Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕ дӕ «амменӕн» аргъ кӕны

Йегъовӕ дӕ «амменӕн» аргъ кӕны

ЙЕГЪОВӔ нӕ лӕггадӕн аргъ кӕны. Уый йӕ лӕггадгӕнджытӕм «лӕмбынӕг фӕхъусы» ӕмӕ йӕ скадджын кӕнынӕн цыдӕриддӕр аразынц, уымӕн аргъ кӕны, цыфӕнды гыццыл хъуыддаг ма уа, уӕддӕр (Мал. 3:16). Зӕгъӕм, ахъуыды-ма кӕнӕм, бирӕ хӕттыты кӕй фӕзӕгъӕм, уыцы дзырдыл. Уый у дзырд «аммен». Цымӕ ацы хуымӕтӕг дзырдӕн Йегъовӕйы цӕсты исты аргъ ис? Бӕгуыдӕр! Ӕмӕ цӕмӕн, уый базоныны тыххӕй ӕркӕсӕм, цы нысан кӕны ӕмӕ, Библийы кӕй кой цӕуы, уыдон дзы куыд пайда кодтой, уымӕ.

«АДӔМ ИУУЫЛДӔР ЗӔГЪДЗЫСТЫ: „АММЕН!“»

Дзырд «аммен» нысан кӕны «афтӕ уӕд» кӕнӕ «раст у». Ацы дзырд кӕмӕй равзӕрд, уыцы дзуттаг дзырд амоны, «иузӕрдион уай» кӕнӕ «ӕууӕнчы аккаг уай», уымӕ. Уыцы дзырдӕй-иу хатгай пайда кодтой барадон фарстатӕ ӕвзаргӕйӕ. Адӕймаг-иу куы расомы кодта, уӕд-иу загъта «аммен» ӕмӕ-иу афтӕмӕй равдыста, цы загъта, уый ӕцӕг кӕй у, стӕй, йӕ сомы цӕмӕ ӕркӕндзӕн, уый кӕй ӕмбары ӕмӕ ууыл разы кӕй у (Ным. 5:22). Ӕмӕ-иу дзырд ратгӕйӕ «аммен» адӕмы раз куы загъта, уӕд-иу ӕй уый ноджы тынгдӕр разӕнгард кодта, цӕмӕй йӕ ныхасӕн хицау уыдаид (Неем. 5:13).

Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ-иу дзырд «аммен»-ӕй куыд пайда кодтой, уымӕн иу диссаджы цӕвиттон ис Дыккаг закъоны чиныджы 27 сӕры. Израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ куы бацыдысты, уӕд ӕрӕмбырд сты Гевалы хохы ӕмӕ Гаризимы хохы ’хсӕн, цӕмӕй Закъонмӕ байхъуыстаиккой. Фӕлӕ хъуамӕ Закъонмӕ ӕрмӕст хъусгӕ ма бакодтаиккой, фӕлӕ ма дзырд радтаиккой, кӕй йӕ ӕххӕст кӕндзысты. Израилӕгтӕн бакастысты, сӕ дзырд куы не ’ххӕст кӕной, уӕд сӕм цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый, ӕмӕ иууылдӕр загътой «аммен» (Дык. з. 27:15–26). Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, мингай нӕлгоймӕгтӕ, сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ уыцы дзырд хъӕрӕй куыд дзырдтой, уый! (Йес. Н. 8:30–35). Уыцы бон цы дзырд радтой, уый сӕ, ӕвӕццӕгӕн, никуы ферох. Уыцы израилӕгтӕ сӕ ныхасӕн хицау разындысты. Библийы фыст ис: «Цалынмӕ Йесо ӕгас уыд, уӕдмӕ Израилы адӕм Йегъовӕйӕн лӕггад кодтой. Лӕггад ын кодтой, Йесойы фӕстӕ дӕр ма чи цард ӕмӕ, Йегъовӕ Израилы тыххӕй цы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдон чи зыдта, уыцы хистӕр лӕгты рӕстӕджы дӕр» (Йес. Н. 24:31).

Йесо Чырысти дӕр дзырд «аммен»-ӕй пайда кодта, цы загъд уыд, уый ӕууӕнчы аккаг кӕй у, уый равдисыны тыххӕй. Фӕлӕ-иу уый «аммен» искӕй ныхӕсты фӕстӕ нӕ загъта, фӕлӕ-иу йӕхӕдӕг исты зӕгъинаг куы уыд, уый размӕ. Ӕмӕ-иу афтӕмӕй йӕ хъусджытӕн равдыста, цы дзуры, уый ӕцӕг кӕй у *. Йесо афтӕ фидарӕй уымӕн дзырдта, ӕмӕ йын бартӕ лӕвӕрд ӕрцыд, цӕмӕй Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтӕ иууылдӕр сӕххӕст кӕна (2 Кор. 1:20; Рарг. 3:14).

«АДӔМ ИУУЫЛДӔР ЗАГЪТОЙ: „АММЕН!“ ӔМӔ ЙЕГЪОВӔЙЫ СКАДДЖЫН КОДТОЙ»

Израилӕгтӕ ма-иу «аммен» дзырдтой, Йегъовӕйы-иу куы кадджын кодтой ӕмӕ-иу ӕм куы куывтой, уӕд дӕр (Неем. 8:6; Пс. 41:13). Исчи-иу иннӕты номӕй куы скуывта, уӕд-иу адӕм «аммен» загътой ӕмӕ-иу афтӕмӕй равдыстой, уыцы куывды ныхӕстимӕ разы кӕй сты. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ-иу афтӕмӕй Йегъовӕйӕн иумӕ куывтой, ӕмӕ уый се ’ппӕтӕн дӕр циндзинад хаста. Хабар афтӕ уыд, паддзах Давид Йегъовӕйы бадзырды чырын Иерусалиммӕ куы ’рбахаста ӕмӕ уый номыл бӕрӕгбон куы скодтой, уӕд дӕр. Давид куывды ныхӕстӕ ныффыста ӕмӕ зарӕггӕнджытӕн бахӕс кодта, цӕмӕй Йегъовӕйы уыцы ныхӕстӕй скадджын кодтаиккой. Уыцы куывды ныхӕстӕ бакӕсӕн ис 1 Азфыстыты 16:8–36 стихты. Адӕм уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд иууылдӕр загътой: «Аммен!» Ӕмӕ Йегъовӕйы скадджын кодтой. Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕйӕн иумӕ лӕггад кӕнын сын уыд стыр цины хос.

Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ дӕр Йегъовӕйы кадджын кӕнгӕйӕ дзырдтой «аммен». Библи чи фыста, уыдон-иу сӕ фыстӕджыты арӕх пайда кодтой уыцы дзырдӕй (Ром. 1:25; 16:27; 1 Пет. 4:11). Раргомады чиныджы та фыст ис, уӕлӕрвты чи ис, уыдон дӕр Йегъовӕйы кӕй кадджын кӕнынц ахӕм ныхӕстӕй: «Аммен! Кадджын кӕнут Йагъы!» (Рарг. 19:1, 4). Фыццаг чырыстӕттӕ-иу «аммен» загътой, ӕмбырды-иу куы скуывтой, уӕд (1 Кор. 14:16). Фӕлӕ-иу цӕмӕй «аммен» загътаиккой, уый тыххӕй сӕ хъуыди куывды ныхӕстӕм лӕмбынӕг хъусын.

ЙЕГЪОВӔЙӔН АХСДЖИАГ ЦӔМӔН У, ЦӔМӔЙ-ИУ «АММЕН» ЗӔГЪӔМ?

Уӕдӕ федтам, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ «аммен» цавӕр уавӕрты дзырдтой, уый, ӕмӕ йӕ ныр ӕмбарӕм, куыд ахсджиаг у куывды фӕстӕ «аммен» дзурын. Нӕхӕдӕг куы фӕкувӕм, уӕд «аммен» дзургӕйӕ равдисӕм, цы зӕгъинаг уыдыстӕм, уый кӕй загътам. Ӕмӕ исчи иннӕты номӕй куы фӕкувы, уӕд та «аммен» дзургӕйӕ,– хъӕрӕй уа ӕви нӕхинымӕр,– равдисӕм, чи скуывта, уый ныхӕстимӕ разы кӕй стӕм. Ноджыдӕр ма цӕмӕн у ахсджиаг «аммен» дзурын?

Афтӕмӕй равдисӕм, Йегъовӕйӕн кувынмӕ цы хауы, уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕй нӕ кӕсӕм. Куывды рӕстӕг цы фӕдзурӕм, ӕрмӕст уый нӕу ахсджиаг, фӕлӕ, нӕхи куыд фӕдарӕм, уый дӕр. Цӕмӕй-иу куывды фӕстӕ «аммен» сыгъдӕгзӕрдӕйӕ зӕгъӕм, уый тыххӕй хъуамӕ куывдмӕ раст цӕстӕй кӕсӕм ӕмӕ-иу ӕм лӕмбынӕг хъусӕм.

Уый фӕрцы стӕм ӕмвӕнд ӕмӕ ӕмзонд. Ӕмбырды ӕфсымӕр иннӕты номӕй куы фӕкувы, уӕд не ’ппӕт дӕр уыцы иу ныхӕстӕм фӕхъусӕм, ӕмӕ уый фӕрцы стӕм ӕмвӕнд ӕмӕ ӕмзонд (Хъуыд. 1:14; 12:5). Ӕмӕ ӕмхъӕлӕсӕй «аммен» куы фӕзӕгъӕм, уӕд уый фӕрцы кӕрӕдзиимӕ ноджы ӕнгомдӕр свӕййӕм. «Аммен» куы фӕдзурӕм,– фӕнды хъӕрӕй уа, фӕнды нӕхинымӕр,– уӕд уый Йегъовӕйы баразӕнгард кӕны, цӕмӕй-иу нын нӕ иумӕйаг куывдӕн дзуапп ратта.

«Аммен» куы фӕзӕгъӕм, уӕд афтӕмӕй иннӕтимӕ иумӕ Йегъовӕйы скадджын кӕнӕм

Афтӕмӕй кадджын кӕнӕм Йегъовӕйы. Йегъовӕ аргъ кӕны, нӕ лӕггады цыдӕриддӕр аразӕм, уымӕн (Лук. 21:2, 3). Уый уыны, цӕмӕдӕр нӕ цы разӕнгард кӕны ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый. Кӕйдӕрты нӕ нӕ уавӕртӕм гӕсгӕ фӕхъӕуы ӕмбырды программӕмӕ телефонӕй хъусын, ӕмӕ иумӕйаг куывды фӕстӕ «аммен» куы фӕзӕгъӕм, уӕд Йегъовӕ уый ӕнӕбафиппайгӕ нӕ фӕвӕййы. Афтӕмӕй мах дӕр Йегъовӕйы иннӕтимӕ иумӕ фӕкадджын кӕнӕм.

Чи зоны нӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ мах «аммен» кӕй фӕзӕгъӕм, уымӕн ницы аргъ ис. Фӕлӕ уый афтӕ нӕу. Энциклопедийы «Понимание Писания» куыд фыст ис, афтӕмӕй ацы иунӕг ныхасӕй Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн сӕ бон у равдисын, Хуыцау сӕ кӕй фехъусдзӕн, ууыл ӕппындӕр кӕй нӕ дызӕрдыг кӕнынц, цы загъд уыд, уыимӕ разы кӕй сты ӕмӕ сӕ зӕрдӕйы фидар ныфс кӕй ис. Цӕй уӕдӕ не ’ппӕт дӕр «аммен» дзургӕйӕ Йегъовӕйы кадджын кӕнӕм (Пс. 19:14).

^ 6 абз. Зӕгъӕм, Матфейы 5:18 стихы дзырд «аммен» тӕлмац ӕрцыд дзырдбастӕй «ӕцӕг уын зӕгъын».