Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

12 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Архайут иннӕты ӕнкъарӕнтӕ бамбарыныл

Архайут иннӕты ӕнкъарӕнтӕ бамбарыныл

«Иннӕты рыст уӕм хъарӕд... кӕрӕдзийы зын ӕмбарут» (1 ПЕТ. 3:8).

90 ЗАРӔГ Кӕрӕдзи фидар кӕнӕм

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. 1 Петры 3:8 стих чырыстӕтты цӕмӕ разӕнгард кӕны ӕмӕ нын иннӕтӕ не ’нкъарӕнтӕ куы фембарынц, уӕд нын уый ӕхсызгон цӕмӕн вӕййы?

МАХӔН ӕхсызгон вӕййы, иннӕтӕ нын не ’нкъарӕнтӕ куы фембарынц ӕмӕ нӕ хорзыл куы фӕхъуыды кӕнынц, уӕд. Уыдон фӕархайынц, цӕмӕй-иу сӕхи нӕ бынаты сӕвӕрой. Цавӕр ӕххуыс нӕ хъӕуы, уый бафиппайынц ӕмӕ нӕ фарсмӕ балӕууынц, хатгай, дзургӕ дӕр ницыма скӕнӕм, афтӕмӕй. Мах тынг бузныг вӕййӕм, нӕ зын нын чи бамбары *, уыдонӕй. (Бакӕс 1 Петры 3:8.)

2. Цӕмӕн нӕ фӕхъӕуы нӕ тых, нӕ бонӕй архайын, цӕмӕй тӕригъӕдгӕнаг уӕм?

2 Чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ не ’ппӕты дӕр фӕнды архайын, цӕмӕй-иу иннӕты рыст нӕ зӕрдӕмӕ айсӕм. Фӕлӕ, раст куы зӕгъӕм, уӕд нын уый алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Цӕуылнӕ? Иу уый, ӕмӕ стӕм ӕнӕххӕст (Ром. 3:23). Ӕмӕ уый тыххӕй фылдӕр нӕхиуыл фӕхъуыды кӕнӕм. Уӕдӕ нӕ хъӕуы нӕ тых, нӕ бонӕй архайын, цӕмӕй иннӕтыл хъуыды кӕнӕм ӕмӕ сыл тыхсӕм. Кӕуылдӕрты та фӕзыны, куыд сӕ хъомыл кодтой, уый кӕнӕ сыл царды цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдон, ӕмӕ сын уый тыххӕй ӕнцон нӕ вӕййы иннӕтӕн тӕригъӕд кӕнын. Стӕй ма ныл хатгай фӕзыны, нӕ алыварс цы адӕм ис, уыдоны зондахаст дӕр. Ацы фӕстаг бонты бирӕтӕ сты «хиуарзон», ӕмӕ сӕ иннӕты мӕт ӕппындӕр нӕй (2 Тим. 3:1, 2). Фӕлӕ нын уӕддӕр цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй иннӕты ӕнкъарӕнтӕ ӕмбарӕм?

3. а) Иннӕты зын хуыздӕр цӕй фӕрцы ӕмбардзыстӕм? б) Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

3 Иннӕты ӕнкъарӕнтӕ хуыздӕр ӕмбардзыстӕм, Йегъовӕ Хуыцауы ӕмӕ йын йӕ Фырт Йесо Чырыстийы куы фӕзмӕм, уӕд. Йегъовӕ у уарзӕгой Хуыцау ӕмӕ, иннӕтыл куыд тыхсы, уыцы хъуыддаджы йын ӕмбал нӕй (1 Иоан. 4:8). Йесо йӕ Фыды алцӕмӕй дӕр фӕзмыдта (Иоан. 14:9). Зӕххыл куы уыд, уӕд равдыста, адӕмӕн сӕ бон куыд у, иннӕтӕн кӕй тӕригъӕд кӕнынц, уый ӕвдисын. Ныртӕккӕ аныхас кӕндзыстӕм, Йегъовӕ ӕмӕ Йесо куыд ӕвдыстой, иннӕты ӕнкъарӕнтӕ кӕй ӕмбарынц, уый. Уый фӕстӕ та ӕркӕсдзыстӕм, нӕ бон сӕ куыд у бафӕзмын, уымӕ.

ЙЕГЪОВӔ ИННӔТЫ ӔНКЪАРӔНТӔ ӔМБАРЫ

4. Исайы 63:7–9 стихтӕй куыд зыны, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ӕнкъарӕнтӕ кӕй ӕмбары, уый?

4 Библийӕ бӕрӕг у, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ӕнкъарӕнтӕ кӕй ӕмбары. Зӕгъӕм, ахъуыды-ма кӕн, рагзаманты-иу израилӕгтӕ алыхуызон бӕллӕхты куы бахаудысты, уӕд-иу Йегъовӕ цы банкъардта, ууыл. Библийы фыст ис: «Уыдонӕн зын куы уыди, уӕд-иу зын уыди уымӕн дӕр». (Бакӕс Исайы 63:7–9.) Цасдӕры фӕстӕ Йегъовӕ пехуымпар Захарийы уылты бамбарын кодта, йӕ адӕмы йын куы фефхӕрынц, уӕд уый афтӕ кӕй банымайы, цыма йын йӕхи ӕфхӕрынц. Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн загъта: «Сымахмӕ чи ӕвналы, уый мын мӕ цӕстыгагуымӕ ӕвналы» (Зах. 2:8). Ацы ныхӕстӕй Йегъовӕ ирдӕй равдыста, йӕ лӕггадгӕнджыты рыст кӕй ӕмбары!

Йегъовӕ израилӕгтӕн фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ сӕ Египеты цагъарадӕй ссӕрибар кодта (кӕс 5 абзац)

5. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ-иу куы хъизӕмар кодтой, уӕд-иу сын куыд баххуыс кодта, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс.

5 Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ хъизӕмӕрттӕ куы февзарынц, уӕд сын ӕнӕуи нӕ фӕтӕригъӕд кӕны. Уый сын ӕххуыс дӕр бакӕны. Зӕгъӕм, израилӕгтӕ Египеты цагъартӕ куы уыдысты ӕмӕ куы хъизӕмар кодтой, уӕд сын Йегъовӕ сӕ рыст ӕмбӕрста ӕмӕ йӕ бафӕндыд сӕ хъизӕмӕрттӕй сӕ фервӕзын кӕнын. Хуыцау Моисейӕн загъта: «Ӕз федтон, мӕ адӕм... куыд хъизӕмар кӕнынц, уый, ӕмӕ сын фехъуыстон сӕ дзыназын... Зонын ӕй, куыд удхар кӕнынц. Ӕмӕ цӕуын, цӕмӕй сӕ египетӕгты къухӕй фервӕзын кӕнон» (Рац. 3:7, 8). Йегъовӕ йӕ адӕмӕн фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ сӕ Египеты цагъарадӕй ссӕрибар кодта. Фӕстӕдӕр израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕххыл куы ’рцардысты, уӕд-иу сӕ се знӕгтӕ ӕнцад цӕрын нӕ уагътой. Цымӕ-иу Йегъовӕ куыд бакодта? Уый «хъуыста, чи сӕ ӕфхӕрдта ӕмӕ сӕ алырдыгӕй чи ссӕста, уыдоны ӕфсондзы бын куыд хъӕрзынц, уый ӕмӕ сын тӕригъӕд кодта». Йегъовӕ йӕ адӕмӕн иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ-иу сын баххуыс кодта. Хуыцау-иу сын радта тӕрхонгӕнджытӕ, цӕмӕй-иу сӕ уыдон се знӕгты къухӕй фервӕзын кодтаиккой (Тӕрх. 2:16, 18).

6. Цавӕр хабарӕй у бӕрӕг, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ӕнкъарӕнтӕ кӕй фембары, раст куы нӕ фӕхъуыды кӕнынц, уӕд дӕр?

6 Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ӕнкъарӕнтӕ фембары, раст куы нӕ фӕхъуыды кӕнынц, суанг уӕд дӕр. Ӕркӕсӕм пехуымпар Ионӕйы хабармӕ. Хуыцау ӕй Ниневимӕ арвыста, цӕмӕй уым цӕрӕг адӕмӕн йӕ тӕрхон фехъусын кодтаид. Уыдон се ’взӕр хъуыддӕгтыл ӕрфӕсмон кодтой, ӕмӕ сыл Хуыцау бӕллӕх нал ӕруагъта. Фӕлӕ хабар афтӕ кӕй рауад, уый Ионӕйӕн тынг зын уыд. Уый «мӕстӕй рафыхт», цы тӕрхон сын хъусын кодта, уый кӕй нӕ сӕххӕст, уый тыххӕй. Фӕлӕ Йегъовӕ Ионӕмӕ фӕразондзинад равдыста ӕмӕ йын йӕ зондахаст сраст кӕнынӕн баххуыс кодта (Ионӕ 3:10–4:11). Рӕстӕг куы рацыд, уӕд Ионӕ йӕ рӕдыд бамбӕрста, ӕмӕ ма йӕм ахӕм кад дӕр ӕрхауд, ӕмӕ йын Йегъовӕ уыцы хабар ныффыссын кодта, цӕмӕй махӕн зондзонӕн уа (Ром. 15:4) *.

7. Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытимӕ куыд фӕархайы, уый цӕуыл дзурӕг у?

7 Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытимӕ куыд фӕархайы, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сын сӕ зын ӕмбары. Хуыцау фӕзоны, махӕй алчидӕр цы рыст ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ февзары, уый. Йегъовӕ «зоны, адӕймаджы зӕрдӕйы цы ис, уый» (2 Аз. 6:30). Уый нын уыны нӕ зӕрдӕйы арф хъуыдытӕ ӕмӕ ӕнкъарӕнтӕ, стӕй нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ ӕмӕ нӕ ӕмбары. Йегъовӕ «нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй бахауӕм... [нӕ] бон бафӕразын кӕй нӕ бауа, ахӕм фӕлварӕны» (1 Кор. 10:13). Уый нӕ цӕй стыр ныфс уадзы!

ЙЕСО ИННӔТЫ ӔНКЪАРӔНТӔ ӔМБАРЫ

8–10. Йесо адӕмӕн сӕ зын цӕй фӕрцы ӕмбӕрста?

8 Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд адӕмы ӕнкъарӕнтӕ ӕмбӕрста. Цымӕ йын уымӕн цы ’ххуыс кодта? Ӕппынкъаддӕр ӕртӕ хъуыддаджы. Фыццаг: гыццыл раздӕр куыд загътам, афтӕмӕй Йесо йӕ уӕларвон Фыды алцӕмӕй дӕр фӕзмыдта. Йӕ Фыдау уый дӕр адӕмы уарзта. Йесо Йегъовӕйӕн Дун-дуне сфӕлдисынӕн куы ’ххуыс кодта, уӕд алцӕуыл дӕр цин кодта, фӕлӕ уӕлдай тынгдӕр цин кодта «зӕххон адӕмыл» (Ӕмб. 8:31). Ӕмӕ адӕмы кӕй уарзта, се ’нкъарӕнтӕ дӕр сын уый тыххӕй ӕмбӕрста.

9 Дыккаг: Йегъовӕйау Йесо дӕр уыдта, адӕмы зӕрдӕты цы уыд, уый. Уый зыдта, адӕмы-иу цыдӕр саразынмӕ кӕнӕ зӕгъынмӕ цы сразӕнгард кодта, уый ӕмӕ-иу сӕм цы ’нкъарӕнтӕ уыд, уый дӕр зыдта (Матф. 9:4; Иоан. 13:10, 11). Ӕмӕ, адӕймаг зӕрдӕсаст у, уый-иу куы бамбӕрста, уӕд-иу ын фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ-иу дзы ныфс бауагъта (Ис. 61:1, 2; Лук. 4:17–21).

10 Ӕртыккаг: Йесо йӕхӕдӕг дӕр ӕмбӕлд, адӕм цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты, уыдонӕй иуӕй-иутыл. Зӕгъӕм, Йесо цы бинонты ’хсӕн схъомыл, уыдон, ӕвӕццӕгӕн, мӕгуыр уыдысты. Йӕ фыд Иосифимӕ кусгӕйӕ йӕхицӕй базыдта, уӕззау куыст цы у, уый (Матф. 13:55; Мар. 6:3). Йесо лӕггад кӕнын куы райдыдта, уӕдмӕ Иосиф, чи зоны, ӕгас нал уыд. Уӕдӕ Йесо, хионы мӕлӕт цы у, уый дӕр базыдта. Стӕй ма йӕхиуыл бавзӕрста, бинонтӕй чидӕр рӕстдзинады фӕндагыл куы нӕ фӕцӕуы, уый дӕр (Иоан. 7:5). Йесо ахӕм уавӕрты кӕй уыд, уый фӕрцы сахуыр хуымӕтӕг адӕмӕн сӕ зындзинӕдтӕ ӕмӕ се ’нкъарӕнтӕ ӕмбарын.

Йесо къуырма лӕгӕн фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ йӕ адӕмӕй иуварс фӕкӕны, цӕмӕй йӕ сдзӕбӕх кӕна (кӕс 11 абзац)

11. Йесо иннӕты зын кӕй ӕмбӕрста, уый уӕлдай тынгдӕр кӕд уыд бӕрӕг? Бамбарын ӕй кӕн. (Кӕс нывмӕ ӕддаг цъарыл.)

11 Йесо иннӕты зын кӕй ӕмбӕрста, уый уӕлдай тынгдӕр бӕрӕг уыд, диссӕгтӕ куы арӕзта, уӕд. Уый тыххӕй сӕ нӕ арӕзта, ӕмӕ уый йӕ хӕсыл нымадта, фӕлӕ, чи хъизӕмар кодта, уыдонӕн-иу кӕй «фӕтӕригъӕд кодта», уый тыххӕй (Матф. 20:29–34; Мар. 1:40–42). Зӕгъӕм, ахъуыды кӕн, Йесомӕ цавӕр ӕнкъарӕнтӕ уыдаид, къуырма лӕджы адӕмӕй иуварс куы кодта ӕмӕ йӕ куы дзӕбӕх кодта, уӕд, науӕд идӕдз сылгоймагӕн йӕ иунӕг фырты куы ӕгас кодта, уӕд (Мар. 7:32–35; Лук. 7:12–15). Йесо сын сӕ зын йӕ зӕрдӕмӕ айста ӕмӕ йӕ бафӕндыд, цӕмӕй сын баххуыс кодтаид.

12. Иоанны 11:32–35 стихтӕй куыд зыны, Йесо Марфӕ ӕмӕ Марийӕйы рыст йӕ зӕрдӕмӕ кӕй айста?

12 Йесо Марфӕ ӕмӕ Марийӕйы рыст дӕр йӕ зӕрдӕмӕ айста. Се ’фсымӕр Лазӕры мӕлӕтыл куыд маст кӕнынц, уый фенгӕйӕ «йӕ цӕссыгтӕ ӕркалдысты». (Бакӕс Иоанны 11:32–35.) Цымӕ Йесо уый тыххӕй скуыдта, ӕмӕ йе ’ввахс ӕмбалы нал фендзӕн? Нӕ. Уый зыдта, тагъд Лазӕры кӕй райгас кӕндзӕн. Йесо уый тыххӕй скуыдта, ӕмӕ федта, йӕ зынаргъ ӕмбӕлттӕ куыд зӕрдӕсаст сты, уый, ӕмӕ сын сӕ рыст бамбӕрста.

13. Йесо адӕмӕн сӕ рыст кӕй ӕмбары, уый нын нӕ ныфсыл ныфс куыд ӕфтауы?

13 Йесо адӕмӕн сӕ рыст кӕй ӕмбӕрста, уый нын нӕ ныфсыл ныфс ӕфтауы. Ӕмӕ ахӕм тӕригъӕдгӕнаг кӕй у, уый тыххӕй йӕ мах уарзӕм (1 Пет. 1:8). Йесо ныр Хуыцауы Паддзахады Паддзах кӕй у, уый нын у стыр ныфсы хос. Тагъд уый ӕппӕт хъизӕмӕрттӕн дӕр кӕрон скӕндзӕн. Адӕм Хӕйрӕджы хицаудзинады тыххӕй цытӕ бавзӕрстой, уыдӕттӕй сӕ фервӕзын кӕндзӕн. Ӕмӕ сын Йесойӕ хуыздӕр ничи баххуыс кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ, зӕххыл куы уыд, уӕд йӕхӕдӕг дӕр алыхуызон зындзинӕдтӕ ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ бавзӕрста. Ӕцӕгдӕр, «нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ нын чи... ӕмбары», ахӕм Хицау нын кӕй ис, уый махӕн у стыр арфӕдзинад! (Дзут. 2:17, 18; 4:15, 16).

ЙЕГЪОВӔЙЫ ӔМӔ ЙЕСОЙЫ ФӔЗМУТ

14. Ефесӕгтӕм 5:1, 2 стихтӕ нӕ цӕмӕ разӕнгард кӕнынц?

14 Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы цӕвиттонтыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ уый разӕнгард кӕндзӕн, цӕмӕй иннӕты зын ноджы хуыздӕр ӕмбарӕм. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 5:1, 2.) Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах Йегъовӕ ӕмӕ Йесойӕ уӕлдай, адӕмы зӕрдӕты цы ис, уый нӕ зонӕм. Фӕлӕ уӕддӕр нӕ бон у архайын, цӕмӕй-иу, иннӕтӕ цы ’нкъарынц ӕмӕ цӕуыл тыхсынц, уый бамбарӕм (2 Кор. 11:29). Ацы дунейы хиуарзон адӕмӕй уӕлдай, мах хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй, нӕхицӕн «куыд хуыздӕр уа, ӕрмӕст ууыл ма хъуыды кӕнӕм, фӕлӕ, иннӕтӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл дӕр» (Фил. 2:4).

(кӕс 15–19 абзацтӕ) *

15. Иннӕты зын бамбарыныл уӕлдай тынгдӕр чи хъуамӕ архайа?

15 Иннӕты зын бамбарыныл уӕлдай тынгдӕр хъуамӕ архайой ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ. Сӕ бӕрны чи ис, уыдоны тыххӕй сӕ Хуыцауы раз дзуапп раттын хъӕудзӕн (Дзут. 13:17). Ӕмӕ цӕмӕй хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын сӕ бон уа, уый тыххӕй хъуамӕ уой тӕригъӕдгӕнаг. Иннӕты рыст сӕм кӕй хъары, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?

16. Тӕригъӕдгӕнаг хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куыд фӕархайынц ӕмӕ уый ахсджиаг цӕмӕн у?

16 Тӕригъӕдгӕнаг хистӕр нӕлгоймаг йе ’мчырыстӕттӕн йӕ рӕстӕг нӕ февгъау кӕны. Семӕ куы фӕныхас кӕны, уӕд сӕм фарстатӕ фӕдӕтты ӕмӕ сӕм стӕй лӕмбынӕг ӕмӕ фӕразонӕй фӕхъусы. Афтӕ архайын уӕлдай ахсджиаг у, нӕ зынаргъ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй искӕй йӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ радзурын куы фӕнда, фӕлӕ йын ныхӕстӕ ссарын зын куы уа, уӕд (Ӕмб. 20:5). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ се ’мчырыстӕттӕн сӕ рӕстӕг кӕй не ’вгъау кӕнынц, уый фӕрцы семӕ хорз хӕлӕрттӕ свӕййынц, кӕрӕдзийыл ноджы тынгдӕр феууӕндынц ӕмӕ кӕрӕдзийы тынгдӕр фӕуарзынц (Хъуыд. 20:37).

17. Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй бирӕтӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн ӕппӕты тынгдӕр цӕй тыххӕй аргъ кӕнынц? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

17 Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй бирӕтӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕн ӕппӕты тынгдӕр аргъ кӕнынц, иннӕты ӕнкъарӕнтӕ кӕй фембарынц, уый тыххӕй. Цымӕ цӕмӕн? Мӕнӕ цы загъта иу хо, Аделаидӕ: «Уый фӕрцы семӕ ныхас кӕнын ӕнцондӕр вӕййы, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕзоныс, кӕй дӕ бамбардзысты». Ӕмӕ йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Цы сын радзурыс, уымӕ цы цӕстӕй ракӕсынц, уымӕй бӕрӕг вӕййы, дӕ рыст сӕм кӕй хъары». Иу ӕфсымӕр та загъта: «Цы уавӕры дӕн, уый тыххӕй иу хистӕр нӕлгоймагӕн куы дзырдтон, уӕд йӕ цӕстытӕ доны разылдысты. Уымӕн ферохгӕнӕн нӕй» (Ром. 12:15).

18. Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй-иу иннӕты зын бамбарӕм?

18 Фӕлӕ иннӕты зын бамбарыныл ӕрмӕст хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ ма архайой. Махӕй алкӕмӕн дӕр у йӕ бон ууыл архайын. Дӕ бинонтӕ ӕмӕ-иу де ’мчырыстӕтты зындзинӕдтӕ бамбарыныл бацархай. Дӕ рӕстӕг ма ’вгъау кӕн де ’мбырды ӕрыгӕттӕн ӕмӕ ацӕргӕтӕн, стӕй, рынчын чи у ӕмӕ зиан кӕуыл ӕрцыд, уыдонӕн. Куыд сты, уымӕй-иу сӕ бафӕрс. Сӕ зӕрдӕйы цы ис, уый дын куы дзурой, уӕд-иу сӕм лӕмбынӕг хъус. Равдис-иу сын, се ’нкъарӕнтӕ сын кӕй ӕмбарыс. Дӕ бон цӕмӕй у, уымӕй-иу сын баххуыс кӕн. Афтӕмӕй равдисдзынӕ, ӕцӕг уарзтӕй сӕ кӕй уарзыс (1 Иоан. 3:18).

19. Иннӕтӕн нӕ баххуыс кӕнын куы фӕнда, уӕд-иу ӕмбаргӕйӕ цӕмӕн хъуамӕ архайӕм?

19 Иннӕтӕн нӕ баххуыс кӕнын куы фӕнда, уӕд-иу хъуамӕ ӕмбаргӕйӕ архайӕм. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ адӕм зындзинӕдтӕм иухуызон цӕстӕй нӕ ракӕсынц. Иуты фӕфӕнды сӕ сагъӕстӕ искӕмӕн ракӕнын, иннӕтӕ та сӕ зындзинӕдты тыххӕй дзурын нӕ фӕуарзынц. Уӕдӕ-иу хъуамӕ иннӕты, махмӕ цы нӕ хауы, ахӕм цӕмӕйдӕрты ма фӕрсӕм (1 Фес. 4:11). Ӕмӕ нын кӕд, сӕ зӕрдӕйы цы ис, уый радзурой, уӕддӕр нӕм, чи зоны, сӕ ныхӕстӕ раст ма фӕкӕсой. Фӕлӕ нӕ хъуамӕ рох ма уа: уыдон се ’нкъарӕнтӕ сты, мах ӕнкъарӕнтӕ нӕ, фӕлӕ. Мах фӕнды ууыл архайын, цӕмӕй рӕвдз уӕм байхъусынмӕ, дзурынмӕ та тагъд ма кӕнӕм (Матф. 7:1; Иак. 1:19).

20. Иннӕ статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

20 Не ’мчырыстӕтты зын кӕй ӕмбарӕм, уымӕй уӕлдай ма нӕ фӕнды, уацамынды кӕуыл фембӕлӕм, уыдоны зын дӕр ӕмбарын. Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнгӕйӕ нӕ бон куыд у ӕвдисын, се ’нкъарӕнтӕ сын кӕй ӕмбарӕм? Ууыл дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.

130 ЗАРӔГ Кӕрӕдзийӕн хатыр кӕнӕм

^ 5 абз. Йегъовӕ ӕмӕ Йесо иннӕты ӕнкъарӕнтӕ ӕмбарынц. Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, сӕ цӕвиттонтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм, уымӕ. Стӕй ма аныхас кӕндзыстӕм, иннӕты зын ӕмбарыныл цӕмӕн хъуамӕ архайӕм ӕмӕ уый куыд ис аразӕн, ууыл.

^ 1 абз. АЦЫ НЫХӔСТӔН СӔ ХЪУЫДЫ ЦЫ У. Искӕй «зын бамбарын» уый у, ӕмӕ йын йе ’нкъарӕнтӕ бамбарай ӕмӕ йын йӕ рыст дӕ зӕрдӕмӕ айсай (Ром. 12:15). Ацы статьяйы цы дзырдбӕстытӕ ӕмбӕлы, иннӕты рыст уӕм хъарӕд, иннӕты зын ӕмбарын, иннӕты ӕнкъарӕнтӕ ӕмбарын, иннӕты рыст зӕрдӕмӕ исын, зӕгъгӕ, уыдонӕн сӕ хъуыды иу у.

^ 6 абз. Йегъовӕ ма-иу фӕтӕригъӕд кодта, йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй ныфссаст чи уыд кӕнӕ-иу цӕмӕйдӕр чи тарст, уыдонӕн дӕр, зӕгъӕм, Аннӕйӕн, Илийайӕн ӕмӕ Авдемелехӕн (1 Сам. 1:10–20; 1 Пад. 19:1–18; Йер. 38:7–13; 39:15–18).

^ 65 абз. НЫВТӔ. Ӕмбырды нын бирӕ фадӕттӕ вӕййы, иннӕтыл кӕй тыхсӕм, уый равдисынӕн. Нывыл уынӕм, 1) хистӕр нӕлгоймаг ӕрыгон хъусынгӕнӕгимӕ ӕмӕ йӕ мадимӕ фӕлмӕнӕй кӕй ныхас кӕны, 2) фыд ӕмӕ чызг ацӕргӕ хойӕн кӕй ӕххуыс кӕнынц машинӕйы онг бацӕуынӕн ӕмӕ 3) дыууӕ хистӕр нӕлгоймаджы лӕмбынӕг кӕй хъусынц, уынаффӕ сӕ чи ракуырдта, уыцы хомӕ.