Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Афтӕ дӕм куы кӕса, ӕмӕ дӕ бон нал у

Афтӕ дӕм куы кӕса, ӕмӕ дӕ бон нал у

Бразилийӕ иу сылгоймаг, Адрианӕ, зӕгъгӕ, загъта: «Мӕ хъуыдытӕ ӕмӕ ме ’нкъарӕнтӕй афтӕ стыхстӕн, ӕмӕ ахӕм хъуыдымӕ ӕрцыдтӕн – куы амӕлон, уӕд хуыздӕр уыдзӕн».

ИСКУЫ ды дӕр ахӕм уавӕры уыдтӕ, ӕмӕ дӕ цӕрын нал фӕндыд? Уӕд Адрианӕйы хорз бамбардзынӕ. Уый алцӕуылдӕр тынг мӕт кодта, ӕдзух ӕнкъард ӕмӕ ныфссаст уыд. Дохтыртӕ йын загътой, депрессийӕ рынчын кӕй у.

Ӕркӕсӕм-ма Японийӕ иу нӕлгоймаг Каоруйы хабармӕ дӕр. Уый касти йӕ ацӕргӕ ӕмӕ рынчын ныййарджытӕм. Каору загъта: «Уыцы рӕстӕг ма мын куысты дӕр стыр зындзинӕдтӕ уыди, ӕмӕ-иу мӕм хӕрын дӕр нал цыд, стӕй фынӕй дӕр нал кодтон. Ӕмӕ хъуыды кӕнын райдыдтон, куы амӕлон, уӕд мӕ зындзинӕдтӕй кӕй фервӕздзынӕн».

Нигерийӕ иу нӕлгоймаг, Оебоде, зӕгъгӕ, загъта: «Ӕдзухдӕр афтӕ ӕнкъард уыдтӕн, ӕмӕ-иу мӕ цӕссыг калд. Хъуыды кодтон, мӕхи куыд амарон, ууыл». Хорз у, ӕмӕ Оебоде, Каору ӕмӕ Адрианӕ сӕхимӕ сӕ къух нӕ систой. Фӕлӕ алы аз дӕр 800 000 адӕймаджы бӕрц сӕхи амарынц.

КӔМ ИС ӔХХУЫС ССАРӔН

Йӕхимӕ йӕ къух чи сисы, уыдонӕн сӕ фылдӕр вӕййынц нӕлгоймӕгтӕ, уымӕн ӕмӕ бирӕтӕ ӕххуыс бацагурын ӕфсӕрмы фӕкӕнынц. Йесо загъта, дохтыр рынчынты кӕй хъӕуы (Лукайы 5:31). Кӕд ды дӕр дӕхимӕ ныхъхъуыстай ӕмӕ дӕхи марыныл фӕхъуыды кӕныс, уӕд, дӕ хорзӕхӕй, ӕххуыс бацагурын ма ӕфсӕрмы кӕн. Депрессийӕ рынчын чи уыд, уыдонӕй бирӕтӕн дохтыртӕ баххуыс кодтой ӕмӕ сӕ уавӕр фӕхуыздӕр. Оебоде, Каору ӕмӕ Адрианӕйӕн дӕр дохтырты ӕххуысы фӕрцы сӕ уавӕр фӕхуыздӕр.

Депресси кӕмӕн ис, уыдоны дохтыртӕ фӕдзӕбӕх кӕнынц хосты фӕрцы кӕнӕ та семӕ фӕныхас кӕнынц, цӕмӕй сын сӕ зондахаст аивынӕн баххуыс кӕной (психотерапия). Ахӕм адӕмы ма фӕхъӕуы, цӕмӕй сӕ сӕ бинонтӕ ӕмӕ се ’мбӕлттӕ ӕмбарой, семӕ фӕразон уой ӕмӕ сын ӕххуыс кӕной. Ӕппӕты хуыздӕр ӕмбал та у Йегъовӕ Хуыцау, ӕмӕ нын йӕ Ныхас Библийы фӕрцы стыр ӕххуыс кӕны.

ИСКУЫ НИЗТӔН КӔРОН ӔРЦӔУДЗӔН?

Депрессийӕ рынчынты арӕх фӕхъӕуы бирӕ рӕстӕг хостӕ нуазын, стӕй сӕ сӕ царды цыдӕртӕ фӕивын дӕр бахъӕуы. Фӕлӕ кӕд низимӕ тох кӕныс, уӕддӕр дӕ бон у хорз фидӕнмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын, Оебоде куыд ӕнхъӕлмӕ кӕсы, афтӕ. Уый загъта: «Ӕз ӕнхъӕлмӕ кӕсын, Исай 33:24 фыст ныхӕстӕ кӕд сӕххӕст уыдзысты, уымӕ. Уӕд зӕххыл цӕрӕг адӕмӕй иу дӕр афтӕ нал зӕгъдзӕн: „Ӕз рынчын дӕн“». Оебодейӕн ма удӕнцой хӕссы, Хуыцау зӕрдӕ цы «ног зӕххӕй» бавӕрдта, уый – уым «рыст» ӕппындӕр нал уыдзӕн (Раргомад 21:1, 4). Уыцы зӕрдӕвӕрд ууыл дзурӕг у, ӕмӕ адӕмы ницыуал тыхсын кӕндзӕн ӕмӕ сӕ ницыуал рисдзӕн. Зӕрдӕрыст кӕй тыххӕй ӕвзарыс, уыцы хъуыдытӕ ӕмӕ ӕнкъарӕнтӕй ӕнустӕм фервӕздзынӕ. Уӕд сӕ хъуыды дӕр нал ӕркӕндзынӕ ӕмӕ дӕ зӕрдӕйы дӕр нал баззайдзысты (Исай 65:17).