Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

23 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

«Уӕхи хъахъхъӕнут, цӕмӕй уӕ... мачи асайа»!

«Уӕхи хъахъхъӕнут, цӕмӕй уӕ... мачи асайа»!

«Уӕхи хъахъхъӕнут, цӕмӕй уӕ зондджын ныхӕстӕй ӕмӕ хинӕйбыд, афтид ахуырӕдтӕй мачи асайа ӕмӕ уӕ ма ӕрцахса» (КОЛ. 2:8).

96 ЗАРӔГ Хуыцауы чиныг – стыр хӕзна

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Колоссӕгтӕм 2:4, 8 стихтӕм гӕсгӕ, Хӕйрӕг куыд архайы, цӕмӕй нӕ асайа ӕмӕ нын нӕ зондахастыл бандава?

ХӔЙРӔДЖЫ фӕнды, цӕмӕй нӕ Йегъовӕйы ныхмӕ скӕна. Уымӕ гӕсгӕ архайы, цӕмӕй нын нӕ зондахастыл бандава, ӕмӕ, уый куыд фӕнды, афтӕ хъуыды кӕнын райдайӕм. Уый тыххӕй Хӕйрӕг пайда кӕны, нӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уыдӕттӕй. (Бакӕс Колоссӕгтӕм 2:4, 8.)

2, 3. а) Колоссӕгтӕм 2:8 стихы Павел цӕмӕй фӕдзӕхсы, уый нӕ зӕрдыл цӕмӕн хъуамӕ дарӕм? б) Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

2 Цымӕ нын ӕцӕгдӕр у тӕссаг, Хӕйрӕг нӕ куы фӕсайа, уымӕй? О! Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Колоссӕгтӕм 2:8 стихы цы фӕдзӕхст кӕсӕм, уый Павел ӕнӕуырнӕг адӕммӕ кӕй нӕ ныффыста, фӕлӕ сыгъдӕг тыхӕй сӕрст чырыстӕттӕм (Кол. 1:2, 5). Уыцы чырыстӕттӕн тӕссаг уыд, Хӕйрӕг сӕ куы фӕсайдтаид, уымӕй, ӕмӕ абон махӕн та ноджы тӕссагдӕр у (1 Кор. 10:12). Цӕмӕн? Хӕйрӕг зӕхмӕ ӕппӕрст ӕрцыд, ӕмӕ йӕ тыхтӕ иууылдӕр сарӕзта Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты сайынмӕ (Рарг. 12:9, 12, 17). Уымӕй уӕлдай, мах цӕрӕм, ӕвзӕр адӕм ӕмӕ цӕстфӕлдахджытӕ «фыддӕрӕй-фыддӕр» куы кӕнынц, уыцы рӕстӕг (2 Тим. 3:1, 13).

3 Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, Хӕйрӕг нын нӕ зондахастыл бандавыны тыххӕй «хинӕйбыд, афтид ахуырӕдтӕй» куыд пайда кӕны, уый. Йӕ «хинмитӕй» йын ӕртӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм (Еф. 6:11). Иннӕ статьяйы та дзырд цӕудзӕн, нӕ бон цы у саразын, цӕмӕй нӕ зондахаст сраст кӕнӕм, кӕд ныл Хӕйрӕджы дуне бандӕвта, уӕд. Фӕлӕ уал фыццаг аныхас кӕнӕм, израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ куы бацыдысты, уӕд сӕ Хӕйрӕг куыд сайдта, ууыл ӕмӕ базонӕм, сӕ хабарӕй зондӕн райсӕн цы ис, уый.

МӔНГ ХУЫЦӔУТТӔН КУВЫНЫЛ БАФТЫДЫСТЫ

4–6. Дыккаг закъоны 11:10–15 стихтӕм гӕсгӕ, израилӕгты Зӕрдӕвӕрд зӕххыл ногӕй цӕуыл ахуыр кӕнын хъуыди?

4 Хӕйрӕгӕн бантыст израилӕгты мӕнг хуыцӕуттӕн кувыныл бафтауын. Цӕй фӕрцы? Уый спайда кодта, хӕрын сӕ кӕй хъуыди, уымӕй. Израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ куы бацыдысты, уӕд зӕххы куыстытӕ хъуамӕ ӕндӕрхуызон кодтаиккой. Египеты куы цардысты, уӕд сӕ хуымтӕ цӕугӕдон Нилы донӕй ӕфсӕстой. Фӕлӕ Зӕрдӕвӕрд зӕххы стыр цӕугӕдон нӕ уыд. Зӕхх донӕй ӕфсӕстой къӕвдатӕ ӕмӕ-иу ыл цы ӕртӕх ӕрбадт, уый. (Бакӕс Дыккаг закъон 11:10–15; Ис. 18:4, 5.) Уымӕ гӕсгӕ израилӕгтӕ зӕхмӕ хъуамӕ ӕндӕрхуызон зылдаиккой. Ӕмӕ сын уый, ӕвӕццӕгӕн, ӕнцон нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ, зӕххы куыстытӕ чи зыдта, уыдонӕн сӕ фылдӕр ӕдзӕрӕг быдыры амардысты.

Хӕйрӕгӕн израилӕгты зондахастыл бандавын цӕй фӕрцы бантыст? (кӕс 4–6 абзацтӕ) *

5 Йегъовӕ йӕ адӕмӕн бамбарын кодта, сӕ уавӕртӕ кӕй фӕивтой. Ӕмӕ сын стӕй цы загъта, уый фехъусгӕйӕ фыццаг ахъуыды кӕнӕн уыдаид, уый зӕххы куыстмӕ ӕппындӕр кӕй нӕ хауы. Зӕгъгӕ та сын кодта афтӕ: «Уӕхимӕ кӕсут, цӕмӕй уӕ зӕрдӕтӕ ма фӕсайды уой ӕмӕ ма адзӕгъӕл уат, ӕндӕр хуыцӕуттӕн кувын ма райдайат ӕмӕ сӕ разы уӕ зонгуытыл ма лӕууат» (Дык. з. 11:16, 17). Кӕд сын Йегъовӕ зӕхмӕ зилыны кой кодта, уӕд сӕ мӕнг хуыцӕуттӕн кувынӕй цӕмӕн фӕдзӕхста?

6 Йегъовӕ зыдта, израилӕгты, зӕхмӕ зилын куыд хъӕуы, уый базонын кӕй бафӕнддзӕн, сӕ алыварс чи цард, уыцы мӕнг хуыцӕуттӕн кувӕг адӕмтӕй. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы адӕмтӕ зӕххы куыстытӕ израилӕгтӕй бирӕ хуыздӕр зыдтой, ӕмӕ сӕ Хуыцауы адӕм бирӕ цыдӕртӕ базыдтаиккой. Фӕлӕ афтӕмӕй сӕхи тӕссаг уавӕры баппӕрстаиккой. Ханааны зӕхкусджытӕ куывтой Ваалӕн, ӕмӕ сӕ дины ӕгъдӕуттӕ сӕ зондахастыл тынг ӕндӕвтой. Уыдон Ваалы нымадтой арвы хицауыл ӕмӕ къӕвдайы бардуагыл. Ӕмӕ Йегъовӕйы нӕ фӕндыд, цӕмӕй уый йӕ адӕмы дӕр бауырныдтаид. Фӕлӕ та-иу израилӕгтӕ ногӕй ӕмӕ ногӕй Ваалӕн кувын райдыдтой (Ным. 25:3, 5; Тӕрх. 2:13; 1 Пад. 18:18). Ныр та базонӕм, Хӕйрӕгӕн израилӕгты асайын цӕй фӕрцы бантыст, уый.

ХӔЙРӔГӔН ИЗРАИЛӔГТЫ АСАЙЫН ЦАВӔР ӔРТӔ МАДЗАЛЫ ФӔРЦЫ БАНТЫСТ?

7. Израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ куы бацыдысты, уӕд сӕ уырнындзинад фӕлвӕрд куыд ӕрцыд?

7 Хӕйрӕджы мадзӕлттӕй фыццаг цавӕр уыд? Израилӕгты фӕндыд фенын, зӕхх къӕвдаты донӕй куыд ӕфсӕды, уый, ӕмӕ кӕд уыцы фӕнд ӕвзӕр нӕ уыд, уӕддӕр дзы Хӕйрӕг спайда кодта. Зӕрдӕвӕрд зӕххы-иу апрелы кӕронӕй сентябры онг къӕвдатӕ арӕх нӕ уарыд. Ӕмӕ израилӕгтӕн сӕ цард ӕмӕ сӕ тыллӕджы бӕркад кӕнгӕ уыд, октябры-иу чи райдыдта, уыцы къӕвдатӕй. Хӕйрӕг сӕ баууӕндын кодта, сӕ алыварс цӕрӕг адӕмты ӕгъдӕуттӕ ӕххӕст кӕнын сӕ кӕй хъуыд, цӕмӕй сӕ зӕхх хъӕздыг тыллӕг раттаид, уый тыххӕй. Уыцы адӕмты уырныдта, цӕмӕй-иу сын сӕ хуыцӕуттӕ къӕвдатӕ рауагътаиккой, уый тыххӕй сӕ кӕй хъуыд цавӕрдӕр бӕлвырд ӕгъдӕуттӕ ӕххӕст кӕнын. Ӕмӕ Йегъовӕйыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ чи не ’ууӕндыд, уыдоны уырныдта, хус рӕстӕгӕн кӕрон ӕндӕрхуызон скӕнӕн кӕй нӕ уыд. Уымӕ гӕсгӕ ӕххӕст кодтой мӕнг дины ӕгъдӕуттӕ мӕнг хуыцау Ваалы номыл.

8. Хӕйрӕджы дыккаг мадзал цавӕр уыд? Бамбарын ӕй кӕн.

8 Израилӕгты асайыны тыххӕй Хӕйрӕг спайда кодта дыккаг мадзалӕй – сӕ тӕригъӕдджын буары монцтӕй. Мӕнг хуыцӕуттӕн кувӕг адӕмтӕ-иу сӕ хуыцӕуттӕн куы куывтой, уӕд-иу кодтой алыхуызон ӕнӕгъдау митӕ. Уыцы адӕмтӕм ма уыди, кувӕндӕтты-иу кӕимӕ хӕтыдысты ахӕм сылгоймӕгтӕ ӕмӕ нӕлгоймӕгтӕ дӕр. Гомосексуализм ӕмӕ ӕндӕр ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ ӕвзӕрыл нӕ нымадтой – хорзыл нымад дӕр ма сӕм уыдысты! (Дык. з. 23:17, 18; 1 Пад. 14:24). Уыдоны уырныдта, се ’нӕгъдау ӕгъдӕутты фӕрцы-иу сӕ хуыцӕутты хорзӕх кӕй ссардзысты, ӕмӕ-иу сын уыдон хъӕздыг тыллӕг кӕй ратдзысты. Израилӕгтӕй бирӕтӕн уыцы ӕлгъаг ӕгъдӕуттӕ сӕ зӕрдӕмӕ фӕцыдысты, ӕмӕ мӕнг хуыцӕуттӕн кувын райдыдтой. Афтӕмӕй сӕ Хӕйрӕг йӕ къӕппӕджы ’рцахста.

9. Осийы 2:16, 17 стихты цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ Хӕйрӕг израилӕгтӕн куыд ферох кӕнын кодта, Йегъовӕ ӕцӕгӕй чи у, уый?

9 Хӕйрӕг ма спайда кодта ноджыдӕр иу мадзалӕй. Уый израилӕгты сайдта, цӕмӕй, Йегъовӕ ӕцӕгӕй чи у, уый ферох кодтаиккой. Пехуымпар Йеремийы рӕстӕг Йегъовӕ загъта, мӕнг пехуымпарты аххосӕй йын йӕ адӕм йӕ ном «Ваалы тыххӕй» кӕй ферох кодтой (Йер. 23:27). Ӕвӕццӕгӕн, израилӕгтӕ Йегъовӕйы ном нал дзырдтой ӕмӕ йӕ баивтой ном Ваалӕй (нысан кӕны «хицау»). Уымӕ гӕсгӕ израилӕгтӕ хорз нал ӕмбӕрстой, Йегъовӕ ӕмӕ Ваал кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц, уый ӕмӕ дыууӕ дины ӕгъдӕуттӕ схӕццӕ кодтой – Ваалӕн дӕр куывтой ӕмӕ Йегъовӕйӕн дӕр. (Бакӕс Осийы 2:16, 17 *.)

ХӔЙРӔГ АБОН АДӔМЫ ЦӔЙ ФӔРЦЫ САЙЫ?

10. Хӕйрӕг абон адӕмы цӕй фӕрцы сайы?

10 Хӕйрӕг абон дӕр уыцы мадзӕлттӕй пайда кӕны. Адӕмы сайы, ӕвзӕр чи не сты, ахӕм фӕндты ӕмӕ сӕ буары монцты фӕрцы. Стӕй сӕ сайы, цӕмӕй, Йегъовӕ ӕцӕгӕй чи у, уый ма базоной. Цӕй ӕмӕ фӕстаг мадзалӕй райдайӕм.

11. Хӕйрӕг адӕмы куыд сайы, цӕмӕй, Йегъовӕ ӕцӕгӕй чи у, уый ма базоной?

11 Хӕйрӕг адӕмы сайы, цӕмӕй, Йегъовӕ ӕцӕгӕй чи у, уый ма базоной. Йесойы апостолты мӕлӕты фӕстӕ, раст дины ныхмӕ чи рацыд, уыдонӕй чидӕртӕ мӕнг ахуырӕдтӕ парахат кӕнын райдыдтой (Хъуыд. 20:29, 30; 2 Фес. 2:3). Уыдон адӕмы сайдтой, цӕмӕй, иунӕг ӕцӕг Хуыцау чи у, уый ма базыдтаиккой. Зӕгъӕм, Библийы къопитӕ-иу куы кодтой, уӕд-иу дзы Хуыцауы номы бӕсты ныффыстой «Хицау» кӕнӕ ӕндӕр титултӕ. Ӕмӕ, Библи чи каст, уыдонӕн-иу зын бамбарӕн уыд, Йегъовӕ цӕмӕй хицӕн кӕны, Библийы ма ноджыдӕр цы «хицӕутты» кой ис, уыдонӕй (1 Кор. 8:5). Уыцы къопиты Йегъовӕйы дӕр ӕмӕ Йесойы дӕр «Хицау» кӕй хуыдтой, уымӕ гӕсгӕ зын бамбарӕн уыд, Йегъовӕ ӕмӕ йӕ Фырт хицӕн удгоймӕгтӕ кӕй сты, уый (Иоан. 17:3). Ӕмӕ афтӕмӕй фӕзынд Троицӕйы ахуырад, кӕд ӕмӕ Хуыцауы Ныхасы йӕ кой дӕр нӕй, уӕд. Ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй бирӕтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ Хуыцауы базонӕн нӕй. Уӕдӕ ма сайд ӕндӕр цы вӕййы! (Хъуыд. 17:27).

Хӕйрӕг адӕмы мӕнг динты фӕрцы куыд сайы, цӕмӕй сӕ буары монцты фӕдыл цӕуой? (кӕс 12 абзац) *

12. Мӕнг динтӕ адӕмы цавӕр зондыл аразынц ӕмӕ, Ромӕгтӕм 1:28–31 стихты цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ уый цӕмӕ ’ркӕны?

12 Хӕйрӕг пайда кӕны тӕригъӕдджын буары монцтӕй. Раджы заманты Хӕйрӕг израилӕгты ӕнӕгъдау хъуыддӕгтыл бафтыдта мӕнг дины фӕрцы. Ӕмӕ афтӕ кӕны абон дӕр. Мӕнг динтӕ ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ ӕвзӕрыл нӕ нымайынц ӕмӕ адӕмы дӕр ахӕм зондыл аразынц. Уый тыххӕй, йӕхи Хуыцаумӕ кувӕг чи хоны, уыдонӕй бирӕтӕ, Хуыцау уаг ӕмӕ ӕгъдауы фӕдыл цы уагӕвӕрдтӕ радта, уыдонмӕ гӕсгӕ нал цӕрынц. Ӕмӕ уый та цӕмӕ ’ркӕны, уый тыххӕй ныффыста апостол Павел йӕ фыстӕджы ромӕгтӕм. (Бакӕс Ромӕгтӕм 1:28–31.) «Цы не ’мбӕлы», уыдӕттӕм хауынц ӕппӕт ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ дӕр, уыимӕ гомосексуализм дӕр (Ром. 1:24–27, 32; Рарг. 2:20). Уӕдӕ куыд ахсджиаг у, цӕмӕй Библийы ахуырӕдтӕм гӕсгӕ цӕрӕм!

13. Хӕйрӕг ма адӕмы ноджыдӕр цӕй фӕрцы сайы?

13 Хӕйрӕг адӕмы сайы, ӕвзӕр чи не сты, ахӕм фӕндты фӕрцы. Алкӕй дӕр нӕ фӕнды исты куыст кӕнын базонын, цӕмӕй нӕхи ӕмӕ нӕ бинонты дарын нӕ бон уа. Ӕмӕ уым ӕвзӕрӕй ницы ис (1 Тим. 5:8). Арӕхдӕр уымӕн фаг вӕййы, цӕмӕй скъолайы хорз ахуыр кӕнӕм. Фӕлӕ хъуамӕ къӕрцхъус уӕм. Бирӕ бӕстӕты скъолаты сывӕллӕттӕ, царды сӕ чи бахъӕудзӕн, ӕрмӕст уыцы предметтӕ нӕ фӕахуыр кӕнынц, фӕлӕ ма алыхуызон философитӕ дӕр. Скъоладзаутӕн ахӕм цыдӕртӕ фӕдзурынц, ӕмӕ, Хуыцау кӕй ис, ууыл фӕдызӕрдыг кӕнынц, стӕй Библийӕн нӕ фӕаргъ кӕнынц. Фӕдзурынц сын, ахуыргонд адӕм иууылдӕр афтӕ кӕй хъуыды кӕнынц, ӕмӕ цард эволюцийы фӕрцы фӕзынд (Ром. 1:21–23). Фӕлӕ ахӕм ахуырӕдтӕ сты «Хуыцауы зонды» ныхмӕ (1 Кор. 1:19–21; 3:18–20).

14. Адӕмы философитӕ цӕмӕ разӕнгард кӕнынц?

14 Адӕмы философитӕ сты Йегъовӕйы рӕстаг уагӕвӕрдты ныхмӕ ӕмӕ адӕймаджы ахӕм зондыл аразынц, цӕмӕй Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ мацӕмӕ дара. Уыдон, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ чи хауы, уыцы миниуджытӕ ӕвдисынмӕ нӕ разӕнгард кӕнынц, фӕлӕ «тӕригъӕдджын буары хъуыддӕгтӕ» аразынмӕ (Гал. 5:19–23). Адӕмы разӕнгард кӕнынц, цӕмӕй сӕрбӕрзонд уой, ӕмӕ сӕрбӕрзонд адӕймаг та свӕййы «хиуарзон» (2 Тим. 3:2–4). Уыцы миниуджытӕн иумӕйагӕй ницы ис, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты цы миниуӕг ӕвдисынмӕ разӕнгард кӕны, уыимӕ – сӕрныллӕгдзинадимӕ (2 Сам. 22:28). Уӕлдӕр ахуырмӕ чи бацыд, уыцы чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ, Хуыцау куыд хъуыды кӕны, афтӕ нал хъуыды кодтой, фӕлӕ ацы дунейы зондыл ныххӕцыдысты. Ӕркӕсӕм иу цӕвиттонмӕ.

Адӕмы философитӕн сӕ бон куыд у нӕ зонд сзыгъуыммӕ кӕнын? (кӕс 14–16 абзацтӕ) *

15, 16. Нӕ хотӕй иуы хабарӕй дӕхицӕн зондӕн цы райстай?

15 15 азӕй фылдӕр ӕххӕстрӕстӕг чи лӕггад кӕны, иу ахӕм хо радзырдта: «Ӕз уыдтӕн донаргъуыд Йегъовӕйы Ӕвдисӕн, ӕмӕ, уӕлдӕр ахуырад цӕмӕй тӕссаг у, уый тыххӕй-иу арӕх кастӕн ӕмӕ арӕх хъуыстон. Фӕлӕ уыдӕттӕ ницӕмӕ дардтон. Афтӕ мӕм каст, уый мӕнмӕ нӕ хауы». Ӕмӕ йӕ хабар куыд рауад? Уыцы хо дарддӕр радзырдта: «Ахуырыл мын уыйбӕрц рӕстӕг цыди, стӕй йыл уыйбӕрц тыхтӕ хардз кодтон, ӕмӕ-иу цӕмӕй Йегъовӕмӕ, раздӕр куыд куывтон, афтӕ скуывтаин, уымӕн-иу мын рӕстӕг нал баззад. Афтӕ-иу бафӕлладтӕн, ӕмӕ мын адӕмимӕ Библийыл ныхас кӕнын циндзинад нал хаста, стӕй ӕмбырдтӕм дӕр мӕхи, куыд ӕмбӕлы, афтӕ нал цӕттӕ кодтон. Фӕлӕ мӕм иухатт бахъардта, мӕ ахуыры тыххӕй Йегъовӕйӕ кӕй адард дӕн. Бамбӕрстон ӕй, кӕй мӕ хъӕуы мӕ ахуыр ныууадзын. Ӕмӕ йӕ ныууагътон».

16 Цымӕ уӕлдӕр ахуыр йӕ зондахастыл куыд фӕзынд? Хо загъта: «Ӕргом куы зӕгъон, уӕд, цы ахуырад равзӕрстон, уый мыл афтӕ фӕзынд, ӕмӕ адӕмӕн сӕ хъӕндзинӕдтӕ йеддӕмӕ ницыуал уыдтон. Уӕлдай тынгдӕр та мӕ цӕсты хаудысты мӕ хоты ӕмӕ ме ’фсымӕрты хъӕндзинӕдтӕ. Ӕгӕр бирӕ сӕ домдтон ӕмӕ сӕ мӕхи дард ластон. Цӕмӕй мӕ зонд фӕстӕмӕ йӕхимӕ ӕрцыдаид, уый тыххӕй мӕ бирӕ рӕстӕг бахъуыд. Уыцы хабарӕй бамбӕрстон, нӕ уӕларвон Фыд нӕ йӕ организацийы уылты цӕмӕй фӕдзӕхсы, уый мацӕмӕ дарай, уый тынг тӕссаг кӕй у. Йегъовӕ мӕ мӕхицӕй хуыздӕр зоны. Бӕргӕ, куы йӕм байхъуыстаин!»

17. а) Фидарӕй цы хъуамӕ аскъуыддзаг кӕнӕм? б) Иннӕ статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

17 Хъуамӕ фидарӕй аскъуыддзаг кӕнӕм, кӕй нӕ бауадздзыстӕм, цӕмӕй нӕ Хӕйрӕджы дуне «зондджын ныхӕстӕй ӕмӕ хинӕйбыд, афтид ахуырӕдтӕй» асайа. Уӕхи Хӕйрӕджы хинмитӕй хъахъхъӕнут (1 Кор. 3:18; 2 Кор. 2:11). Хӕйрӕг уӕ ахӕм зондыл макуы саразӕд, цӕмӕй, Йегъовӕ чи у ӕмӕ йын куыд лӕггад кӕнын хъӕуы, уый ферох кӕнат. Йегъовӕйы рӕстаг уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрут. Ма бауадзут, цӕмӕй уӕ Хӕйрӕг фӕсайа, ӕмӕ Йегъовӕйы разамындмӕ мауал хъусат. Фӕлӕ ныл кӕд ацы дунейы зондахаст бандӕвта, уӕд та нӕ цы кӕнын хъӕуы? Иннӕ статьяйӕ базондзыстӕм, Хуыцауы Ныхасы фӕрцы нӕ бон куыд у фервӕзын, нӕ зонды чи ныффидар сты, уыцы хъуыдытӕй ӕмӕ, тынг кӕуыл сахуыр стӕм, уыцы хъуыддӕгтӕй (2 Кор. 10:4, 5).

49 ЗАРӔГ Йегъовӕйы зӕрдӕйӕн цин хӕссӕм

^ 5 абз. Хӕйрӕг тынг дӕсны у адӕмы сайынмӕ. Уый бирӕты ахӕм зондыл аразы, ӕмӕ хъуыды кӕнынц, сӕрибар кӕй сты, фӕлӕ ӕцӕгӕй та сты йӕ уацары. Ацы статьяйы дзырд цӕуы, Хӕйрӕг адӕмы фӕсайыны тыххӕй цы мадзӕлттӕй пайда кӕны, уыдонӕй цалдӕрыл.

^ 9 абз. 16 стихы дзырдбастӕй, «мӕ хицау», зӕгъгӕ, цы дзырдбаст ратӕлмац кодтой, уый ма ратӕлмац кӕнӕн ис афтӕ дӕр, «мӕ Ваал», зӕгъгӕ.

^ 49 абз. НЫВ. Израилӕгтӕ ханаайнӕгтӕм ацыдысты, ӕмӕ Ваалӕн кувын райдыдтой ӕмӕ ӕнӕгъдау хъуыддӕгтыл бафтыдысты.

^ 52 абз. НЫВ. Плакатыл цы фыст ис, уымӕй бӕрӕг у, аргъуан гомосексуализмы ныхмӕ кӕй нӕу.

^ 54 абз. НЫВ. Ӕрыгон хо уӕлдӕр ахуырмӕ бацыд. Хо ӕмӕ иннӕ студенттӕ лекцимӕ лӕмбынӕг хъусынц. Лекци у, адӕм се ’ппӕт зындзинӕдтӕй наукӕйы ӕмӕ ног технологиты фӕрцы кӕй фервӕздзысты, уый тыххӕй. Фӕстӕдӕр хо бады Паддзахады залы, фӕлӕ дзы цы дзурынц, уымӕ хъусыны бӕсты хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕм йӕхимидӕг фаутӕ хӕссы.