Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Ӕз цӕудзынӕн дӕ раст фӕндагыл»

«Ӕз цӕудзынӕн дӕ раст фӕндагыл»

«О Йегъовӕ, сараз мӕ дӕ фӕндагыл, ӕз цӕудзынӕн дӕ раст фӕндагыл» (ПС. 86:11).

ЗАРДЖЫТӔ: 31, 72

1–3. а) Библийы рӕстдзинадмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм? Ӕрхӕсс цӕвиттон. (Кӕс нывтӕм статьяйы райдианы.) б) Цавӕр фарстатӕм ӕркӕсдзыстӕм?

АБОН арӕх афтӕ вӕййы, ӕмӕ адӕймаг дуканийы цыдӕр балхӕны ӕмӕ йӕ стӕй фӕстӕмӕ ратты. Бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, иуӕй-иу бӕстӕты адӕм дуканиты цы дзауматӕ балхӕнынц, уыдонӕй 9 проценты бӕрц фӕстӕмӕ раттынц. Интернетӕй цы балхӕнынц, уыдӕттӕй та хатгай фӕстӕмӕ арвитынц 30 процентӕй фылдӕр. Чи зоны, уыцы дзауматӕ сӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцӕуынц, йе та саст кӕнӕ скъуыд разынынц. Ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ бафӕнды уыцы дзауматӕ ӕндӕр истӕуыл баивын кӕнӕ та се ’хца фӕстӕмӕ райсын.

2 Кӕд дзаума фӕстӕмӕ раттӕн ӕмӕ цы ӕхца фыст ӕрцыд, уый фӕстӕмӕ райсӕн ис, уӕд рӕстдзинадӕй та уый зӕгъӕн нӕй. Иугӕр Библийы рӕстдзинад балхӕдтам, кӕнӕ, «рӕстдзинад цы у, уый бӕлвырдӕй базыдтам», уӕд ӕй хъуамӕ макуыуал «ауӕй кӕнӕм». (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 23:23; 1 Тим. 2:4.) Айразмӕйы статьяйы куыд федтам, афтӕмӕй нӕ алкӕй дӕр рӕстӕг бахъуыд, цӕмӕй рӕстдзинад базыдтаиккам. Кӕйдӕрты нӕ, чи зоны, бахъуыд нӕ хорз куыстыл нӕ къух сисын. Кӕнӕ та, рӕстдзинады фӕндагыл куы слӕууыдыстӕм, уӕд нӕм, чи зоны, нӕ хиуӕттӕ ӕмӕ не ’мбӕлттӕ сӕ зӕрдӕйы ахаст фӕивтой. Йе та нӕ, гӕнӕн ис, бахъуыд нӕ зондахаст фӕивын ӕмӕ цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзын кӕнӕ та, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм ӕгъдӕуттыл ӕмӕ бӕрӕгбӕттыл нӕ къух сисын. Фӕлӕ, нӕ къух цӕуыл систам, уыдӕттӕ ницы сты, цы арфӕдзинӕдтӕй схайджын стӕм, уыдонимӕ абаргӕйӕ.

3 Рӕстдзинад чи агуры ӕмӕ йӕ чи ссары, уыдоны абарӕн ис, Йесо Чырысти йӕ фӕсномыг ныхасы цы сӕудӕджеры кой кодта, уыимӕ. Уыцы сӕудӕджер агуырдта зынаргъ налхъуыттӕ, ӕмӕ, иу ахӕм налхъуыт куы ссардта, уӕд ӕм «цыдӕриддӕр уыди, уый уыцы сахат ауӕй кодта», цӕмӕй йӕ балхӕдтаид (Матф. 13:45, 46). Мах дӕр афтӕ бакодтам. Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕмӕ ма Библийӕ ноджыдӕр ӕндӕр хабӕртты тыххӕй рӕстдзинад куы базыдтам, уӕд нын афтӕ зынаргъ сси, ӕмӕ цӕттӕ уыдыстӕм нӕхи цӕмӕйфӕнды дӕр фӕцух кӕнынмӕ, цӕмӕй раст фӕндагыл слӕууыдаиккам. Ӕмӕ цалынмӕ рӕстдзинадӕн аргъ кӕнӕм, уӕдмӕ йӕ никуы «ауӕй кӕндзыстӕм». Фӕлӕ, хъыгагӕн, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй иуӕй-иутӕ рӕстдзинадӕн нал аргъ кӕнынц, чидӕртӕ та йӕ суанг уӕй дӕр акодтой. Ахӕм хабар махыл макуы ӕрцӕуӕд! Цӕмӕй рӕстдзинадӕн аргъ кӕнӕм ӕмӕ йӕ макуы ауӕй кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ «дарддӕр дӕр рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ... цӕрӕм». (Бакӕс 3 Иоанны 2–4.) Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нын царды ӕппӕты сӕйраг рӕстдзинад хъуамӕ уа. Мах ӕркӕсдзыстӕм ӕртӕ фарстамӕ: афтӕ куыд рауайы, ӕмӕ иуӕй-иутӕ рӕстдзинад «ауӕй кӕнынц»? Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй ахӕм стыр рӕдыдӕй нӕхи бахизӕм? Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй раст фӕндагыл фӕндфидарӕй цӕуӕм?

АФТӔ КУЫД РАУАЙЫ, ӔМӔ ИУӔЙ-ИУТӔ РӔСТДЗИНАД «АУӔЙ КӔНЫНЦ»?

4. Фыццаг ӕнусы иуӕй-иутӕ рӕстдзинад цӕмӕн «ауӕй кодтой»?

4 Фыццаг ӕнусы Йесойы ахуырӕдтӕ йӕ зӕрдӕмӕ чи айста, уыдонӕй кӕйдӕрты фӕстӕдӕр нал фӕндыд рӕстдзинады фӕндагыл цӕуын. Зӕгъӕм, Йесо бирӕ адӕмы диссаджы хуызы куы бафсӕста, уӕд бирӕтӕ йӕ фӕдыл Галилейӕйы денджызы иннӕ фарсмӕ ацыдысты. Фӕлӕ сын стӕй Йесо загъта, арвыцӕфау кӕмӕй фесты, ахӕм ныхӕстӕ: «Адӕймаджы Фырты буар куы нӕ хӕрат ӕмӕ йын йӕ туг куы нӕ нуазат, уӕд цард нӕ фендзыстут». Уыцы ныхӕстӕй йӕ цы зӕгъын фӕнды, уымӕй бафӕрсыны бӕсты уыдон загътой: «Ай цӕй ӕнахуыр ныхӕстӕ кӕны! Кӕй бон у уыдӕттӕм хъусын?» Йӕ ныхӕстӕ сын къуылымпыйы хос фесты, ӕмӕ «уый тыххӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй бирӕтӕ сӕ раздӕры хъуыддӕгтӕм аздӕхтысты ӕмӕ йемӕ нал цыдысты» (Иоан. 6:53–66).

5, 6. а) Иуӕй-иутӕ Йегъовӕйӕ зонгӕ-зонын цӕмӕн адард вӕййынц? б) Афтӕ куыд рауайы, ӕмӕ адӕймаг рӕстдзинад сабыргай ныууадзы?

5 Хъыгагӕн, абон дӕр чидӕртӕ рӕстдзинад ныууадзынц. Иуӕй-иутӕн цӕлхдур сси, нӕ организаци Библийы ахуырӕдтӕй кӕцыдӕртӕ ӕндӕрхуызон кӕй бамбарын кодта. Иннӕтӕн та къуылымпыйы хос фӕци, бирӕтӕ кӕй зонынц, ахӕм ӕфсымӕртӕй чидӕр цы загъта кӕнӕ цы сарӕзта, уый. Кӕмӕдӕрты та хъыг фӕкаст, Библийӕ сын уынаффӕ кӕй радтой, уый. Чидӕртӕ та рӕстдзинад ныууагътой, се ’мчырыстӕттӕй кӕимӕдӕрты кӕй нал фидыдтой, уый тыххӕй. Иуӕй-иу чырыстӕттӕ та, раст дины ныхмӕ чи сси кӕнӕ та нын нӕ ахуырӕдты ныхмӕ чи фӕдзуры, уыдоны зондыл ацыдысты. Уыдӕтты тыххӕй Йегъовӕйӕ ӕмӕ ӕмбырдӕй зонгӕ-зонын адард сты (Дзут. 3:12–14). Цас хуыздӕр уыдаид, сӕ уырнындзинад фӕцудын куы нӕ бауагътаиккой ӕмӕ апостол Петрау сӕ ныфс Йесойыл куы дардтаиккой! Йесо йӕ апостолты куы бафарста, мыййаг, сымах дӕр нӕ фӕнды ацӕуын, зӕгъгӕ, уӕд ын Петр ӕнӕ рахъуыды-бахъуыдыйӕ загъта: «Хицау, кӕмӕ хъуамӕ ацӕуӕм? Дӕумӕ куы сты, ӕнусон цардмӕ чи кӕны, уыцы ныхӕстӕ» (Иоан. 6:67–69).

6 Чидӕртӕ та рӕстдзинад сабыргай ныууадзынц, чи зоны йӕ сӕхӕдӕг ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакӕнынц, афтӕ куыд рауад, уый. Ахӕм адӕймӕгты абарӕн ис, былӕй сабыргай иуварс кӕй ахӕссы, ахӕм бӕлӕгъимӕ. Библи нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй къӕрцхъус уӕм, ӕмӕ нӕ «уырнындзинады фӕндагӕй иуварс ма ахӕсса» (Дзут. 2:1). Иуварс кӕй ахӕссы, уыдонӕй афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ Хуыцауӕй зонгӕ-зонын адард вӕййынц. Фӕлӕ уӕддӕр уый тыххӕй, гӕнӕн ис, Йегъовӕимӕ сын цы хӕлардзинад ис, уымӕй сӕхи ӕнӕхай фӕкӕной. Ахӕм стыр рӕдыдӕй нӕхи цӕй фӕрцы бахиздзыстӕм?

ЦӔМӔЙ РӔСТДЗИНАД МА АУӔЙ КӔНӔМ, УЫЙ ТЫХХӔЙ НӔ ЦЫ ХЪӔУЫ АРАЗЫН?

7. Цӕмӕй рӕстдзинад ма ауӕй кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ фыццаджыдӕр цы хъӕуы аразын?

7 Цӕмӕй раст фӕндагыл дарддӕр дӕр цӕуӕм, уый тыххӕй хъуамӕ, Йегъовӕ нын цыдӕриддӕр дзуры, уыимӕ разы уӕм ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр йӕ коммӕ кӕсӕм. Хъуамӕ нын рӕстдзинад царды ӕппӕты сӕйраг уа ӕмӕ Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрӕм. Паддзах Давид Хуыцаумӕ кувгӕйӕ загъта: «Ӕз цӕудзынӕн дӕ раст фӕндагыл» (Пс. 86:11). Давид уыд фӕндфидар. Мах дӕр хъуамӕ нӕхицӕн фидарӕй зӕгъӕм, Хуыцауы раст фӕндагыл алкӕддӕр кӕй цӕудзыстӕм. Науӕд, чи зоны, фӕсмон кӕнын райдайӕм, рӕстдзинады тыххӕй цавӕрдӕр аргъ кӕй бафыстам, ууыл ӕмӕ нӕ, гӕнӕн ис, ӕрфӕнда, нӕ къух цӕуыл систам, уыдӕттӕй истӕмӕ фӕстӕмӕ аздӕхын. Раст нӕ уаид, рӕстдзинадимӕ баст хабӕрттӕй иутимӕ разы куы уаиккам, иннӕтӕ та куы ницӕмӕ дариккам. Хъуамӕ, Хуыцауы Ныхасы цыдӕриддӕр фыст ис, уыимӕ разы уӕм. Айразмӕйы статьяйы дзырд цыд, рӕстдзинад базоныны тыххӕй нӕ къух цавӕр фондз хъуыддагыл систам, ууыл. Ныр та базондзыстӕм, цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй уыдӕттӕм фӕстӕмӕ мауал аздӕхӕм (Матф. 6:19).

8. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ, чырыстон йӕ рӕстӕгӕй ӕмбаргӕйӕ куы нӕ пайда кӕна, уӕд ӕй рӕстдзинады фӕндагӕй иуварс ахӕсдзӕн? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

8 Рӕстӕг. Цӕмӕй нӕ рӕстдзинады фӕндагӕй иуварс ма ахӕсса, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ рӕстӕгӕй ӕмбаргӕйӕ пайда кӕнӕм. Къӕрцхъус куы нӕ уӕм, уӕд, чи зоны, ӕгӕр бирӕ рӕстӕг хардз кӕнын райдайӕм ирхӕфсӕнтыл, нӕ зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм хъуыддӕгтыл, интернетыл ӕмӕ телевизорыл. Кӕд ацы хъуыддӕгтӕ ӕвзӕр схонӕн нӕй, уӕддӕр сыл, гӕнӕн ис, бирӕ рӕстӕг цӕуа ӕмӕ нын Библи иртасынӕн ӕмӕ ӕндӕр ахӕм ахсджиаг хъуыддӕгтӕн фаг рӕстӕг мауал уа. Ӕркӕсӕм иу хойы, Эммӕйы *, хабармӕ. Йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ бӕхтӕ ӕмӕ бӕхыл бадын тынг уарзта, ӕмӕ-иу ын куыддӕр фадат фӕци, афтӕ-иу бӕхтӕм атындзыдта. Иуафон йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл ӕрхудт, йӕ рӕстӕг иууылдӕр уыцы хъуыддагыл кӕй цыд, уый тыххӕй, ӕмӕ йӕхицӕн загъта, ууыл къаддӕр рӕстӕг кӕй хардз кӕндзӕн. Стӕй ма йын стыр ӕххуыс фӕци, раздӕр-иу дугъон бӕхтыл ерысты чи архайдта, уыцы хо Кори Уеллсы цӕвиттон дӕр *. Ныртӕккӕ Эммӕ йӕ рӕстӕгӕн йӕ фылдӕр хай хардз кӕны Хуыцауы хъуыддӕгтыл, стӕй йӕ рӕстӕг фервиты йӕ чырыстон бинонтӕ ӕмӕ ӕмбӕлттимӕ. Эммӕ Йегъовӕмӕ баввахс, стӕй йӕхицӕй райгонд у, уымӕн ӕмӕ ныр йӕ рӕстӕгӕй ӕмбаргӕйӕ пайда кӕны.

9. Афтӕ куыд рауайы, ӕмӕ кӕмӕндӕрты мулк ӕмӕ ӕхца царды ӕппӕты сӕйраг свӕййынц?

9 Куыст ӕмӕ ӕхца. Цӕмӕй рӕстдзинады фӕндагыл дарддӕр дӕр цӕуӕм, уый тыххӕй хъуамӕ къӕрцхъус уӕм, цӕмӕй нын куыст ӕмӕ ӕхца царды ӕппӕты сӕйраг ма суой. Рӕстдзинад куы базыдтам, уӕд бамбӕрстам, куыст ӕмӕ ӕхцайӕ бирӕ ахсджиагдӕр кӕй у Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын, ӕмӕ цӕттӕ уыдыстӕм, бирӕ ӕхца бакусынӕн нын цы фадӕттӕ уыд, уыдоныл нӕ къух сисынмӕ. Фӕлӕ, рӕстӕг куыд цӕуы, афтӕ, гӕнӕн ис, тӕхуды кӕнын райдайӕм, ног техникӕ, зӕгъӕм, телефон, чи балхӕны ӕмӕ хъӕздыг цард чи кӕны, уыдонмӕ. Чи зоны нӕм афтӕ кӕсын райдайа, ӕмӕ царды хорздзинӕдтӕй цух стӕм. Цы нын ис, уый фагыл куы нал нымайӕм, уӕд, гӕнӕн ис, тырнын райдайӕм фылдӕр ӕхца бакусынмӕ, Хуыцауы хъуыддӕгтӕ та нын афтӕ ахсджиаг мауал уой. Уый нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны Димасы хабар. Димас «ацы дуне» бауарзта ӕмӕ, Павелимӕ иумӕ цы хӕстӕ ӕххӕст кодтой, уыдоныл йӕ къух систа (2 Тим. 4:10). Цымӕ цӕмӕн бакодта афтӕ? Чи зоны, Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕй фылдӕр уарзын райдыдта мулк ӕмӕ ӕхца. Кӕнӕ та йӕ, чи зоны, нал фӕндыд Павелимӕ лӕггад кӕныны тыххӕй йӕхи истӕмӕйты цух кӕнын. Йӕ хабарӕй зондӕн райсӕн цы ис? Кӕд раздӕр мах дӕр мулк ӕмӕ ӕхца уарзтам, уӕд хъуамӕ къӕрцхъус уӕм, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ уыдӕттӕм ӕхсайын ма райдайа ӕмӕ афтӕ ма рауайа, ӕмӕ рӕстдзинадӕн нал аргъ кӕнӕм.

10. Цӕмӕй рӕстдзинады фӕндагыл дарддӕр цӕуӕм, уый тыххӕй нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм?

10 Нӕ хиуӕттӕ ӕмӕ не ’мбӕлттӕ. Цӕмӕй рӕстдзинады фӕндагыл дарддӕр цӕуӕм, уый тыххӕй хъуамӕ ма бауадзӕм, цӕмӕй нӕ иннӕтӕ сӕ зондыл аразой. Рӕстдзинады фӕндагыл куы слӕууыдыстӕм, уӕд нӕм не ’нӕуырнӕг ӕмбӕлттӕ ӕмӕ бинонтӕй чидӕртӕ сӕ зӕрдӕйы ахаст фӕивтой. Иутӕ сӕ, чи зоны, цӕуыл ӕууӕндӕм, уый ныхмӕ нӕ уыдысты, фӕлӕ иннӕтӕ та, гӕнӕн ис, нӕ ныхмӕ цӕуын райдыдтой (1 Пет. 4:4). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах ӕппӕт хъарутӕй архайӕм нӕ бинонтимӕ хӕларӕй цӕрыныл. Фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ уӕм къӕрцхъус, цӕмӕй сын сӕ зӕрдӕ балхӕныны тыххӕй рӕстдзинадыл нӕ къух ма сисӕм. Уӕвгӕ, 1 Коринфӕгтӕм 15:33 стих нын дзуры, цӕмӕй нӕхицӕн ӕввахс ӕмбӕлттӕ агурӕм, Йегъовӕйы чи уарзы, уыдоны ’хсӕн.

11. Ӕнӕгъдау хъуыдытӕ ӕмӕ хъуыддӕгтӕй нӕхи цӕй фӕрцы бахиздзыстӕм?

11 Ӕнӕгъдау хъуыдытӕ ӕмӕ хъуыддӕгтӕ. Рӕстдзинады фӕндагыл чи цӕуы, уыдон хъуамӕ Хуыцауы цӕсты уой сыгъдӕг (Ис. 35:8; бакӕс 1 Петры 1:14–16). Рӕстдзинад куы базыдтам, уӕд нӕ алкӕй дӕр бахъуыд цавӕрдӕр ивындзинӕдтӕ скӕнын, цӕмӕй нӕ бон уыдаид Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын. Кӕйдӕрты та бахъуыд сӕ цард цӕхгӕр фӕивын. Куыдфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр, цы сыгъдӕг цард кӕнӕм, уый ацы дунейы чъизи хъуыддӕгтыл хъуамӕ макуы баивӕм. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕхи ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕй бахизӕм? Хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, Йегъовӕ мах ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй цы стыр аргъ бафыста, ууыл – йӕ Фырт Йесо Чырыстийы мах тыххӕй нӕ бавгъау кодта (1 Пет. 1:18, 19). Уӕдӕ цӕмӕй Йегъовӕйы цӕсты сыгъдӕг уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ алкӕддӕр нӕ зӕрдыл дарӕм, Чырыстийы нывондӕн цы стыр аргъ ис, уый.

12, 13. а) Алыхуызон бӕрӕгбӕттӕм Йегъовӕйы цӕстӕй цӕмӕн хъуамӕ кӕсӕм? б) Дарддӕр цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

12 Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ бӕрӕгбӕттӕ. Нӕ бинонтӕ, не ’мкусджытӕ ӕмӕ нын нӕ къласӕгтӕ, чи зоны, дзурой, цӕмӕй семӕ алыхуызон бӕрӕгбӕттӕ бӕрӕг кӕнӕм. Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм бӕрӕгбӕттӕй ӕмӕ ӕгъдӕуттӕй нӕхи цӕй фӕрцы бахиздзыстӕм? Хъуамӕ нӕ хъуыдыйы дарӕм, Йегъовӕ уыдӕттӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый. Нӕ публикациты ссарӕн ис ӕрмӕг, алыхуызон бӕрӕгбӕттӕ кӕцӕй равзӕрдысты, уый фӕдыл, ӕмӕ нын уый дӕр стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн. Ахӕм бӕрӕгбӕттӕ Библимӕ гӕсгӕ цӕуылнӕ бӕрӕг кӕнӕм, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд фидарӕй зондзыстӕм, «нӕ Хицауы зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый» кӕй аразӕм (Еф. 5:10). Йегъовӕйыл ӕмӕ йын йӕ Ныхасыл нӕ ныфс куы дарӕм, уӕд адӕмӕй нӕ тӕрсдзыстӕм (Ӕмб. 29:25).

13 Мах фӕнды рӕстдзинады фӕндагыл ӕнустӕм цӕуын. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй рӕстдзинады фӕндагыл дарддӕр фӕндфидарӕй цӕуӕм? Ӕркӕсӕм ӕртӕ хъуыддагмӕ.

РӔСТДЗИНАДЫ ФӔНДАГЫЛ ФӔНДФИДАРӔЙ ЦУ

14. а) Библи дарддӕр дӕр куы ахуыр кӕнӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй рӕстдзинад макуы ауӕй кӕнӕм? б) Зонд, зондамынд ӕмӕ ӕмбарындзинад ахсджиаг цӕмӕн сты?

14 Рӕстдзинады фӕндагыл фӕндфидарӕй цӕуынӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн? Фыццаг: Хуыцауы Ныхасы рӕстдзинад дарддӕр дӕр ахуыр кӕн ӕмӕ йыл лӕмбынӕг хъуыды кӕн. Библийы хӕзнатӕ агурынӕн ӕдзухдӕр рӕстӕг хицӕн кӕн. Уый фӕрцы рӕстдзинадӕн ноджы тынгдӕр аргъ кӕндзынӕ ӕмӕ йӕ никуы ауӕй кӕндзынӕ. Ӕмбисӕндты 23:23 стихы куыд фыст ис, афтӕмӕй ма хъуамӕ балхӕнӕм «зонд, зондамынд ӕмӕ ӕмбарындзинад» дӕр. Библийӕ цыдӕртӕ ӕнӕуи базонай, уый фаг нӕу. Цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ-иу хъуамӕ архайгӕ дӕр кӕнӕм. Ӕмбарындзинад нӕм куы фӕзыны, уӕд нӕ бон вӕййы бамбарын, цы базыдтам, уый куыд баст у, уӕдмӕ цы зыдтам, уыимӕ. Зондӕй хайджын куы уӕм, уӕд нӕ уый фӕрцы фӕнддзӕн, цы зонӕм, уымӕ гӕсгӕ архайын. Хатгай та нын рӕстдзинад зонд дӕр бацамоны, ома нын равдисы, цы нӕ фӕивын хъӕуы, уый. Хъуамӕ-иу уыцы зондамындмӕ алы хатт дӕр байхъусӕм. Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй уый у ӕвзистӕй дӕр зынаргъдӕр (Ӕмб. 8:10).

15. Рӕстдзинад нӕ ронау куыд хъахъхъӕны?

15 Дыккаг: фӕндфидар у ӕмӕ алы бон дӕр рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ цӕр. Дӕ астӕу рӕстдзинадӕй ронау ӕрбалвас (Еф. 6:14). Рагзаманты-иу ӕфсӕддонтӕ цы рӕттӕ дардтой, уыдон-иу сын сӕ астӕутӕ ӕмӕ сӕ хуылфыдзаумӕттӕ хъахъхъӕдтой. Фӕлӕ-иу ӕфсӕддоныл йӕ рон хъуамӕ уыдаид ӕнгом ӕлвӕст, кӕннод-иу ын ницы ӕххуыс уыдаид. Цымӕ мах та рӕстдзинад куыд хъахъхъӕны? Нӕ астӕутӕ дзы ронау ӕнгом ӕлвӕст куы уой, уӕд нӕ рӕдыд зондахастӕй хъахъхъӕндзӕн ӕмӕ нын раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн ӕххуыс кӕндзӕн. Исты нӕ куы цыбӕл кӕна кӕнӕ исты фӕлварӕны куы бахауӕм, уӕд нын Библийы рӕстдзинад баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фӕндфидар уӕм ӕмӕ, раст цы у, уый аразӕм. Ӕфсӕддон-иу тохмӕ ӕнӕ ронӕй ницы хуызы ацыдаид, ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ нӕхицӕн фидарӕй зӕгъӕм, рӕстдзинады рон кӕй никуы феуӕгъд кӕндзыстӕм ӕмӕ йӕ кӕй никуы раласдзыстӕм. Мах нӕ тых, нӕ бонӕй архайдзыстӕм, цӕмӕй дзы нӕ астӕутӕ ӕнгом ӕлвӕст уой, ома цӕмӕй рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ цӕрӕм. Ӕфсӕддоны ма-иу рон уый тыххӕй дӕр хъуыд, ӕмӕ йыл хъама хӕссӕн уыдаид. Ӕркӕсӕм, махӕн та нӕ хъама цы у ӕмӕ йӕ нӕ бон куыд у хӕссын.

16. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ, Библийы рӕстдзинад иннӕтӕн куы амонӕм, уӕд нӕхӕдӕг дӕр рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ цӕрыныл фӕндфидарӕй архайдзыстӕм?

16 Ӕртыккаг: ӕппӕт тыхтӕй архай, цӕмӕй Библийы рӕстдзинад иннӕтӕн амонай. Уӕд зӕгъӕн уыдзӕн, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы лӕвӕрд хъамайыл, ома «Хуыцауы ныхасыл», фидар кӕй хӕцыс (Еф. 6:17). Не ’ппӕты дӕр хъӕуы архайын, цӕмӕй арӕхстджындӕр кӕнӕм ӕмӕ, «рӕстдзинады ныхас раст чи амоны ӕмӕ йӕ раст чи ӕмбарын кӕны», ахӕм ахуыргӕнджытӕ уӕм (2 Тим. 2:15). Библийы фӕрцы иннӕтӕн рӕстдзинад балхӕнынӕн ӕмӕ сын мӕнг ахуырӕдтыл сӕ къух сисынӕн куы феххуыс кӕнӕм, уӕд Хуыцауы ныхӕстӕ нӕхи зӕрдӕты ӕмӕ нӕхи зонды дӕр ныффидар вӕййынц. Ӕмӕ уый фӕрцы рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ цӕрыныл фӕндфидарӕй фӕархайӕм.

17. Рӕстдзинад дын зынаргъ цӕмӕн у?

17 Рӕстдзинад у Йегъовӕйы стыр лӕвар. Уыцы лӕвары фӕрцы нӕ уӕларвон Фыдимӕ стӕм хӕлӕрттӕ, ӕмӕ нын царды уымӕй зынаргъдӕр ницы ис. Абоны онг дӕр нын Йегъовӕ бирӕ цыдӕртӕ бацамыдта, фӕлӕ, фидӕны нырма цас цыдӕртӕ базондзыстӕм, уымӕн зӕгъӕн дӕр нӕй! Хуыцау нын зӕрдӕ ӕвӕры, ӕнустӕм нӕ кӕй ахуыр кӕндзӕн. Уӕдӕ рӕстдзинадӕн зынаргъ налхъуытау аргъ кӕн. Дарддӕр дӕр ӕй «ӕлхӕн» ӕмӕ йӕ макуы «ауӕй кӕн». Ӕмӕ уӕд ды дӕр Давидау ӕххӕст кӕндзынӕ, Йегъовӕйӕн цы дзырд радтай, уый, «ӕз цӕудзынӕн дӕ раст фӕндагыл», зӕгъгӕ (Пс. 86:11).

^ 8 абз. Ном ивд у.

^ 8 абз. Кори Уеллсы интервьюмӕ бакӕсӕн ис нӕ интернет-телеуынынады (ИНТЕРВЬЮТӔ ӔМӔ ЦАУТӔ > РӔСТДЗИНАД СЫН СӔ ЦАРД АИВТА).