Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

10 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Цы мӕ хъыгдары донаргъуыд райсын?

Цы мӕ хъыгдары донаргъуыд райсын?

«Ӕмӕ дыууӕйӕ дӕр, Филипп ӕмӕ ефиопаг хицау, донмӕ ныххызтысты, ӕмӕ йын Филипп донаргъуыд радта» (ХЪУЫД. 8:38).

52 ЗАРӔГ Хуыцауӕн нывонддзырд

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Адам ӕмӕ Евӕ сӕхи ӕнӕхай цӕмӕй фӕкодтой ӕмӕ уый цӕмӕ ӕркодта?

ДӔУМӔ ГӔСГӔ, уый бар кӕмӕн ис, цӕмӕй, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый скъуыддзаг кӕна? Адам ӕмӕ Евӕ, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый зоныны бӕласы дыргътӕй куы бахордтой, уӕд рабӕрӕг, Йегъовӕйыл кӕй не ’ууӕндыдысты ӕмӕ йын йӕ уагӕвӕрдтӕ кӕй ницӕмӕ дардтой. Уыдоны бафӕндыд, цӕмӕй сӕхӕдӕг скъуыддзаг кодтаиккой, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый (Райд. 3:22). Фӕлӕ сӕ уый цӕмӕ ӕркодта? Хуыцауимӕ сын цы хӕлардзинад уыд, уымӕй сӕхи ӕнӕхай фӕкодтой. Ӕмӕ уый тыххӕй ӕнустӕм цӕрыны фадатӕй ӕнӕхай фесты, ӕмӕ ма сӕ цот дӕр уыдоны аххосӕй сӕ туджы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт рахастой (Ром. 5:12). Уӕдӕ сӕ уынаффӕ стыр бӕллӕхмӕ ӕркодта.

Ефиопаг хицау Чырыстийыл баууӕндыд, ӕмӕ йӕ бафӕндыд ӕвӕстиатӕй донаргъуыд райсын (кӕс 2, 3 абзацтӕ)

2, 3. а) Ефиопаг хицау куыд бакодта, Филипп ын хорз хабар куы фехъусын кодта, уӕд? б) Донаргъуыд куы райсӕм, уӕд цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын вӕййӕм? Цавӕр фарстатыл аныхас кӕндзыстӕм?

2 Ӕркӕсӕм ефиопаг хицауы цӕвиттонмӕ. Уый Адам ӕмӕ Евӕйӕ тынг хицӕн кодта. Филипп ын хорз хабар куы фехъусын кодта, уӕд уый ӕвӕстиатӕй донаргъуыд райста. Ӕмӕ уымӕй бӕрӕг уыд, Йегъовӕ ӕмӕ Чырысти адӕмы тыххӕй цы сарӕзтой, уымӕн кӕй саргъ кодта (Хъуыд. 8:34–38). Мах дӕр Хуыцауӕн нӕхи куы снывонд кӕнӕм ӕмӕ донаргъуыд куы райсӕм, уӕд афтӕмӕй равдисӕм, Йегъовӕ ӕмӕ Чырысти мах тыххӕй цы сарӕзтой, уымӕн кӕй аргъ кӕнӕм. Стӕй ма афтӕмӕй равдисӕм, Йегъовӕйыл кӕй ӕууӕндӕм ӕмӕ кӕй ӕмбарӕм, ӕрмӕстдӕр уымӕн кӕй ис, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый скъуыддзаг кӕныны бар.

3 Ахъуыды-ма кӕнӕм, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ цас арфӕдзинӕдтӕй хайджын стӕм, ууыл! Уыцы арфӕдзинӕдтӕй иу уый у, ӕмӕ нӕ ныфс ис, фидӕны нӕ Йегъовӕ кӕй схайджын кӕндзӕн, Адам ӕмӕ Евӕ ӕнӕхай цӕмӕй фесты, ӕппӕт уыдӕттӕй, уыимӕ ӕнусон цардӕй. Стӕй ма, Чырыстийыл кӕй ӕууӕндӕм, уый фӕрцы нын Йегъовӕ нӕ рӕдыдтытӕ хатыр кӕны ӕмӕ нын йӕ разы ис сыгъдӕг цӕсгом (Матф. 20:28; Хъуыд. 10:43). Уымӕй уӕлдай, мах стӕм Йегъовӕйы бинонтӕй ӕмӕ йын иумӕ иузӕрдионӕй лӕггад кӕнӕм (Иоан. 10:14–16; Ром. 8:20, 21). Фӕлӕ, Йегъовӕйы чи базоны, уыдонӕй чидӕртӕ донаргъуыд райсыныл фӕстӕ фӕкӕнынц, кӕд уыцы арфӕдзинӕдты тыххӕй фӕзонынц, уӕддӕр. Цымӕ сын къуылымпыйы хос цы вӕййы? Ӕмӕ сын уыцы къахдзӕф саразынӕн цы баххуыс кӕндзӕн?

ИУӔЙ-ИУТЫ ДОНАРГЪУЫД РАЙСЫН ЦЫ ФӔКЪУЫЛЫМПЫ КӔНЫ?

Иуӕй-иуты цы фӕкъуылымпы кӕны донаргъуыд райсын?

Вӕййынц ӕнӕныфсхаст (кӕс 4, 5 абзацтӕ) *

4, 5. Эйвери ӕмӕ Аннӕйы донаргъуыд райсын цы къуылымпы кодта?

4 Вӕййынц ӕнӕныфсхаст. Эйверийы ныййарджытӕ сты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Йӕ фыдӕн иннӕты ’хсӕн ис хорз ном. Иууылдӕр ӕй зонынц, йӕ бинонтыл чи тыхсы, ахӕм адӕймагӕй. Стӕй ма у хистӕр нӕлгоймаг ӕмӕ йӕ хӕстӕ хорз ӕххӕст кӕны. Ӕмӕ кӕд Эйверийӕн ахӕм фӕзминаг фыд ис, уӕддӕр донаргъуыд райсыныл фӕстӕ кодта. Цымӕ цӕмӕн? Уый загъта: «Мӕ фыдӕн хорз ном ис, фӕлӕ мӕнмӕ афтӕ каст, ӕмӕ ӕз уый хуызӕн никуы суыдзынӕн». Стӕй йӕм афтӕ каст, ӕмӕ йын искуы йӕ бӕрны исты хӕстӕ куы бакӕной, уӕд сӕ йӕ бон нӕ бауыдзӕн ӕххӕст кӕнын. Эйвери загъта: «Тарстӕн, иннӕты номӕй кувын ӕмӕ мын раныхӕстӕ дзурын куы бахӕс кӕной, стӕй мын уацамындон къорд мӕ бӕрны куы бакӕной, уымӕй».

5 Аннӕйыл цӕуы 18 азы ӕмӕ уый дӕр йӕ ныфс нӕ хаста донаргъуыд райсынмӕ. Йӕ ныййарджытӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сты, фӕлӕ дызӕрдыг кодта, йӕхи бон дӕр Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын кӕй бауыдзӕн, ууыл. Цымӕ цӕмӕн? Аннӕ йӕхицӕн аргъ кӕнын нӕ зыдта ӕмӕ йӕхимӕ ницӕйаг каст. Ӕмӕ-иу хатгай афтӕ ныфссаст уыд, ӕмӕ-иу барӕй йӕхицӕн фыдмитӕ кодта. Фӕлӕ уымӕй хабар фыддӕр цы кодта, ӕндӕр ницы. Аннӕ загъта: «Мӕхицӕн фыдмитӕ кӕй кодтон, уый тыххӕй никуы никӕмӕн загътон, суанг мӕ ныййарджытӕн дӕр. Ахӕм митӕ кӕй кодтон, уый тыххӕй мӕм афтӕ каст, ӕмӕ Йегъовӕйы нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнӕг суон».

Се ’мбӕлттӕ сӕ фӕкъуылымпы кӕнынц (кӕс 6 абзац) *

6. Ванессӕ донаргъуыд райсыныл фӕстӕ цӕмӕн кодта?

6 Се ’мбӕлттӕ сӕ фӕкъуылымпы кӕнынц. 22 азы кӕуыл цӕуы, иу ахӕм хо, Ванессӕ, загъта: «Иу чызгимӕ уыдыстӕм хорз ӕмбӕлттӕ, кӕрӕдзийы иу-дӕс азы зыдтам». Ванессӕ донаргъуыд райсын фӕнд кодта, фӕлӕ йын уыцы ӕмбал уыд къуылымпыйы хос. Ӕмбӕрста йӕ, йемӕ кӕй хъуамӕ мауал лымӕн кӕна, ӕмӕ йын уый ӕнцой нӕ лӕвӕрдта. Ванессӕ загъта: «Ӕмбӕлттӕ ссарын мын алкӕддӕр зын уыд, ӕмӕ мӕт кодтон, зӕгъын, йемӕ куы нал лымӕн кӕнон, уӕд ӕндӕр ахӕм ӕмбал никуыуал ссардзынӕн».

Фӕтӕрсынц, тӕригъӕд куы саразой, уымӕй (кӕс 7 абзац) *

7. Макайлӕ цӕмӕй тарст ӕмӕ цӕмӕн?

7 Фӕтӕрсынц, тӕригъӕд куы саразой, уымӕй. Макайлӕйыл цыди фондз азы, йе ’фсымӕры йын ӕмбырдӕй куы ацух кодтой, уӕд. Куы фестырдӕр, уӕд ӕмбарын райдыдта, йӕ ныййарджытӕ йе ’фсымӕры тыххӕй куыд маст кӕнынц, уый. Мӕнӕ цы загъта: «Донаргъуыд райсынмӕ мӕ ныфс нӕ хастон. Хъуыды кодтон, зӕгъын, мыййаг, искуы тӕригъӕд куы саразон ӕмӕ мӕ ӕмбырдӕй куы ацух кӕной, уӕд мӕ ныййарджытӕ бынтон зӕрдӕскъуыд фӕуыдзысты».

Фӕтӕрсынц, сӕ ныхмӕ кӕй цӕудзысты, уымӕй (кӕс 8 абзац) *

8. Майлз цӕмӕй тарст?

8 Фӕтӕрсынц, сӕ ныхмӕ куы цӕуой, уымӕй. Майлзы ныййарджытӕ хицӕн сты. Йӕ фыд ӕмӕ йӕ фыды ус сты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, йӕ мад та нӕу. Майлз загъта: «18 азы мӕ мадимӕ цардтӕн, ӕмӕ мӕ донаргъуыд райсын кӕй фӕнды, уый зӕгъын ын нӕ уӕндыдтӕн. Мӕ фыд Ӕвдисӕн куы сси, уӕд мӕ мад уымӕ хорз цӕстӕй нӕ ракаст, ӕмӕ тарстӕн, мӕ ныхмӕ цӕуын куы райдайа, уымӕй».

ЦЫ ДЫН БАХХУЫС КӔНДЗӔН, ЦӔМӔЙ ДӔ ДОНАРГЪУЫД РАЙСЫН МАЦЫУАЛ КЪУЫЛЫМПЫ КӔНА?

9. Йегъовӕ куыд уарзӕгой ӕмӕ фӕразон Хуыцау у, уый тыххӕй фылдӕр куы базонай, уӕд дыл уый куыд фӕзындзӕн?

9 Адам ӕмӕ Евӕйы Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын нал фӕндыд, уымӕн ӕмӕ йӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ нӕ уарзтой. Ӕмӕ кӕд афтӕ уыд, уӕддӕр сын Йегъовӕ сӕ цард уайтагъд нӕ байста, фӕлӕ сын фадат радта, цӕмӕй цот рауагътаиккой ӕмӕ сӕхӕдӕг уынаффӕтӕ хастаиккой, куыд сӕ хъомыл кӕндзысты, уый фӕдыл. Ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрын сӕ кӕй бафӕндыд, уый цӕмӕ ӕркодта, уымӕй рабӕрӕг, куыд ӕнӕзонд уыдысты, уый. Сӕ хистӕр фырт йе ’фсымӕры фыдмард акодта, уый ницы аххосджын уыд, афтӕмӕй. Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ зӕхх байдзаг ӕгъатыр ӕмӕ хиуарзон адӕмӕй (Райд. 4:8; 6:11–13). Фӕлӕ Йегъовӕ рагацау аскъуыддзаг кодта, Адам ӕмӕ Евӕйы байзӕддӕгтӕй йын чи лӕггад кӕна, уыдоны куыд фервӕзын кӕндзӕн, уый (Иоан. 6:38–40, 57, 58). Йегъовӕ куыд уарзӕгой ӕмӕ фӕразон Хуыцау у, уый тыххӕй фылдӕр куы базонай, уӕд ӕй тынгдӕр уарзын райдайдзынӕ. Ӕмӕ уӕд дӕхицӕн фидарӕй зӕгъдзынӕ, Адам ӕмӕ Евӕйы зондыл кӕй никуы ацӕудзынӕ ӕмӕ дӕхи Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кӕндзынӕ.

Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй дӕ мацы къуылымпы кӕна донаргъуыд райсын?

(кӕс 9–10 абзацтӕ) *

10. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ 19-ӕм псаломы 7-ӕм стихы ныхӕстыл куы хъуыды кӕнай, уӕд дын уый кӕй баххуыс кӕндзӕн Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн?

10 Йегъовӕйы тыххӕй дӕ зонындзинӕдтӕ фылдӕр кӕн. Йегъовӕйы цас хуыздӕр зонай, уыйас ныфсхастдӕр уыдзынӕ ӕмӕ йын дӕ бон ӕнтыстджынӕй лӕггад кӕнын кӕй у, ууыл нал дызӕрдыг кӕндзынӕ. Гыццыл раздӕр кӕй кой кодтам, уыцы ӕрыгон лӕппу, Эйвери, загъта: «19-ӕм псаломы 7-ӕм стихы Йегъовӕ цы дзуры, ууыл-иу куы хъуыды кодтон, уӕд-иу мӕ стыр ныфс бацыд». (Бакӕс Псалом 19:7.) Эйвери йӕхиуыл бавзӕрста, Йегъовӕ йӕ ныхас куыд ӕххӕст кӕны, уый, ӕмӕ йӕ уый фӕрцы тынгдӕр уарзын райдыдта. Адӕймаг Йегъовӕйы куы фӕуарзы, уӕд уый фӕрцы ӕрмӕст ныфсхаст нӕ вӕййы, фӕлӕ ма, Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, уыдӕттӕй йӕхи фӕхизы ӕмӕ йын зӕрдиагӕй фӕлӕггад кӕны. Гыццыл раздӕр цы Аннӕйы кой кодтам, уый та загъта: «Библи кӕсгӕйӕ ӕмӕ йӕ ахуыр кӕнгӕйӕ бамбӕрстон, мӕхицӕн барӕй фыдмитӕ куы фӕкӕнын, уӕд афтӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ кӕй фӕриссын кӕнын» (1 Пет. 5:7). Аннӕ Хуыцауы Ныхасӕй цы базыдта, уымӕ гӕсгӕ архайын райдыдта (Иак. 1:22). Уый йын цы пайда ӕрхаста? Мӕнӕ цы загъта йӕхӕдӕг: «Йегъовӕмӕ хъусын мӕ пайдайӕн кӕй у, уый куы федтон, уӕд ӕй ноджы тынгдӕр бауарзтон. Ныр мӕ фидарӕй уырны, йе ’ххуыс мӕ куы хъӕуа, уӕд-иу алыхатт дӕр мӕ фарсмӕ кӕй балӕудзӕн». Аннӕ йӕ зондахаст фӕивта, ӕмӕ йӕхицӕн фыдмитӕ нал фӕкӕны. Уый йӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кодта ӕмӕ донаргъуыд райста.

(кӕс 11 абзац) *

11. Ванессӕ цы сарӕзта, цӕмӕй йын хорз ӕмбӕлттӕ фӕзындаид ӕмӕ нын уымӕй фӕзминаг куыд у?

11 Дӕхицӕн хорз ӕмбӕлттӕ ӕвзар. Гыццыл раздӕр цы Ванессӕйы кой кодтам, уый бамбӕрста, йе ’мбал ӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй къуылымпы кӕны, ӕмӕ йемӕ нал лымӕн кодта. Уый нӕ, фӕлӕ ма архайын райдыдта, цӕмӕй йын ӕмбырды ног ӕмбӕлттӕ фӕзындаид. Стыр ӕххуыс ын фӕци Ной ӕмӕ йӕ бинонты цӕвиттон. Ванессӕ загъта: «Уыдон цардысты, Йегъовӕйы чи нӕ уарзта, ахӕм адӕмы ’хсӕн, фӕлӕ семӕ нӕ лымӕн кодтой. Уыдон кӕрӕдзиимӕ хорз ӕмбӕлттау ӕнгом уыдысты». Ванессӕ донаргъуыд куы райста, уый фӕстӕ райдыдта пионерӕй лӕггад кӕнын. Ӕмӕ мӕнӕ цы загъта: «Пионерӕй кӕй лӕггад кӕнын, уый фӕрцы мын фӕзынд бирӕ хорз ӕмбӕлттӕ, ӕмӕ ӕрмӕст мӕхи ӕмбырды нӕ, фӕлӕ ма иннӕ ӕмбырдты дӕр». Ды дӕр хорз ӕмбӕлттӕ ссардзынӕ, Йегъовӕ нын кӕй бахӕс кодта, уыцы куысты ӕппӕт хъарутӕй куы архайай, уӕд! (Матф. 24:14).

(кӕс 12–15 абзацтӕ) *

12. Адам ӕмӕ Евӕ цӕуыл нӕ архайдтой? Ӕмӕ сӕ уый цӕмӕ ӕркодта?

12 Архай, цӕмӕй дӕм Хуыцауы тас уа. Мах хъуамӕ тӕрсӕм Йегъовӕйы зӕрдӕхудты бацӕуынӕй (Пс. 111:10). Адам ӕмӕ Евӕ ууыл куы архайдтаиккой, цӕмӕй сӕм Хуыцауы тас уыдаид, уӕд йӕ ныхмӕ нӕ рацыдаиккой. Фӕлӕ уыдон уыцы стыр тӕригъӕд ӕруагътой. Ӕмӕ уӕд «сӕ цӕстытӕ байгом сты», ома бамбӕрстой, тӕригъӕдджын кӕй систы. Ӕмӕ сӕ байзӕддӕгтӕн бынӕн тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт цы ныууагътаиккой, ӕндӕр ницы. Адам ӕмӕ Евӕ, Хуыцауы закъон кӕй фехӕлдтой, уый кӕй бамбӕрстой, уый тыххӕй сӕм худинаг ӕркаст, бӕгънӕг кӕй сты, уый, ӕмӕ сӕ астӕутыл бӕласы сыфтӕ ӕрбабастой (Райд. 3:7, 21).

13, 14. а) 1 Петры 3:21 стихмӕ гӕсгӕ, мӕлӕтӕй ӕгӕр цӕуылнӕ хъуамӕ тӕрсӕм? б) Йегъовӕйы цӕмӕн уарзӕм?

13 Кӕд не ’ппӕт дӕр нӕ туджы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт рахастам, уӕддӕр хъуамӕ мӕлӕтӕй ӕгӕр ма тӕрсӕм. Йегъовӕ ууыл батыхст, цӕмӕй нын ӕнустӕм цӕрыны ныфс уа. Ӕмӕ исты тӕригъӕд куы саразӕм, фӕлӕ зӕрдӕйӕ куы ’рфӕсмон кӕнӕм, уӕд нын Йегъовӕ ныххатыр кӕндзӕн. Хуыцау нын нӕ рӕдыдтытӕ хатыр кӕндзӕн, Чырыстийы нывондыл кӕй ӕууӕндӕм, уый фӕрцы. Ӕмӕ уыцы нывондыл кӕй ӕууӕндӕм, уый сӕйраджыдӕр уымӕй равдисдзыстӕм, ӕмӕ нӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕнӕм ӕмӕ донаргъуыд куы райсӕм. (Бакӕс 1 Петры 3:21.)

14 Мах Йегъовӕйы бирӕ уарзӕм. Уый нӕ алы бон дӕр бирӕ хорздзинӕдтӕй хайджын кӕны, стӕй ма нын йӕхи тыххӕй ӕмӕ йӕм цавӕр фӕндтӕ ис, уый тыххӕй рӕстдзинад ӕргом кӕны (Иоан. 8:31, 32). Йегъовӕ нын ӕмбырды уылты разамынд дӕтты ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны. Уымӕй уӕлдай ма нын ӕххуыс кӕны нӕ зындзинӕдты сӕрты хизынӕн ӕмӕ нын ныфс ӕвӕры, ӕнустӕм дзӕнӕты кӕй цӕрдзыстӕм (Пс. 68:19; Рарг. 21:3, 4). Йегъовӕ нӕ куыд бирӕ уарзы ӕмӕ нӕ цас арфӕдзинӕдтӕй схайджын кодта, ууыл ӕдзух куы хъуыды кӕнӕм, уӕд ӕй ноджы тынгдӕр уарздзыстӕм. Ӕмӕ уӕд йӕ зӕрдӕхудты бацӕуынӕй тӕрсдзыстӕм ӕмӕ архайдзыстӕм, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ мацӕмӕй фӕриссын кӕнӕм.

15. Макайлӕйӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй, тӕригъӕд кӕй сараздзӕн, уымӕй мауал тарстаид?

15 Гыццыл раздӕр кӕй кой кодтам, уыцы хо, Макайлӕ, тӕригъӕд кӕй сараздзӕн, уымӕй нал тӕрсы, уымӕн ӕмӕ йӕ бамбӕрста, Йегъовӕ хатыргӕнаг Хуыцау кӕй у. Макайлӕ загъта: «Ӕз бамбӕрстон, иууылдӕр тӕригъӕдджын кӕй стӕм ӕмӕ кӕй рӕдийдзыстӕм. Фӕлӕ ма уый дӕр бамбӕрстон, ӕмӕ нӕ Йегъовӕ уарзы ӕмӕ нын Чырыстийы нывонды фӕрцы нӕ рӕдыдтытӕ хатыр кӕндзӕн». Йегъовӕйы кӕй уарзы, уый йӕ сразӕнгард кодта, цӕмӕй йын йӕхи снывонд кодтаид ӕмӕ донаргъуыд райстаид.

(кӕс 16 абзац) *

16. Майлзӕн иу районон цӕстдарӕг куыд баххуыс кодта, цӕмӕй, йӕ мад йӕ ныхмӕ кӕй цӕудзӕн, уымӕй мауал тарстаид?

16 Йӕ мад йӕ ныхмӕ кӕй цӕудзӕн, уымӕй чи тарст, уыцы лӕппу, Майлз, районон цӕстдарӕгӕй ӕххуыс ракуырдта. Майлз загъта: «Уыцы районон цӕстдарӕгӕн дӕр йӕ ныййарджытӕй иу Йегъовӕйы Ӕвдисӕн уыд, иннӕ та – нӕ. Ӕмӕ мын баххуыс кодта, цӕмӕй ахъуыды кодтаин, мӕ бон куыд у мӕ мадӕн бамбарын кӕнын, донаргъуыд мын мӕ фыд кӕй нӕ исын кӕны, фӕлӕ уый мӕхи фӕнд кӕй у». Майлз цы уынаффӕ рахаста, уый йӕ мады зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд. Ӕппынфӕстаг Майлзы бахъуыд хӕдзарӕй ацӕуын, фӕлӕ уӕддӕр йӕ фӕнд нӕ фӕивта. Уый загъта: «Йегъовӕ мӕн тыххӕй цы сарӕзта, уыдӕтты тыххӕй-иу куы базыдтон, уӕд-иу мын уый мӕ зӕрдӕ тынг бацагайдта. Чырыстийы нывондыл-иу лӕмбынӕг кӕй хъуыды кодтон, уый фӕрцы бамбӕрстон, Йегъовӕ мӕ куыд бирӕ уарзы, уый. Уый мӕ сразӕнгард кодта, цӕмӕй йын мӕхи снывонд кодтаин ӕмӕ донаргъуыд райстаин».

ЦЫ УЫНАФФӔ РАХАСТАЙ, УЫМӔ ГӔСГӔ АРХАЙ

Донаргъуыд кӕй райсӕм, уымӕй равдисӕм, Йегъовӕ мах тыххӕй цы сарӕзта, уымӕн кӕй аргъ кӕнӕм (кӕс 17 абзац)

17. Не ’ппӕтӕн дӕр цавӕр фадат ис?

17 Евӕ Едемы цӕхӕрадоны, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый зоныны бӕласы дыргътӕй куы бахордта, уӕд афтӕмӕй йӕ уӕларвон Фыды ныхмӕ рацыд. Ӕмӕ Адам дӕр уыцы бӕласы дыргътӕй кӕй бахордта, уымӕй рабӕрӕг, Йегъовӕйӕн йе ’ппӕт хорздзинӕдты тыххӕй кӕй нӕ саргъ кодта. Не ’ппӕтӕн дӕр ис фадат, цӕмӕй равдисӕм, Адам ӕмӕ Евӕ куыд бакодтой, уый растыл кӕй нӕ нымайӕм. Донаргъуыд куы райсӕм, уӕд уымӕй Йегъовӕйӕн равдисӕм, кӕй ӕмбарӕм, махӕн хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый скъуыддзаг кӕныны бар ӕрмӕстдӕр уымӕн кӕй ис. Стӕй ма афтӕмӕй равдисӕм, нӕ уӕларвон Фыды кӕй уарзӕм ӕмӕ йыл кӕй ӕууӕндӕм.

18. Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ ӕнтыстджын цӕй фӕрцы уыдзынӕ?

18 Адӕймаг донаргъуыд куы райсы, уӕд ӕй дарддӕр дӕр фӕхъӕуы, Йегъовӕйы цы фӕнды, уый аразын, йӕхи цы фӕнды, уый нӕ, фӕлӕ. Ӕмӕ милуангай адӕм раст афтӕ архайынц. Ды дӕр Хуыцауы Ныхас хуыздӕр бамбарыныл дарддӕр дӕр архай, дӕ рӕстӕг дӕ хотӕ ӕмӕ де ’фсымӕртимӕ ӕдзухдӕр ӕрвит ӕмӕ, дӕ уарзӕгой уӕларвон Фыды тыххӕй цы базыдтай, уый иннӕтӕн зынгзӕрдӕйӕ дзур (Дзут. 10:24, 25). Уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ-иу архай, Йегъовӕ дын йӕ Ныхасы ӕмӕ йӕ организацийы уылты цы дзуры, уымӕ гӕсгӕ (Ис. 30:21). Ӕмӕ уӕд алы хъуыддаджы дӕр уыдзынӕ ӕнтыстджын (Ӕмб. 16:3, 20).

19. Дӕ зӕрдыл ӕдзухдӕр цы хъуамӕ дарай ӕмӕ цӕмӕн?

19 Йегъовӕ цы дзуры, уый аразын цы стыр пайда хӕссы, уый ӕдзухдӕр дӕ зӕрдыл куы дарай, уӕд ӕй ноджы тынгдӕр уарздзынӕ ӕмӕ йын йӕ уагӕвӕрдтӕн ноджы тынгдӕр аргъ кӕндзынӕ. Ӕмӕ дӕ Хӕйрӕг куыдфӕнды ма рӕдийын кӕна, уӕддӕр Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр лӕггад кӕндзынӕ. Ахъуыды-ма кӕн, зӕгъӕм дӕм мин азы фӕстӕ ног дунейы цы ’нкъарӕнтӕ уыдзӕн, ууыл. Донаргъуыд кӕй райстай, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ ӕмбардзынӕ, царды ӕппӕты хуыздӕр уынаффӕ кӕй рахастай!

28 ЗАРӔГ Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ уӕм

^ 5 абз. Чи зоны дӕ уынаффӕ рахӕссын хъӕуы, донаргъуыд райсай ӕви нӕ, уый фӕдыл. Ӕмӕ уый у царды ӕппӕты ахсджиагдӕр уынаффӕ. Цымӕ цӕмӕн? Дзуапп базондзыстӕм ацы статьяйы. Донаргъуыд райсыныл чи хъуыды кӕны, уыдонӕй чидӕртӕ цавӕрдӕр къуылымпыдзинӕдты тыххӕй ууыл фӕстӕ фӕкӕнынц, ӕмӕ сын ацы статья баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй уыцы ахсджиаг къахдзӕф саразой.

^ 56 абз. НЫВ. Вӕййынц ӕнӕныфсхаст. Ӕрыгон лӕппу дзуапп дӕттынмӕ йӕ ныфс нӕ хӕссы.

^ 58 абз. НЫВ. Се ’мбӕлттӕ сӕ фӕкъуылымпы кӕнынц. Ӕрыгон хо йе ’нӕуырнӕг ӕмбалимӕ фӕцӕуы ӕмӕ иннӕ Ӕвдисӕнты фенгӕйӕ фефсӕрмы.

^ 60 абз. НЫВ. Фӕтӕрсынц, тӕригъӕд куы саразой, уымӕй. Ӕрыгон чызгӕн йе ’фсымӕры ӕмбырдӕй ацух кодтой, ӕмӕ лӕппу хӕдзарӕй фӕцӕуы. Ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр искуы тӕригъӕд куы сараза, уыцы хъуыды йын ӕнцой нӕ дӕтты.

^ 62 абз. НЫВ. Фӕтӕрсынц, сӕ ныхмӕ кӕй цӕудзысты, уымӕй. Ӕрыгон лӕппу йе ’нӕуырнӕг мады раз скувын тӕрсы.

^ 65 абз. НЫВ. Вӕййынц ӕнӕныфсхаст. Ӕрыгон лӕппу хӕдзары Библи арфдӕр иртасы, цӕмӕй фӕныфсджындӕр уа.

^ 67 абз. НЫВ. Се ’мбӕлттӕ сӕ фӕкъуылымпы кӕнынц. Ӕрыгон хо йӕ зондахаст фӕивта, ӕмӕ ныр сӕрыстыр у, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй у, уымӕй.

^ 69 абз. НЫВ. Фӕтӕрсынц, тӕригъӕд куы саразой, уымӕй. Ӕрыгон чызг Йегъовӕмӕ ӕввахс кӕнын райдыдта, ӕмӕ ныр донаргъуыд исы.

^ 71 абз. НЫВ. Фӕтӕрсынц, сӕ ныхмӕ кӕй цӕудзысты, уымӕй. Ӕрыгон лӕппу йӕ мадӕн, цӕуыл ӕууӕнды, уый уӕндонӕй ӕмбарын кӕны.