Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

10 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

«Ци мӕ хъор кӕнуй донаргъуд райсунмӕ?»

«Ци мӕ хъор кӕнуй донаргъуд райсунмӕ?»

«Ӕма дууемӕй дӕр, Филипп ӕма ефиопаг хецау, донмӕ ниххизтӕнцӕ, ӕма ин Филипп донаргъуд равардта» (ГЪУД. 8:38).

52 ЗАР Хуцауӕн нивонддзурд

РАЗДЗУРД *

1. Адам ӕма Евӕ ци фесафтонцӕ ӕма е цӕмӕ ӕркодта?

КУД дӕмӕ кӕсуй, раст ци ӕй ӕма ци нӕй, уой лух кӕнуни барӕ кӕмӕн ес? Адам ӕма Евӕ, хуӕрӕн кӕмӕй н’ адтӕй, еци бӕласи рӕзӕй ку бахуардтонцӕ, уӕд уомӕй бавдистонцӕ, Йеговӕбӕл сӕ зӕрдӕ ке нӕ дардтонцӕ ӕма ин ӕ уагӕвӕрдтӕ ке нӕ нимадтонцӕ, уой. Раст ци ӕй ӕма ци нӕй, уой лух кӕнун сӕхе бафӕндадтӕй (Райд. 3:22). Е сӕ цӕмӕ ӕркодта? Йегови хӕццӕ син ци лимӕндзийнадӕ адтӕй, уой фесафтонцӕ. Ӕносон царди нифсӕй фенӕхай ӕнцӕ, удта сӕ байзӕддӕгти тӕрегъӕд ӕма мӕлӕти хай бакодтонцӕ (Ром. 5:12). Адам ӕма Евӕ ци унаффӕ рахастонцӕ, е гъезӕмӕрттӕй ӕндӕр нецӕмӕ ӕркодта.

Эфиопаг хецау Йесо Киристебӕл баууӕндтӕй ӕма донаргъуд райста (кӕсӕ 2 ӕма 3 абзацтӕ)

2, 3. а) Филипп кӕмӕн игъосун кодта, еци ефиопаг хецау куд бакодта? б) Донаргъуд ку райсӕн, уӕд цӕхуӕн арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин уӕн? Цӕхуӕн фарстатӕмӕ ӕркӕсдзиан?

2 Нур ба ӕркӕсӕн, Филипп кӕмӕн игъосун кодта, еци ефиопаг хецау куд бакодта, уомӕ. Йеговӕ ӕма ин Йесо ци искодтонцӕ, уой туххӕй уотӕ боз адтӕй, ӕма еци фӕдӕй донаргъуд райста (Гъуд. 8:34–38). Мах дӕр нӕ цард Йеговӕн ку иснивонд кӕнӕн ӕма донаргъуд ку райсӕн, уӕд уомӕй бавдесӕн, Йеговӕ ӕма Йесо мах туххӕй ци искодтонцӕ, уомӕн аргъ ке кӕнӕн, уой. Уомӕй уӕлдай ма бавдесӕн, нӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл ке дарӕн, удта раст ци ӕй ӕма ци нӕй, уой Йеговӕ ке лух кӕнуй, уобӕл арази ке ан.

3 Расагъӕс кӕнӕ, цӕхуӕн арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин уӕн, Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун ку райдайӕн, уӕд! Фиццагидӕр нин фӕззиннуй нифс, Адам ӕма Евӕ ци фесафтонцӕ, уой нин Йеговӕ нӕуӕгӕй ке ратдзӕй. Уомӕ хауй ӕносон цард дӕр. Киристей нивондбӕл ке ӕууӕндӕн, уой фӕрци ба нӕ тӕрегъӕдтӕ хатиргонд цӕунцӕ ӕма Йегови рази нӕ цӕсгон кӕдзос ӕй (Матф. 20:28; Гъуд. 10:43). Уомӕй уӕлдай ма ӕрбайеу уӕн Йегови бийнонтӕмӕ, дессаги федӕн кӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, еци лӕггадгӕнгутӕмӕ (Иоан. 10:14–16; Ром. 8:20, 21). Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, аци арфӕдзийнӕдтӕ уой аргъ ӕнцӕ, цӕмӕй Йеговӕн лӕггадӕ кӕнӕн. Фал уӕддӕр, рӕстдзийнадӕ ка базудта, уонӕй еуӕй-еуетӕ ефиопаг хецауи бафӕнзунмӕ сӕ нифс нӕма фӕххӕссунцӕ. Цума сӕ ци фӕууорамуй? Ӕма син ци банхус кӕндзӕй?

ДОНАРГЪУД РАЙСУНМӔ ЦИ ФӔУУОРАМУЙ

Донаргъуд райсунмӕ нӕ ци фӕууорамуй?

Нӕ нифс ку нӕ фӕххӕссӕн (кӕсӕ 4 ӕма 5 абзацтӕ) *

4, 5. Эйвери ӕма Аннӕ цӕбӕл тухстӕнцӕ?

4 Нӕ нифс ку нӕ фӕххӕссӕн. Эйвери Йегови Ӕвдесӕнти бийнонти исгъомбӕл ӕй. Ӕ фиди ин еугурӕйдӕр хуарз хестӕр нӕлгоймагӕй зонунцӕ. Фал Эйвери уӕддӕр донаргъуд райсунмӕ нӕ тагъд кодта. Цума цӕмӕн? Эйвери зӕгъуй: «Уотӕ мӕмӕ кастӕй, ӕма мӕ фиди хузӕн некӕд исуодзӕн». Уомӕй уӕлдай ма си не ’руагӕс кодта, ескӕд ин ести ку баихӕс кӕнонцӕ, уӕд ӕй ӕ бон исӕнхӕст кӕнун ке уодзӕй, е. Эйвери зӕгъуй: «Сагъӕс кодтон, нур мин раковун, радзубандий хӕццӕ рацӕун кенӕ игъосун кӕнуни фембӕлд рауадзун ку баихӕс кӕнонцӕ, уӕд куд кӕндзӕн».

5 18-анздзуд Аннӕ дӕр донаргъуд райсунмӕ ӕ нифс нӕ хаста. Ӕ ниййергутӕ Йегови Ӕвдесӕнтӕ адтӕнцӕ, фал имӕ уотӕ кастӕй, ӕма уой бон не ’суодзӕй Йегови уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ цӕрун. Цума цӕмӕн? Аннӕ ӕхемӕ хъӕбӕр нецӕййаг кастӕй. Хатгай ба уӕхӕн сагъӕстӕй уотӕ бауидӕ, ӕма ӕхе дӕр ниллухтӕ кӕнидӕ. Фал уотемӕй ӕ уавӕр ӕрмӕстдӕр фуддӕр кодта. Аннӕ зӕгъуй: «Куд адтӕн, уой некӕмӕн дзурдтон, мӕ ниййергутӕн дӕр. Уотӕ мӕмӕ кастӕй, ӕма Йегови нӕ бафӕнддзӕй, цӕмӕй ин мӕн хузӕн лӕггадгӕнӕг уа».

Ӕмбӕлттӕй ку ӕфсӕрми кӕнӕн (кӕсӕ 6 абзац) *

6. Ванесси донаргъуд райсунмӕ ци хъор кодта?

6 Ӕмбӕлттӕ. 22-анздзуд Ванессӕ зӕгъуй: «Еу кизги хӕццӕ дӕс анзей бӕрцӕ лимӕн кодтон». Ванесси донаргъуд райсун фӕндадтӕй, фал еци гъуди, ке хӕццӕ лимӕн кодта, уой зӕрдӕмӕ нӕ цудӕй. Ванессӕн хъӕбӕр зин адтӕй. Е зӕгъуй: «Ӕмбӕлттӕ иссерун мин ӕнцон некӕд адтӕй, ӕма тарстӕн, ӕ хӕццӕ ку нӕбал лимӕн кӕнон, уӕд мӕхецӕн уӕхӕн ӕмбал ке некӕдбал иссердзӕн».

Рӕдуд искӕнунӕй ку тӕрсӕн (кӕсӕ 7 абзац) *

7. Макайлӕ цӕмӕй тарстӕй ӕма цӕмӕн?

7 Рӕдуд искӕнунӕй ку тӕрсӕн. Макайлӕбӕл фондз анзи цудӕй, е ’нсувӕри ин ӕмбурдӕй ку рацох кодтонцӕ, уӕд. Минкъий ку фӕуустурдӕр ӕй, уӕд ӕй лӕдӕрун райдӕдта, е ’нсувӕри миутӕ ӕ ниййергути зӕрдӕ куд ресун кӕнунцӕ, уой. Макайлӕ зӕгъуй: «Тӕрсгӕ кодтон, донаргъуди фӕсте ести рӕдуд ку искӕнон ӕма мӕ ӕмбурдӕй ку рацох кӕнонцӕ, уӕд мӕ ниййергути зӕрдӕ никки хъӕбӕрдӕр ке фӕрресун кӕндзӕн, уомӕй».

Нӕ нихмӕ ке цуӕдзӕнцӕ, уомӕй ку тӕрсӕн (кӕсӕ 8 абзац) *

8. Майлз цӕмӕй тарстӕй?

8 Нӕ нихмӕ ке цуӕдзӕнцӕ, уомӕй ку тӕрсӕн. Майлзӕн ӕ фидӕ ӕма ӕ фидиуосӕ Йегови Ӕвдесӕнтӕ ’нцӕ, ӕ мадӕ ба – нӕ. Майлз зӕгъуй: «Мӕ мади хӕццӕ 18 анзи фӕццардтӕн, ӕма мӕ донаргъуд райсун ке фӕндуй, уой зӕгъун ин не ’ндиудтон. Иронх ми н’ адтӕй, мӕ фиди Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун ку бафӕндадтӕй, уӕд уомӕ цӕхуӕн цӕстӕй ракастӕй, е. Ӕма тарстӕн, мӕн нихмӕ дӕр ке цӕудзӕй, уомӕй».

ЦИ НИН БАНХУС КӔНДЗӔЙ

9. Йеговӕ нин цӕйбӕрцӕ бухсуй ӕма нӕ куд уарзуй, уой туххӕй куд фулдӕр зонӕн, уотӕ нӕбӕл е куд бӕрӕг кӕндзӕй?

9 Адӕм ӕма Еви нӕ бафӕндадтӕй Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун, уомӕн ӕма син уарзондзийнадӕ нӕ фагӕ кодта. Фал сӕ Йеговӕ уӕддӕр цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕг цӕрун бауагъта, цӕмӕй син сувӕллӕнттӕ райгурдайдӕ ӕма сӕмӕ куд растдӕр кастӕй, уотӕ сӕ гъомбӕл кодтайуонцӕ. Адам ӕма Еви ӕнӕ Хуцауӕй цӕрун ке бафӕндадтӕй, е цӕхуӕн рӕдуд адтӕй, е тагъд рӕстӕги рабӕрӕг ӕй. Сӕ хестӕр фурт нецӕй туххӕй е ’нсувӕри рамардта. Фӕстӕдӕр ба адӕн никки фуддӕр иссӕнцӕ, адтӕнцӕ ӕнӕхатир ӕма ӕрмӕстдӕр сӕхе сагъӕс кодтонцӕ (Райд. 4:8; 6:11–13). Фал Йеговӕ батухстӕй, цӕмӕй ин Адам ӕма Еви байзӕддӕгтӕй лӕггадӕ кӕнун ке бафӕндӕуа, уонӕн фӕййервӕзуни фадуат уа (Иоан. 6:38–40, 57, 58). Йеговӕ нин цӕйбӕрцӕ бухсуй ӕма нӕ куд уарзуй, уой туххӕй куд фулдӕр зонӕн, уотӕ ’й хъӕбӕрдӕр уарздзиан. Ӕма нӕ бафӕнддзӕй, Адам ӕма Евӕ ци над равзурстонцӕ, уой ниууадзун ӕма нӕ цард Йеговӕн иснивонд кӕнун.

Нӕ бон куд ӕй еци зиндзийнӕдти сӕрти рахезун?

(кӕсӕ 9 ӕма 10 абзацтӕ) *

10. Псалом 19:7 финст дзурдтӕбӕл ку сагъӕс кӕнӕн, уӕд нин е куд банхус кӕндзӕй, цӕмӕй Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун райдайӕн?

10 Йегови базонунбӕл идарддӕр дӕр архайӕ. Йегови куд хуӕздӕр зонай, уотӕ ди хъӕбӕрдӕр ӕруагӕс кӕндзӕй, дӕ бон ин лӕггадӕ кӕнун ке исуодзӕй, е. Эйвери, уӕлдӕр ке кой кодтан, е зӕгъуй: «Псалом 19:7 финст дзурдтӕбӕл сагъӕс кодтон ӕма фӕннифсгундӕр дӕн». (Ба ’й кӕсӕ.) Эйвери ӕй фӕууидта, Йеговӕ ӕ дзурдӕн хецау ке ӕй, уой ӕма ’й никки хъӕбӕрдӕр уарзун райдӕдта. Уӕхӕн уарзондзийнадӕ нин айдагъ нӕ нифс нӕ федар кӕнуй, фал ма нин ӕнхус дӕр кӕнуй, цӕмӕй фиццагидӕр сагъӕс кӕнӕн Йеговӕбӕл ӕма ин ӕ фӕндон куд ӕнхӕст кӕнӕн, уобӕл. Ханни туххӕй ба ци ес зӕгъӕн? Ӕхуӕдӕг уотӕ зӕгъуй: «Библи кӕсгӕй ӕма ӕртасгӕй балӕдӕрдтӕн, мӕхе ке лухтӕ кӕнун, уомӕй Йеговӕн дӕр зин ке кӕнун» (1 Пет. 5:7). Аннӕ Хуцауи Дзурди ци базонидӕ, уомӕй ӕ царди пайда кӕнун райдӕдта (Иак. 1:22). Ӕма ин е ци пайда ӕрхаста? Аннӕ зӕгъуй: «Йеговӕ ми ци агоруй, уой ӕнхӕст кӕнгӕй ӕй уидтон, е мин ци пайда хӕссуй, уой, ӕма ’й никки хъӕбӕрдӕр уарзун райдӕдтон. Нур ӕй зонун, ӕнхус мӕ ку багъӕуа, уӕд мин Йеговӕ ке байамондзӕй, ци мин кӕнгӕ ’й, уой». Аннӕ ӕ бауӕр нӕбал ресун кодта, ӕ цард Йеговӕн иснивонд кодта ӕма донаргъуд райста.

(кӕсӕ 11 абзац) *

11. Ванессӕ хуарз ӕмбӕлттӕ куд иссирдта ӕма нӕ е цӕбӕл ахур кӕнуй?

11 Ӕмбӕлттӕ раст ӕвзарӕ. Уӕлдӕр ке кой кодтан, еци кизгӕ Ванессӕ фӕстӕдӕр балӕдӕрдтӕй, донаргъуд райсунмӕ ’й е ’мбал кизгӕ ке хъор кӕнуй, уой. Ӕма си уомӕ гӕсгӕ ӕхе райеуварс кодта, уой фӕсте ба ӕхецӕн ӕмбурди нӕуӕг ӕмбӕлттӕ дӕр иссирдта. Ӕхуӕдӕг куд загъта, уомӕ гӕсгӕ ин еци гъуддаги Ной ӕма ӕ бийнонти цӕветтон банхус кодта. Ванессӕ зӕгъуй: «Етӕ цардӕнцӕ, Йегови ка нӕ уарзта, уӕхӕн адӕни астӕу, фал рӕстӕг кӕрӕдзей хӕццӕ ӕрвистонцӕ». Ванессӕ донаргъуд ку райста, уӕд пионерӕй лӕггадӕ кӕнун райдӕдта. Е зӕгъуй: «Уой фӕрци хуарз ӕмбӕлттӕ айдагъ мӕхе ӕмбурди нӕ, фал ӕндӕр ӕмбурдти дӕр иссирдтон». Дӕуӕн дӕр хуарз ӕмбӕлттӕ фӕззиндзӕй, Йеговӕ нин ке баихӕс кодта, еци гъуддӕгти ку архайай, уӕд (Матф. 24:14).

(кӕсӕ 12–15 абзацтӕ) *

12. Адам ӕма Евӕ цӕмӕй нӕ тарстӕнцӕ ӕма сӕ е цӕмӕ ӕркодта?

12 Хуцауӕй тӕрсӕ. Естӕмӕй тӕрсун еуӕй-еухатт пайда ӕй. Зӕгъӕн, алкедӕр ни гъӕуама тӕрса Хуцауи зӕрдихудти бацӕунӕй (Пс. 111:10). Адам ӕма Евӕ Хуцауӕй ку тарстайуонцӕ, уӕд ӕ нихмӕ нӕ рацудайуонцӕ. Ӕ нихмӕ ку рацудӕнцӕ, уӕд сӕ цӕститӕ райгон ӕнцӕ – ба ’й лӕдӕрдтӕнцӕ, тӕрегъӕдгунтӕ ке иссӕнцӕ, уой. Ӕма нур сӕ цӕуӕтӕн тӕрегъӕд ӕма мӕлӕтӕй ӕндӕр сӕ бон нецибал адтӕй раттун. Адам ӕма Евӕ уой ку балӕдӕрдтӕнцӕ, уӕд, бӕгънӕг ке адтӕнцӕ, уомӕй фефсӕрми ’нцӕ ӕма бӕласи сифтӕ кӕрӕдзебӕл бахудтонцӕ ӕмӕ сӕ сӕ астӕутӕбӕл ӕрбабастонцӕ (Райд. 3:7, 21).

13, 14. а) 1 Петури 3:21 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ мӕлӕтӕй тогтарст кӕнун цӕмӕннӕ гъӕуй? б) Йегови цӕй туххӕй гъӕуама уарзӕн?

13 Еуӕрдиги Хуцауи зӕрдихудтӕй гъӕуама тӕрсӕн, иннердиги ба мӕлӕтӕй тогтарст кӕнун нӕ гъӕуй. Йеговӕ батухстӕй, цӕмӕй нин ӕносмӕ цӕруни фадуат уа. Мадта тӕрегъӕд ку искӕнӕн, фал зӕрдӕй ку ӕрфӕсмон кӕнӕн, уӕд нин Йеговӕ ниххатир кӕндзӕй, ӕ Фурти нивондбӕл ке ӕууӕндӕн, уомӕ гӕсгӕ. Еци ӕууӕндундзийнадӕ ба бӕрӕг фӕууй, нӕ цард Йеговӕн ке иснивонд кӕнӕн ӕма донаргъуд ке райсӕн, уомӕй. (Бакӕсӕ 1 Петури 3:21.)

14 Йегови берӕ цӕйдӕрти туххӕй нӕ бон ӕй уарзун. Зӕгъӕн, алли бон дӕр нин дӕттуй, цийнӕдзийнадӕ нин ци хӕссуй, уой. Уомӕй уӕлдай ма нин ӕхе ӕма ӕ фӕндон зонун кӕнуй (Иоан. 8:31, 32). Ӕмбурдти фӕрци ба нин дӕттуй унаффитӕ ӕма нин нӕ нифс федар кӕнуй. Абони ци зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбӕлӕн, уони хӕццӕ тох кӕнунмӕ дӕр нин хъауритӕ дӕттуй, удта нин равардта дессаги нифс – ӕносон царди нифс дзенети (Пс. 68:19; Рарг. 21:3, 4). Йеговӕ ӕ уарзондзийнадӕ бавдесунмӕ абони уӕнгӕ мах туххӕй цӕйбӕрцӕ цидӕртӕ искодта, уобӕл ку фӕссагъӕс кӕнӕн, уӕд ин ӕнӕ уарзӕн нӕ фӕууй. Ӕма берӕ ке уарзӕн, уой зӕрдихудти бацӕунӕй ба куд гъӕуама ма тӕрсӕн?

15. Макайлӕ ке фӕррӕдуйдзӕй, уомӕй уотӕ хъӕбӕр цӕй фӕрци нӕбал тарстӕй?

15 Уӕлдӕр ке кой кодтан, еци Макайлӕ, рӕдуйгӕ ке кӕндзӕй, уомӕй уотӕ хъӕбӕр нӕбал тарстӕй, уомӕн ӕма ’й балӕдӕрдтӕй, Йеговӕ нин зӕрдиагӕй ке хатир кӕнуй, уой. Макайлӕ зӕгъуй: «Ба ’й лӕдӕрдтӕн, ӕнӕнхӕст ан, ӕма ни уомӕ гӕсгӕ ӕнӕрӕдуйгӕ неке ӕй. Фал нӕ Йеговӕ уарзуй, ӕма нин нӕ тӕрегъӕдтӕ Киристей нивонди фӕрци хатир кӕнуй». Макайлӕ Йегови бауарзта, ӕма ’й бафӕндадтӕй ӕ цард уомӕн иснивонд кӕнун.

(кӕсӕ 16 абзац) *

16. Майлзӕн ци банхус кодта нифсхаст ун?

16 Майлз ӕ мадӕн не ’ндиудта зӕгъун, донаргъуд райсун ӕй ке фӕндуй, уой, уомӕн ӕма тарстӕй ке имӕ ниффуд уодзӕй, уомӕй. Уой фӕдбӕл районон цӕстӕдарӕги хӕццӕ радзурдта. Майлз зӕгъуй: «Уомӕн дӕр ӕ ниййергутӕй ӕрмӕстдӕр сӕ еу адтӕй Йегови Ӕвдесӕн. Е мин банхус кодта расагъӕс кӕнун, мӕ мадӕн куд балӕдӕрун кӕндзӕн, донаргъуд райсун мӕ фиди фӕндон нӕ, фал мӕхе фӕндон ке ӕй». Майлзмӕ ӕ мадӕ уӕддӕр хъӕбӕр исмӕстгун ӕй, ӕма ’й фӕстагмӕ ӕ мади хӕдзарӕй рандӕ ун багъудӕй. Фал ӕй донаргъуд райсун ба уӕддӕр фӕндадтӕй. «Йеговӕ мӕн туххӕй ци хуарздзийнӕдтӕ искодта, уой ку балӕдӕрдтӕн,– зӕгъуй Майлз,– уӕд си хъӕбӕр боз адтӕн. Киристей нивондбӕл арф сагъӕс кодтон, ӕма ’й фӕууидтон, Йеговӕ мӕ куд хъӕбӕр уарзуй, уой. Гъе уӕд мӕ бафӕндадтӕй мӕ цард Йеговӕн иснивонд кӕнун ӕма донаргъуд райсун».

ДӔ УНАФФӔМӔ ГӔСГӔ АРХАЙӔ

Нӕ бон ӕй бавдесун, Хуцау мах туххӕй цидӕриддӕр искодта, уой туххӕй си боз ке ан, уой (кӕсӕ 17 абзац)

17. Алке бон дӕр ни ци ӕй бавдесун?

17 Евӕ, хуарз ӕма лӕгъуз ци ӕй, уой зонуни бӕласӕй ку бахуардта, уӕд ӕхе ӕ уӕларвон Фидӕй рахадта. Ӕма имӕ Адам ку байеу ӕй, уӕд е дӕр бавдиста, Йегови хуарздзийнӕдтӕн ке нӕ аргъ кӕнуй, уой. Махӕй алке бон дӕр ӕй бавдесун, уони хузӕн ун нӕ ке нӕ фӕндуй. Донаргъуд ку райстан, уӕд исарази ан, хуарз ӕма лӕгъуз ци ӕй, уой Йеговӕ ке гъӕуама лух кӕна. Уотемӕй бавдистан, нӕ уӕларвон Фиди ке уарзӕн ӕма ибӕл нӕ зӕрдӕ ке дарӕн, уой.

18. Йеговӕн лӕггадӕ кӕнгӕй ӕнтӕстгун цӕй фӕрци уодзиан?

18 Донаргъуди фӕсте ни алкедӕр гъӕуама архайа Йегови уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ цӕрун, нӕхе куд фӕндуй, уотӕ нӕ, фал. Уотӕ архайунцӕ Хуцауи лӕггадгӕнгутӕй милиуантӕ. Е дӕуӕн дӕр дӕ къохи бафтуйдзӕй, идарддӕр дӕр Библи ку ӕртасай, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕбӕл дӕхе ку бӕттай ӕма дӕ уӕларвон Фиди туххӕй ци базудтай, уой иннетӕн зӕрдиагӕй ку дзорай, уӕд (Дзиуит. 10:24, 25). Унаффитӕ хӕсгӕй дӕ гъос дарӕ, Йеговӕ дин Библий ӕма ӕ организаций фӕрци ци зӕгъуй, уомӕ (Ис. 30:21). Уотӕ ку архайай, уӕд дин берӕ бантӕсдзӕй (Ӕмб. 16:3, 20).

19. Нӕ зӕрдӕбӕл алкӕддӕр ци гъӕуама дарӕн ӕма цӕмӕн?

19 Йегови унаффитӕ цӕйбӕрцӕ арфӕдзийнӕдтӕ хӕссунцӕ, уой ку лӕдӕрай, уӕд ӕй никки хъӕбӕрдӕр уарздзӕнӕ, удта ин ӕ уагӕвӕрдтӕн никки фулдӕр аргъ кӕндзӕнӕ. Уӕд дин Сайтан Йеговӕн лӕггадӕ кӕнунмӕ къулумпий хуасӕ нӕбал уодзӕй. Расагъӕс кӕнӕ, еу мин анзей фӕсте дӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕудтӕй, донаргъуд куд райстай, е. Ӕма уӕд, ӕвӕдзи, зӕгъдзӕнӕ: «Е адтӕй мӕ царди тӕккӕ растдӕр унаффӕ!»

28 ЗАР Йегови ӕмбӕлттӕ уӕн

^ 5 абз. Адӕймаг царди ци унаффитӕ рахӕссуй, уонӕй тӕккӕ ӕхсидзгӕдӕр ӕй, донаргъуд райса ӕви нӕ, е. Цума цӕмӕн? Аци фарстабӕл дзуапп базондзиан аци статьяй. Удта ма радзордзиан, адӕймаги донаргъуд райсунмӕ ци фӕхъхъор кӕнуй ӕма ин еци къахдзӕф искӕнунмӕ ци банхус кӕндзӕй, уобӕл.

^ 56 абз. ХУЗӔ. Ӕ нифс нӕ хӕссуй. Ӕригон биццеу ӕмбурди дзуапп раттунмӕ ӕ нифс нӕ хӕссуй.

^ 58 абз. ХУЗӔ. Ӕмбӕлттӕй ӕфсӕрми кӕнуй. Ӕригон хуӕрӕ Йегови Ӕвдесӕнти ку фӕууидта, уӕд фефсӕрми ӕй, уомӕн ӕма е ’мбал кизгӕ Йеговӕбӕл не ’ууӕндуй.

^ 60 абз. ХУЗӔ. Рӕдуд искӕнунӕй тӕрсуй. Е ’нсувӕри ӕмбурдӕй кӕмӕн рацох кодтонцӕ, еци кизгӕ тӕрсуй, тӕрегъӕд ку искӕна, уомӕй.

^ 62 абз. ХУЗӔ. Ӕ нихмӕ ке цуӕдзӕнцӕ, уомӕй тӕрсуй. Ӕригон биццеу тухсуй, ковгӕ ке кӕнуй, уомӕ ӕ мадӕ ци цӕстӕй ракӕсдзӕй, уобӕл.

^ 65 абз. ХУЗӔ. Ӕ нифс нӕ хӕссуй. Ӕригон биццеу Библи фулдӕр ӕртасунбӕл архайуй.

^ 67 абз. ХУЗӔ. Ӕмбӕлттӕй ӕфсӕрми кӕнуй. Ӕригон хуӕрӕ архайуй, цӕмӕй ӕ динӕй ма ’фсӕрми кӕна.

^ 69 абз. ХУЗӔ. Рӕдуд искӕнунӕй тӕрсуй. Кизгӕн рӕстдзийнадӕ ӕхе зӕрдӕмӕ багъардта ӕма донаргъуд райста.

^ 71 абз. ХУЗӔ. Ӕ нихмӕ ке цуӕдзӕнцӕ, уомӕй тӕрсуй. Ӕригон биццеу федарӕй лӕдӕрун кӕнуй, цӕбӕл ӕууӕндуй, уой.