Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цард зынаргъ цӕмӕн у?

Цард зынаргъ цӕмӕн у?

Файзалӕн йӕ зӕрдӕйыл уӕззау операци кӕнын бахъуыд, йӕ бинойнаджы мӕлӕтыл афӕдзы бӕрц куы рацыд, уӕд. Уый загъта: «Иовы чиныг куы кастӕн, уӕд ӕй бамбӕрстон, Йегъовӕ йын йӕ хабар Библийы цӕмӕн ныффыссын кодта. Хъизӕмӕрттӕ куы февзарӕм ӕмӕ Библийы куы бакӕсӕм, чидӕр ма ахӕм уавӕры кӕй уыди, уӕд нын фенцондӕр вӕййы». Стӕй ма загъта: «Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр цард зынаргъ у».

Таршӕйӕн йӕ мад куы амард, уӕд нырма ӕрыгон чызг уыди. Уый загъта: «Кӕд мын бирӕ зындзинӕдтӕ ис, уӕддӕр не Сфӕлдисӕджы кӕй зонын, уый фӕрцы ӕмбарын, мӕ цард дзӕгъӕлы кӕй нӕу, ныфс мын кӕй ис, ӕмӕ мӕ циндзинад нӕ сафын. Нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, Йегъовӕ нын алы бон дӕр кӕй ӕххуыс кӕндзӕн».

РАЗЗАГ статьяты куыд федтам, афтӕмӕй, алыхуызон уӕззау хабӕртты тыххӕй адӕймагмӕ афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ йӕ бон цӕрын нал у. Кӕд ды дӕр зындзинӕдтӕн быхсыс, уӕд дӕм, чи зоны, диссаг фӕкӕса, ахӕм уавӕры дӕр цард зынаргъ кӕй у кӕнӕ дыл чидӕр кӕй тыхсы. Фидарӕй зон, Хуыцау дыл зындзинӕдты рӕстӕг кӕй тыхсы. Ды йын тынг зынаргъ дӕ.

86 псалом чи ныффыста, уый Хуыцауы тыххӕй фидарӕй загъта: «Зын сахат дӕм ӕххуысмӕ фӕсиддзынӕн, ӕмӕ мын ды дзуапп ратдзынӕ» (Псалом 86:7). Чи зоны, хъуыды кӕныс: «Хуыцау мын „зын сахат“ дзуапп куыд ратдзӕн?»

Кӕд дӕ Хуыцау дӕ зындзинӕдтӕй уайтагъд нӕ фервӕзын кӕндзӕн, уӕддӕр дын йӕ Ныхас Библийы уылты фидарӕй зӕгъы, дӕ зӕрдӕйы фарн кӕй уыдзӕн, цӕмӕй дӕ бон уа дӕ зындзинӕдтӕн быхсын: «Мӕт мацӕуыл кӕнут, фӕлӕ алы уавӕры дӕр Хуыцаумӕ кувут, лӕгъстӕ йын кӕнут, бузныг ын дзурут ӕмӕ дзы афтӕмӕй курут, цы уӕ хъӕуы, уый. Ӕмӕ уын Хуыцауы фарн, зонд кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы фарн... бахъахъхъӕндзӕн уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ зонд» (Филиппӕгтӕм 4:6, 7). Дӕ хорзӕхӕй, дӕлдӕр Библийӕ цы стихтӕ ис фыст, уыдон бакӕс ӕмӕ базон, Хуыцау ныл зӕрдиагӕй кӕй тыхсы.

Хуыцау дыл тыхсы

«Хуыцауӕй иу [сырддонцъиу] дӕр рох нӕу... сымах бирӕ сырддонцъиутӕй дӕр зынаргъдӕр стут» (Лукайы 12:6, 7).

АХЪУЫДЫ КӔН: Гыццыл цъиутӕ адӕмӕн сӕ фылдӕры цӕсты ницы сты, фӕлӕ сыл Хуыцау та тыхсы. Хуыцау алы гыццыл сырддонцъиумӕ дӕр йӕ хъус дары; удӕгасӕй цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдон ын зынаргъ сты. Ӕмӕ адӕм та Хуыцауӕн сырддонцъиутӕй бирӕ зынаргъдӕр сты. Хуыцау зӕххыл цы сфӕлдыста, уыдонӕй адӕймагӕй диссагдӕр ницы у – «йӕхимӕ гӕсгӕ» йӕ сфӕлдыста. Ӕмӕ ӕрмӕстдӕр адӕймагӕн у йӕ бон Хуыцауы диссаджы миниуджытӕ йӕ удыхъӕды фидар кӕнын ӕмӕ сӕ ӕвдисын (Райдиан 1:26, 27).

«О Йегъовӕ, ды мын басгӕрстай мӕ зӕрдӕ ӕмӕ мӕ зоныс... Мӕ хъуыдытӕ мын... базоныс... Ныккӕс мын мӕ зӕрдӕмӕ ӕмӕ йӕ базон, ӕнцой мын цы нӕ дӕтты» (Псалом 139:1, 2, 23).

АХЪУЫДЫ КӔН: Хуыцау дӕ хорз зоны. Зоны дын дӕ зындзинӕдтӕ ӕмӕ цӕуыл мӕт кӕныс, уый. Чи зоны дын иннӕтӕ дӕ зындзинӕдтӕ ӕмӕ дӕ мӕт не ’мбарынц, фӕлӕ дыл Хуыцау тыхсы ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй дын баххуыс кӕна. Уымӕй бӕрӕг у, дӕ цард зынаргъ кӕй у.

Хуыцау дын ӕххуыс кӕндзӕн ӕмӕ дын разамынд дӕтдзӕн

«О Йегъовӕ, фехъуысӕд дӕм мӕ куывд. Ӕххуысмӕ дӕм сидын ӕмӕ мӕ фехъус... Дӕ хъус мӕм ӕрдар. Куы дӕм дзыназон, уӕд фӕтагъд кӕн ӕмӕ мын дзуапп ратт [...] Уый йе ’ргом раздахдзӕн, алцӕмӕй дӕр ӕнӕхай чи фӕци, уыдоны куывдмӕ» (Псалом 102:1, 2, 17).

АХЪУЫДЫ КӔН: Адӕм хъизӕмӕрттӕ ӕвзарын куы райдыдтой, уӕдӕй нырмӕ, зӕгъӕн ис, ӕмӕ сын Йегъовӕ сӕ цӕссыгтӕ йӕхимӕ фыссы (Псалом 56:8). Уыимӕ дӕ цӕссыгтӕ дӕр. Хуыцауӕй рох не сты дӕ зындзинӕдтӕ ӕмӕ дӕ цӕссыгтӕ, уымӕн ӕмӕ йын зынаргъ дӕ.

«Тарст ракӕс-бакӕс ма кӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕ Хуыцау дӕн. Ӕз дӕ сфидар кӕндзынӕн. Ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн... Ӕз, дӕ Хуыцау Йегъовӕ, ӕмӕ дын дзурын: „Ма тӕрс, ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн“» (Исай 41:10, 13).

АХЪУЫДЫ КӔН: Хуыцауы фӕнды дӕуӕн баххуыс кӕнын. Дӕ ныфс куы асӕтта, уӕд дӕ ӕнӕмӕнг бафидар кӕндзӕн.

Хорз фидӕнӕй ныфс

«Хуыцау дуне афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ радта йӕ иунӕг Фырты, цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый ма фесӕфа, фӕлӕ ӕнусон цардӕй хайджын уа» (Иоанны 3:16).

АХЪУЫДЫ КӔН: Хуыцауӕн афтӕ зынаргъ дӕ, ӕмӕ йӕ Фырт Чырыстийы цард дӕу тыххӕй нывондӕн радта. Уыцы нывонды фӕрцы дын ис ныфс, ӕнустӕм амондджынӕй кӕй цӕрдзынӕ *.

Кӕд зындзинӕдтӕ ӕвзарыс ӕмӕ дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ дӕ бон цӕрын нал у, уӕддӕр Библи лӕмбынӕг куы иртасай, уӕд фидарӕй ӕууӕнддзынӕ, Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттыл. Уӕд амондджын уыдзынӕ ӕмӕ нӕ дызӕрдыг кӕндзынӕ, цард зынаргъ кӕй у, ууыл.

^ Чырыстийы нывонд дын цы пайда хӕссы, уый базоныны тыххӕй бакӕс видеороликмӕ «Чырыстийы мӕлӕт нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнӕм», ссарӕн ӕй ис сайты www.pr418.com. Кӕс МАХ ТЫХХӔЙ > ӔРЫМЫСӔН ИЗӔР.