Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

6 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Алкӕддӕр иузӕрдион у!

Алкӕддӕр иузӕрдион у!

«Цалынмӕ ӕгас уон, уӕдмӕ Хуыцауыл мӕ зӕрдӕ нӕ сивдзынӕн!» (ИОВ 27:5).

34 ЗАРӔГ Цӕрын рӕстӕй

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Ацы абзацы цы ӕртӕ Ӕвдисӕны кой цӕуы, уыдон Йегъовӕйыл сӕ зӕрдӕ кӕй нӕ сивтой, уый куыд у бӕрӕг?

НӔ ЦӔСТЫТЫЛ-МА ауайын кӕнӕм ӕртӕ алыхуызон уавӕры. 1) Ӕрыгон хо ис скъолайы, ӕмӕ ахуыргӕнӕг ахуырдзаутӕн загъта, ӕнӕхъӕн къласӕй сӕ цавӕрдӕр бӕрӕгбоны кӕй хъӕудзӕн архайын. Хо зоны, уыцы бӕрӕгбон Хуыцауы зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цӕуы, ӕмӕ ахуыргӕнӕгӕн уӕзданӕй дзуры, уыцы бӕрӕгбоны кӕй нӕ архайдзӕн. 2) Ӕфсӕрмыгӕнаг ӕрыгон ӕфсымӕр хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕны, ӕмӕ йӕ зӕрдыл ӕрбалӕууыд, цы хӕдзармӕ хъуамӕ бахойа, уым йӕ къласаг кӕй цӕры. Уыцы къласаг уый размӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтыл худгӕ кодта. Фӕлӕ уӕддӕр не ’фсымӕр уыцы хӕдзары дуар бахоста. 3) Ӕфсымӕр йӕ куысты бирӕ фыдӕбон кӕны, цӕмӕй йӕ бинонты фӕдара. Иу бон ын йӕ куысты хицау загъта, цӕмӕй, закъоны ныхмӕ цы у, ахӕм цыдӕр сараза. Фӕлӕ йын ӕфсымӕр бамбарын кодта, Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытӕй кӕй домы, цӕмӕй ӕнӕзӕрдӕхудт уой ӕмӕ закъон ма халой. Ӕмӕ не сразы, кӕд ын ӕнӕ куыстӕй баззайынӕй тӕссаг у, уӕддӕр (Ром. 13:1–4; Дзут. 13:18).

2. Цавӕр фарстатыл аныхас кӕндзыстӕм ӕмӕ цӕмӕн?

2 Уыцы ӕртӕ Ӕвдисӕны, дӕумӕ гӕсгӕ, цавӕр миниуӕг равдыстой? Чи зоны, цалдӕр миниуӕджы кой дӕр скӕндзынӕ, зӕгъӕм, хъӕбатыр ӕмӕ ӕнӕзӕрдӕхудт кӕй разындысты, уый кой. Фӕлӕ ма ноджыдӕр равдыстой, уӕлдай ахсджиаг чи у, ахӕм миниуӕг – иузӕрдиондзинад. Алчидӕр сӕ Йегъовӕйыл уыд иузӕрдион. Иу дӕр сӕ не сразы Хуыцауы уагӕвӕрдты сӕрты ахизыныл. Раст куыд у, афтӕ бакӕнынмӕ сӕ сразӕнгард кодта сӕ иузӕрдиондзинад. Уыцы миниуӕг кӕй равдыстой, уый тыххӕй сӕ Йегъовӕ алкӕмӕй дӕр сӕрыстыр куыннӕ у. Мах дӕр фӕнды афтӕ архайын, цӕмӕй нӕ нӕ уӕларвон Фыд сӕрыстыр уа. Уӕдӕ аныхас кӕнӕм ахӕм фарстатыл: иузӕрдион уай, уый цӕуыл дзурӕг у? Иузӕрдион цӕмӕн хъуамӕ уӕм? Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй ацы уӕззау рӕстӕджыты иузӕрдион уӕм?

ИУЗӔРДИОН УАЙ, УЫЙ ЦӔУЫЛ ДЗУРӔГ У?

3. а) Иузӕрдион уай, уый цӕуыл дзурӕг у? б) Цавӕр цӕвиттоны фӕрцы ис бамбарӕн, дзырд «иузӕрдиондзинадӕн» йӕ хъуыды цы у, уый?

3 Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ иузӕрдиондзинад куыд ӕвдисынц? Уыдон Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзынц ӕмӕ йыл алкӕддӕр сты ӕнувыд, ӕмӕ уый фӕрцы ӕдзухдӕр фӕаразынц, йӕ зӕрдӕ кӕмӕй барухс вӕййы, ахӕм хъуыддӕгтӕ. Ӕркӕсӕм, Библийы дзырд «иузӕрдиондзинад» цӕмӕ фӕамоны, уымӕ. Дзырд «иузӕрдиондзинад»-ӕй цы дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый сӕйраджыдӕр амоны, ӕнӕхъӕн, ӕнӕсахъат ӕмӕ ӕнаипп цы у, ахӕм цӕмӕдӕр. Зӕгъӕм, израилӕгтӕ Йегъовӕйӕн нывондӕн хастой алыхуызон цӕрӕгойты, ӕмӕ-иу Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ уыцы цӕрӕгойтӕ хъуамӕ уыдаиккой ӕнӕсахъат, ӕнӕ хъӕндзинадӕй (Лев. 22:21, 22) *. Хуыцауы адӕмӕн уый бар нӕ уыд, цӕмӕй сахъат фос нывондӕн хастаиккой, зӕгъӕм, къах, хъус кӕнӕ цӕстхъуаг чи уыд, ахӕм. Йегъовӕйӕн ахсджиаг уыд, цӕмӕй уыцы нывӕндтӕ уыдаиккой ӕнӕхъӕн, ӕнӕсахъат ӕмӕ ӕнаипп (Мал. 1:6–9). Ӕмӕ зын бамбарӕн нӕу, Йегъовӕйы цӕмӕн фӕнды, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджыты нывӕндтӕ уой ӕнӕхъӕн ӕмӕ ӕнаипп. Зӕгъӕм, ничи нӕ балхӕнид ӕмбыд дыргътӕ, скъуыд чиныг кӕнӕ саст кусӕнгарз. Алкӕй дӕр нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй, цы балхӕнӕм, уый уа ӕнӕхъӕн, ӕнаипп, ӕнӕ хъӕндзинадӕй. Уӕдӕ Йегъовӕйы дӕр фӕнды, цӕмӕй нӕ уарзондзинад ӕмӕ нӕ иузӕрдиондзинад уой ӕнӕхъӕн, ӕнаипп, ӕнӕ хъӕндзинадӕй.

4. а) Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕнӕххӕст адӕймагӕн йӕ бон кӕй у, ӕмӕ Йегъовӕйыл иузӕрдион уа? б) 103-ӕм псаломы 12-ӕм стихӕй 14-ӕм стихмӕ цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ нӕм Йегъовӕ цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

4 Цымӕ уӕд афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ, цӕмӕй иузӕрдион уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ ӕххӕст уӕм? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Мах не ’ппӕт дӕр ӕнӕххӕст стӕм ӕмӕ арӕх рӕдийӕм. Фӕлӕ нӕ уый хъуамӕ мӕты ма ’фтауа. Цымӕ цӕуылнӕ? Ӕркӕсӕм дыууӕ хъуыддагмӕ. Фыццаг уый, ӕмӕ нын Йегъовӕ нӕ хъӕндзинӕдтӕм йе ’ргом не здахы. Йӕ Ныхасы фыст ис: «О Йагъ, ды адӕймагӕн йӕ рӕдыдтытӕм лӕмбынӕг куы кӕсис, уӕд чи бафӕразид, о Йегъовӕ?» (Пс. 130:3). Хуыцау зоны, ӕнӕххӕст, тӕригъӕдджын кӕй стӕм, ӕмӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ зӕрдиагӕй ныххатыр кӕны (Пс. 86:5). Дыккаг та уый, ӕмӕ Йегъовӕ зоны, нӕ бон алцы кӕй нӕу, ӕмӕ, нӕ бон цы нӕу, уый нӕ никуы фӕдомы. (Бакӕс Псалом 103:12–14.) Уӕдӕ цымӕ уымӕн гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ йӕ цӕсты ӕнӕхъӕн, ӕнаипп уӕм?

5. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ, цӕмӕй Йегъовӕйыл иузӕрдион уӕм, уый тыххӕй йӕ хъуамӕ уарзӕм?

5 Цӕмӕй нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕйыл иузӕрдион уӕм, уый тыххӕй йӕ хъуамӕ уарзӕм. Нӕ уарзондзинад ӕмӕ нӕ иузӕрдиондзинад алкӕддӕр хъуамӕ уой ӕнӕхъӕн, ӕнаипп, ӕнӕ хъӕндзинадӕй. Ӕмӕ кӕд фӕлварӕнты дӕр ахӕм уарзондзинад равдисӕм, уӕд стӕм иузӕрдион (1 Аз. 28:9; Матф. 22:37). Ногӕй та аныхас кӕнӕм, статьяйы райдианы цы ӕртӕ Ӕвдисӕны кой кодтам, уыдоны цӕвиттонтыл. Ахӕм уынаффӕтӕ цӕмӕн рахастой? Мыййаг, ӕрыгон хомӕ, скъолайы йӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй арвита, уый ӕвзӕр кӕсы? Ӕрыгон ӕфсымӕры та, мыййаг, уый фӕнды, ӕмӕ йӕ къласаджы фенгӕйӕ фефсӕрмы уа? Ӕмӕ, йӕ бинонты дарын кӕй хъӕуы, уыцы ӕфсымӕр та, мыййаг, уымӕ бӕллы, цӕмӕй ӕнӕ куыстӕй баззайа? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ Йегъовӕйы рӕстаг уагӕвӕрдтӕ зонынц, ӕмӕ сӕ фӕнды, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕной. Уыдон нӕ уӕларвон Фыды уарзынц, ӕмӕ уынаффӕ рахӕссыны размӕ ахъуыды кӕнынц, Хуыцау уымӕ цы цӕстӕй ракӕсдзӕн, ууыл. Афтӕмӕй уыдон ӕвдисынц, иузӕрдион ыл кӕй сты.

ИУЗӔРДИОН ЦӔМӔН ХЪУАМӔ УӔМ?

6. а) Иузӕрдион цӕмӕн хъуамӕ уӕм? б) Адам ӕмӕ Евӕ иузӕрдион кӕй нӕ уыдысты, уый цӕмӕй уыд бӕрӕг?

6 Не ’ппӕт дӕр иузӕрдион цӕмӕн хъуамӕ уӕм? Уымӕн ӕмӕ Хӕйрӕг сдзырддаг кодта Йегъовӕйы хицаудзинад ӕмӕ адӕмы иузӕрдиондзинад. Уый раздӕр уыд зӕд, фӕлӕ Едемы цӕхӕрадоны Хуыцауы ныхмӕ куы рацыд, уӕд сси Сайтан, ома «Ныхмӕлӕууӕг». Уый Йегъовӕйӕ загъта, хицауӕн кӕй нӕ бӕззы, йӕхи йеддӕмӕ ӕндӕр кӕй никӕй мӕт кӕны ӕмӕ иннӕты кӕй сайы, ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕ номыл цъыф бакалдта. Хъыгагӕн, Адам ӕмӕ Евӕ Хӕйрӕджы фарс рахӕцыдысты ӕмӕ уыдон дӕр Йегъовӕйы ныхмӕ рацыдысты (Райд. 3:1–6). Едемы сын цы цард уыд, уый фӕрцы сын бирӕ фадӕттӕ уыд, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзтаиккой ӕмӕ уыцы уарзондзинад тыхджынӕй-тыхджындӕр кодтаид. Фӕлӕ Хӕйрӕг Хуыцауы ныхмӕ куы рацыд, уӕд сӕ уарзондзинад ӕнӕхъӕн ӕмӕ ӕнаипп нӕ разынд. Фӕстӕдӕр ма сӕвзӕрд ӕндӕр фарста дӕр: ахӕм адӕймаг разындзӕн, Йегъовӕйы чи уарза ӕмӕ йыл уый фӕрцы иузӕрдионӕй чи баззайа? Ӕндӕр ныхасӕй, адӕмӕн сӕ бон у, ӕмӕ иузӕрдион уой? Ацы фарста Хӕйрӕг сӕвзӕрын кодта Иовы кой кӕнгӕйӕ.

7. Иовы 1:8–11 стихтӕм гӕсгӕ, Йегъовӕ Иовы иузӕрдиондзинадмӕ цы цӕстӕй каст? Хӕйрӕг та?

7 Иов цард, израилӕгтӕ Египеты куы уыдысты, уыцы заман. Йӕ рӕстӕджы уый хуызӕн иузӕрдион адӕймаг зӕххы цъарыл нӕ уыд. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый дӕр махау ӕнӕххӕст адӕймаг уыд, ӕнӕрӕдийгӕ нӕ уыди. Фӕлӕ йӕ Йегъовӕ уарзта, иузӕрдион ыл кӕй уыд, уый тыххӕй. Куыд зыны, афтӕмӕй Хӕйрӕг уӕдмӕ дӕр Йегъовӕйы раз адӕмы иузӕрдиондзинад дзырддаг кодта. Ӕмӕ йын Йегъовӕ дӕр йӕ хъус Иовмӕ уый тыххӕй ӕрдардта. Иовы цардӕй рабӕрӕг, Хӕйрӕг мӕнгдзурӕг кӕй у! Хӕйрӕг Хуыцауӕй ӕрдомдта, цӕмӕй Иовы иузӕрдиондзинад фӕлвӕрд ӕрцыдаид. Йегъовӕ Иовы йӕ хӕларыл нымадта ӕмӕ йыл ӕууӕндыд, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Хӕйрӕгӕн уый бар радта, цӕмӕй йӕ бафӕлвӕрдтаид. (Бакӕс Иов 1:8–11.)

8. Хӕйрӕг Иовыл цавӕр бӕллӕхтӕ ӕруагъта?

8 Хӕйрӕг у тынг ӕгъатыр ӕмӕ у лӕгмар. Уый афтӕ бакодта, ӕмӕ Иов йӕ исбонӕй ӕнӕхай фӕци, йӕ лӕггадгӕнджытӕ фӕмард сты, стӕй йын адӕмы цӕсты раздӕрау кад нал уыд. Уымӕй уӕлдай ма йын Хӕйрӕг йӕ дӕс сывӕллоны бабын кодта. Фӕстагмӕ та Иовӕн йӕхиуыл сӕрӕй къӕхты бынмӕ ӕвзӕр хъӕдгӕмттӕ бафтыдта. Иовы ус афтӕ маст кодта, ӕмӕ Иовӕн йӕ фыртыхстӕй загъта, Хуыцауы ралгъит ӕмӕ амӕл, зӕгъгӕ. Иовӕн цард царды ад нал кодта, фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕйыл иузӕрдион уыд. Ӕмӕ уӕд Хӕйрӕг ӕндӕрхуызон архайын райдыдта. Иовмӕ йе ’ртӕ ӕмбалы куы ’рбацыдысты, уӕд уымӕй афтӕ спайда кодта, цӕмӕй Иов Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ сивтаид. Уыцы нӕлгоймӕгтӕ Иовы фарсмӕ дзӕвгар рӕстӕг фесты, фӕлӕ йын йӕ зын нӕ фӕрог кодтой. Уый бӕсты йын зӕндтӕ амонын ӕмӕ йын фидистӕ кӕнын райдыдтой. Уыдон загътой, уыцы бӕллӕхтӕ йыл Хуыцау кӕй ӕруагъта ӕмӕ йӕ иузӕрдиондзинад йӕ цӕсты кӕй ницы у. Суанг ма йӕ фӕаххосджын кодтой, зӕгъгӕ, дам, фыдгӕнӕг дӕ ӕмӕ, дам, дыл уыцы бӕллӕхтӕ дӕр уый тыххӕй ӕрцыдысты! (Иов 1:13–22; 2:7–11; 15:4, 5; 22:3–6; 25:4–6).

9. Кӕд Иов уӕззау уавӕры уыд, уӕддӕр куыд бакодта?

9 Иов йе ’ртӕ ӕмбалы карз ныхӕстӕм цы цӕстӕй ракаст? Иов ӕнӕрӕдийгӕ нӕ уыд. Уый сӕм афтӕ смӕсты, ӕмӕ сын уайдзӕфтӕ фӕкодта, стӕй ма, йӕхӕдӕг куыд басаст, афтӕмӕй ӕнӕзонд ныхӕстӕ дӕр кодта. Иов фылдӕр йӕхи рӕстдзинады сӕрыл дзырдта, Хуыцауы рӕстдзинады сӕрыл нӕ, фӕлӕ (Иов 6:3; 13:4, 5; 32:2; 34:5). Фӕлӕ, кӕд ахӕм уӕззау уавӕры уыд, уӕддӕр Йегъовӕйӕ нӕ аздӕхт. Уый йе ’ртӕ ӕмбалы мӕнг ныхӕстыл нӕ баууӕндыд. Иов загъта: «Нӕ, уый никуы уыдзӕн, ӕмӕ ӕз сымах рӕстгӕнджытыл банымайон! Цалынмӕ ӕгас уон, уӕдмӕ Хуыцауыл мӕ зӕрдӕ нӕ сивдзынӕн!» (Иов 27:5). Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Иовы кӕй фӕндыд Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайын, цыфӕнды ма ’рцыдаид, уӕддӕр. Ӕмӕ махӕн уымӕй у фӕзминаг.

10. Хӕйрӕг Иовы кой кӕнгӕйӕ цы фарста сӕвзӕрын кодта, уый дӕумӕ куыд хауы?

10 Хӕйрӕг Иовы кой кӕнгӕйӕ цы фарста сӕвзӕрын кодта, уый махӕй алкӕмӕ дӕр хауы. Цымӕ куыд? Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Хӕйрӕг махӕй дӕр дзуры, Йегъовӕйы ӕцӕгӕй кӕй нӕ уарзӕм, ӕмӕ йыл зын уавӕры бахаугӕйӕ нӕ зӕрдӕ кӕй сивдзыстӕм ӕмӕ йын кӕй нал лӕггад кӕндзыстӕм! (Иов 2:4, 5; Рарг. 12:10). Уый дӕм хъыг куыннӕ кӕсы. Фӕлӕ-ма иу цӕуылдӕр ахъуыды кӕн. Йегъовӕ бауадзы, цӕмӕй-иу дын Хӕйрӕг дӕ иузӕрдиондзинад бафӕлвара. Уый дыл ӕууӕнды ӕмӕ дын фадат дӕтты, цӕмӕй йыл иузӕрдион кӕй дӕ, уый равдисай ӕмӕ, Хӕйрӕг мӕнг ныхӕстӕ кӕй кӕны, уый сбӕлвырд кӕнай. Йегъовӕ нӕ дызӕрдыг кӕны, дӕ бон кӕй у, цӕмӕй йыл иузӕрдионӕй баззайай ӕмӕ дын зӕрдӕ ӕвӕры, кӕй дын ӕххуыс кӕндзӕн (Дзут. 13:6). Дунедарӕг Хуыцау дыл афтӕ ӕууӕнда, уымӕй стырдӕр кад ма цы хъуамӕ уа! Уӕдӕ йӕ ныр ӕмбарӕм, афтӕ ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй иузӕрдион уӕм. Афтӕмӕй бӕлвырд кӕнӕм, Хӕйрӕг мӕнгдзурӕг кӕй у, нӕ уӕларвон Фыды номыл цъыф калын нӕ уадзӕм ӕмӕ, йӕ хицаудзинады фарс кӕй стӕм, уый ӕвдисӕм. Уӕдӕ нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй иузӕрдион уӕм?

АЦЫ ФӔСТАГ БОНТЫ ИУЗӔРДИОН ЦӔЙ ФӔРЦЫ УЫДЗЫСТӔМ

11. Иовы цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

11 Ацы «фӕстаг бонты» Хӕйрӕг Хуыцауы адӕмы иузӕрдиондзинад тынгӕй-тынгдӕр фӕлвары (2 Тим. 3:1). Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй ацы зын рӕстӕджыты иузӕрдион уӕм? Ногӕй та Иовы цӕвиттонмӕ ӕркӕсӕм. Фӕлварӕнты куы бахауд, уымӕй бирӕ раздӕр дӕр архайдта, цӕмӕй йӕм уыцы миниуӕг уыдаид. Аныхас кӕнӕм, Иовӕн цавӕр ӕртӕ хъуыддаджы баххуыс кодтой иузӕрдионӕй баззайынӕн ӕмӕ йӕ нӕ бон куыд у бафӕзмын.

Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй алкӕддӕр иузӕрдион уӕм? (кӕс 12 абзац) *

12. а) Иовы 26:7, 8, 14 стихтӕм гӕсгӕ, Иов Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ цӕй фӕрцы уарзта? б) Хуыцауы ноджы тынгдӕр цӕй фӕрцы уарздзыстӕм?

12 Иов Йегъовӕйы сконд хъуыддӕгтыл кӕй хъуыды кодта, уый фӕрцы йӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзта. Иов-иу йӕ рӕстӕг не ’вгъау кодта Хуыцауы диссаджы сконд дунейыл хъуыды кӕнынӕн. (Бакӕс Иов 26:7, 8, 14.) Зӕгъӕм, хъуыды-иу кодта, зӕхх, арв ӕмӕ мигътӕ куыд конд сты, стӕй арв куыд ныннӕры, ууыл, ӕмӕ йӕ уыдӕттӕ дисы ӕфтыдтой. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр ӕмбӕрста, Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕтты тыххӕй бирӕ кӕй ницы зоны. Стӕй ма йӕ дисы ӕфтыдтой Йегъовӕйы ныхӕстӕ дӕр. Иов загъта: «Йӕ ныхӕстӕ йын хӕзнайау мӕ зӕрдӕйы ӕвӕрын» (Иов 23:12). Иов ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй Йегъовӕйӕн аргъ кодта. Уый йӕ уӕларвон Фыды уарзта ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кодтаид. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ фидар фӕнд уыд, цӕмӕй Хуыцауыл алкӕддӕр иузӕрдион уыдаид. Иов махӕн у фӕзминаг. Йӕ рӕстӕджы цӕрӕг адӕм Хуыцауы сконд хъуыддӕгты тыххӕй цы зыдтой, мах уымӕй бирӕ фылдӕр зонӕм. Стӕй махмӕ ис Библи ӕнӕхъӕнӕй, ӕмӕ уый фӕрцы зонӕм, Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый. Йегъовӕйы тыххӕй цыдӕриддӕр зонӕм, уыдӕттыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд ын ноджы тынгдӕр аргъ кӕндзыстӕм. Уый фӕрцы йӕ ноджы тынгдӕр уарздзыстӕм ӕмӕ нӕ фӕнддзӕн йӕ коммӕ кӕсын, стӕй нӕ фидар фӕнд уыдзӕн, цӕмӕй йыл алкӕддӕр иузӕрдион уӕм (Иов 28:28).

Мах порнографимӕ ӕмгӕрон дӕр нӕ цӕуӕм, ӕмӕ уый фӕрцы стӕм иузӕрдион (кӕс 13 абзац) *

13, 14. а) Иовы 31:1 стихы куыд фыст ис, афтӕмӕй, Иов Хуыцауы коммӕ кӕй каст, уый цӕмӕй уыд бӕрӕг? б) Нӕ бон куыд у Иовы бафӕзмын?

13 Иов Хуыцауы коммӕ кӕй каст, уый фӕрцы йыл уыд иузӕрдион. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ адӕймаг алы хъуыддаджы дӕр Хуыцауы коммӕ куы кӕса, уӕд ӕй ноджы тынгдӕр фӕнддзӕн, цӕмӕй йыл иузӕрдион уа. Ӕмӕ Иов дӕр уый хорз ӕмбӕрста. Уый алы бон дӕр ӕппӕт тыхтӕй архайдта, цӕмӕй Хуыцауы коммӕ кастаид. Зӕгъӕм, сылгоймӕгтимӕ йӕхи, куыд ӕмбӕлд, афтӕ дардта. (Бакӕс Иов 31:1.) Уый зыдта, дӕ бинойнагӕй уӕлдай ӕндӕр сылгоймӕгтӕм уарзоны цӕстӕй кӕсай, уый раст кӕй нӕу. Абон мах цӕрӕм ӕнӕгъдаудзинадӕй йедзаг дунейы. Иовау мах дӕр хъуамӕ къӕрцхъус уӕм, цӕмӕй, нӕ цардӕмбал чи нӕу, ахӕм искӕмӕ нӕ зӕрдӕ ӕхсайын ма райдайа. Кӕнӕ та, зӕгъӕм, ӕнӕгъдау кӕнӕ хӕлд нывтӕ искуы куы фенӕм, уӕд-иу хъуамӕ нӕ цӕстытӕ иннӕрдӕм азилӕм (Матф. 5:28). Алы уавӕры дӕр ахӕм хиуылхӕцындзинад куы ’вдисӕм, уӕд нын уый ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй иузӕрдион уӕм.

Мах мулк ӕмӕ ӕхцамӕ раст цӕстӕй кӕсӕм, ӕмӕ уый фӕрцы стӕм иузӕрдион (кӕс 14 абзац) *

14 Иов Йегъовӕйы коммӕ кӕй касти, уый ма бӕрӕг уыд, мулкмӕ цы цӕстӕй каст, уымӕй дӕр. Уый ӕмбӕрста, йӕ ныфс йӕ исбоныл куы дара, уӕд ӕй уый стыр тӕригъӕдмӕ дӕр кӕй ӕркӕндзӕн ӕмӕ уый тыххӕй ӕфхӕрд кӕй баййафдзӕн (Иов 31:24, 25, 28). Абон мах ахӕм дунейы цӕрӕм, ӕмӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр бӕллынц хъӕздыгдзинадмӕ. Фӕлӕ нын Библи куыд фӕдзӕхсы, афтӕ ӕхца ӕмӕ мулкмӕ раст цӕстӕй куы кӕсӕм, уӕд нын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй иузӕрдион уӕм (Ӕмб. 30:8, 9; Матф. 6:19–21).

Мах, цы ныфс нын ис, ууыл хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ уый фӕрцы стӕм иузӕрдион (кӕс 14 абзац) *

15. а) Иовӕн цы ’ххуыс кодта, цӕмӕй Хуыцауыл иузӕрдион уыдаид? б) Фидарӕй нӕ цы хъуамӕ уырна ӕмӕ нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн?

15 Иовы ныфс уыди, Хуыцау ын кӕй раарфӕ кӕндзӕн, ӕмӕ уый фӕрцы уыд иузӕрдион. Уый фидарӕй уырныдта, Хуыцау ын йӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй кӕй аргъ кӕны (Иов 31:6). Ӕмӕ кӕд уӕззау уавӕры уыди, уӕддӕр ӕй уырныдта, ӕппынфӕстаг арфӕгонд кӕй ӕрцӕудзӕн. Ӕмӕ уый фӕрцы Хуыцауыл уыд иузӕрдион. Йегъовӕйы зӕрдӕ Иовӕй афтӕ барухс, ӕмӕ йӕ бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын кодта, кӕд уӕд нырма ӕнӕххӕст адӕймаг уыд, уӕддӕр! (Иов 42:12–17; Иак. 5:11). Ӕмӕ йӕм разӕй та ӕнхъӕлмӕ кӕсы ноджы фылдӕр арфӕдзинӕдтӕ. Фидарӕй дӕ уырны, дӕуӕн дӕр Йегъовӕ дӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй кӕй раарфӕ кӕндзӕн? Хуыцау уӕдӕй фӕстӕмӕ нӕ фӕивта (Мал. 3:6). Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн кӕй арфӕ кӕны, уый куы нӕ рох кӕнӕм, уӕд ыл алкӕддӕр иузӕрдион уыдзыстӕм ӕмӕ нӕ диссаджы фидӕнӕй ныфс уыдзӕн (1 Фес. 5:8, 9).

16. Нӕ фидар фӕнд цы хъуамӕ уа?

16 Уӕдӕ Йегъовӕйыл дӕ зӕрдӕ макуы сив! Хатгай дӕм, чи зоны, афтӕ кӕса, ӕмӕ ацы фӕндагыл ӕрмӕстдӕр ды цӕуыс. Фӕлӕ уый афтӕ нӕу. Ӕгас зӕххыл дӕр милуангай адӕм дӕуау Хуыцауыл сты иузӕрдион. Стӕй раджы заманты дӕр Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ иузӕрдионӕй баззадысты, суанг-иу сӕ цардӕн тӕссаг куы уыд, уӕд дӕр (Дзут. 11:36–38; 12:1). Цӕй уӕдӕ нӕ алчидӕр Иовау йӕхицӕн фидарӕй зӕгъӕд: «Хуыцауыл мӕ зӕрдӕ нӕ сивдзынӕн!» Цӕй ӕмӕ Йегъовӕйыл ӕнустӕм иузӕрдион уӕм ӕмӕ йын афтӕмӕй кад хӕссӕм!

124 ЗАРӔГ Алкӕд ӕнувыд, иузӕрдион уӕм

^ 5 абз. Иузӕрдион уай, уый цӕуыл дзурӕг у? Йегъовӕ уыцы миниуӕгӕн цӕмӕн аргъ кӕны? Ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй уыцы миниуӕг махӕй алкӕмӕ дӕр уа? Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, ацы фарстатӕн Библийы цавӕр дзуапп ис, уый. Стӕй ма фендзыстӕм, нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй алы бон дӕр нӕ иузӕрдиондзинад хъуыддагӕй ӕвдисӕм. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд стыр арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдзыстӕм.

^ 3 абз. Дзырд «ӕнӕсахъат»-ӕй цы дзуттаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ хӕстӕг у, дзырд «иузӕрдион»-ӕй цы дзырд ратӕлмац кодтой, уымӕ.

^ 50 абз. НЫВ. Иов йӕ сывӕллӕттӕй цалдӕримӕ ныхас кӕны Йегъовӕйы диссаджы сконд хъуыддӕгтыл.

^ 52 абз. НЫВ. Ӕфсымӕрмӕ йе ’мкусджытӕ дзурынц, цӕмӕй семӕ порнографимӕ бакӕса, фӕлӕ уый йӕхи иуварс айста.

^ 54 абз. НЫВ. Ӕфсымӕры дуканигӕс разӕнгард кӕны стыр ӕмӕ зынаргъ телевизор балхӕнынмӕ, фӕлӕ уый нӕ разы кӕны, уымӕн ӕмӕ ӕнӕмӕнгхъӕугӕ дзаума нӕу, стӕй йӕ къух дӕр уыйбӕрц нӕ амоны.

^ 56 абз. НЫВ. Ӕфсымӕр рӕстӕг рахицӕн кодта, цӕмӕй Хуыцаумӕ скува ӕмӕ, ног дунейы цы цард уыдзӕн, ууыл ахъуыды кӕна.