Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

11 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Йегъовӕ цы дзуры, уымӕ хъус

Йегъовӕ цы дзуры, уымӕ хъус

«Ай у мӕ уарзон Фырт... Хъусут ӕм» (МАТФ. 17:5).

89 ЗАРӔГ Байхъус, ӕмӕ арфӕгонд уай

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1, 2. а) Йегъовӕ рагзаманты адӕмимӕ куыд ныхас кодта? Ӕмӕ абон та немӕ куыд ныхас кӕны? б) Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

ЙЕГЪОВӔ уарзы йӕ адӕмимӕ ныхас кӕнын. Рагзаманты-иу йӕ хъуыдытӕ ӕргом кодта пехуымпарты, зӕдты ӕмӕ йӕ Фырт Йесо Чырыстийы уылты (Амос 3:7; Гал. 3:19; Рарг. 1:1). Абон та немӕ ныхас кӕны Библийы уылты. Йегъовӕ нын йӕ Ныхас уый тыххӕй радта, цӕмӕй зонӕм, куыд хъуыды кӕны ӕмӕ куыд архайы, уый.

2 Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд Йегъовӕ уӕлӕрвтӕй ӕртӕ хатты ӕрдзырдта. Ӕркӕсӕм, Йегъовӕ уӕд цавӕр ныхӕстӕ загъта, уыцы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты ӕмӕ нын цӕмӕй пайда хӕссой, уый тыххӕй нӕ цы аразын хъӕуы, уымӕ.

«ДЫ ДӔ МӔ УАРЗОН ФЫРТ»

3. Марчы 1:9–11 стихтӕм гӕсгӕ, Йегъовӕ цы загъта, Йесо донаргъуыд куы райста, уӕд? Йегъовӕйы ныхӕстӕй цавӕр ӕртӕ ахсджиаг хъуыддаджы ис базонӕн?

3 Йегъовӕ уӕлӕрвтӕй фыццаг хатт куы ’рдзырдта, уӕд цы загъта, уый фыст ис Марчы 1:9–11 стихты. (Бакӕс сӕ.) Уый загъта: «Ды дӕ мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт». Йесойӕн ӕхсызгон куыннӕ уыдаид, Йегъовӕ йӕ кӕй уарзы ӕмӕ дзы йӕ зӕрдӕ кӕй райы, уый фехъусын! Йегъовӕйы ныхӕстӕй Йесойы тыххӕй базонӕн ис ӕртӕ ахсджиаг хъуыддаджы. Фыццаг: Йесо у йӕ Фырт. Дыккаг: Йегъовӕ йӕ Фырты уарзы. Ӕмӕ ӕртыккаг: Йегъовӕ йӕ Фыртӕй у райгонд. Цӕй ӕмӕ ацы ӕртӕ хъуыддагыл бӕстондӕр аныхас кӕнӕм.

4. Йесо донаргъуыд куы райста, уӕд Хуыцауы Фырт ӕндӕр хуызы куыд сси?

4 «Ды дӕ мӕ... Фырт». Ацы ныхӕстӕй Йегъовӕ равдыста, йӕ зынаргъ Фырт Йесойы бӕрны ног хӕс кӕй бакӕндзӕн. Йесо уӕлӕрвты куы уыд, уӕд дӕр уыди Хуыцауы Фырт, уымӕн ӕмӕ уыди, Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уыцы уӕларвон удгоймӕгтӕй иу. Фӕлӕ донаргъуыд куы райста, уӕд сӕрст ӕрцыд сыгъдӕг тыхӕй. Йесо сси Хуыцауы сӕрст Фырт, ӕмӕ Йегъовӕ афтӕмӕй равдыста, Йесойӕн ныфс кӕй фӕзынд, фӕстӕмӕ уӕлӕрвтӕм кӕй аздӕхдзӕн, цӕмӕй уым нысангонд Паддзах ӕмӕ Хистӕр сауджын суа (Лук. 1:31–33; Дзут. 1:8, 9; 2:17). Уӕдӕ ныр ӕмбарӕм, Йесо донаргъуыд куы райста, уӕд Йегъовӕ афтӕ цӕмӕн загъта, «ды дӕ мӕ... Фырт», зӕгъгӕ (Лук. 3:22).

Исчи нӕ куы раппӕлы ӕмӕ нын нӕ ныфсыл ныфс куы бафтауы, уӕд нын уый тынг ӕхсызгон вӕййы (кӕс 5 абзац) *

5. Йегъовӕ йӕ Фырты кӕй уарзы ӕмӕ йын кӕй аргъ кӕны, уый ӕргом кӕй загъта, уымӕй йӕ нӕ бон куыд у бафӕзмын?

5 «Ды дӕ мӕ уарзон Фырт». Йегъовӕ йӕ Фырты кӕй уарзы ӕмӕ йын кӕй аргъ кӕны, уый ӕргом кӕй загъта, уый нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй мах дӕр иннӕты фидар кӕнынӕн фадӕттӕ агурӕм (Иоан. 5:20). Зынаргъ нын чи у, уыдон нӕ сӕ уарзтӕй куы барӕвдауынц ӕмӕ нӕ истӕй тыххӕй куы раппӕлынц, уӕд нын уый тынг ӕхсызгон вӕййы. Уӕдӕ нӕхӕдӕг дӕр не ’мбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты, стӕй нӕ бинонты хъуамӕ нӕ уарзтӕй тавӕм ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауӕм. Иннӕтӕй куы раппӕлӕм, уӕд сӕ уырнындзинад бафидар вӕййы ӕмӕ сӕ фӕфӕнды дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын. Уӕлдай ахсджиаг у, цӕмӕй ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты ныфс уадзой. Сӕ сывӕллӕттӕй зӕрдиагӕй куы феппӕлынц ӕмӕ сӕ сӕ уарзтӕй куы фӕрӕвдауынц, уӕд сывӕллӕттӕ дидинӕгау райхӕлынц.

6. Йесойыл нӕ бон цӕмӕн у ӕууӕндын?

6 «Мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт». Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ кӕй нӕ дызӕрдыг кодта, йӕ Фырт ын йӕ фӕндон кӕронмӕ кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл. Ӕмӕ йыл кӕд Йегъовӕ афтӕ ӕууӕнды, уӕд махӕн дӕр нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, Йесо Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтӕ иууылдӕр кӕй сӕххӕст кӕндзӕн (2 Кор. 1:20). Йесо йӕ Фыды фӕндон куыд иузӕрдионӕй ӕххӕст кодта, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ ноджы тынгдӕр фӕнддзӕн Йесойӕ ахуыр кӕнын ӕмӕ йӕ къахвӕдтыл цӕуын. Йегъовӕ йӕ Фыртыл куыд ӕууӕнды, афтӕ ӕууӕнды махыл дӕр – фидарӕй зоны, йӕ лӕггадгӕнджытӕн сӕ фылдӕр йӕ Фырты къахвӕдтыл кӕй цӕудзысты (1 Пет. 2:21).

«ХЪУСУТ ӔМ»

7. Матфейы 17:1–5 стихтӕм гӕсгӕ, Йегъовӕ уӕлӕрвтӕй кӕд ӕрдзырдта ӕмӕ цы загъта?

7 Бакӕс Матфейы 17:1–5. Дыккаг хатт Йегъовӕ уӕлӕрвтӕй ӕрдзырдта, Йесо «йӕ хуыз [куы] аивта», уӕд. Йесо йемӕ акодта Петры, Иаковы ӕмӕ Иоанны ӕмӕ семӕ бӕрзонд хохмӕ ссыд. Уым диссаджы цӕстылуайӕн федтой. Йесойӕн йӕ цӕсгом хурау ныррухс, йӕ уӕлӕдарӕс та рухсау цӕхӕртӕ калын райдыдта. Йӕ разы февзӕрд дыууӕ лӕджы, «Моисей ӕмӕ Илийа», ӕмӕ йемӕ ныхас кӕнын райдыдтой йӕ мӕлӕт ӕмӕ йӕ райгасдзинады тыххӕй. Апостолтӕ уӕдмӕ «ӕрфынӕй сты», фӕлӕ, куы райхъал сты, уӕд уыцы диссаджы цӕстылуайӕн федтой (Лук. 9:29–32). Фӕстӕдӕр сӕ урс мигъ ӕрӕмбӕрзта, ӕмӕ сӕм мигъӕй райхъуысти хъӕлӕс – Хуыцауы хъӕлӕс! Йесо донаргъуыд куы райста, уӕд Йегъовӕ цы ныхӕстӕ загъта, «ай у мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт», зӕгъгӕ, ахӕм ныхӕстӕ загъта ацы хатт дӕр. Фӕлӕ ма ныр йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Хъусут ӕм».

8. Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цы цӕстылуайӕн федтой, уый сыл куыд фӕзынд?

8 Уыцы цӕстылуайӕн ӕргом кодта, фидӕны Хуыцауы Паддзахады Паддзахӕн цы стыр кад ӕмӕ йӕм цы стыр бартӕ хъуамӕ уыдаид, уый. Дзырд дӕр ыл нӕй, уыцы цӕстылуайӕны фӕрцы Йесо бафидар, ӕмӕ цӕттӕ уыд, разӕй йӕм цы фыдӕвзарӕнтӕ ӕмӕ цы хъизӕмайраг мӕлӕт ӕнхъӕлмӕ кастысты, уыдонмӕ. Стӕй ма уый фӕрцы йӕ ахуыргӕнинӕгты уырнындзинад дӕр бафидар, ӕмӕ цӕттӕ уыдысты, разӕй сӕм цы фӕлварӕнтӕ ӕнхъӕлмӕ каст, уыдонмӕ ӕмӕ сӕ бирӕ азты дӕргъы цы куыст кӕнын хъуыди, уымӕ. Петр уыцы цӕстылуайӕн 30 азы фӕстӕ дӕр нӕ ферох кодта, ӕмӕ уый бӕрӕг у, йӕ фыстӕджы йӕ кой кӕй скодта, уымӕй (2 Пет. 1:16–18).

9. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн цавӕр уынаффӕтӕ радта?

9 «Хъусут ӕм». Йегъовӕ бӕлвырд бамбарын кодта, кӕй йӕ фӕнды, цӕмӕй, йӕ Фырт цы дзуры, уымӕ хъусӕм. Йесо зӕххыл куы уыди, уӕд йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бирӕ цыдӕртӕ амыдта. Зӕгъӕм сын бацамыдта, хорз хабар куыд хъуамӕ хъусын кӕной, уый, стӕй сӕ цалдӕр хатты бафӕдзӕхста, цӕмӕй ма бафынӕй уой (Матф. 24:42; 28:19, 20). Йесо ма сӕ ноджыдӕр разӕнгард кодта, цӕмӕй сӕ тых, сӕ бонӕй Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕныныл архайдтаиккой ӕмӕ сӕ къухтӕ макуы ӕруагътаиккой (Лук. 13:24). Се ’ргом-иу сын раздӕхта, кӕрӕдзи кӕй хъуамӕ уарзой, се ’хсӕн иудзинад кӕй хъуамӕ уа ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ кӕй хъуамӕ ӕххӕст кӕной, уымӕ (Иоан. 15:10, 12, 13). Уыцы уынаффӕтӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн стыр ӕххуыс уыдысты. Ӕмӕ абон махӕн дӕр стыр ӕххуыс сты.

10, 11. Йесомӕ кӕй хъусӕм, уый нӕ бон куыд у равдисын?

10 Йесо загъта: «Рӕстдзинады фарс чи у, уый мӕм хъусы» (Иоан. 18:37). Йесомӕ кӕй хъусӕм, уый нӕ бон куыд у равдисын? Зӕгъӕм, чи нӕ фӕхъыг кӕны, уыдонӕн хъуамӕ «зӕрдӕйӕ хатыр кӕнӕм» (Кол. 3:13; Лук. 17:3, 4). Уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнӕм, «ӕнцон куы уа, уӕд дӕр ӕмӕ, зын куы уа, уӕд дӕр» (2 Тим. 4:2).

11 Йесо загъта: «Мӕ фыстӕ хъусынц мӕ хъӕлӕсмӕ» (Иоан. 10:27). Йӕ фӕдылдзӕуджытӕ йын йӕ ныхӕстӕ ӕрмӕст хъусгӕ нӕ кӕнынц, фӕлӕ ма сӕ ӕххӕст дӕр кӕнынц. Уыдон «царды сагъӕстыл» не свӕййынц (Лук. 21:34). Ӕппӕты сӕйраг сын у Йесойы фӕдзӕхстытӕм хъусын, ӕмӕ афтӕ фӕархайынц суанг зын уавӕрты дӕр. Не ’мчырыстӕттӕй бирӕтӕ уӕззау фӕлварӕнтыл ӕмбӕлынц, зӕгъӕм, сӕ ныхмӕ фӕцӕуынц, фырмӕгуыр цард кӕнынц ӕмӕ сыл ӕрдзон бӕллӕхтӕ ӕрцӕуы. Фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынц. Йесо сӕ ныфс уадзы: «Мӕ фӕдзӕхстытӕ мын йӕ зӕрдӕмӕ чи исы ӕмӕ сӕ чи ӕххӕст кӕны, уый мӕ уарзы. Мӕн чи уарзы, уый та мӕ Фыд дӕр уарздзӕн» (Иоан. 14:21).

Хъусын кӕныны хъуыддагмӕ дӕ хъарутӕ иууылдӕр куы саразай, уӕд зӕгъӕн уыдзӕн, Йесомӕ кӕй хъусыс (кӕс 12 абзац) *

12. Йесомӕ кӕй хъусӕм, уый ма куыд ис равдисӕн?

12 Йесомӕ кӕй хъусӕм, уый ма куыд ис равдисӕн? Разамынд нын чи дӕтты, уыдонимӕ хъуамӕ ӕмгуыст кӕнӕм (Дзут. 13:7, 17). Фӕстаг азты Хуыцауы организацийы бирӕ ивындзинӕдтӕ ӕрцыд. Зӕгъӕм, хъусын кӕнынӕн фӕзынд ног кусӕнгӕрзтӕ ӕмӕ мадзӕлттӕ, стӕй, къуырийы астӕу цы фембӕлд вӕййы, уым дӕр бирӕ цыдӕртӕ фӕивта. Уымӕй уӕлдай ма, Паддзахады залтӕ аразын, цалцӕг сӕ кӕнын ӕмӕ сӕм зилын куыд хъӕуы, уыцы хъуыддаджы дӕр цыдӕртӕ фӕивта. Ӕфсымӕртӕ нын цы разамынд дӕттынц, уый вӕййы йӕ тӕккӕ афоныл ӕмӕ дзурӕг у сӕ уарзондзинадыл. Ӕмӕ сӕ мах уый тыххӕй тынг бузныг стӕм! Уыцы разамындмӕ гӕсгӕ зӕрдиагӕй куы архайӕм, уӕд нын Йегъовӕ ӕнӕмӕнг арфӕ кӕндзӕн.

13. Йесомӕ куы хъусӕм, уӕд нын уый цы пайда хӕсдзӕн?

13 Йесомӕ куы хъусӕм ӕмӕ, цыдӕриддӕр амыдта, уымӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд нын уый пайда хӕсдзӕн. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн зӕрдӕ бавӕрдта, цӕуыл сӕ ахуыр кӕны, уый сын удӕнцой кӕй хӕсдзӕн. Уый загъта: «Удӕнцой ссардзыстут. Уымӕн ӕмӕ ме ’фсондз у ӕнцонхӕссӕн, мӕ уаргъ та – рог» (Матф. 11:28–30). Хуыцауы Ныхас, уыимӕ, Йесойы царды ӕмӕ лӕггады хабӕрттӕ кӕм фыст сты, уыцы цыппар Евангелийы, куы фӕкӕсӕм, уӕд удӕнцой ссарӕм ӕмӕ зондӕй архайын сахуыр вӕййӕм (Пс. 19:7; 23:3). Йесо загъта: «Амондджын уыдон сты, Хуыцауы ныхас чи хъусы ӕмӕ йӕ чи ӕххӕст кӕны» (Лук. 11:28).

«[МӔ НОМ] СКАДДЖЫН КӔНДЗЫНӔН»

14, 15. а) Иоанны 12:27, 28 стихтӕм гӕсгӕ, Йегъовӕ уӕлӕрвтӕй ӕртыккаг хатт кӕд ӕрдзырдта? б) Йегъовӕйы ныхӕстӕ Йесойы ныфс куыд бауагътой?

14 Бакӕс Иоанны 12:27, 28. Иоанн йӕ Евангелийы ныффыста, Йегъовӕ уӕлӕрвтӕй ӕртыккаг хатт куы ’рдзырдта, уыцы хабар. Йесо йӕ мӕлӕтӕй цалдӕр боны размӕ ӕрцыд Иерусалиммӕ, цӕмӕй уым фӕстаг хатт Куадзӕн сбӕрӕг кодтаид. Йесо загъта: «Мӕ уд катай кӕны». Ӕмӕ стӕй скуывта: «Мӕ Фыд, скадджын кӕн дӕ ном». Уӕд йӕ Фыд уӕлӕрвтӕй ӕрдзырдта: «Скадджын ӕй кодтон, ӕмӕ йӕ ноджыдӕр скадджын кӕндзынӕн».

15 Йесо афтӕ уымӕн тыхсти, ӕмӕ йыл уыди стыр хӕс – хъуамӕ Йегъовӕйыл кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззадаид. Уый зыдта, ехсӕй йӕ кӕй фӕнӕмдзысты ӕмӕ йӕ фыдмард кӕй акӕндзысты (Матф. 26:38). Йесойӕн ӕппӕты сӕйрагдӕр уыд йӕ Фыды ном скадджын кӕнын. Ӕмӕ йӕ Хуыцауы фауӕг куы рахуыдтой, уӕд мӕты бафтыд, йӕ мӕлӕтӕй йӕ Фыды ном кӕй фӕхудинаг уыдзӕн, уый тыххӕй. Уӕдӕ дзы Йегъовӕйы ныхӕстӕ стыр ныфс куыннӕ бауагътаиккой. Ныр фидарӕй зыдта, Йегъовӕйы ном кӕй скадджын уыдзӕн. Йӕ Фыды ныхӕстӕ йӕ афтӕ бафидар кодтой, ӕмӕ цӕттӕ уыд хъизӕмӕрттӕ бавзарынмӕ дӕр. Ӕвӕццӕгӕн, уым чи уыд, уыдонӕй Йегъовӕйы ныхӕстӕ ӕрмӕстдӕр Йесо бамбӕрста. Фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕ ууыл батыхст, цӕмӕй йӕ ныхӕстӕ мах тыххӕй фыст ӕрцыдаиккой (Иоан. 12:29, 30).

Йегъовӕ йӕ ном скадджын кӕндзӕн ӕмӕ йӕ адӕмы фервӕзын кӕндзӕн (кӕс 16 абзац) *

16. Цӕй тыххӕй рауайы афтӕ, ӕмӕ, Хуыцауы ном кӕй фӕхудинаг уыдзӕн, ууыл фӕмӕт кӕнӕм?

16 Мах дӕр хатгай Чырыстийау ӕнаххосӕй ӕфхӕрд феййафӕм. Кӕнӕ та нӕ не знӕгтӕ мӕнг ныхӕстӕ фӕкӕнынц. Ӕмӕ мах дӕр, чи зоны, мӕт кӕнӕм, мыййаг, уый тыххӕй Йегъовӕйы ном ӕмӕ йӕ организацийы ном куы фӕхудинаг уой, зӕгъгӕ. Фӕлӕ нын ахӕм уавӕрты Йегъовӕйы ныхӕстӕ, мӕ ном скадджын кӕндзынӕн, зӕгъгӕ, уыдзысты стыр ныфсы хос. Ӕмӕ уӕд ӕгӕр тынг нӕ тыхсдзыстӕм. Ныфс нӕ уадзынц ацы ныхӕстӕ: «Хуыцауы фарн [уын], зонд кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы фарн, Йесо Чырыстийы фӕрцы бахъахъхъӕндзӕн уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ зонд» (Фил. 4:6, 7). Йегъовӕ йӕ ном ӕнӕмӕнгдӕр скадджын кӕндзӕн. Ӕмӕ йӕ Паддзахады фӕрцы, Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дуне абон Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн цы зиан хӕссынц, уый сраст кӕндзӕн (Пс. 94:22, 23; Ис. 65:17).

ЙЕГЪОВӔМӔ ХЪУСЫН АХСДЖИАГ ЦӔМӔН У?

17. Исайы 30:21 стих цӕуыл дзурӕг у? Йегъовӕ абон немӕ куыд ныхас кӕны?

17 Йегъовӕ абон махимӕ дӕр ныхас кӕны. (Бакӕс Исайы 30:21.) Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцау махмӕ уӕлӕрвтӕй не ’рдзуры. Фӕлӕ нӕ йӕ Ныхас Библийы фӕрцы ахуыр кӕны. Уымӕй уӕлдай ма Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындӕй «ӕууӕнкджын... хӕдзармӕгӕсӕг» Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн ӕдзухдӕр уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг дӕтты (Лук. 12:42). Ахӕм хӕринаг нӕм ис парахатӕй, зӕгъӕм, мыхуыргонд публикацитӕ, нӕ сайтты цы ӕрмӕг ис, уый, стӕй видеотӕ ӕмӕ нӕ публикациты аудиозаписьтӕ.

18. Йегъовӕйы ныхӕстӕ нӕ куыд фидар кӕнынц?

18 Цӕй уӕдӕ нӕ зӕрдыл алкӕддӕр дарӕм, Йесо зӕххыл куы уыди, уӕд Йегъовӕ цы ныхӕстӕ загъта, уыдон. Йегъовӕ Библийы цыдӕриддӕр ныффыссын кодта, уый фӕрцы нӕ фидарӕй уырны, йӕ бар алцӕуыл дӕр кӕй цӕуы ӕмӕ нын Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ фыддуне цыфӕнды зиан ма ’рхӕссой, уӕддӕр ӕй кӕй сраст кӕндзӕн. Цӕй ӕмӕ, Йегъовӕ нын цыдӕриддӕр дзуры, уымӕ лӕмбынӕг хъусӕм. Уый фӕрцы абон дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр цыфӕнды фӕлварӕнты дӕр фидар фӕлӕудзыстӕм. Библи нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны: «Сымах хъӕуы фидардзинад, цӕмӕй, Хуыцауы фӕндон куы сӕххӕст кӕнат, уӕд райсат, зӕрдӕ уын цӕмӕй бавӕрдта, уый» (Дзут. 10:36).

4 ЗАРӔГ «Йегъовӕ у мӕ Фыййау»

^ 5 абз. Йесо зӕххыл куы уыди, уӕд Йегъовӕ уӕлӕрвтӕй ӕртӕ хатты ӕрдзырдта. Хуыцау Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй йын йӕ Фыртмӕ хъусой. Абон Йегъовӕ махимӕ ныхас кӕны Библийы уылты, ӕмӕ уымӕ хауынц Чырыстийы ахуырӕдтӕ дӕр. Стӕй ма немӕ ныхас кӕны йӕ организацийы уылты. Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нын Йегъовӕ ӕмӕ Йесо цы дзурынц, уый нын пайда хӕсса.

^ 52 абз. НЫВ. Хистӕр нӕлгоймаг кӕсы, кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр Паддзахады зал ӕфснайынӕн куыд ӕххуыс кӕны ӕмӕ, литературӕимӕ баст хӕстӕ куыд хорз ӕххӕст кӕны, уымӕ, ӕмӕ дзы стӕй зӕрдиагӕй ӕппӕлы.

^ 54 абз. НЫВ. Сьерра-Леонейы иу бинонтӕ кӕсагахсӕгӕн ӕмбырдмӕ хуынды гӕххӕтт дӕттынц.

^ 56 абз. НЫВ. Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ, нӕ хъуыддаг ӕхгӕд кӕм у, ахӕм бӕстӕйы кӕйдӕр хӕдзары ӕрӕмбырд сты. Сӕ уӕлӕ ис ахӕм уӕлӕдарӕс, цӕмӕй цӕсты ма хауой.