Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Раст цы у, уый дзурут

Раст цы у, уый дзурут

«Кӕрӕдзийӕн, раст цы у, уый дзурут» (ЗАХ. 8:16).

ЗАРДЖЫТӔ: 56, 124

1, 2. Адӕмӕн ӕппӕты стырдӕр зиан цы хӕссы ӕмӕ уыцы хъуыддаджы аххосджын чи у?

АДӔМ бирӕ цыдӕртӕ ӕрымысыдысты, зӕгъӕм, телефон, машинӕ, холодильник, ӕмӕ сын уыцы дзауматӕ сӕ цард ӕнцондӕр кӕнынц. Фӕлӕ алцӕмӕй афтӕ зӕгъӕн нӕй. Зӕгъӕм, хӕцӕнгарз, минӕтӕ, атомон бомбӕтӕ ӕмӕ тамако адӕмӕн хӕссынц стыр зиан. Фӕлӕ ис, бирӕ раздӕр цы фӕзынд ӕмӕ адӕмӕн ӕппӕт уыдӕттӕй стырдӕр зиан цы хӕссы, ахӕм цыдӕр. Цымӕ уый цы у? Мӕнг ныхас! Мӕнг ныхас у искӕй зонгӕ-зонын асайын. Цымӕ фыццаг мӕнг ныхас чи загъта? Уый уыди Хӕйрӕг! Йесо Чырысти йӕ схуыдта «мӕнгдзинады фыд». (Бакӕс Иоанны 8:44.) Ӕмӕ кӕд загъта фыццаг мӕнг ныхас?

2 Уыцы хабар ӕрцыд цалдӕр мин азы размӕ Едемы цӕхӕрадоны. Хуыцау фыццаг дыууӕ адӕймаджы, Адам ӕмӕ Евӕйы, дзӕнӕты ӕрцӕрын кодта, ӕмӕ уым амондджынӕй цардысты. Йегъовӕ сӕ бафӕдзӕхста, «хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый зоныны бӕласӕй» куы бахӕрой, уӕд кӕй амӕлдзысты. Хӕйрӕг Хуыцауы фӕдзӕхсты тыххӕй зыдта, фӕлӕ уӕддӕр калмы уылты Евӕйӕн загъта: «Нӕ, нӕ амӕлдзыстут». Уый уыд ӕппӕты фыццаг мӕнг ныхас. Ӕмӕ стӕй загъта: «Фӕлӕ йӕ Хуыцау зоны: цы бон дзы бахӕрат, уыцы бон уӕ цӕстытӕ байгом уыдзысты ӕмӕ суыдзыстут Хуыцауы хуызӕн – зондзыстут, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый» (Райд. 2:15–17; 3:1–5).

3. Хӕйрӕг Евӕйы кӕй асайдта, уый фыдвӕнд цӕмӕн ис схонӕн ӕмӕ уый цӕмӕ ’ркодта?

3 Хӕйрӕг Евӕйы кӕй асайдта, уый уыди фыдвӕнд, уымӕн ӕмӕ йӕ зыдта, Евӕ йыл куы баууӕнда ӕмӕ бӕласы дыргътӕй куы бахӕра, уӕд кӕй амӕлдзӕн. Ӕмӕ хабар ӕцӕгдӕр афтӕ рауад. Евӕ ӕмӕ стӕй Адам дӕр Хуыцауы ныхасы сӕрты ахызтысты, ӕмӕ ӕппынфӕстаг мӕлӕты хай баисты (Райд. 3:6; 5:5). Уымӕй уӕлдай ма, Адам тӕригъӕд кӕй сарӕзта, уый аххосӕй «мӕлӕт ахӕлиу ӕппӕт адӕмыл дӕр». Библийы ма афтӕ дӕр ис фыст, зӕгъгӕ, «мӕлӕт паддзах уыд, Адам цы тӕригъӕд ракодта, ахӕм тӕригъӕд чи нӕ ракодта, суанг уыдонӕн дӕр» (Ром. 5:12, 14). Ӕппӕты райдианы Хуыцауы фӕнд уыд, цӕмӕй адӕм уыдаиккой ӕххӕст ӕмӕ ӕнустӕм цардаиккой. Фӕлӕ ныр Адамы аххосӕй уыдӕттӕй сты ӕнӕхай. Цард куыд цыбыр у, уый тыххӕй Библийы фыст ис: «Нӕ царды бонтӕ сты ӕвдай азы. Ӕмӕ кӕд, уӕлдай фидар чи у, уымӕн ӕстай азы сты, уӕддӕр иууылдӕр сты маст ӕмӕ фыдӕбон» (Пс. 90:10). Ӕмӕ адӕм ахӕм кӕуинаг уавӕры Хӕйрӕджы аххосӕй сты!

4. а) Цавӕр фарстатыл аныхас кӕндзыстӕм? б) 15-ӕм псаломы 1-аг ӕмӕ 2-аг стихтӕм гӕсгӕ нӕ цы хъӕуы аразын, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕмбӕлттӕ уӕм?

4 Йесо Хӕйрӕджы тыххӕй загъта: «[Уый] рӕстдзинады фӕндагӕй фӕиппӕрд, уымӕн ӕмӕ йӕ мидӕг рӕстдзинад нӕй». Хӕйрӕг нӕ фӕивта. Уый ныр дӕр «зӕххыл ӕппӕт адӕмы дӕр... сайы» (Рарг. 12:9). Фӕлӕ мах нӕ фӕнды, цӕмӕй ныл Хӕйрӕг сайдӕй рацӕуа ӕмӕ нын Хуыцауимӕ цы хӕлардзинад ис, уымӕй Адам ӕмӕ Евӕйау ӕнӕхай фӕуӕм. Уӕдӕ аныхас кӕнӕм ӕртӕ фарстайыл: Хӕйрӕг абон адӕмы куыд сайы? Адӕм сайгӕ цӕмӕн фӕкӕнынц? Ӕмӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн алкӕддӕр «рӕстдзинад... дзурынӕн»? (Бакӕс Псалом 15:1, 2.)

ХӔЙРӔГ АДӔМЫ КУЫД САЙЫ?

5. Хӕйрӕг абон адӕмы куыд сайы?

5 Апостол Павел зыдта, нӕ бон кӕй у нӕхи Хӕйрӕджы хин митӕй бахъахъхъӕнын, «уымӕн ӕмӕ, куыд архайы, уый нын ӕнӕзонгӕ нӕу» (2 Кор. 2:11). Мах зонӕм, ӕгас дуне дӕр Хӕйрӕджы къухы кӕй ис. Уымӕн йӕ бар цӕуы мӕнг динтыл, стӕй хицауӕдтыл ӕмӕ коммерцийыл (1 Иоан. 5:19). Уӕдӕ диссаг нӕу, Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дӕлимонтӕ, стыр бартӕ кӕй къухы ис, уыдоны ахӕм зондыл кӕй аразынц, цӕмӕй «гӕдыныхӕстӕ... кӕной» (1 Тим. 4:1, 2). Хицӕуттӕй бирӕтӕ сты гӕртамхор ӕмӕ закъон халынц. Ӕнӕфсис бизнесменты кой куы кӕнӕм, уӕд уыдон та арӕх, зиан чи хӕссы, ахӕм продукци фӕуӕй кӕнынц кӕнӕ та цыдӕртӕ ӕрымысынц, цӕмӕй адӕмӕн се ’хца сайой, ӕмӕ уый тыххӕй фӕпайда кӕнынц рекламӕйӕ.

6, 7. а) Дины разамонджытӕ адӕмы кӕй сайынц, уый уӕлдай стыр зиан цӕмӕн хӕссы? б) Дины разамонджытӕ цавӕр мӕнг ахуырӕдтӕ амонынц?

6 Адӕмӕн уӕлдай стыр зиан хӕссы, дины разамонджытӕ сӕ куы фӕсайынц, уый. Цымӕ цӕмӕн? Адӕймаг сӕ мӕнг ахуырӕдтыл куы ӕууӕнда ӕмӕ, Хуыцау йе сӕфт кӕмӕй уыны, ахӕм хъуыддӕгтӕ куы араза, уӕд, гӕнӕн ис, ӕнустӕм цӕрыны ныфсӕй ӕнӕхай фӕуа (Оси 4:9). Йесойы рӕстӕджы дӕр дины разамонджытӕ адӕмы сайдтой, ӕмӕ Йесо уый зыдта. Уый сын комкоммӕ загъта: «Додой уӕ къона, чиныджыдӕснытӕ ӕмӕ фарисейтӕ! Цӕстмӕхъустӕ! Денджызыл ӕмӕ сурзӕххыл фӕзилут, цӕмӕй иу адӕймаджы уӕддӕр раздахат уӕ динмӕ. Ӕмӕ уый уӕ къухы куы бафты, уӕд та йӕ уӕхицӕй дыууӕ хатты тынгдӕр фӕкӕнут гееннӕйы [ома ӕнустӕм фесӕфыны] аккаг» (Матф. 23:15, фип.). Йесо уыцы дины разамонджытӕн загъта, сӕ фыд Хӕйрӕг кӕй у ӕмӕ йӕ схуыдта лӕгмар, ӕмӕ уыцы карз ныхӕстӕй равдыста, Хуыцауы раз аххосджын кӕй уыдысты (Иоан. 8:44).

7 Нӕ рӕстӕджы дины разамонджытӕ тынг бирӕ сты. Адӕм сӕ хонынц хистӕртӕ, сауджынтӕ, раввинтӕ ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Уыдон дӕр фарисейтау Библийы рӕстдзинад «ӕнӕфсармӕй.. ссӕндынц», стӕй «Хуыцауы рӕстдзинады бӕсты равзӕрстой мӕнгдзинад» (Ром. 1:18, 25). Уыдон амонынц алыхуызон мӕнг ахуырӕдтӕ. Зӕгъӕм, дзурынц, адӕймагӕн ӕнӕмӕлгӕ уд кӕй ис ӕмӕ фыдгӕнджытӕ ӕнустӕм зындоны кӕй хъизӕмар кӕндзысты. Стӕй ма дзурынц, Хуыцау уый бар кӕй дӕтты, цӕмӕй нӕлгоймаг нӕлгоймагимӕ, сылгоймаг та сылгоймагимӕ лӕг ӕмӕ усы цард кӕной йе та сӕ цард баиу кӕной.

8. Тагъд рӕстӕджы хицӕуттӕ цавӕр мӕнг ныхӕстӕ кӕндзысты, фӕлӕ мах уыцы ныхӕстӕм цы цӕстӕй хъуамӕ ракӕсӕм?

8 Хицӕуттӕ адӕмы алыхуызон мӕнг ныхӕстӕй сайынц. Фӕлӕ ноджы фыддӕр сайд нырма разӕй ис! Тагъд рӕстӕджы хицӕуттӕ дзурдзысты: «Сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад!» Фӕлӕ «уӕд ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрцӕудзӕн се сӕфт». Сӕ ныхӕстӕй афтӕ уайдзӕн, ӕмӕ ацы дунейӕн тӕссаг ницӕмӕйуал у, фӕлӕ хъуамӕ нӕхи сайын ма бауадзӕм. Мах ӕй хорз зонӕм, «давӕг ӕхсӕвыгон куыд фӕзыны, раст афтӕ кӕй ӕрцӕудзӕн Йегъовӕйы бон дӕр» (1 Фес. 5:1–4).

АДӔМ САЙГӔ ЦӔМӔН ФӔКӔНЫНЦ?

9, 10. а) Адӕм сайгӕ цӕмӕн фӕкӕнынц ӕмӕ уый цӕмӕ ӕркӕны? б) Йегъовӕйы тыххӕй нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?

9 Мӕнг ныхӕстӕ, стыр бартӕ кӕй къухы ис, ӕрмӕст уыдон нӕ фӕкӕнынц. Иу журналы статьяйы «Сайгӕ цӕмӕн фӕкӕнӕм?» фыст ис, зӕгъгӕ, сайын нымайынц, «адӕймаджы удыхъӕды арф чи ныффидар, ахӕм миниуӕгыл» (National Geographic). Адӕм арӕх фӕсайынц, цӕмӕй зын уавӕры ма бахауой, зӕгъӕм, цӕмӕй сӕ рӕдыдтытӕ кӕнӕ сӕ фыдхъуыддӕгтӕ ма рахъӕр уой. Чидӕртӕ та фӕсайынц, цӕмӕй сӕхицӕн ӕхца самал кӕной йе та цӕмӕй сӕ къухы исты бафта. Уыцы статьяйы ма фыст ис: «Кӕмӕдӕрты искӕй асайын ницы кӕсы, фӕнды гыццыл хъуыддаджы уа, фӕнды стыр. Уыдон фӕсайынц ӕнӕзонгӕ адӕмы, се ’мкусджыты ӕмӕ ма суанг се ’мбӕлтты ӕмӕ сӕ хиуӕтты дӕр».

10 Адӕм сайгӕ кӕй фӕкӕнынц, уый цӕмӕ ӕркӕны? Кӕрӕдзийыл нал феууӕндынц ӕмӕ кӕрӕдзи нал фембарынц. Ахъуыды-ма кӕн, йӕ бинойнагыл иузӕрдион чи у, ахӕм лӕгӕн куыд зын уаид, йӕ бинойнаг ыл гадзрахатӕй кӕй рацыд ӕмӕ уыцы хъуыддаг басусӕг кӕнынмӕ кӕй хъавы, уый базонгӕйӕ. Кӕнӕ та ахъуыды кӕн, мадӕн ӕмӕ сывӕллӕттӕн куыд зын вӕййы, сӕ фыд сӕ хӕдзары куы фефхӕры, адӕмы раз та йӕхи афтӕ куы фӕдары, цыма хорз бинонты хистӕр у. Рох нӕ ма уӕд: кӕд ахӕм адӕймӕгтӕ иннӕты сайынц, уӕд Йегъовӕйы та нӕ асайдзысты. Библийы фыст ис: «[Хуыцауӕй] ӕмбӕхст ницы у, алцыдӕр ын у ӕргом» (Дзут. 4:13).

11. Анани ӕмӕ Сапфирӕйы хабар нын цӕуыл дзурӕг у? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

11 Ӕркӕсӕм, фыццаг ӕнусы чи цард, иу ахӕм чырыстон бинонты, Анани ӕмӕ Сапфирӕйы, хабармӕ. Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй сӕ Хӕйрӕг «ахӕм зондыл... сардыдта», цӕмӕй Хуыцауы асайдтаиккой. Уыдон сӕ зӕрдӕйы ахӕм фыдвӕнд скодтой, цӕмӕй апостолтыл хинӕй рацыдаиккой. Анани ӕмӕ Сапфирӕ сӕ зӕхх ауӕй кодтой ӕмӕ уыцы ӕхцайӕ цасдӕр бамбӕхстой, иннӕтӕ та апостолтӕм ӕрбахастой. Фӕндыд сӕ, цӕмӕй сӕ хорзы кой айхъуыстаид, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ апостолтӕн загътой, сӕ зӕххы ӕхца иууылдӕр кӕй ӕрбахастой. Фӕлӕ Йегъовӕйӕ ӕмбӕхст ницы уыд, ӕмӕ, апостолты кӕй асайдтой, уый тыххӕй сӕ бафхӕрдта (Хъуыд. 5:1–10).

12. Иннӕты чи сайы ӕмӕ ууыл чи нӕ фӕсмон кӕны, уыдонмӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы ӕмӕ цӕмӕн?

12 Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, сайгӕ чи кӕны, уыдонмӕ? Хӕйрӕг дӕр, стӕй, иннӕты чи сайы ӕмӕ ууыл чи нӕ фӕсмон кӕны, уыдон дӕр се ’ппӕт дӕр «ӕппӕрст ӕрцӕудзысты судзгӕ сондоны цады» (Рарг. 20:10; 21:8; Пс. 5:6). Цымӕ цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ, хинтӕ-кӕлӕнтӕ чи кӕны, хӕтгӕ чи кӕны, лӕгмар чи у ӕмӕ мӕнгхуыцӕуттӕн чи кувы, уыдон куыд сты Йегъовӕйы цӕсты ӕлгъаг, раст афтӕ, сайгӕ чи кӕны, уыдон дӕр (Рарг. 22:15).

13. Йегъовӕйы тыххӕй цы зонӕм ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ цы фӕнды аразын?

13 Мах зонӕм, «Хуыцау адӕймаг [кӕй] нӕу, цӕмӕй сайа». Йегъовӕйӕн «йӕ бон... нӕу фӕсайын» (Ным. 23:19; Дзут. 6:18). Уый йе сӕфт уыны «мӕнг ӕвзагӕй» (Ӕмб. 6:16, 17). Цӕмӕй нӕ Хуыцау райгонд уа, уый тыххӕй хъуамӕ алкӕддӕр, ӕцӕг цы у, уый дзурӕм. Уымӕ гӕсгӕ мах «кӕрӕдзийы... [нӕ] сайӕм» (Кол. 3:9).

МАХ, «РАСТ ЦЫ У, УЫЙ ФӔДЗУРӔМ»

14. а) Ӕцӕг чырыстӕттӕ мӕнг динтыл хӕст адӕмӕй цӕмӕй хицӕн кӕнынц? б) Лукайы 6:45 стихы фыст уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ цы ис зӕгъӕн?

14 Ӕцӕг чырыстӕттӕ мӕнг динтыл хӕст адӕмӕй цы хъуыддӕгтӕй хицӕн кӕнынц, уыдонӕй иу уый у, ӕмӕ алкӕддӕр, «раст цы у, уый фӕдзурынц». (Бакӕс Захарийы 8:16, 17.) Апостол Павел ныффыста: «[Мах] алы ӕгъдауӕй дӕр ӕвдисӕм, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ кӕй стӕм, уый... Ӕцӕг цы у, уый дзурӕм» (2 Кор. 6:4, 7). Чырысти загъта, зӕгъгӕ, «адӕймаг, йӕ зӕрдӕ йедзаг цӕмӕй вӕййы, дзургӕ дӕр уый фӕкӕны» (Лук. 6:45). Ацы уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ, йӕ зӕрдӕйы мидӕг, ӕцӕг цы у, уый чи дзуры, уый иннӕтӕн дӕр фӕдзуры, раст цы у, уый. Ахӕм адӕймаг ӕнӕзонгӕ адӕмӕн, йе ’мкусджытӕн, йе ’мбӕлттӕн ӕмӕ йӕ хиуӕттӕн алкӕддӕр фӕдзуры, ӕцӕг цы у, уый, фӕнды гыццыл хъуыддаг уа, фӕнды стыр. Ӕркӕсӕм-ма, цавӕр уавӕрты у нӕ бон равдисын, алы хъуыддаджы дӕр нӕ ӕнӕзӕрдӕхудтӕй архайын кӕй фӕнды, уый.

Дӕумӕ гӕсгӕ, ацы ӕрыгон хо йӕ царды алы хъуыддаджы дӕр ӕнӕзӕрдӕхудтӕй архайы? (кӕс 15, 16 абзацтӕ)

15. а) Сусӕгӕй ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ аразай, уый зондыл дзурӕг цӕуылнӕ у? б) Ӕрыгӕттӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй се ’мгӕртты зондыл ма ацӕуой? (Кӕс фиппаинаг.)

15 Чи зоны, ӕрыгон дӕ ӕмӕ дӕ фӕнды, цӕмӕй дӕ де ’мгӕрттӕ се ’мбалыл нымайой. Фӕлӕ къӕрцхъус у, цӕмӕй, сусӕгӕй ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ чи фӕкӕны, уыдоны зондыл ма ацӕуай. Ахӕм ӕрыгӕттӕ бинонты ’хсӕн ӕмӕ ӕмбырды сӕхи уӕздан фӕдарынц, се ’мгӕртты раз ӕмӕ социалон сетьты та сӕхи бынтон ӕндӕрхуызон февдисынц. Зӕгъӕм, ӕвзӕр дзыхӕй фӕдзурынц, сӕ конд вӕййы ӕнӕфсарм, ӕнӕгъдау ныхӕстӕ кӕм вӕййы, ахӕм зарджытӕм фӕхъусынц, карз нозт фӕнуазынц ӕмӕ наркотиктӕ фӕкӕнынц кӕнӕ сусӕгӕй ӕмбӕлын райдайынц. Ахӕм ӕрыгӕттӕ сайынц сӕ ныййарджыты, ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты ӕмӕ Йегъовӕйы (Пс. 26:4, 5). Фӕлӕ Йегъовӕ уыны, йӕхи афтӕ чи ӕвдисы, цыма йӕ кадджын кӕны, ӕцӕгӕй та ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ чи аразы, уыдоны (Мар. 7:6). Уӕдӕ хуыздӕр уаид, ацы уынаффӕмӕ гӕсгӕ куы архаис: «Дӕ зӕрдӕ ма бахӕлӕг кӕнӕд тӕригъӕдджынтӕм, фӕлӕ дӕ мидӕг ӕдзухдӕр уӕд Йегъовӕйы тас» (Ӕмб. 23:17) *.

16. Ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕныны тыххӕй курдиаты цы фарстатӕ ис, уыдонӕн дзуапп дӕтгӕйӕ цы хъуамӕ ныффыссай?

16 Чи зоны дӕ фӕнды пионерӕй йе та ӕндӕр хуызы ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын, зӕгъӕм, Вефилы. Ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕныны тыххӕй курдиат куы дзаг кӕнай, уӕд тынг ахсджиаг у, цӕмӕй дзы ӕнӕниздзинады, ирхӕфсӕнты ӕмӕ хӕрзӕгъдаудзинады тыххӕй цы фарстатӕ ис, уыдонӕн дзуапп дӕтгӕйӕ, хабар ӕцӕгӕй куыд у, уый ныффыссай (Дзут. 13:18). Фӕлӕ, зӕгъӕм, Йегъовӕ йе сӕфт кӕмӕй уыны, ахӕм хъуыддаг сарӕзтай кӕнӕ дӕ дӕ цӕсгом цӕйдӕр тыххӕй хӕры ӕмӕ уый тыххӕй хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ нӕ аныхас кодтай, уӕд та? Хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕххуыс ракур, цӕмӕй Йегъовӕйӕн сыгъдӕг цӕсгомӕй лӕггад кӕнай (Ром. 9:1; Гал. 6:1).

17. Не ’фхӕрджытӕ нӕ не ’фсымӕрты тыххӕй исты куы фӕрсой, уӕд куыд хъуамӕ архайӕм?

17 Чи зоны, цӕрыс, хъусын кӕныны бар кӕм нӕй, ахӕм бӕстӕйы. Ӕмӕ дӕ, зӕгъӕм, хицауады кусджытӕ ӕрцахстой ӕмӕ дӕ де ’фсымӕрты тыххӕй цыдӕртӕ фӕрсынц. Ахӕм уавӕры куыд бакӕндзынӕ? Алцыдӕр сын радзурдзынӕ? Чырысти та куыд бакодта, ромаг хицау Понтий Пилат ӕм фарстатӕ куы лӕвӕрдта, уӕд? Хатгай-иу куыд бакодта, афтӕ ацы хатт дӕр хъусӕй лӕууыд, ӕмӕ афтӕмӕй архайдта Библийы уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ, «ис рӕстӕг хъусӕй лӕууынӕн ӕмӕ рӕстӕг дзурынӕн», зӕгъгӕ (Еккл. 3:1, 7; Матф. 27:11–14). Мах дӕр-иу ахӕм уавӕры хъуамӕ ӕмбаргӕйӕ архайӕм ӕмӕ уӕм къӕрцхъус, цӕмӕй-иу не ’фсымӕрты тӕссаг уавӕры ма баппарӕм (Ӕмб. 10:19; 11:12).

Дӕ бон куыд у сбӕрӕг кӕнын, хъусӕй лӕууын ӕмӕ цавӕрдӕр хабары тыххӕй алцыдӕр радзурын кӕд фӕхъӕуы, уый? (кӕс 17, 18 абзацтӕ)

18. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ нӕ, тӕригъӕд чи сарӕзта, ахӕм хо кӕнӕ ӕфсымӕры тыххӕй истӕмӕй куы фӕрсой, уӕд куыд хъуамӕ бакӕнӕм?

18 Зӕгъӕм, ӕмбырды чидӕр уӕззау тӕригъӕд сарӕзта, ӕмӕ ды уый тыххӕй базыдтай. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хӕсджын сты, цӕмӕй ӕмбырды сыгъдӕгдзинад хъахъхъӕной, ӕмӕ, гӕнӕн ис, дӕу дӕр бафӕрсой, уыцы хабары тыххӕй цы зоныс, уымӕй. Ахӕм уавӕры куыд бакӕндзынӕ, уӕлдайдӕр та, дзырд де ’ввахс ӕмбалыл кӕнӕ дӕ хиуӕттӕй искӕуыл куы цӕуа, уӕд? Библийы фыст ис: «Йӕ дзыхӕй раст ныхас кӕмӕн цӕуы, уыцы адӕймаг зӕгъдзӕн, раст цы у, уый» (Ӕмб. 12:17; 21:28). Уӕдӕ хъуамӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн, хабар ӕцӕгӕй куыд у, уый радзурай ӕмӕ сӕ мацы басусӕг кӕнай. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн ис уый бар, цӕмӕй уыцы хабары тыххӕй алцыдӕр зоной. Уый фӕрцы сӕ бон уыдзӕн бамбарын, тӕригъӕд чи сарӕзта, уыцы адӕймагӕн хуыздӕр баххуыс кӕнӕн куыд ис, цӕмӕй та фӕстӕмӕ Хуыцауы хӕлар суа (Иак. 5:14, 15).

19. Иннӕ статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

19 Псаломзарӕггӕнӕг Давид Йегъовӕмӕ афтӕ куывта: «Дӕуӕн циндзинад хӕссы, рӕстдзинад зӕрдӕйы куы уа, уый» (Пс. 51:6). Давид зыдта, адӕймаг рӕстзӕрдӕ куы уа, уӕд дзургӕ дӕр, ӕцӕг цы у, уый кӕй кӕндзӕн. Ӕцӕг чырыстӕттӕ алы уавӕры дӕр «кӕрӕдзийӕн, раст цы у, уый фӕдзурынц». Мӕнг динтыл хӕст адӕмӕй ма ноджыдӕр цы хъуыддӕгтӕй хицӕн кӕнӕм, уыдонӕй иу у, адӕмӕн Библийы рӕстдзинад кӕй амонӕм, уый. Уый тыххӕй цавӕр мадзӕлттӕй фӕпайда кӕнӕм, ууыл дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.

^ 15 абз. Кӕс чиныг «Ответы на твои вопросы», 2 том, 15 сӕр «Как не попасть под дурное влияние?» ӕмӕ 16 сӕр «Нужно ли покончить с двойной жизнью?».