Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцау цы сараздзӕн?

Хуыцау цы сараздзӕн?

Зын уавӕры дӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фӕнддзӕн, цӕмӕй дын дӕ хорз ӕмбал истӕмӕй баххуыс кӕна. Уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иутӕ зӕгъынц, Хуыцау се ’мбал кӕй нӕу, уымӕн ӕмӕ сын ницӕмӕй ӕххуыс кӕны. Фӕлӕ Хуыцау ныронг дӕр бирӕ цыдӕртӕ сарӕзта нӕ пайдайӕн ӕмӕ ма сараздзӕн, цӕмӕй нӕ не ’ппӕт зындзинӕдтӕ ӕмӕ хъизӕмӕрттӕй фервӕзын кӕна. Цымӕ Хуыцау цы сараздзӕн?

ФЫДДЗИНАДӔН КӔРОН СКӔНДЗӔН

Хуыцау фыддзинадӕн кӕрон скӕндзӕн, фыддзинад кӕмӕй цӕуы, уый кӕй фесафдзӕн, уый фӕрцы. Библийы фыст ис, уый чи у: «Ӕгас дуне... ис Фыдбылызы къухы» (1 Иоанны 5:19). Фыдбылыз у, Чырысти «ацы дунейы хицау» кӕй схуыдта, уый – Сайтан Хӕйрӕг (Иоанны 12:31). Хӕйрӕджы аххосӕй абон зӕхх кӕуинаг уавӕры ис. Цымӕ Хуыцау цы сараздзӕн?

Тынг тагъд Йегъовӕ Хуыцау йӕ Фырт Йесо Чырыстийы фӕрцы «йӕ тых асӕтдзӕн, мӕлӕт хӕссыны хъомыс кӕмӕ ис, уымӕн, ома Хӕйрӕгӕн» (Дзуттӕгтӕм 2:14; 1 Иоанны 3:8). Библийы фыст ис, Хӕйрӕг кӕй зоны, «рӕстӕг ын бирӕ кӕй нал баззад» ӕмӕ тагъд сӕфт кӕй ӕрцӕудзӕн (Раргомад 12:12). Стӕй ма Хуыцау фесафдзӕн, фыддзинад чидӕриддӕр аразы, уыдоны дӕр (Псалом 37:9; Ӕмбисӕндтӕ 2:22).

ЗӔХХӔЙ ДЗӔНӔТ СКӔНДЗӔН

Не Сфӕлдисӕг зӕххӕй фыддзинад куы фесафа, уӕд сӕххӕст кӕндзӕн, адӕмы ӕмӕ йӕм зӕххы тыххӕй цы фӕнд уыд, уый. Цавӕр фидӕн нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

Фарн ӕмӕ сабырдзинад. «Сабыр адӕм та зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ фарнӕй бафсӕддзысты» (Псалом 37:11).

Хӕрзад ӕмӕ пайда хӕринаг. «Зӕххыл хор уыдзӕн парахат, хӕхты цъуппытыл зӕу-зӕу кӕндзӕн» (Псалом 72:16).

Хорз цӕрӕнбынат ӕмӕ зӕрдӕрайгӕ куыст. «Адӕм хӕдзӕрттӕ араздзысты ӕмӕ дзы цӕрдзысты, садздзысты сӕнӕфсирдӕттӕ ӕмӕ сын сӕ дыргъ хӕрдзысты... ме ’взӕрст адӕм бафсӕддзысты сӕ къухты фыдӕбонӕй» (Исай 65:21, 22).

Фӕнды дӕ уый дӕхи цӕстӕй фенын? Тагъд ахӕм уавӕрты цӕрдзысты адӕм.

НИЗТӔ ӔМӔ МӔЛӔТ НАЛ УЫДЗӔН

Абон адӕм се ’ппӕт дӕр рынчын кӕнынц ӕмӕ мӕлынц, фӕлӕ афтӕ бирӕ рӕстӕг нал уыдзӕн. Тагъд Хуыцау Чырыстийы нывонды фӕрцы афтӕ бакӕндзӕн, цӕмӕй йыл «чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый ма фесӕфа, фӕлӕ ӕнусон цардӕй хайджын уа» (Иоанны 3:16).

Низтӕ нал уыдзӕн. «Ӕмӕ уым цӕрӕг адӕмӕй иу дӕр нал зӕгъдзӕн: „Ӕз рынчын дӕн“. Уыцы зӕххыл чи цӕра, уыцы адӕмӕн сӕ тӕригъӕд хатыргонд ӕрцӕудзӕн» (Исай 33:24).

Мӕлӕт нал уыдзӕн. «Уый фесафдзӕн мӕлӕт ӕнустӕм, Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ се ’ппӕтӕн дӕр сӕ цӕссыгтӕ сӕ рустӕй ныссӕрфдзӕн» (Исай 25:8).

Адӕм ӕнустӕм цӕрдзысты. «Хуыцау цы лӕвар дӕтты, уый та у ӕнусон цард нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы» (Ромӕгтӕм 6:23).

Чи амард, уыдон райгас уыдзысты. «Райгас уыдзысты рӕстгӕнджытӕ дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕ дӕр» (Хъуыддӕгтӕ 24:15). Чырысти йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый фӕрцы мӕрдтӕ райгас уыдзысты.

Ӕппӕт уыдӕттӕ Хуыцау куыд сараздзӕн?

АЛЦӔМӔЙ ӔХХӔСТ ХИЦАУАД СӔВӔРДЗӔН

Хуыцаумӕ адӕмы ӕмӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис, уый сӕххӕст кӕндзӕн уӕларвон хицауады фӕрцы; уыцы хицауады сӕргъы сӕвӕрдта Йесо Чырыстийы (Псалом 110:1, 2). Уыцы хицауады кӕнӕ паддзахады тыххӕй Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджыты ахуыр кодта кувын: «Нӕ уӕларвон Фыд... Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад» (Матфейы 6:9, 10).

Хуыцауы Паддзахад зӕххӕн разамынд дӕтдзӕн ӕмӕ адӕмы зындзинӕдтӕ ӕмӕ мастӕй фервӕзын кӕндзӕн. Уыцы Паддзахады хуызӕн иу хицауад дӕр нӕй! Чырысти зӕххыл куы уыд, уӕд «Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар» дӕр уымӕн хъусын кодта ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дӕр уыцы хъуыддаг бахӕс кодта (Матфейы 4:23; 24:14).

Йегъовӕ Хуыцау адӕмы тынг кӕй уарзы, уый тыххӕй зӕрдӕ бавӕрдта, уыцы диссӕгтӕ кӕй сараздзӕн. Фӕнды дӕ, цӕмӕй йӕ хуыздӕр базонай ӕмӕ йӕм баввахс уай? Афтӕ куы бакӕнай, уӕд дын уый цы пайда уыдзӕн? Уый тыххӕй фыст ис иннӕ статьяйы.

ХУЫЦАУ ЦЫ САРАЗДЗӔН? Хуыцау низтӕ ӕмӕ мӕлӕт фесафдзӕн, адӕмы йӕ Паддзахады фӕрцы баиу кӕндзӕн ӕмӕ зӕххӕй дзӕнӕт сараздзӕн