымад уа ӕмӕ йӕ куыстӕй йӕ зӕрдӕ райа. Раст афтӕ мах дӕр, Библийӕ цы базыдтам, уымӕ гӕсгӕ архайын куы райдыдтам, уӕдӕй фӕстӕмӕ стӕм амондджын ӕмӕ нын бирӕ ӕнтысы. Фӕлӕ цӕмӕй алкӕддӕр амондджын уӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы, Йегъовӕ нын цы амоны, уымӕ гӕсгӕ алы бон дӕр сӕрныллӕгӕй архайын.

7. Библийы цы иузӕрдион адӕймӕгты кой ис, уыдоны цӕвиттонтӕй цы ис базонӕн?

7 Иуӕй-иу уавӕрты сӕрныллӕгдзинад ӕвдисын зын вӕййы. Ацы статьяйӕ мах базондзыстӕм, рагзаманты-иу Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн ахӕм уавӕрты цы ’ххуыс кодта, цӕмӕй-иу сӕрныллӕг уыдаиккой. Ӕркӕсдзыстӕм ма, сӕрныллӕг кӕй стӕм, уый цы хъуыддӕгтӕй вӕййы бӕрӕг, уыдонӕй цалдӕрмӕ. Фӕлӕ ацы статьяйы цы цӕвиттонтӕ ӕмӕ цы уынаффӕтӕ ис, уыдӕтты тыххӕй ӕнӕуи кӕсын фаг нӕу. Хъуамӕ, цы базонӕм, ууыл лӕмбынӕг хъуыды кӕнӕм ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ архайӕм.

ИННӔТӔ ДӔР МАХ ХУЫЗӔН АДӔЙМӔГТӔ СТЫ

8, 9. Хъуыддӕгты 14:8–15 стихтӕй куыд зыны, Павел сӕрныллӕг кӕй уыд, уый? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

8 Хуыцауы фӕнд у, «цӕмӕй алыхуызон адӕм, рӕстдзинад цы у, уый бӕлвырдӕй базоной ӕмӕ фервӕзой» (1 Тим. 2:4). Рӕстдзинад чи нӕма зоны, уыдонмӕ цы зӕрдӕ дарыс? Зӕгъӕм, апостол Павел архайдта, цӕмӕй дзуттӕгтӕ,– Йегъовӕйы тыххӕй цыдӕртӕ чи зыдта, уыдон,– рӕстдзинад базыдтаиккой. Фӕлӕ ӕрмӕст уыдонӕн баххуыс кӕныныл нӕ архайдта. Уый ма хъусын кодта, мӕнгхуыцӕуттӕн чи куывта, уыдонӕн дӕр. Ӕмӕ ахӕм адӕмӕн хъусын кӕныны тыххӕй та сӕрныллӕгдзинад куыннӕ хъуыд.

9 Зӕгъӕм, Павел йӕ фыццаг уацамындон балцы рӕстӕг горӕт Листрӕйы куы уыд, уӕд ликаойнаг ӕвзагыл дзурӕг адӕм Павел ӕмӕ Варнавӕйы сӕ хуыцӕуттӕ фенхъӕлдтой, ӕмӕ сӕ иуы Зевс хуыдтой, иннӕйы та – Гермес. Ахӕм кад сын кӕй скодтой, уый сӕм цымӕ хорз каст? Цымӕ афтӕтӕ хъуыды кодтой, зӕгъгӕ, кӕд ацы хабары фӕрцы, уый размӕ дыууӕ горӕты цы ӕфхӕрд баййӕфтам, уый ферох кӕниккам? Мыййаг сӕм афтӕ каст, ӕмӕ сӕ кады кой куы айхъуыса, уӕд уый фӕрцы хорз хабар тынгдӕр апарахат уыдзӕн? Нӕ! Уыдон сӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдтой, адӕмы астӕумӕ балыгъдысты ӕмӕ ныхъхъӕр кодтой: «Уый цы кусут? Мах дӕр сымахау адӕймӕгтӕ йеддӕмӕ ницы стӕм!» (Хъуыд. 14:8–15).

10. Павел ӕмӕ Варнавӕйы ныхӕстӕ, «мах дӕр сымахау адӕймӕгтӕ йеддӕмӕ ницы стӕм», зӕгъгӕ, цӕуыл дзурӕг уыдысты?

10 Павел ӕмӕ Варнавӕ афтӕ куы загътой, «мах дӕр сымахау адӕймӕгтӕ йеддӕмӕ ницы стӕм», зӕгъгӕ, уӕд сӕ уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ ӕнӕххӕст адӕймӕгтӕ сты. Сӕ ныхӕстӕ ууыл дзурӕг нӕ уыдысты, ӕмӕ уыдон дӕр Хуыцауӕн уыцы ликаойнӕгты хуызӕн куывтой. Павел ӕмӕ Варнавӕ уыдысты Хуыцауы ӕрвыст миссионертӕ (Хъуыд. 13:2). Стӕй сӕ дыууӕ дӕр уыдысты Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй сӕрст ӕмӕ хайджын уыдысты диссаджы ныфсӕй. Фӕлӕ уыдон сӕхи иннӕтӕй хуыздӕрыл нӕ нымадтой. Уыцы адӕм хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ куы айстаиккой, уӕд уыдон дӕр уыцы ныфсӕй схайджын уыдаикккой, ӕмӕ Павел ӕмӕ Варнавӕ дӕр уый ӕмбӕрстой.

11. Нӕ бон куыд у хъусын кӕнгӕйӕ Павелы сӕрныллӕгдзинад бафӕзмын?

11 Нӕ бон куыд у Павелы сӕрныллӕгдзинад бафӕзмын? Йегъовӕйы хъаруйы фӕрцы нын хъусын кӕныны хъуыддаджы цы ’нтысы, уый тыххӕй хъуамӕ нӕхицӕн кад ма агурӕм. Хорз уаид, ахӕм фарстатыл куы ахъуыды кӕниккам: «Кӕмӕн хъусын кӕнын, уыдонмӕ цы цӕстӕй кӕсын? Мыййаг, искӕцы адӕмыхатмӕ ӕвзӕр зӕрдӕ нӕ дарын?» Ӕгас зӕххыл дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ фӕархайынц, цӕмӕй-иу сбӕрӕг кӕной, сӕ территорийы цавӕр ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕм цӕры, уый. Фӕнды сӕ, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр адӕмӕн рӕстдзинад базонынӕн баххуыс кӕнын. Суанг ма, иннӕтӕ ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кӕмӕ фӕкӕсынц, ахӕм адӕмыхӕттыты ӕвзаг дӕр сахуыр кӕнынц ӕмӕ сын се ’гъдӕуттӕ базоныныл фӕархайынц. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕхи уыдонӕй хуыздӕрыл нӕ нымайынц. Уыдон, адӕймаг кӕцы адӕмыхаттӕй у, уымӕ нӕ фӕкӕсынц, фӕлӕ, цавӕр адӕймаг у, уымӕ, ӕмӕ фӕархайынц, цӕмӕй алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр фӕндаг ссарой.

ХОТӔ ӔМӔ ӔФСЫМӔРТЫ ТЫХХӔЙ КУВУТ

12. Епафрас йӕхиуыл нӕ, фӕлӕ иннӕтыл кӕй хъуыды кодта, уый куыд равдыста?

12 Хуыцау нын цы амоны, уымӕ гӕсгӕ сӕрныллӕгӕй кӕй архайӕм, уый равдисынӕн ма хорз мадзал у, «махау зынаргъ уырнындзинадӕй чи схайджын, уыдоны» тыххӕй кувын (2 Пет. 1:1). Епафрас дӕр афтӕ кодта. Библийы ацы ахуыргӕнинаджы кой ис ӕрмӕстдӕр ӕртӕ раны – Павелы фыстӕджыты. Павел Ромы куы уыд ӕмӕ йӕ хӕдзары ахстӕй куы дардтой, уӕд Колоссты цӕрӕг чырыстӕттӕм Епафрасы тыххӕй ныффыста, зӕгъгӕ, «ӕдзухдӕр зӕрдиагӕй фӕкувы сымах тыххӕй» (Кол. 4:12). Епафрас йе ’мчырыстӕтты хорз зыдта ӕмӕ сыл зӕрдиагӕй тыхсти. Павел дзы афтӕ кӕй загъта, «мӕнау ахст... у», зӕгъгӕ, уымӕй бӕрӕг у, Епафрас йӕхӕдӕг дӕр зын уавӕры кӕй уыд (Филим. 23). Фӕлӕ уый уӕддӕр йӕхиуыл нӕ хъуыды кодта. Иннӕты тыххӕй-иу куывта ӕмӕ сын афтӕмӕй ӕххуыс кодта, цӕмӕй сӕ уырнындзинад фидар уыдаид. Махӕн дӕр нӕ бон у Йегъовӕмӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты тыххӕй кувын, сӕ нӕмттӕ-иу сын дзурӕм, афтӕмӕй. Ахӕм куывдтытӕн ис стыр тых (2 Кор. 1:11; Иак. 5:16).

13. Хуыцаумӕ кувгӕйӕ дӕ бон куыд у Епафрасы бафӕзмын?

13 Ахъуыды кӕн, дӕ бон кӕй тыххӕй уаид кувын, ууыл. Чи зоны, ӕмбырды де ’мбӕлттӕй чидӕр кӕнӕ кӕцыдӕр бинонтӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц кӕнӕ та сӕ хъӕуы цавӕрдӕр ахсджиаг уынаффӕ рахӕссын йе та цавӕрдӕр цыбӕлдзинӕдты ныхмӕ тох кӕнын. Нӕ бон ма кувын у, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй ахӕстӕтты чи ис, уыдоны тыххӕй дӕр. Кӕйдӕрты нӕмттӕ дзы ссарӕн ис нӕ сайтты. Ноджыдӕр ма нӕ бон у кувын, йӕ хиуӕттӕй чидӕр кӕмӕн фӕзиан, ӕрдзон бӕллӕх кӕнӕ хӕст зиан кӕмӕн ӕрхаста йе та ӕхцайӕ тыхст чи у, уыдоны тыххӕй. Нӕ куывдтытӕй баххуыс кӕнӕн кӕмӕн ис, ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ бирӕ сты. Иннӕты тыххӕй куы фӕкувӕм, уӕд афтӕмӕй равдисӕм, нӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ӕрмӕст ууыл кӕй нӕ хъуыды кӕнӕм, фӕлӕ, иннӕтӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл дӕр (Фил. 2:4). Дзырд дӕр ыл нӕй, Йегъовӕ ахӕм куывдтытӕ хъусы.

«РӔВДЗ УТ БАЙХЪУСЫНМӔ»

14. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ, Йегъовӕ куыд фӕразонӕй фӕхъусы адӕммӕ, афтӕ ничи?

14 Нӕ бон ма цавӕр хъуыддагӕй у равдисын, сӕрныллӕг кӕй стӕм, уый? Иннӕтӕ нын исты куы дзурой, уӕд-иу сӕм лӕмбынӕг хъусӕм. Иаковы 1:19 стих нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй «рӕвдз уӕм байхъусынмӕ». Уыцы хъуыддаджы нын Йегъовӕ куыд у фӕзминаг, афтӕ ничи (Райд. 18:32; Йес. Н. 10:14). Ӕркӕсӕм, Рацыды 32:11–14 стихтӕй уый куыд зыны, уымӕ. (Бакӕс сӕ.) Йегъовӕ ӕнӕ Моисейӕ дӕр зыдта, куыд ӕй бакӕнын хъӕуы, уый, фӕлӕ йын уӕддӕр бар радта, цӕмӕй йӕ цы тыхсын кодта, уый загътаид. Дӕуӕй та цы ис зӕгъӕн? Ӕнцон дын уаид, рӕдыд зондыл хӕст чи у, ахӕм адӕймагмӕ фӕразонӕй байхъусын ӕмӕ, уый куыд дзуры, афтӕ бакӕнын? Хуыцау фӕразонӕй фӕхъусы, чи йыл нӕ дызӕрдыг кӕны ӕмӕ йӕм афтӕмӕй чи фӕкувы, уыдонӕй алкӕй куывдтытӕм дӕр.

15. Йегъовӕ-иу йӕ лӕггадгӕнджытӕн куыд скад кодта, уымӕй йӕ нӕ бон куыд у бафӕзмын?

15 Хорз уаид, алчидӕр нӕ куы ахъуыды кӕнид: «Кӕд Йегъовӕ ахӕм сӕрныллӕг у, ӕмӕ адӕймаджы ныхасмӕ байхъусы, зӕгъӕм, Аврааммӕ, Рахилмӕ, Моисеймӕ, Йесо Навинмӕ, Маноймӕ, Илийамӕ ӕмӕ Езекимӕ куыд байхъуыста, афтӕ, уӕд цымӕ ӕз дӕр хъуамӕ афтӕ ма кӕнон? Ме ’фсымӕртӕн кӕй кад кӕнын, уый равдисыны тыххӕй мӕ бон нӕ уаид бацархайын, цӕмӕй-иу сӕм лӕмбынӕг байхъусон ӕмӕ сӕм исты хорз хъуыды куы фӕзына, уӕд-иу уымӕ гӕсгӕ бакӕнон? Мӕ бинонтӕй кӕнӕ ме ’мбырдӕй ме ’ххуыс ныр уӕлдай тынгдӕр кӕй хъӕуы? Мӕ бон куыд у равдисын, зӕрдиагӕй йыл кӕй тыхсын?» (Райд. 30:6; Тӕрх. 13:9; 1 Пад. 17:22; 2 Аз. 30:20).

ЙЕГЪОВӔ НЫН НӔ ЗЫНДЗИНӔДТӔ УЫНЫ

Давид загъта: «Ныууадзут ӕй!» Ды та куыд бакӕндзынӕ? (кӕс 16, 17 абзацтӕ)

16. Шимей паддзах Давиды куы мӕсты кодта, уӕд Давид куыд бакодта?

16 Сӕрныллӕгдзинад ма нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй-иу нӕ исчи куы смӕсты кӕна, уӕд-иу нӕхиуыл фӕхӕцӕм (Еф. 4:2). Уыцы хъуыддаджы нын фӕзминаг у Давид. (Бакӕс 2 Самуилы 16:5–13.) Иухатт паддзах Саулы хӕстӕг Шимей Давиды ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ӕлгъитын райдыдта, стӕй сыл дуртӕ ӕхста ӕмӕ сыл сыджыт калдта. Ӕмӕ кӕд Давидӕн бартӕ йӕ къухы уыдысты ӕмӕ йӕ бон уыд Шимейы бафхӕрын, уӕддӕр афтӕ нӕ бакодта. Цымӕ Давидмӕ уыйбӕрц хъару кӕцӕй разынд, цӕмӕй йӕхиуыл фӕхӕцыдаид? Уый базонӕн ис, 3-аг псаломы цы фыст ис, уымӕй.

17. Давидмӕ уыйбӕрц хъару кӕцӕй разынд, цӕмӕй йӕхиуыл фӕхӕцыдаид ӕмӕ йӕ нӕ бон куыд у бафӕзмын?

17 3-аг псаломмӕ цы разныхас ис, уымӕ гӕсгӕ, ацы псалом Давид ныффыста, «йӕ фырт Авессаломӕй куы алыгъд, уӕд». Куыд зыны, афтӕмӕй ацы псаломы фыццаг дыууӕ стихы ӕмӕ 2 Самуилы 16 сӕры уыцы иу хабӕртты кой цӕуы. 3-аг псаломы 4-ӕм стихӕй базонӕн ис, Давид ныфсджын кӕмӕй уыд, уый: «Ӕз хъӕр кӕндзынӕн Йегъовӕмӕ, ӕмӕ мын уый дзуапп ратдзӕн йӕ сыгъдӕг хохӕй». Мах дӕр ӕфхӕрд куы ӕййафӕм, уӕд нӕ бон у Хуыцаумӕ кувын. Ӕмӕ нын уӕд Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй бахай кӕндзӕн, цӕмӕй фидар фӕлӕууӕм. Дӕу дӕр исчи ӕнаххосӕй куы бафхӕры, уӕд хиуылхӕцгӕ разыныс ӕмӕ уыцы адӕймагӕн зӕрдӕйӕ ныххатыр кӕныс? Фидарӕй дӕ уырны, Йегъовӕ дын дӕ зындзинӕдтӕ кӕй уыны ӕмӕ дын кӕй баххуыс кӕндзӕн, стӕй дын кӕй арфӕ кӕндзӕн?

«ЗОНД У ӔППӔТЫ СӔЙРАГДӔР»

18. Хуыцау нын цы амоны, уымӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд нын уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн?

18 Раст цы у, уый куы аразӕм, уӕд бирӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдзыстӕм. Ӕмӕ Ӕмбисӕндты 4:7 стихы дӕр дзӕгъӕлы нӕй фыст, «зонд у ӕппӕты сӕйрагдӕр», зӕгъгӕ. Цӕмӕй адӕймаг зондӕй хайджын уа, уый тыххӕй йӕ хъӕуы цавӕрдӕр зонындзинӕдтӕ, фӕлӕ ӕрмӕст зонындзинӕдтӕ фаг не сты. Зонд сӕйраджыдӕр бӕрӕг вӕййы, адӕймаг цавӕр уынаффӕтӕ фӕхӕссы, уымӕй. Библимӕ гӕсгӕ, суанг мӕлдзыджытӕ дӕр сты ӕрдзӕй зондджын, ӕмӕ уыцы зонд бӕрӕг у, сӕрдыгон сӕхицӕн хӕринаг кӕй ӕрцӕттӕ кӕнынц, уымӕй (Ӕмб. 30:24, 25). Чырысти,– «Хуыцауы зонд» кӕй уылты раргом, уый,– алкӕддӕр фӕаразы, Йегъовӕйӕн ӕхсызгон цы у, уый (1 Кор. 1:24; Иоан. 8:29). Мах дӕр сӕрныллӕг куы уӕм ӕмӕ, раст цы у, уый куы аразӕм, уӕд нын Йегъовӕ арфӕ кӕндзӕн. (Бакӕс Матфейы 7:21–23.) Уӕдӕ дарддӕр дӕр архай сӕрныллӕгдзинад дӕ удыхъӕды фидар кӕныныл. Афтӕмӕй ӕмбырды иннӕтӕн дӕр ӕххуыс кӕндзынӕ, цӕмӕй уыдон дӕр Йегъовӕйӕн сӕрныллӕгӕй лӕггад кӕной. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, раст цы у, уый аразын алкӕд ӕнцон нӕ вӕййы, уый тыххӕй фӕхъӕуы рӕстӕг ӕмӕ фӕразондзинад. Фӕлӕ уый йӕ фыдӕбоны аргъ у, уымӕн ӕмӕ, сӕрныллӕг чи у, уыдон ныр дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр уыдзысты амондджын.