Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

2 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Йегъовӕйы кадджын кӕн ӕмбырды

Йегъовӕйы кадджын кӕн ӕмбырды

«Ӕмбырды астӕу дӕ кадджын кӕндзынӕн» (ПС. 22:22).

59 ЗАРӔГ Йагъы кадджын кӕн!

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Давид Йегъовӕмӕ цы зӕрдӕ дардта ӕмӕ йӕ уый цӕмӕ разӕнгард кодта?

ПАДДЗАХ Давид ныффыста: «Йегъовӕ у стыр Хуыцау, уый у стыр кады аккаг» (Пс. 145:3). Давид Йегъовӕйы уарзта, ӕмӕ йӕ уыцы уарзондзинад разӕнгард кодта, цӕмӕй йӕ «ӕмбырды астӕу... кадджын кодтаид» (Пс. 22:22; 40:5). Дзырд дӕр ыл нӕй, ды дӕр Йегъовӕйы уарзыс, ӕмӕ куыннӕ сразы уыдзынӕ Давиды ныхӕстимӕ: «О Йегъовӕ, нӕ фыд Израилы Хуыцау, табу дын уӕд ӕнусӕй-ӕнусмӕ» (1 Аз. 29:10–13).

2. а) Нӕ бон куыд у Йегъовӕйы кадджын кӕнын? б) Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй кӕмӕндӕрты зын цы вӕййы? Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

2 Абон мах Йегъовӕйы фӕкадджын кӕнӕм, зӕгъӕм, ӕмбырды дзуаппытӕ куы фӕдӕттӕм, уӕд. Фӕлӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй кӕмӕндӕрты уый тынг зын вӕййы. Фӕфӕнды сӕ дзуапп раттын, фӕлӕ сӕ ныфс уымӕ нӕ фӕхӕссынц. Уыцы хъуыддаджы сын цы баххуыс кӕндзӕн? Ӕмӕ не ’ппӕтӕн дӕр цавӕр уынаффӕтӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй-иу, иннӕты чи бафидар кӕна, ахӕм дзуаппытӕ дӕттӕм? Цалынмӕ ацы фарстатыл нӕ аныхас кӕнӕм, уӕдмӕ уал базонӕм, ӕмбырды дзуаппытӕ цӕмӕн фӕдӕттӕм, уый. Ӕркӕсдзыстӕм цыппар хъуыддагмӕ.

ӔМБЫРДЫ ДЗУАППЫТӔ ЦӔМӔН ФӔДӔТТӔМ?

3–5. а) Дзуттӕгтӕм 13:15 стихмӕ гӕсгӕ, ӕмбырды дзуаппытӕ цӕмӕн фӕдӕттӕм? б) Не ’ппӕт дӕр хъуамӕ ӕмхуызон дзуаппытӕ дӕттӕм? Бамбарын ӕй кӕн.

3 Йегъовӕ нӕ алкӕй дӕр ахӕм кады аккаг скодта, цӕмӕй йӕ кадджын кӕнӕм (Пс. 119:108). Ӕмбырды дзуаппытӕ кӕй фӕдӕттӕм, уый хауы, Йегъовӕйӕн цы «кады нывонд» хӕссӕм, уымӕ, ӕмӕ уыцы нывонд нӕ бӕсты ничи хӕсдзӕн. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 13:15.) Цымӕ Йегъовӕйы афтӕ фӕнды, цӕмӕй не ’ппӕт дӕр ӕмхуызон кады нывӕндтӕ хӕссӕм, ома ӕмхуызон дзуаппытӕ дӕттӕм? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ!

4 Йегъовӕ йӕ зоны, нӕ курдиӕттӕ ӕмӕ нӕ уавӕртӕ иухуызон кӕй не сты, ӕмӕ нӕ алкӕй нывӕндтӕн дӕр стыр аргъ кӕны. Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, Йегъовӕ-иу израилӕгтӕй цавӕр нывӕндтӕ айста, уый. Кӕйдӕрты-иу сӕ сӕ къух амыдта нывондӕн уӕрыкк кӕнӕ сӕныкк ӕрхӕссын. Мӕгуыртӕн та-иу сӕ бон уыд «дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ лӕппын бӕлоны» ӕрхӕссын. Ӕмӕ-иу нывондӕн йӕ бон мӕргътӕ ӕрхӕссын дӕр кӕмӕн нӕ уыд, уый та-иу «ӕрхаста ӕппӕты хуыздӕр ссад – ефӕйы дӕсӕм хай» (Лев. 5:7, 11). Иннӕ нывӕндтимӕ абаргӕйӕ, ссад асламдӕр уыди, фӕлӕ Йегъовӕ ахӕм нывондӕн дӕр аргъ кодта, кӕд-иу «ӕппӕты хуыздӕр ссад» уыд, уӕд.

5 Нӕ хӕларзӕрдӕ Хуыцау абон мах нывӕндтӕн дӕр аргъ кӕны. Уый нӕ нӕ домы, цӕмӕй дзуапп дӕтгӕйӕ Аполлосау дзырдарӕхст уӕм кӕнӕ Павелау фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ хӕссӕм (Хъуыд. 18:24; 19:8). Йегъовӕйы уый фӕнды, ӕмӕ дзуаппытӕ дӕттыныл нӕ тых, нӕ бонӕй архайӕм. Нӕ бон цы нӕу, уый нӕ нӕ домы. Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, кувӕндоны ӕхцавӕрӕны дыууӕ лыстӕг ӕхцайы чи ныппӕрста, уыцы идӕдз усы. Йегъовӕйы цӕсты йын уыд стыр аргъ, уымӕн ӕмӕ радта, хуыздӕрӕй йӕм цы уыди, уый (Лук. 21:1–4).

Дзуаппытӕ кӕй фӕдӕттӕм, уый нӕхицӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр пайда фӕхӕссы (кӕс 6, 7 абзацтӕ) *

6. а) Дзуттӕгтӕм 10:24, 25 стихтӕм гӕсгӕ, ӕмбырды цы дзуаппытӕ фехъусӕм, уыдон ныл куыд фӕзынынц? б) Дӕ бон куыд у равдисын, иннӕты дзуаппытӕн кӕй аргъ кӕныс?

6 Дзуаппытӕ дӕтгӕйӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауӕм. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 10:24, 25.) Алчидӕр нӕ аргъ кӕны, ӕмбырды иннӕтӕ цы дзуаппытӕ фӕдӕттынц, уыдонӕн. Ӕхсызгон нын вӕййы, сывӕллӕттӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ цы хуымӕтӕг дзуаппытӕ фӕдӕттынц, уыдонмӕ хъусын. Ныфсы хос нын вӕййы, рӕстдзинады фӕндагыл ӕрӕджы чи слӕууыд ӕмӕ Библийӕ ногӕй цыдӕр чи базыдта, уыдон зӕрдиагӕй дзуаппытӕ куы фӕдӕттынц, уый. Нӕ зӕрдӕ ма нын бацагайы, ӕфсӕрмыгӕнаг чи у кӕнӕ не ’взагыл хорз чи нӕма дзуры, уыдон сӕхимӕ уыйбӕрц хъару куы ссарынц, цӕмӕй-иу ӕмбырды дзуапп раттой (1 Фес. 2:2). Нӕ бон куыд у равдисын, сӕ фыдӕбонӕн сын кӕй аргъ кӕнӕм? Зӕгъӕм, нӕ бон сӕ у ӕмбырды фӕстӕ раппӕлын. Сӕ ныфсыл ма сын ныфс бафтаудзыстӕм, нӕхӕдӕг дӕр дзуаппытӕ куы дӕттӕм, уӕд. Ӕмӕ афтӕмӕй дӕр равдисдзыстӕм, кӕй сын аргъ кӕнӕм (Ром. 1:11, 12).

7. Дзуаппытӕ куы фӕдӕттӕм, уӕд нын уый цы пайда ӕрхӕссы?

7 Дзуаппытӕ куы фӕдӕттӕм, уӕд уый нӕхицӕн дӕр пайда ӕрхӕссы (Ис. 48:17). Цымӕ куыд? Фыццаг уый, ӕмӕ дзуапп раттын куы сфӕнд кӕнӕм, уӕд нӕ уӕлдай тынгдӕр фӕфӕнды нӕхи ӕмбырдмӕ хорз бацӕттӕ кӕнын. Нӕхи хорз куы фӕцӕттӕ кӕнӕм, уӕд Хуыцауы Ныхас ноджы хуыздӕр ӕмбарын райдайӕм. Ӕмӕ Библи цас хуыздӕр фембарӕм, уыйас нын ӕнцондӕр вӕййы, цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ архайын. Дыккаг уый, ӕмӕ дзуаппытӕ куы фӕдӕттӕм, уӕд нын ӕмбырдтӕ фылдӕр циндзинад фӕхӕссынц. Ӕртыккаг та уый, ӕмӕ нӕ дзуапп цӕттӕ кӕнгӕйӕ фӕхъӕуы бафыдӕбон кӕнын, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, цы хъуыдытӕ фӕзӕгъӕм, уыдон уый фӕстӕ дӕр нӕ зӕрдыл фӕлӕууынц.

8, 9. а) Малахийы 3:16 стихмӕ гӕсгӕ, дзуаппытӕ кӕй фӕдӕттӕм, уымӕ Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы? б) Иуӕй-иутӕн уӕддӕр зын цы вӕййы?

8 Нӕ уырнындзинады тыххӕй куы фӕдзурӕм, уӕд Йегъовӕйы зӕрдӕ фӕрухс кӕнӕм. Дзырд дӕр ыл нӕй, Йегъовӕ нӕм фӕхъусы ӕмӕ, дзуапп раттыны тыххӕй кӕй бафыдӕбон кӕнӕм, уымӕн тынг аргъ кӕны. (Бакӕс Малахийы 3:16.) Ӕмӕ нын кӕй аргъ кӕны, уый куыд ӕвдисы? Йӕ зӕрдӕ рухс кӕныны тыххӕй цы аразӕм, уый тыххӕй нын арфӕ кӕны (Мал. 3:10).

9 Уӕдӕ куыд федтам, афтӕмӕй ахсджиаг у, цӕмӕй ӕмбырды дзуаппытӕ дӕттӕм. Фӕлӕ уӕддӕр иуӕй-иутӕ сӕ ныфс нӕ фӕхӕссынц ӕмбырды сӕ къухыл схӕцынмӕ. Кӕд дӕуӕн дӕр дӕ хабар афтӕ у, уӕд дӕ ныфс ма асӕттӕд. Ныртӕккӕ аныхас кӕндзыстӕм Библийӕ иуӕй-иу уагӕвӕрдтыл, стӕй цалдӕр цӕвиттоныл ӕмӕ цалдӕр уынаффӕйыл. Уыдон нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй ӕмбырды фылдӕр дзуаппытӕ дӕттыныл архайӕм.

НЫФСХАСТ ЦӔЙ ФӔРЦЫ УЫДЗЫСТӔМ?

10. а) Бирӕтӕ дзуаппытӕ дӕттынмӕ сӕ ныфс цӕуылнӕ фӕхӕссынц? б) Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ уый цӕмӕйдӕр хорз у?

10 Дӕ къухыл схӕцай, ӕрмӕст уыцы хъуыдыйӕ дӕр, мыййаг, де уӕнгтӕ нӕ адон вӕййынц? Кӕд о, уӕд ахӕм уавӕры ӕрмӕст ды нӕ дӕ. Нӕ фылдӕр дзуапп дӕтгӕйӕ фӕтыхсынц. Цӕмӕй уыцы хъуыддаджы ныфсджындӕр уай, уый тыххӕй уал дӕ хъӕуы сбӕрӕг кӕнын, дӕ ныфс уымӕ цӕуылнӕ хӕссыс, уый. Мыййаг, уымӕй фӕтӕрсыс, ӕмӕ, цы зӕгъинаг дӕ, уый дӕ куы ферох уа кӕнӕ исты раст куы нӕ зӕгъай? Кӕнӕ та, мыййаг, ууыл фӕтыхсыс, ӕмӕ иннӕтау хорз дзуапп куы нӕ раттай? Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр уый цӕмӕйдӕр хорз у. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сӕрныллӕг дӕ ӕмӕ иннӕты дӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрыс. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ уыцы миниуӕгӕн аргъ кӕны (Пс. 138:6; Фил. 2:3). Фӕлӕ ма йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ ӕмбырды кадджын кӕнай ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауай (1 Фес. 5:11). Йегъовӕ дӕ уарзы, ӕмӕ дын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ныфсджын уай.

11. Библийӕ нын цавӕр хъуыдытӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй дзуаппытӕ дӕттын ма тӕрсӕм?

11 Ӕркӕсӕм Библийӕ иуӕй-иу хъуыдытӕм. Библийӕ куыд зыны, афтӕмӕй не ’ппӕт дӕр ныхасӕй рӕдийӕм, стӕй алы хатт нӕ ныхас фӕлмӕн ӕмӕ уӕздан нӕ вӕййы (Иак. 3:2). Йегъовӕ нӕ уый нӕ домы, ӕмӕ ӕххӕст уӕм, стӕй нӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ дӕр уымӕ не ’нхъӕлмӕ кӕсынц (Пс. 103:12–14). Уыдон сты нӕ бинонтӕ, ӕмӕ нӕ уарзынц (Мар. 10:29, 30; Иоан. 13:35). Уыдон ӕмбарынц, хатгай нын раст дзуапп раттын кӕй нӕ рауайы.

12, 13. Нееми ӕмӕ Ионӕйы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

12 Библийӕ нын дыууӕ цӕвиттоны баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй ныфсджындӕр уӕм. Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм Неемийы. Уый лӕггад кодта хъомысджын паддзахы хӕдзары. Иуафон Нееми уыд ӕнкъард, уымӕн ӕмӕ фехъуыста, Иерусалимы къултӕ ӕмӕ йӕ кулдуӕрттӕ пырхӕй кӕй лӕууынц (Неем. 1:1–4). Паддзах ӕй куы бафарста, ӕнкъард цӕмӕн дӕ, зӕгъгӕ, уӕд Нееми тынг фӕтарст. Уый уайтагъд Хуыцаумӕ скуывта ӕмӕ стӕй паддзахӕн загъта, цавӕр ӕххуыс ӕй хъӕуы, уый тыххӕй. Ӕмӕ паддзах Хуыцауы адӕмӕн, цӕмӕйдӕриддӕр хъуыди, уымӕй баххуыс кодта (Неем. 2:1–8). Ныр та аныхас кӕнӕм Ионӕйы цӕвиттоныл. Йегъовӕ йӕ Ниневийы цӕрджытӕм арвыста, цӕмӕй сын тӕрхоны хабар фехъусын кодтаид, фӕлӕ уый афтӕ старст, ӕмӕ бынтон ӕндӕрырдӕм алыгъд (Ионӕ 1:1–3). Фӕлӕ Йегъовӕйы фӕрцы йӕ бон баци уыцы хӕслӕвӕрд сӕххӕст кӕнын. Ӕмӕ ниневиӕгтӕн кӕй хъусын кодта, уый фӕрцы сӕ цард бахъахъхъӕдтой (Ионӕ 3:5–10). Уӕдӕ Неемийы хабарӕй ууыл ахуыр кӕнӕм, ӕмӕ ӕмбырды дзуапп раттыны размӕ хорз уаид скувын. Ионӕйы хабарӕй та ууыл ахуыр кӕнӕм, ӕмӕ нын Йегъовӕ ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йын дарддӕр дӕр ныфсджынӕй лӕггад кӕнӕм. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ ниневиӕгтӕ не сты, ӕмӕ уӕдӕ сӕ разы дзуаппытӕ дӕттын цӕмӕн хъуамӕ тӕрсӕм?!

13 Цавӕр уынаффӕтӕ нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй-иу, ӕмбырды иннӕты чи бафидар кӕна, ахӕм дзуаппытӕ дӕттӕм? Ӕркӕсӕм дзы цалдӕрмӕ.

14. Ӕмбырдтӕм дӕхи хорз цӕттӕ кӕнай, уый ахсджиаг цӕмӕн у ӕмӕ уый кӕд ис аразӕн?

14 Алы ӕмбырдмӕ дӕр-иу дӕхи бацӕттӕ кӕн. Алцыдӕр-иу рагацау куы спълан кӕнай, стӕй-иу дӕхи хорз куы бацӕттӕ кӕнай, уӕд-иу уый фӕрцы дзуаппытӕ ныфсджындӕрӕй дӕтдзынӕ (Ӕмб. 21:5). Алкӕмӕн дӕр нӕ ӕмбырдтӕм цӕттӕ кӕнынӕн йӕхи рӕстӕг вӕййы. Элоиз у идӕдз хо, цӕуы йыл 80 азӕй фылдӕр. Уый йӕхи «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ахуырмӕ фӕцӕттӕ кӕны къуырийы райдианы. Элоиз зӕгъы: «Мӕхи рагацау куы фӕцӕттӕ кӕнын, уӕд мын ӕмбырдтӕ фылдӕр циндзинад фӕхӕссынц». Ӕндӕр хо та, Джой, къуырийы дӕргъы кусгӕ фӕкӕны, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ахуырмӕ йӕхи сабаты фӕцӕттӕ кӕны. Мӕнӕ цы зӕгъы: «Мӕхи иу бон раздӕр кӕй бацӕттӕ кӕнын, уый фӕрцы ӕрмӕг ӕнцонтӕй ӕрхъуыды кӕнын». Джуниор та у хистӕр нӕлгоймаг, ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ ӕмбырды ис бирӕ хӕстӕ, стӕй ма лӕггад кӕны пионерӕй дӕр. Уый зӕгъы: «Ӕз ӕмбырдмӕ мӕхи иу хаттӕн нӕ бацӕттӕ кӕнын. Ӕнцондӕр мын вӕййы къуырийы дӕргъы гыццылгай цӕттӕ кӕнын».

15. Дӕхи ӕмбырдтӕм хорз цӕттӕ кӕнай, уымӕ цы хауы?

15 Дӕхи ӕмбырдтӕм хорз цӕттӕ кӕнай, уымӕ цы хауы? Цӕттӕ кӕныны размӕ уал-иу Йегъовӕйӕ йӕ сыгъдӕг тых ракур (Лук. 11:13; 1 Иоан. 5:14). Уый фӕстӕ-иу цалдӕр минуты рахицӕн кӕн, цӕмӕй-иу статьяйыл дӕ цӕст ахӕссай. Ахъуыды-иу кӕн статьяйы номыл ӕмӕ дӕлсӕргӕндтыл, стӕй-иу ӕркӕс нывтӕм ӕмӕ рамкӕтӕм. Абзацтӕ куы кӕсай, уӕд-иу, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр амынд стихтӕ бакӕс. Цы кӕсай, ууыл-иу лӕмбынӕг ахъуыды кӕн, уӕлдай тынгдӕр та-иу дӕ хъус ӕрдар, абзацӕй цы хъуыдытӕ зӕгъинаг дӕ, уыдонмӕ. Дӕхи цас хуыздӕр цӕттӕ кӕнай, уыйас дын уый фылдӕр пайда хӕсдзӕн ӕмӕ дын ӕмбырды дзуаппытӕ дӕттын ӕнцондӕр уыдзӕн (2 Кор. 9:6).

16. Цавӕр мадзӕлттӕй пайда кӕныны фадат дын ис ӕмӕ сӕ дӕ бон куыд у пайда кӕнын?

16 Кӕд дын фадат ис, уӕд, цы ’взаг зоныс, уыцы ’взагыл цы электронон мадзӕлттӕ ис, уыдонӕй пайда кӕн. Йегъовӕ нын йӕ организацийы уылты дӕтты алыхуызон электронон мадзӕлттӕ, цӕмӕй нын ӕнцондӕр уа нӕхи ӕмбырдтӕм цӕттӕ кӕнын. Зӕгъӕм, ӕмбырды кӕй фӕахуыр кӕнӕм, уыцы публикацитӕ приложенийӕ «JW Library®» ис телефонмӕ кӕнӕ планшетмӕ рафыссӕн. Ӕмӕ уый фӕрцы нӕ бон у кӕмфӕнды дӕр ӕмӕ кӕдфӕнды дӕр нӕхи ӕмбырдмӕ бацӕттӕ кӕнын, йе та ӕрмӕг бакӕсын кӕнӕ йын йӕ записьмӕ байхъусын. Чидӕртӕ ацы мадзалы фӕрцы сӕхи ӕмбырдмӕ бацӕттӕ кӕнынц куысты сихорафон кӕнӕ та скъолайы переменӕйы рӕстӕг. Стыр ӕххуыс ма нын сты, компьютеры кӕй сӕвӕрынц, уыцы библиотекӕ (Watchtower Library) ӕмӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы онлайн-библиотекӕ» дӕр. Уыцы мадзӕлтты фӕрцы ӕнцонтӕй ссарӕн вӕййы, цы ӕрмӕг фӕцӕттӕ кӕнӕм, уым нӕ бӕстондӕр цы хъуыдытӕ фӕфӕнды раиртасын, уыдоны фӕдыл ӕрмӕг.

Дӕхи ӕмбырдмӕ кӕд фӕцӕттӕ кӕныс? (кӕс 14–16 абзацтӕ) *

17. а) Цалдӕр дзуаппы бацӕттӕ кӕнын хорз цӕмӕн у? б) Мультфильмӕй «Йегъовӕйы ӕмбал су. Дӕ дзуапп бацӕттӕ кӕн» цӕуыл ахуыр кӕныс?

17 Кӕд дӕ бон у, уӕд-иу алы ӕмбырдмӕ дӕр цалдӕр дзуаппы бацӕттӕ кӕн. Уый хорз цӕмӕн у? Уымӕн ӕмӕ, ды цы фарстайӕн хъавай дзуапп раттынмӕ, уымӕн, чи зоны, ӕндӕр искӕй дӕр бафӕнда дзуапп раттын, ӕмӕ, «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ахуыр чи уадза, уыцы ӕфсымӕр, чи зоны, дӕу нӕ, фӕлӕ уый бафӕрса. Цӕмӕй ӕфсымӕр йӕ рӕстӕгӕй ма ахиза, уый тыххӕй, гӕнӕн ис, се ’ппӕты ма бафӕрса. Уӕдӕ дӕ райдианы куы нӕ бафӕрса, уӕд-иу ӕм ма фӕхӕрам у, стӕй-иу дӕ ныфс ма асӕттӕд. Цалдӕр дзуаппы куы бацӕттӕ кӕнай, уӕд дын фылдӕр фадӕттӕ уыдзӕн ӕмбырды архайынӕн. Чи зоны дӕ бафӕнда амынд стихтӕ бакӕсын. Фӕлӕ кӕд дӕ бон уа, уӕд ма-иу ноджыдӕр бацӕттӕ кӕн, дӕхи ныхӕстӕй кӕй зӕгъай, ахӕм дзуапп *.

18. Нӕ дзуаппытӕ цыбыр цӕмӕн хъуамӕ уой?

18 Цыбыр дзуаппытӕ дӕтт. Иннӕты чи бафидар кӕны, ахӕм дзуаппытӕ арӕхдӕр вӕййынц цыбыр ӕмӕ хуымӕтӕг. Уӕдӕ дӕ разы ахӕм нысан сӕвӕр, цӕмӕй дӕ дзуаппытӕ цыбыр уой. Бацархай-иу, цӕмӕй-иу уой 30 секунды бӕрц (Ӕмб. 10:19; 15:23). Кӕд ӕмбырдтӕм рагӕй цӕуыс ӕмӕ дзуаппытӕ фӕдӕттыс, уӕд дыл ис ахсджиаг хӕс – хъуамӕ цыбыр дзуаппытӕ дӕттай ӕмӕ уымӕй иннӕтӕн фӕзминаг уай. Дӕ дзуаппытӕ даргъ куы уой, уӕд иннӕтӕ, гӕнӕн ис, сӕ ныфс мауал хӕссой сӕ хъуыдытӕ дзурынмӕ, уымӕн ӕмӕ сӕм афтӕ кӕсдзӕн, ӕмӕ дӕуау хорз дзуаппытӕ дӕттын сӕ бон нӕ бауыдзӕн. Уымӕй уӕлдай, цыбыр дзуаппытӕ куы дӕттай, уӕд рӕстӕг амондзӕн, цӕмӕй-иу фылдӕр хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ сӕ хъуыдытӕ зӕгъой. Хуымӕтӕг ӕмӕ комкоммӕ дзуаппытӕ дӕттын уӕлдай ахсджиаг вӕййы, фыццаг дӕу куы бафӕрсынц, уӕд. Абзацы цыдӕриддӕр фыст ис, уыдон-иу иууылдӕр ма радзур. Сӕйраг хъуыды исчи куы зӕгъа, уӕд дӕуӕн та дӕ бон у ӕндӕр хъуыды зӕгъын. (Кӕс рамкӕ « Мӕ бон цавӕр дзуапп у раттын?».)

19. Цӕмӕй дын, «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ахуыр чи уадза, уыцы ӕфсымӕр баххуыс кӕна, уый тыххӕй дӕ цы хъӕуы саразын?

19 Бӕлвырд кӕцыдӕр фарстайӕн дӕ куы фӕнда дзуапп раттын, уӕд-иу уый тыххӕй зӕгъ, «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ахуыр чи уадза, уымӕн. Ӕмбырды размӕ-иу ӕм бацу, цӕмӕй-иу рагацау зона, кӕд дӕ бафӕрса, уый. Ӕмӕ уыцы абзацмӕ фарста куы ратта, уӕд-иу дӕ къухыл уайтагъд схӕц ӕмӕ-иу ӕй бӕрзонд дар, цӕмӕй-иу дӕ фена.

20. Ӕмбырд, хорз ӕмбӕлттӕ кӕм ӕрӕмбырд вӕййынц, ахӕм бадтимӕ цӕмӕн ис абарӕн?

20 Ӕмбырд абарӕн ис, хорз ӕмбӕлттӕ кӕм ӕрӕмбырд вӕййынц, ахӕм бадтимӕ. Зӕгъӕм, чидӕртӕ фӕнд кӕнынц физонӕг скӕнын ӕмӕ дын загътой, цӕмӕй исты хуымӕтӕг хӕринаг ӕрцӕттӕ кӕнай. Чи зоны, фӕтыхсай, фӕлӕ уӕддӕр, ӕвӕццӕгӕн, бацархайдзынӕ, алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр цы фӕцӕуа, ахӕм исты ӕрбахӕссыныл. Йегъовӕ у нӕ Фысым, ӕмӕ нын ӕмбырдты дзаджджын фынгтӕ ӕрцӕттӕ кӕны (Пс. 23:5; Матф. 24:45). Ӕмӕ йын ӕхсызгон вӕййы, хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уый йын куы ’рбахӕссӕм, уӕд, цыфӕнды хуымӕтӕг лӕвӕрттӕ ма уой, уӕддӕр. Уӕдӕ дӕхи ӕмбырдтӕм хорз цӕттӕ кӕн ӕмӕ, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр дзуаппытӕ дӕтт. Ӕмӕ уӕд Йегъовӕйы фынгӕй ӕрмӕст дӕхӕдӕг нӕ хӕрдзынӕ, фӕлӕ ма, цы лӕвӕрттӕ хӕссай, уыдонӕй хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн дӕр хай кӕндзынӕ.

2 ЗАРӔГ Йегъовӕ у дӕ ном

^ 5 абз. Псаломзарӕггӕнӕг Давидау не ’ппӕт дӕр Йегъовӕйы уарзӕм ӕмӕ йӕ зӕрдиагӕй кадджын кӕнӕм. Ӕмӕ йӕ кӕй уарзӕм, уый равдисын нӕ бон вӕййы ӕмбырды, зӕгъӕм, дзуапп дӕтгӕйӕ. Фӕлӕ нӕ кӕмӕндӕрты уый ӕнцон нӕ вӕййы. Кӕд дӕуӕн дӕр дӕ хабар афтӕ у, уӕд дын ацы статья баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сбӕрӕг кӕнай, дӕ ныфс уымӕ цӕуылнӕ хӕссыс, уый ӕмӕ уыцы хъуыддаджы фӕныфсджындӕр уай.

^ 17 абз. Бакӕс сайты jw.org мультфильммӕ «Йегъовӕйы ӕмбал су. Дӕ дзуапп бацӕттӕ кӕн» (БИБЛИЙЫ АХУЫРӔДТӔ > СЫВӔЛЛӔТТӔ).

^ 63 абз. НЫВ. Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ахуыры рӕстӕг зӕрдиагӕй дзуаппытӕ дӕттынц.

^ 65 абз. НЫВ. Иннӕ нывыл ӕвдыст чи у, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй иуӕй-иутӕ. Кӕд сӕ уавӕртӕ иухуызон не сты, уӕддӕр сӕ алчидӕр рӕстӕг рахицӕн кодта йӕхи ӕмбырдмӕ бацӕттӕ кӕнынӕн.