Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уӕ ныфс дарут нӕ Разамонӕгыл – Йесо Чырыстийыл

Уӕ ныфс дарут нӕ Разамонӕгыл – Йесо Чырыстийыл

«[Сымахӕн] иу Разамонӕг ис – Чырысти» (МАТФ. 23:10).

ЗАРДЖЫТӔ: 16, 14

1, 2. Моисейы мӕлӕты фӕстӕ Йесо Навины цавӕр зын хӕс бахъуыд ӕххӕст кӕнын?

ЙЕГЪОВӔ Йесо Навинӕн загъта: «Мӕ лӕггадгӕнӕг Моисей амард. Уӕдӕ ныр сыст ӕмӕ ӕппӕт ацы адӕмимӕ... ахиз Иорданыл, ӕз сын кӕй дӕттын, уыцы зӕхмӕ» (Йес. Н. 1:1, 2). Йесо Навин 40 азы бӕрц уыд Моисейы лӕггадгӕнӕг, фӕлӕ ныр йӕ цард ӕнӕнхъӕлӕджы фӕивта!

2 Моисей израилӕгтӕн разамынд бирӕ азты дӕргъы лӕвӕрдта, ӕмӕ Йесо Навин, ӕвӕццӕгӕн, хъуыдытӕ кодта, адӕм ӕй сӕ разамонӕгыл банымайдзысты ӕви нӕ, ууыл (Дык. з. 34:8, 10–12). Иу энциклопеди ӕмбарын кӕны Йесо Навины 1:1, 2 стихтӕ, ӕмӕ дзы фыст ис ахӕм ныхӕстӕ: «Рагзамантӕй фӕстӕмӕ афтӕ у, ӕмӕ бӕстӕйы сӕргълӕууӕг куы фӕивы, уыцы рӕстӕг бӕстӕйы ӕдасдзинадӕн уӕлдай тӕссаг вӕййы».

3, 4. Цӕмӕй у бӕрӕг, Йегъовӕ Йесо Навины кӕй нӕ фӕфыдӕнхъӕл кодта? Хуыцауы организацийы бирӕ цыдӕртӕ кӕй фӕивы, уымӕ гӕсгӕ цавӕр фарста ӕвзӕры?

3 Йесо Навинӕн, цӕуыл мӕт кодтаид, уый уыд. Фӕлӕ уӕддӕр йӕ ныфс Йегъовӕйыл сӕвӕрдта ӕмӕ йын йӕ амындтӕм гӕсгӕ архайынмӕ цӕттӕ уыд (Йес. Н. 1:9–11). Ӕмӕ йӕ Йегъовӕ нӕ фӕфыдӕнхъӕл кодта. Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй Йегъовӕ Йесо Навинӕн ӕмӕ израилӕгтӕн разамынд лӕвӕрдта йӕ зӕды уылты. Фидарӕй зӕгъӕн ис, уыцы зӕд кӕй уыд Хуыцауы фыццаггуырд Фырт, Библи йӕ хоны «Дзырд» (Рац. 23:20–23; Иоан. 1:1).

4 Йегъовӕйы ӕххуысы фӕрцы израилӕгтӕ уыцы ивындзинадмӕ раст цӕстӕй ракастысты ӕмӕ Йесойы сӕ ног разамонӕгыл банымадтой. Нӕ рӕстӕджы дӕр Хуыцауы организаци размӕ цӕуы ӕмӕ бирӕ ивындзинӕдтӕ саразы. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ӕвзӕры фарста: кӕд Хуыцауы организацийы бирӕ цыдӕртӕ фӕивы, уӕддӕр нӕ бон цӕмӕн у нӕ Разамонӕгыл, Йесо Чырыстийыл, нӕ ныфс дарын? (Бакӕс Матфейы 23:10.) Ацы фарстайӕн дзуапп базоныны тыххӕй ӕркӕсдзыстӕм, Йегъовӕ-иу раджы заманты йӕ адӕмӕн, сӕ царды-иу исты куы фӕивта, уӕд разамынд куыд лӕвӕрдта, уымӕ.

ХУЫЦАУЫ АДӔМЫ ЗӔРДӔВӔРД ЗӔХМӔ ЧИ КОДТА?

5. Йесо Навин Иерихонмӕ хӕстӕг куы уыд, уӕд ыл цавӕр диссаджы хабар ӕрцыд? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

5 Израилӕгтӕ Иорданы цӕугӕдоны иннӕ фарсмӕ куы ахызтысты, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр Йесо Навиныл ӕрцыд иу диссаджы хабар. Иерихонмӕ хӕстӕг куы уыди, уӕд сӕмбӕлд, йӕ къухы хъама кӕмӕн уыд, иу ахӕм лӕгыл ӕмӕ йӕ бафарста: «Мах фарс дӕ ӕви не знӕгты фарс?» Уый йын загъта, «Йегъовӕйы ӕфсады сӕргълӕууӕг» кӕй у ӕмӕ йын бамбарын кодта, Израилы адӕмы бахъахъхъӕнынмӕ кӕй ӕрцыд. Йесо уый ӕнхъӕл дӕр нӕ уыд, ӕмӕ уыцы лӕг зӕд разындзӕн. (Бакӕс Йесо Навин 5:13–15.) Библийы ӕндӕр рӕтты афтӕ фыст ис, ӕмӕ-иу Йесо Навинимӕ Йегъовӕ ныхас кодта. Фӕлӕ уӕддӕр фидарӕй зӕгъӕн ис, йемӕ-иу уыцы зӕды уылты кӕй дзырдта, раздӕр дӕр-иу, зӕгъӕм, Моисейы рӕстӕджы, куыд кодта, афтӕ (Рац. 3:2–4; Йес. Н. 4:1, 15; 5:2, 9; Хъуыд. 7:38; Гал. 3:19).

6–8. а) Йегъовӕйы разамынд израилӕгтӕй кӕмӕдӕрты ӕнахуыр цӕмӕн фӕкастаид? б) Цӕмӕй у бӕрӕг, Йегъовӕ сын уыцы разамынд кӕй радта, уый дзӕгъӕлы кӕй нӕ уыд, стӕй йӕ афоныл кӕй уыди? (Кӕс ма фиппаинаг дӕр.)

6 Йегъовӕйы номӕй чи архайдта, уыцы зӕд Йесо Навинӕн бӕлвырд амындтӕ радта, Иерихон куыд бацахсой, уый фӕдыл. Уыцы амындтӕй кӕцыдӕртӕ израилӕгтӕм фыццаг, чи зоны, ӕнахуыр фӕкастаиккой. Зӕгъӕм, Йегъовӕ йын бафӕдзӕхста, цӕмӕй Израилы нӕлгоймӕгтӕн се ’ппӕтӕн дӕр сунӕт скӕнын кодтаид. Фӕлӕ афтӕмӕй цалдӕр боны дӕргъы хӕцынхъом нӕ уыдаиккой, ӕмӕ уӕдӕ уӕд сунӕт кӕныны рӕстӕг уыд? (Райд. 34:24, 25; Йес. Н. 5:2, 8).

7 Чи зоны, израилаг хӕстонтӕ хъуыды кодтой: «Знӕгтӕ нӕм куы ’рбабырсой, уӕд ма нӕ бинонты куыд бахъахъхъӕндзыстӕм?» Фӕлӕ фӕстӕдӕр ахӕм хабар фехъуыстой, зӕгъгӕ, дам, «Израилы фыртты тӕссӕй Иерихоны цӕрджытӕ сӕ горӕты кулдуӕрттӕ фидар сӕхгӕдтой» (Йес. Н. 6:1). Уыцы хабар фехъусгӕйӕ израилӕгтӕ Хуыцауы разамындыл ноджы тынгдӕр ӕууӕндын куыннӕ райдыдтаиккой!

8 Уымӕй уӕлдай ма сӕ зӕд бафӕдзӕхста, цӕмӕй Иерихонмӕ ма бабырстаиккой. Ӕмӕ сын загъта, цӕмӕй-иу ӕхсӕз боны дӕргъы горӕты алыварс иу хатт ӕрзылдаиккой, ӕвдӕм бон та – авд хатты. Израилы хӕстонтӕй чидӕртӕ, чи зоны, ахъуыды кодтаиккой: «Нӕ рӕстӕг дзӕгъӕлы нӕ фесафдзыстӕм ӕмӕ нӕ тыхтӕ дзӕгъӕлы нӕ бахардз кӕндзыстӕм?!» Фӕлӕ сӕ Разамонӕг, Йегъовӕ, цы аразын хъӕуы, уый зыдта. Израилӕгтӕ йын йӕ разамындмӕ байхъуыстой, ӕмӕ Иерихон бацахстой, горӕты цӕрджытимӕ сӕ хӕцын дӕр нӕ бахъуыд, афтӕмӕй. Ӕмӕ уӕд бамбӕрстой, Йегъовӕ сын уыцы амындтӕ дзӕгъӕлы кӕй нӕ радта, ӕмӕ сӕ уырнындзинад бафидар (Йес. Н. 6:2–5; Дзут. 11:30) *.

9. Йегъовӕйы организаци цы разамынд дӕтты, уымӕ гӕсгӕ цӕмӕн хъуамӕ архайӕм? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

9 Ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Хатгай, чи зоны, кӕронмӕ нӕ фембарӕм, нӕ организаци цавӕрдӕр ивындзинӕдтӕ цӕмӕн скӕны, уый. Зӕгъӕм нӕ куы разӕнгард кодтой, цӕмӕй Библи ахуыр кӕнгӕйӕ, стӕй уацамынды ӕмӕ ӕмбырдты рӕстӕг телефонтӕй ӕмӕ планшеттӕй пайда кӕнӕм, уӕд нӕм уый райдианты, чи зоны, бынтон хорз нӕ каст. Фӕлӕ ныр, ӕвӕццӕгӕн, ӕмбарӕм, стыр ӕххуыс нын кӕй сты. Нӕ организацийы цы ивындзинӕдтӕ ӕрцӕуы, уыдон цы пайда хӕссынц, уый куы фӕуынӕм, уӕд нӕ уырнындзинад бафидар вӕййы, стӕй уый нӕ иудзинадӕн дӕр ахъаз кӕны.

ЧЫРЫСТИ ФЫЦЦАГ ӔНУСЫ ЧЫРЫСТӔТТӔН РАЗАМЫНД КУЫД ЛӔВӔРДТА

10. Хабӕрттӕ афтӕ чи рауайын кодта, цӕмӕй разамонӕг совет сунӕт кӕныны фарста алыг кодтаид?

10 Корнилий уырнӕг куы сси, уымӕй иу-13 азы фӕстӕ дӕр дзуттаг чырыстӕттӕй чидӕртӕ дзырдтой, ӕндӕр адӕмтӕй чи уыд, уыцы чырыстӕтты ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы сунӕт кӕнын (Хъуыд. 15:1, 2). Антиохийы иуӕй-иутӕ уыцы фарстайы фӕдыл быцӕу кодтой. Уӕд ӕфсымӕртӕ бауынаффӕ кодтой, цӕмӕй Павел Иерусалиммӕ разамонӕг советмӕ уыцы хъуыддаджы фӕдыл ацыдаид. Фӕлӕ цымӕ афтӕ кӕй разамындӕй бакодтой? Павел загъта: «Цӕугӕ... уымӕн акодтон, ӕмӕ мын уӕларвӕй афтӕ раргом». Дзырд дӕр ыл нӕй, хабӕрттӕ афтӕ Чырысти рауайын кодта, цӕмӕй разамонӕг совет уыцы фарста алыг кодтаид (Гал. 2:1–3).

Чырысти фыццаг ӕнусы ӕмбырдтӕн разамынд лӕвӕрдта (кӕс 10, 11 абзацтӕ)

11. а) Дзуттаг чырыстӕттӕй бирӕтӕ сунӕт кӕныны фарстамӕ цы цӕстӕй кастысты? б) Павел Иерусалимы хистӕр нӕлгоймӕгты разамындмӕ гӕсгӕ сӕрныллӕгӕй кӕй архайдта, уый цӕмӕй у бӕрӕг? (Кӕс ма фиппаинаг дӕр.)

11 Чырыстийы разамындӕй разамонӕг совет уынаффӕ рахаста, дзуттаг чи нӕу, уыцы чырыстӕтты сунӕт кӕнын кӕй нӕ хъӕуы (Хъуыд. 15:19, 20). Фӕлӕ уыцы хабарӕй бирӕ рӕстӕг куы рацыд, уӕд дӕр ма-иу дзуттаг чырыстӕттӕй бирӕтӕ сӕ сывӕллӕттӕн сунӕт скодтой. Иерусалимы ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ фехъуыстой, адӕм Павелы кӕй аххосджын кӕнынц, зӕгъгӕ, дам, Моисейы закъон не ’ххӕст кӕны. Гъемӕ йын загътой, куыд бакӕна, уый (Хъуыд. 21:20–26) *. Хъуамӕ цыппар нӕлгоймаджы йемӕ кувӕндонмӕ акодтаид, цӕмӕй сӕхи закъонмӕ гӕсгӕ ссыгъдӕг кодтаиккой, ӕмӕ иууылдӕр федтаиккой, Павел Закъон кӕй ӕххӕст кӕны. Гӕнӕн ис, Павел сын загътаид: «Ӕмӕ уый цас раст у?! Хъуыддаг, мӕнӕй цы дзурынц, уый мидӕг нӕй, фӕлӕ, дзуттаг чырыстӕттӕй чидӕртӕ сунӕт кӕныны фарста кӕронмӕ кӕй не ’мбарынц, уый мидӕг». Фӕлӕ Павел ӕмбӕрста, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбырды иудзинадыл кӕй тыхсынц, ӕмӕ сын сӕ уынаффӕмӕ сӕрныллӕгӕй байхъуыста. Фӕлӕ цымӕ Чырыстийы уыйбӕрц рӕстӕг цӕмӕн бахъуыд, цӕмӕй сунӕт кӕныны фарста кӕронмӕ лыггонд ӕрцыдаид, кӕд ӕмӕ йӕ мӕлӕт Моисейы закъонӕн кӕрон скодта, уӕд? (Кол. 2:13, 14).

12. Цымӕ Чырыстийы уыйбӕрц рӕстӕг цӕмӕн бахъуыд, цӕмӕй сунӕт кӕныны фарста кӕронмӕ лыггонд ӕрцыдаид?

12 Адӕймаджы хатгай бахъӕуы рӕстӕг, цӕмӕй ног разамындмӕ гӕсгӕ архайын райдайа. Дзуттаг чырыстӕттӕй дӕр кӕйдӕрты хъуыди рӕстӕг сӕ зондахаст фӕивынӕн. Моисейы закъон ӕххӕст кӕнын кӕй нал хъӕуы, ууыл сразы уыдаиккой, уый сын зын уыд (Иоан. 16:12). Уыцы чырыстӕттӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ, цӕмӕй Хуыцауы ӕвзӕрст адӕмӕй уай, уый тыххӕй хъуамӕ сунӕтгонд уай (Райд. 17:9–12). Чидӕртӕ та сунӕт уый тыххӕй кодтой, ӕмӕ ӕфхӕрд баййафынӕй тарстысты (Гал. 6:12). Фӕлӕ рӕстӕг куы ’рцыд, уӕд Чырысти Павелы фыстӕджыты уылты сунӕт кӕныны фарста ноджы бӕлвырддӕр бамбарын кодта (Ром. 2:28, 29; Гал. 3:23–25).

ЧЫРЫСТИ АБОН ДӔР ӔМБЫРДТӔН РАЗАМЫНД ДӔТТЫ

13. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Чырыстийы разамындмӕ алкӕддӕр хъусӕм?

13 Чырысти абон дӕр ӕмбырдтӕн разамынд дӕтты. Уӕдӕ, нӕ организаци цавӕрдӕр ивындзинад цӕмӕн сарӕзта, уый кӕронмӕ куы не ’мбарай, уӕд-иу ахъуыды кӕн, Чырысти раджы заманты Хуыцауы адӕмӕн разамынд куыд лӕвӕрдта, ууыл. Йесо Навины рӕстӕджы дӕр ӕмӕ фыццаг ӕнусы дӕр Чырысти цы разамынд лӕвӕрдта, уый фӕрцы Хуыцауы адӕм уыдысты хъахъхъӕд, сӕ уырнындзинад уыд фидар ӕмӕ се ’хсӕн уыд иудзинад (Дзут. 13:8).

14–16. «Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» цы разамынд дӕтты, уымӕй куыд зыны, Чырысти нын нӕ уырнындзинадыл кӕй тыхсы?

14 Чырысти нын абон афоныл разамынд дӕтты «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уылты, ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, нӕ уырнындзинадыл нын кӕй тыхсы (Матф. 24:45). Цыппар сывӕллоны кӕмӕн ис, иу ахӕм ӕфсымӕр, Марк, ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Хӕйрӕг ӕмбырдты уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ кӕнынмӕ хъавы ӕмӕ уый тыххӕй йӕ тыхтӕ бинонты ныхмӕ сарӕзта. Фӕлӕ нын ныр алы къуыри дӕр ис иу изӕр бинонты ахуыр уадзынӕн, ӕмӕ бинонты хистӕртӕ ӕмбарынц: хъуамӕ сӕ бинонты, тӕссаг сын цӕмӕй у, уыдӕттӕй хъахъхъӕной».

15 Чырысти разамынд куыд дӕтты, уымӕ нӕ хъус лӕмбынӕг куы дарӕм, уӕд ӕмбардзыстӕм, нӕ уырнындзинадыл нын кӕй тыхсы. Хистӕр нӕлгоймагӕй чи лӕггад кӕны, иу ахӕм ӕфсымӕр, Патрик, загъта: «Ӕмбырдтӕ улӕфгӕ бонты уацамындон фембӕлдтӕ гыццыл къордтӕй уадзын куы райдыдтой, уӕд уый кӕмӕндӕрты фыццаг зын уыд. Фӕлӕ уыцы ивындзинад ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Чырысти, ӕххуысхъуаг чи у, уыдоныл зӕрдиагӕй тыхсы. Ӕфсӕрмыгӕнаг чи у ӕмӕ уацамынды арӕх чи нӕ вӕййы, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ныр ноджы тынгдӕр ӕнкъарынц, иннӕтӕ сын кӕй аргъ кӕнынц, стӕй ӕмбарынц, уыдонӕн дӕр сӕ бон кӕй у хъусын кӕныны хъуыддагмӕ сӕ фыдӕбоны хай бахӕссын. Ӕмӕ ныр зӕрдиагдӕрӕй хъусын кӕнынц».

16 Чырысти ма нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ хъарутӕ иууылдӕр хъусын кӕнынмӕ саразӕм, уымӕн ӕмӕ абон зӕххыл уымӕй ахсджиагдӕр куыст нӕй. (Бакӕс Марчы 13:10.) Андре ӕрӕджы райдыдта хистӕр нӕлгоймагӕй лӕггад кӕнын, ӕмӕ, Хуыцауы организаци исты ног разамынд куы ратты, уӕд фӕархайы, цӕмӕй-иу уымӕ гӕсгӕ бакӕна. Андре загъта: «Филиалты чи лӕггад кӕны, уыдоны нымӕц кӕй фӕкъаддӕр кодтой, уый нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, кӕрон хӕстӕг кӕй у, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ тынг ахсджиаг кӕй у хъусын кӕныны хъуыддаджы нӕ тых, нӕ бонӕй архайын».

ЧЫРЫСТИЙЫ РАЗАМЫНДМӔ ГӔСГӔ НӔ БОН КУЫД У АРХАЙЫН?

17, 18. Йегъовӕйы организацийы цы ивындзинӕдтӕ ’рцӕуы, уыдон нын цы пайда хӕссынц, ууыл хъуыды кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

17 Нӕ Паддзах, Йесо Чырысти, Хуыцауы адӕмӕн цы разамынд дӕтты, уый нын абон дӕр пайда хӕссы ӕмӕ нын фидӕны дӕр стыр ӕххуыс уыдзӕн. Ахъуыды кӕн, нӕ организаци ӕрӕджы цы ивындзинӕдтӕ сарӕзта, уыдонмӕ гӕсгӕ кӕй архайыс, уый дын цы пайда хӕссы, ууыл. Зӕгъӕм, бинонты ахуыры рӕстӕг ис аныхас кӕнӕн, фембӕлдтимӕ ӕмӕ уацамындимӕ баст хъуыддӕгты цы ивындзинӕдтӕ ӕрцыд, уыдон дӕ бинонтӕн цы ’ххуыс фесты, ууыл.

Дӕ бинонтӕн ӕмӕ ӕмбырды иннӕтӕн феххуыс кӕныс, цӕмӕй Йегъовӕйы организациимӕ размӕ цӕуой? (кӕс 17, 18 абзацтӕ)

18 Йегъовӕйы организаци цы разамынд ратты, уый алкӕддӕр пайда ӕрхӕссы, ӕмӕ уый куы ’мбарӕм, уӕд уыцы разамындмӕ гӕсгӕ зӕрдиагдӕрӕй архайдзыстӕм. Зӕгъӕм, раздӕрау бирӕ литературӕ кӕй нал мыхуыр кӕнӕм, уый фӕрцы нӕ бон у ӕхца фӕстауӕрц кӕнын. Стӕй ног технологитӕй кӕй пайда кӕнӕм, уый фӕрцы нӕ бон у хорз хабар фылдӕр адӕммӕ фӕхӕццӕ кӕнын. Ӕмӕ нын уый ӕхсызгон куыннӕ у. Уӕдӕ хорз уаид, электронон публикацитӕй, стӕй видеороликтӕй ӕмӕ аудиозаписьтӕй, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, арӕхдӕр куы пайда кӕниккам. Афтӕмӕй равдисдзыстӕм, Чырыстийӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй Хуыцауы организацийы ӕхца, хуыздӕр куыд у, афтӕ хардзгонд цӕуа.

19. Чырыстийы разамындмӕ гӕсгӕ цӕмӕн хъуамӕ архайӕм?

19 Чырыстийы разамындмӕ гӕсгӕ куы фӕархайӕм, уӕд уый фӕрцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты уырнындзинад бафидар вӕййы, стӕй уый ӕмбырды иудзинадӕн дӕр стыр ахъаз у. Гыццыл раздӕр кӕй кой кодтам, уыцы ӕфсымӕр, Андре, ӕгас зӕххыл дӕр филиалты чи лӕггад кӕны, уыдоны нымӕц кӕй фӕкъаддӕр, уыцы хабары фӕдыл загъта: «Вефилы чи нал лӕггад кӕны, уыдон уыцы ивындзинадмӕ раст цӕстӕй кӕй ракастысты, уый тыххӕй сын тынг аргъ кӕнын. Ӕмӕ Чырыстийы разамындыл дӕр ноджы тынгдӕр ӕууӕндын райдыдтон. Уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ Йегъовӕйы организациимӕ размӕ цӕуынц ӕмӕ сын сӕ бӕрны цыфӕнды хӕстӕ ма бакӕной, уӕддӕр сӕ цингӕнгӕйӕ ӕххӕст кӕнынц».

УӔ УЫРНЫНДЗИНАД ФИДАР УӔД ӔМӔ УӔ НЫФС НӔ РАЗАМОНӔГЫЛ ДАРУТ

20, 21. а) Нӕ бон цӕмӕн у нӕ ныфс нӕ Разамонӕгыл, Чырыстийыл, дарын? б) Иннӕ статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

20 Тагъд рӕстӕджы нӕ Разамонӕг, Йесо Чырысти, йе знӕгтыл «фӕуӕлахиз уыдзӕн» ӕмӕ «равдисдзӕн, адӕймагыл тас чи ’фтауы, ахӕм хъуыддӕгтӕ» (Рарг. 6:2; Пс. 45:4). Ныр та уал нӕ цӕттӕ кӕны ног дунейы цӕрынмӕ ӕмӕ нӕм цы куыст ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕ – хъӕудзӕн нӕ, чи райгас уа, уыдоны ахуыр кӕнын ӕмӕ зӕххӕй дзӕнӕт аразын.

21 Нӕ ныфс цыфӕнды уавӕрты дӕр нӕ Разамонӕгыл ӕмӕ нӕ Паддзахыл куы дарӕм, уӕд нӕ ног дунемӕ ӕнӕмӕнгдӕр бакӕндзӕн. (Бакӕс Псалом 46:1–3.) Хатгай ивындзинӕдтыл зынтӕй сахуыр вӕййӕм, уӕлдайдӕр та, нӕ царды исты ӕнӕнхъӕлӕджы куы фӕивы, уӕд. Ахӕм уавӕрты нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ зӕрдӕйы фарн бахъахъхъӕнӕм ӕмӕ нӕ ныфс Хуыцауыл дарӕм? Ацы фарстайыл дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.

^ 8 абз. Археологтӕ Иерихоны хӕлддзӕгтӕ куы сгӕрстой, уӕд дзы ссардтой бирӕ хор ӕмӕ ӕндӕр хӕринӕгтӕ, ӕмӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ израилӕгтӕ горӕтыл куы ’ртыхстысты, уӕд ӕй цыбыр рӕстӕгмӕ бацахстой. Йегъовӕ сӕ бафӕдзӕхста, цӕмӕй горӕтӕй мацы рахастаиккой, ӕмӕ цымӕ уӕд хӕргӕ та цы кодтой? Хуыцау уыцы зӕхх бацахсынӕн равзӕрста тынг хорз рӕстӕг, уымӕн ӕмӕ уӕд хуымгӕрдӕнты афон уыд ӕмӕ быдырты уыд бирӕ хор (Йес. Н. 5:10–12).

^ 11 абз. Кӕс 2003 азы 1 апрелы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», рамкӕ «Павел фӕлварӕны йӕхи равдыста сӕрныллӕг адӕймагӕй», 16 фарс.