Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Зыдтай йӕ?

Зыдтай йӕ?

Ахуыргӕнинаг Стефан ӕфхӕрд ӕййафгӕйӕ сабыр цӕй фӕрцы уыд?

СТЕФАНЫ ӕрлӕууын кодтой Синедрионы раз, ома Израилы Сӕйраг тӕрхондоны раз, ӕмӕ йын знӕт адӕм тӕрхон кодтой. Уыдон уыдысты 71 тӕрхонгӕнӕджы ӕмӕ сӕм уыд стыр бартӕ. Ӕрӕмбырд сӕ кодта хистӕр сауджын Кайафӕ. Уымӕй цалдӕр мӕйы размӕ Йесойӕн мӕлӕты тӕрхон куы рахастой, уӕд Кайафӕ уыд тӕрхондоны сӕргълӕууӕг (Матф. 26:57, 59; Хъуыд. 6:8–12). Стефаны ныхмӕ мӕнгӕвдисӕнты иу иннӕйы фӕдыл кодтой, цӕмӕй йӕ фӕаххосджын кодтаиккой. Тӕрхонгӕнджытӕ Стефанмӕ кӕсгӕйӕ федтой, «йӕ цӕсгом зӕды цӕсгомы хуызӕн кӕй уыди», ӕмӕ сӕм уый диссаг куыннӕ фӕкастаид (Хъуыд. 6:13–15).

Стефан ахӕм зын уавӕры сабыр ӕмӕ ӕнӕмӕт цӕй фӕрцы уыд? Сӕйраг тӕрхондонмӕ йӕ куы ’рбакодтой, уый размӕ Йегъовӕйӕн ӕппӕт хъарутӕй лӕггад кодта, ӕмӕ йын уый ӕнтыст Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы (Хъуыд. 6:3–7). Ӕмӕ йын ныр тӕрхондоны дӕр уыцы сыгъдӕг тых ӕххуыс кодта – ныфс дзы уагъта ӕмӕ йын йӕ зӕрдыл лӕууын кодта, цы дзурын хъӕуы, уый (Иоан. 14:16, фип.). Хъуыддӕгты 7 сӕрӕй куыд зыны, афтӕмӕй Стефан йӕхи сӕрыл ныфсджынӕй дзырдта, ӕмӕ йын сыгъдӕг тых Дзуттаг Фыстытӕй 20 скъуыддзаджы бӕрц йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта (Иоан. 14:26). Стефаны уырнындзинад ма ноджы тынгдӕр бафидар, цӕстылуайӕны Йесойы Хуыцауы рахиз фарс лӕугӕ куы федта, уӕд (Хъуыд. 7:54–56, 59, 60).

Мах дӕр, гӕнӕн ис, тӕссаг уавӕры бахауӕм ӕмӕ ӕфхӕрд баййафӕм (Иоан. 15:20). Фӕлӕ Библи ӕдзух куы кӕсӕм ӕмӕ Хуыцауӕн зынгзӕрдӕйӕ куы лӕггад кӕнӕм, уӕд Хуыцауы сыгъдӕг тых нӕ мидӕг архайдзӕн. Стӕй нӕм фидар фӕлӕууынӕн тыхтӕ уыдзӕн ӕмӕ нӕ зӕрдӕтӕ уыдзысты сабыр (1 Пет. 4:12–14).