Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

18 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Йегъовӕйы уарзондзинад ӕмӕ рӕстдзинад ӕмбырды куыд зынынц?

Йегъовӕйы уарзондзинад ӕмӕ рӕстдзинад ӕмбырды куыд зынынц?

«Кӕрӕдзийы уӕргътӕ хӕссут ӕмӕ афтӕмӕй ӕххӕст кӕнут Чырыстийы закъон» (ГАЛ. 6:2).

12 ЗАРӔГ Стыр Хуыцау Йегъовӕ

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Хуыцау цы цӕстӕй кӕсы, йӕ лӕггадгӕнджыты йын куы фефхӕрынц, уымӕ ӕмӕ цы сараздзӕн?

ЙЕГЪОВӔ ХУЫЦАУ йӕ лӕггадгӕнджыты алкӕддӕр уарзта ӕмӕ сӕ уарздзӕн. Йегъовӕ ма уарзы рӕстдзинад дӕр (Пс. 33:5). Уымӕ гӕсгӕ йын зын вӕййы, йӕ лӕггадгӕнджытимӕ йын рӕстӕй куы нӕ фӕархайынц, уӕд. Хуыцау сӕ сӕ хъизӕмӕрттӕй фервӕзын кӕндзӕн ӕмӕ сӕ чи ӕфхӕры, уыдоны ӕнӕфхӕрдӕй нӕ ныууадздзӕн. Ацы цыппар статьяйӕ фыццагӕй * базыдтам, Йегъовӕ Израилы адӕмӕн Моисейы уылты цы Закъон радта, уымӕн йӕ бындур кӕй уыди уарзондзинад. Закъон израилӕгты разӕнгард кодта, цӕмӕй алкӕимӕ дӕр рӕстӕй архайдтаиккой, уӕлдайдӕр та, фӕхӕцӕг кӕуыл нӕ уыд, уыдонимӕ (Дык. з. 10:18). Уыцы Закъонӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ йӕ адӕмыл куыд тынг тыхсы, уый.

2. Цавӕр фарстатыл аныхас кӕндзыстӕм?

2 Н. э. 33 азы чырыстон ӕмбырд куы фӕзынд, уӕдӕй фӕстӕмӕ Моисейы закъон йӕ тыхы нал уыд. Ӕмӕ цымӕ ныр чырыстӕттӕн, йӕ бындур уарзондзинад кӕмӕн уыдаид ӕмӕ рӕстӕй архайынмӕ чи разӕнгард кодтаид ӕмӕ сӕ афтӕмӕй чи хъахъхъӕдтаид, ахӕм закъон нал уыд? Нӕ, уый афтӕ нӕу. Чырыстӕттӕн лӕвӕрд ӕрцыд ног закъон. Фыццаг уал ӕркӕсдзыстӕм, уыцы ног закъон цы у, уымӕ. Стӕй аныхас кӕндзыстӕм ахӕм фарстатыл: афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис, ӕмӕ уыцы закъонӕн йӕ бындур уарзондзинад у? Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ уыцы закъон чырыстӕтты рӕстӕй архайынмӕ разӕнгард кӕны? Ӕмӕ, бартӕ кӕй къухы сты, уыдон уыцы закъонмӕ гӕсгӕ иннӕтимӕ куыд хъуамӕ архайой?

«ЧЫРЫСТИЙЫ ЗАКЪОН» ЦЫ У?

3. Галатӕгтӕм 6:2 стихы цы ног закъоны тыххӕй фыст ис, уымӕ цы хауы?

3 Бакӕс Галатӕгтӕм 6:2. Чырыстӕттӕ хъуамӕ ӕххӕст кӕной «Чырыстийы закъон». Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн дуне закъӕттӕ нӕ радта, фӕлӕ сын радта амындтӕ, фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ, цӕмӕй уыдонмӕ гӕсгӕ архайой. «Чырыстийы закъонмӕ» хауынц, Йесо адӕмы цӕуылдӕриддӕр ахуыр кодта, уыдӕттӕ. Уӕдӕ ацы закъоныл бӕстондӕр аныхас кӕнӕм.

4, 5. Йесо адӕмы куыд ӕмӕ кӕд ахуыр кодта?

4 Йесо адӕмы куыд ахуыр кодта? Фыццаг, ахуыр сӕ кодта ныхасӕй. Йӕ ныхӕсты уыд стыр тых, уымӕн ӕмӕ сын амыдта Хуыцауы тыххӕй рӕстдзинад, ӕмбарын сын кодта, адӕймаг цӕмӕн цӕры ӕмӕ сын дзырдта, ӕппӕт хъизӕмӕрттӕн ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахад кӕй скӕндзӕн кӕрон (Лук. 24:19). Дыккаг, адӕмы ахуыр кодта йӕхи цӕвиттоны фӕрцы дӕр. Уый йӕ фӕдылдзӕуджытӕн равдыста, куыд хъуамӕ цӕрой, уый (Иоан. 13:15).

5 Йесо адӕмы кӕд ахуыр кодта? Зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд (Матф. 4:23). Стӕй ма йӕ фӕдылдзӕуджыты ахуыр кодта, куы райгас, уый фӕстӕ дӕр. Зӕгъӕм, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм фӕзынд,– ӕвӕццӕгӕн, уыдысты 500 фылдӕр,– ӕмӕ сын бафӕдзӕхста, «цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ», зӕгъгӕ (Матф. 28:19, 20; 1 Кор. 15:6). Йесо уӕлӕрвтӕм куы ссыд ӕмӕ ӕмбырды сӕргъы ӕвӕрд куы ’рцыди, уый фӕстӕ дӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн разамынд лӕвӕрдта. Зӕгъӕм, н. э. 96 азы Чырысти апостол Иоаннӕн загъта, цӕмӕй сӕрст чырыстӕттӕн сӕ ныфсыл ныфс бафтыдтаид ӕмӕ сын уынаффӕ дӕр радтаид (Кол. 1:18; Рарг. 1:1).

6, 7. а) Йесо адӕмы цӕуыл ахуыр кодта, уыдӕттӕ кӕм фыст сты? б) Чырыстийы закъон кӕй ӕххӕст кӕнӕм, уый цӕмӕй вӕййы бӕрӕг?

6 Йесо адӕмы цӕуыл ахуыр кодта, уыдӕттӕ кӕм фыст сты? Йесо зӕххыл лӕггад кӕнгӕйӕ цы дзырдта ӕмӕ цы арӕзта, уыдӕттӕй бирӕ цыдӕртӕ фыст сты цыппар Евангелийы. Чырыстон Грекъаг Фыстыты иннӕ чингуыты фӕрцы дӕр ис бамбарӕн, Йесо алыхуызон хъуыддӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый, уымӕн ӕмӕ сӕ чи фыста, уыдон сӕ сыгъдӕг тыхы разамындӕй фыстой ӕмӕ, «Чырысти куыд хъуыды кӕны, афтӕ» хъуыды кодтой (1 Кор. 2:16).

7 Цӕуыл ахуыр кӕнӕм. Чырысти цы амыдта, уый хауы нӕ царды алы хъуыддагмӕ дӕр. Уӕдӕ, Чырыстийы закъон кӕй ӕххӕст кӕнӕм, уый хъуамӕ бӕрӕг уа нӕ алы хъуыддагӕй дӕр, ӕмӕ уӕлдай нӕу, хӕдзары уӕм, куысты, скъолайы ӕви ӕмбырды. Ацы закъоны тыххӕй мах фылдӕр базонӕм Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ кӕсгӕйӕ ӕмӕ сыл хъуыды кӕнгӕйӕ. Ӕмӕ дзы цы амындтӕ, фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ куы фӕархайӕм, уӕд афтӕмӕй уыцы закъон феххӕст кӕнӕм. Ӕмӕ афтӕмӕй, зӕгъӕн ис, фӕхъусӕм нӕ уарзӕгой Хуыцау Йегъовӕмӕ, уымӕн ӕмӕ, Йесо адӕмы цӕуылдӕриддӕр ахуыр кодта, уыдӕттӕ йын Йегъовӕ бацамыдта (Иоан. 8:28).

ЧЫРЫСТИЙЫ ЗАКЪОНӔН ЙӔ БЫНДУР У УАРЗОНДЗИНАД

8. Чырыстийы закъонӕн йӕ бындур цы у?

8 Фидар бындур кӕмӕн ис, ахӕм хӕдзары чи фӕцӕры, уый вӕййы ӕдас ӕмӕ хъахъхъӕд. Раст афтӕ, фидар бындур кӕмӕн ис, ахӕм закъонмӕ гӕсгӕ чи цӕры, уыдон дӕр вӕййынц ӕдас ӕмӕ хъахъхъӕд. Чырыстийы закъонӕн йӕ бындур у уарзондзинад, ӕмӕ уымӕй хуыздӕр бындур нӕй. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн?

Иннӕты кӕй уарзӕм, уый хъуыддагӕй куы февдисӕм, уӕд афтӕмӕй «Чырыстийы закъон» феххӕст кӕнӕм (кӕс 9–14 абзацтӕ) *

9, 10. Йесойы алыхуызон хъуыддӕгтӕм уарзондзинад кӕй разӕнгард кодта, уый цӕмӕй у бӕрӕг ӕмӕ йӕ нӕ бон куыд у бафӕзмын?

9 Фыццаг: Йесо цыфӕнды ма арӕзтаид,– алцӕмӕ дӕр ӕй разӕнгард кодта уарзондзинад. Уарзондзинад цы хъуыддӕгтӕй вӕййы бӕрӕг, уыдонӕй иу у иннӕтӕн тӕригъӕд кӕнын. Йесо адӕмӕн тӕригъӕд кодта, ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ ахуыр кодта, рынчынты дзӕбӕх кодта, ӕххормаг адӕмы ӕфсӕста ӕмӕ мӕрдты ӕгас кодта (Матф. 14:14; 15:32–38; Мар. 6:34; Лук. 7:11–15). Ӕмӕ йӕ кӕд уыцы хъуыддӕгтӕн бирӕ рӕстӕг ӕмӕ хъарутӕ хъуыд, уӕддӕр-иу иннӕтыл йӕхицӕй тынгдӕр тыхсти. Фӕлӕ йӕ уарзондзинад ӕппӕты тынгдӕр равдыста, йӕ цард иннӕты тыххӕй кӕй радта, уымӕй (Иоан. 15:13).

10 Цӕуыл ахуыр кӕнӕм. Иннӕтыл нӕхицӕй тынгдӕр куы тыхсӕм, стӕй, кӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыдонӕн куы тӕригъӕд кӕнӕм, уӕд афтӕмӕй Йесойы фӕзмдзыстӕм. Адӕмӕн кӕй тӕригъӕд кӕнӕм, уый нӕ куы фӕразӕнгард кӕны, цӕмӕй сын хъусын кӕнӕм ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнӕм, уӕд афтӕмӕй Чырыстийы закъон феххӕст кӕнӕм.

11, 12. а) Йегъовӕ ныл кӕй тыхсы, уый цӕмӕй у бӕрӕг? б) Нӕ бон куыд у Йегъовӕйы уарзондзинад бафӕзмын?

11 Дыккаг: Йесо раргом кодта йӕ Фыды уарзондзинад. Йесо зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд бирӕ цӕмӕйдӕрты равдыста, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытыл куыд тынг тыхсы, уый. Зӕгъӕм, бамбарын кодта, алчидӕр нӕ нӕ уӕларвон Фыдӕн тынг зынаргъ кӕй у (Матф. 10:31). Стӕй ма бамбарын кодта, йӕ тӕригъӕдыл чи ӕрфӕсмон кӕны ӕмӕ ӕмбырдмӕ чи ӕрбаздӕхы, уыдоныл Йегъовӕ зӕрдиагӕй кӕй бацин кӕны (Лук. 15:7, 10). Стӕй ма загъта, Йегъовӕ йӕ уарзондзинад кӕй равдыста, йӕ Фырты нывондӕн кӕй радта, уымӕй (Иоан. 3:16).

12 Цӕуыл ахуыр кӕнӕм. Нӕ бон куыд у Йегъовӕйы уарзондзинад бафӕзмын? (Еф. 5:1, 2). Махӕн дӕр нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй алчидӕр у тынг зынаргъ, стӕй, «сӕфт фысау» чи адзӕгъӕл вӕййы ӕмӕ фӕстӕдӕр Йегъовӕмӕ чи ӕрбаздӕхы, уыдоныл мах зӕрдиагӕй бацин кӕнӕм (Пс. 119:176). Стӕй ма нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ рӕстӕг ӕмӕ нӕ хъарутыл нӕ ауӕрдӕм ӕмӕ сын бахъуаджы сахат баххуыс кӕнӕм (1 Иоан. 3:17). Нӕ уарзондзинад хъуыддагӕй куы февдисӕм, уӕд афтӕмӕй Чырыстийы закъон феххӕст кӕнӕм.

13, 14. а) Иоанны 13:34, 35 стихтӕм гӕсгӕ, Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн цы бафӕдзӕхста ӕмӕ уый ног фӕдзӕхст цӕмӕн у? б) Ног фӕдзӕхст кӕй ӕххӕст кӕнӕм, уый цӕмӕй вӕййы бӕрӕг?

13 Ӕртыккаг: Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй кӕрӕдзийы удуӕлдай уарзтӕй уарзой. (Бакӕс Иоанны 13:34, 35.) Ӕмӕ йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕмӕй уый у ног фӕдзӕхст. Цымӕ цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ уыцы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ чырыстӕттӕ хъуамӕ кӕрӕдзийы уарзой, Чырысти сӕ куыд бауарзта, афтӕ, ӕмӕ Моисейы закъон та уый нӕ домдта. Ӕмӕ цӕмӕй уыцы ног фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнӕм, уый тыххӕй кӕрӕдзийы хъуамӕ уарзӕм удуӕлдай уарзтӕй *. Хъуамӕ нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты нӕхицӕй фылдӕр уарзӕм. Хъуамӕ сӕ афтӕ уарзӕм, цӕмӕй цӕттӕ уӕм уыдоны тыххӕй суанг нӕ цард раттынмӕ дӕр, Чырысти мах тыххӕй куыд радта йӕ цард, афтӕ.

14 Цӕуыл ахуыр кӕнӕм. Ног фӕдзӕхст кӕй ӕххӕст кӕнӕм, уый цӕмӕй вӕййы бӕрӕг? Иу ныхасӕй йӕ куы зӕгъӕм, уӕд, нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты тыххӕй нӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй вӕййӕм, уымӕй. Мах не ’мчырыстӕтты тыххӕй ӕрмӕст нӕ цард раттынмӕ не стӕм цӕттӕ, фӕлӕ ма нӕ уарзондзинад гыццыл хъуыддӕгтӕй дӕр равдисӕм. Зӕгъӕм, ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн ӕмбырдмӕ ӕрбацӕуынӕн баххуыс кӕнӕм. Кӕнӕ та, нӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уымӕй нӕхи фӕцух кӕнӕм, цӕмӕй-иу, не ’мчырыстонӕн ӕхсызгон цы у, ахӕм исты саразӕм. Йе та отпуск райсӕм, цӕмӕй-иу бӕллӕхты рӕстӕг нӕ хотӕн ӕмӕ не ’фсымӕртӕн баххуыс кӕнӕм. Ахӕм хъуыддӕгтӕ куы фӕаразӕм, уӕд афтӕмӕй Чырыстийы закъон феххӕст кӕнӕм. Стӕй ма уый фӕрцы ӕмбырды алчидӕр йӕхи ӕдас фӕхаты ӕмӕ вӕййы хъахъхъӕд.

ЧЫРЫСТИЙЫ ЗАКЪОН РАЗӔНГАРД КӔНЫ РӔСТӔЙ АРХАЙЫНМӔ

15–17. а) Йесо цы арӕзта, уымӕй куыд зыны, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый хорз кӕй ӕмбӕрста? б) Нӕ бон куыд у Йесойы фӕзмын?

15 Библимӕ гӕсгӕ, рӕстӕй архайын уый у, ӕмӕ, Хуыцау растыл цы нымайы, уый аразай ӕмӕ макӕй хъулон кӕнай. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Чырыстийы закъон разӕнгард кӕны рӕстӕй архайынмӕ?

Йесо сылгоймӕгтӕн аргъ кодта ӕмӕ сӕм хӕлар зӕрдӕ дардта, иннӕты цӕсты ӕнаккаг чи уыд, суанг уыдонмӕ дӕр (кӕс 16 абзацтӕ) *

16 Фыццаг уал ӕркӕсӕм, Йесо цы арӕзта, уымӕй куыд зыны, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый хорз кӕй ӕмбӕрста. Йӕ рӕстӕджы цӕрӕг дзуттаг дины разамонджытӕ се сӕфт уыдтой, дзуттаг чи нӕ уыд, уыдонӕй ӕмӕ хуымӕтӕг дзуттӕгтыл былысчъилтӕ кодтой, стӕй сылгоймӕгты ницӕмӕ дардтой. Йесо та хъулон никӕй кодта, уый алкӕимӕ дӕр архайдта рӕстӕй. Йе ’ххуыс-иу нӕ бавгъау кодта, дзуттаг чи нӕ уыд, фӕлӕ-иу уырнындзинад кӕмӕ разынд, уыдонӕн (Матф. 8:5–10, 13). Йесо алкӕмӕн дӕр, хъӕздыгӕй-мӕгуырӕй, хъусын кодта (Матф. 11:5; Лук. 19:2, 9). Стӕй сылгоймӕгтимӕ тызмӕгӕй никуы дзырдта ӕмӕ сӕ никуы ӕфхӕрдта. Уый сын аргъ кодта ӕмӕ сӕм хӕлар зӕрдӕ дардта, иннӕты цӕсты ӕнаккаг чи уыд, суанг уыдонмӕ дӕр (Лук. 7:37–39, 44–50).

17 Цӕуыл ахуыр кӕнӕм. Нӕ бон куыд у Йесойы бафӕзмын? Хъулон макӕй кӕнӕм, фӕлӕ-иу хорз хабармӕ байхъусын кӕйдӕриддӕр бафӕнда, уыдонӕн-иу хъусын кӕнӕм, хъӕздыг уой ӕви мӕгуыр, стӕй, цавӕрфӕнды диныл хӕст ма уой, уӕддӕр. Чырыстон нӕлгоймӕгтӕ та Йесойы бафӕзмынц, сылгоймӕгтӕн куы фӕаргъ кӕнынц ӕмӕ уый хъуыддагӕй дӕр куы февдисынц, уӕд. Уыцы хъуыддӕгты Йесойы куы бафӕзмӕм, уӕд афтӕмӕй равдисӕм, Чырыстийы закъон кӕй ӕххӕст кӕнӕм.

18, 19. Йесо адӕмӕн рӕстӕй архайыны тыххӕй цы дзырдта? Ӕмӕ цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

18 Ныр та ӕркӕсӕм, Йесо адӕмӕн рӕстӕй архайыны тыххӕй цы дзырдта, уымӕ. Уый йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бацамыдта, иннӕтимӕ рӕстӕй архайынӕн сын чи ӕххуыс кодтаид, ахӕм уагӕвӕрдтӕ. Ахъуыды-ма кӕнӕм, Матфейы 7:12 стихы цы уагӕвӕрд ис, ууыл. Махӕй алкӕй дӕр фӕнды, цӕмӕй иннӕтӕ немӕ рӕстӕй архайой. Уӕдӕ нӕхӕдӕг дӕр хъуамӕ афтӕ кӕнӕм. Уый, чи зоны, иннӕты сразӕнгард кӕна, цӕмӕй уыдон дӕр немӕ рӕстӕй архайой. Фӕлӕ, зӕгъӕм, ӕнаххосӕй ӕфхӕрд куы ӕййафӕм, уӕд та? Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта: «Хуыцау йе ’взӕрстыты тыххӕй, ӕхсӕвӕй-бонӕй йӕм чи дзыназы, уыдоны тыххӕй, раст ӕмӕ зылын чи у, уый... равзардзӕн» (Лук. 18:6, 7). Зӕгъӕн ис, уый у зӕрдӕвӕрд: нӕ рӕстаг Хуыцау зоны, ацы фӕстаг бонты цы фӕлварӕнтыл ӕмбӕлӕм, уый, ӕмӕ, ӕфхӕрд кӕй къухӕй ӕййафӕм, уыдонӕн йӕ рӕстӕджы стӕрхон кӕндзӕн (2 Фес. 1:6).

19 Цӕуыл ахуыр кӕнӕм. Йесо нын цы уагӕвӕрдтӕ бацамыдта, уыдонмӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд иннӕтимӕ рӕстӕй архайдзыстӕм. Ӕмӕ кӕд Хӕйрӕджы дунейы ӕнаххосӕй ӕфхӕрд ӕййафӕм, уӕд нын ныфсы хос уыдзӕн, Йегъовӕ не ’фхӕрджытӕн кӕй стӕрхон кӕндзӕн, уый.

БАРТӔ КӔЙ КЪУХЫ СТЫ, УЫДОН ИННӔТИМӔ КУЫД ХЪУАМӔ АРХАЙОЙ?

20, 21. а) Бартӕ кӕй къухы сты, уыдон иннӕтимӕ куыд хъуамӕ архайой? б) Лӕгӕн йӕ бон куыд у, йӕ усы удуӕлдай уарзтӕй кӕй уарзы, уый ӕвдисын? Фыд йӕ сывӕллӕттӕн куыд хъуамӕ уа?

20 Бартӕ кӕй къухы сты, уыдон, Чырыстийы закъонмӕ гӕсгӕ, иннӕтимӕ куыд хъуамӕ архайой? Уыцы закъонӕн йӕ бындур уарзондзинад кӕй у, уымӕ гӕсгӕ, сӕ бӕрны чи ис, уыдонӕн хъуамӕ аргъ кӕной ӕмӕ сын сӕ уарзондзинад ма хӕлӕг кӕной. Хъуамӕ сӕ рох ма уа: Чырыстийы фӕнды, цӕмӕй, цыфӕнды ма аразӕм,– алцыдӕр аразӕм уарзгӕйӕ.

21 Бинонты ’хсӕн. Лӕг хъуамӕ йӕ усы уарза, «Чырысти дӕр ӕмбырд куыд бауарзта... афтӕ» (Еф. 5:25, 28, 29). Лӕг хъуамӕ Чырыстийы удуӕлдай уарзондзинад фӕзма ӕмӕ фылдӕр йӕ усыл хъуыды кӕна, йӕхиуыл нӕ, фӕлӕ. Иуӕй-иу нӕлгоймӕгтӕн ахӕм уарзондзинад ӕвдисын ӕнцон нӕ вӕййы. Цымӕ цӕуылнӕ? Чи зоны, уымӕн, ӕмӕ, цы адӕмы ’хсӕн схъомыл сты, уыдон иннӕтӕм хӕларзӕрдӕ нӕ уыдысты ӕмӕ семӕ рӕстӕй нӕ архайдтой. Чи зоны сын зын у се ’взӕр миниуджытӕ ныууадзын, фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ ууыл архайой ӕмӕ афтӕмӕй Чырыстийы закъон ӕххӕст кӕной. Лӕг йӕ усы удуӕлдай уарзтӕй куы уарза, уӕд ын ус дӕр аргъ кӕндзӕн. Ӕмӕ фыд йӕ сывӕллӕтты куы уарза, уӕд сӕ ныхасӕй никуы ӕфхӕрдзӕн ӕмӕ сын фыдмитӕ нӕ кӕндзӕн (Еф. 4:31). Уый йӕ сывӕллӕттӕн ӕвдисдзӕн, кӕй сӕ уарзы ӕмӕ сӕ райгонд кӕй у, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй сӕхи ӕдас хатой ӕмӕ хъахъхъӕд уой. Ӕмӕ уӕд уыдон дӕр сӕ фыды уарздзысты ӕмӕ йыл ӕууӕнддзысты.

22. 1 Петры 5:1–3 стихтӕм гӕсгӕ, «фыстӕ» кӕй сты ӕмӕ сӕм хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цы зӕрдӕ хъуамӕ дарой?

22 Ӕмбырды. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ ма рох кӕной, «фыстӕ» уыдоны кӕй не сты (Иоан. 10:16; бакӕс 1 Петры 5:1–3). Ныхӕстӕ «Хуыцауы дзуг» ӕмӕ «Хуыцауы бынтӕ» хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц, «фыстӕ» Йегъовӕйы кӕй сты. Уыдон ӕмбарынц, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй, сӕ бӕрны чи ис, уыдоны уарзой ӕмӕ сыл тыхсой (1 Фес. 2:7, 8). Ӕмӕ афтӕ куы кӕной, уӕд сӕ Йегъовӕ райгонд уыдзӕн. Стӕй сӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ дӕр уарздзысты ӕмӕ сын аргъ кӕндзысты.

23, 24. а) Чырыстон уӕззау тӕригъӕд куы саразы, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ хӕс цы вӕййы? б) Ахӕм хъуыддаг ӕвзаргӕйӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарой?

23 Чырыстон уӕззау тӕригъӕд куы саразы, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ хӕс цы вӕййы? Уыдоныл цы хӕс ис, уый хицӕн кӕны, Хуыцау израилӕгтӕн цы Закъон радта, уымӕ гӕсгӕ тӕрхонгӕнджытыл ӕмӕ хистӕр лӕгтыл цы хӕс уыд, уымӕй. Закъонмӕ гӕсгӕ уыдонӕн сӕ хӕс ӕрмӕст Йегъовӕйӕн кувынимӕ баст хъуыддӕгтӕ ӕвзарын нӕ уыд, фӕлӕ ма-иу адӕмы ’хсӕн цы хабӕрттӕ рауад, уыдон, стӕй фыдракӕндтӕ дӕр. Фӕлӕ Чырыстийы закъонмӕ гӕсгӕ та, хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ хӕс ӕндӕр у. Тӕригъӕд чи саразы, уымӕн йӕ хъуыддаг куы февзарынц, уӕд сӕ хӕс вӕййы, йӕ лӕггадимӕ ӕмӕ йӕ уырнындзинадимӕ баст чи у, ӕрмӕстдӕр уыцы фарстатӕм ӕркӕсын. Уыдон зонынц, Хуыцау фыдракӕндтӕ ӕмӕ адӕмы бартимӕ баст хъуыддӕгтӕ ӕвзарын зӕххон хицӕутты бар кӕй бакодта. Ӕмӕ сын ис бар, фыдракӕнд чи саразы, уыдоны фӕивар кӕнын кӕнӕ сӕ ахӕстоны сбадын кӕнын (Ром. 13:1–4).

24 Чырыстон уӕззау тӕригъӕд куы саразы, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куыд фӕархайынц? Уыдон Библийы фӕрцы хъуыддаг равзарынц ӕмӕ уынаффӕ рахӕссынц. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ зӕрдыл фӕдарынц, Чырыстийы закъоны бындур уарзондзинад кӕй у. Ӕмӕ сӕ уарзондзинад фӕразӕнгард кӕны, цӕмӕй-иу ахъуыды кӕной: «Тӕригъӕд чи сарӕзта, уый ӕмбырды зиан кӕмӕндӕриддӕр ӕрхаста, уыдонӕн куыд ис баххуыс кӕнӕн?» Ӕмӕ тӕригъӕд чи сарӕзта, уый кой куы кӕнӕм, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ахъуыды кӕнынц: «Йӕ тӕригъӕдыл фӕсмон кӕны? Нӕ бон ын у баххуыс кӕнын, цӕмӕй та фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ баввахс уа?»

25. Иннӕ статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

25 Куыд бузныг стӕм, Чырыстийы закъоны дӕлбар кӕй стӕм, уый тыххӕй! Алчидӕр нӕ уыцы закъон ӕххӕст кӕныныл ӕппӕт хъарутӕй куы архайа, уӕд ӕмбырд уыдзӕн ӕдас бынат, стӕй алчидӕр ӕнкъардзӕн, иннӕтӕ йӕ кӕй уарзынц ӕмӕ ӕмбардзӕн, кӕй йын аргъ кӕнынц. Фӕлӕ уӕддӕр нырма ахӕм дунейы цӕрӕм, ӕмӕ «ӕвзӕр адӕм... кӕнынц фыддӕрӕй-фыддӕр» (2 Тим. 3:13). Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ уӕм къӕрцхъус. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у Йегъовӕйау рӕстӕй архайын, сывӕллонӕн исчи тыхми ӕмӕ ӕвзӕр митӕ куы бакӕна, уӕд? Ууыл дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.

15 ЗАРӔГ Скад кӕнут Йегъовӕйы фыццаг Фыртӕн!

^ 5 абз. 9-ӕм ахуыргӕнӕн статьяйы куыд федтам, афтӕ ацы ӕмӕ иннӕ дыууӕ статьяйы дӕр фендзыстӕм, Йегъовӕ уарзӕгой Хуыцау кӕй у ӕмӕ рӕстӕй кӕй архайы, ууыл фидарӕй ӕууӕндӕн цӕмӕн ис, уый. Хуыцау удӕнцой дӕтты, ацы фыддунейы цӕргӕйӕ ӕнаххосӕй ӕфхӕрд чи ӕййафы, уыдонӕн ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй иннӕтӕ йӕ лӕггадгӕнджытимӕ рӕстӕй архайой.

^ 1 абз. Кӕс 2019 азы февралы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» статья «Моисейы закъон Йегъовӕйы уарзондзинад ӕмӕ рӕстдзинадыл дзурӕг куыд уыд?».

^ 13 абз. АЦЫ НЫХӔСТӔН СӔ ХЪУЫДЫ ЦЫ У. Удуӕлдай уарзт нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй фылдӕр иннӕтыл хъуыды кӕнӕм, нӕхиуыл нӕ, фӕлӕ. Мах цӕттӕ вӕййӕм нӕхи истӕмӕйты фӕцух кӕнынмӕ, цӕмӕй-иу иннӕтӕн баххуыс кӕнӕм.

^ 61 абз. НЫВ. Йесо кӕсы, йӕ иунӕг фырт кӕмӕн амард, уыцы сылгоймагмӕ. Йесо йын фӕтӕригъӕд кодта, ӕмӕ йын йӕ фырты райгас кодта.

^ 63 абз. НЫВ. Йесо иу фарисейы, Симоны, хӕдзары фынгыл бады. Иу сылгоймаг ӕм бацыд,– ӕвӕццӕгӕн, у хӕтаг сылгоймаг,– ӕмӕ йын йӕ цӕссыгтӕй йӕ къӕхтӕ ӕхсы, йӕ дзыккутӕй йын сӕ сӕрфы ӕмӕ йын сӕ хӕрздӕф сойӕ сӕрды. Симон сылгоймаджы фауы, фӕлӕ Йесо та йӕ сӕрыл дзуры.