Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

27 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Нӕхи ныртӕккӕ бацӕттӕ кӕнӕм, ӕфхӕрд кӕй ӕййафдзыстӕм, уымӕ

Нӕхи ныртӕккӕ бацӕттӕ кӕнӕм, ӕфхӕрд кӕй ӕййафдзыстӕм, уымӕ

«Хуыцауыл иузӕрдионӕй ӕмӕ Йесо Чырыстиимӕ иудзинады цӕрын кӕй фӕнды, уыдон се ’ппӕт дӕр ӕфхӕрд ӕййафдзысты» (2 ТИМ. 3:12).

129 ЗАРӔГ Фидар лӕудзыстӕм

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Ӕфхӕрд кӕй ӕййафдзыстӕм, уымӕ нӕхи ныртӕккӕ цӕмӕн хъуамӕ бацӕттӕ кӕнӕм?

ЙЕСО ЧЫРЫСТИ йӕ мӕлӕты размӕ ’хсӕв загъта, ацы дуне йын йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй се ’ппӕтӕй дӕр йе сӕфт кӕй уындзӕн (Иоан. 17:14). Уӕдӕй нырмӕ, раст дины ныхмӕ чи цӕуы, ахӕм адӕм иузӕрдион чырыстӕтты ӕфхӕрынц (2 Тим. 3:12). Ӕмӕ ацы цардӕвӕрды кӕрон куыд хӕстӕгдӕр кӕны, афтӕ не знӕгтӕ нӕ ныхмӕ ноджы тынгдӕр цӕудзысты (Матф. 24:9).

2, 3. а) Адӕймаджы тас куы бацӕуы, уӕд ыл уый куыд фӕзыны? б) Ацы статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

2 Нӕ бон куыд у, ӕфхӕрд кӕй ӕййафдзыстӕм, уымӕ нӕхи ныртӕккӕ бацӕттӕ кӕнын? Ӕвзӕрӕй ныл цы ’рцӕудзӕн, ӕппӕт уыдӕттыл хъуыды кӕнын нӕ хъӕуы. Науӕд нӕ тас бацӕудзӕн ӕмӕ нӕм цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, ууыл ӕгӕр мӕт кӕнын райдайдзыстӕм. Ӕмӕ уӕд, цы нӕма ’рцыд, уыдӕттӕй афтӕ тӕрсын райдайдзыстӕм, ӕмӕ Йегъовӕйӕн нал лӕггад кӕндзыстӕм (Ӕмб. 12:25; 17:22). Адӕймаг цӕмӕйдӕр кӕй фӕтӕрсы, уый Хӕйрӕджы къухы у хорз хӕцӕнгарз (1 Пет. 5:8, 9). Уӕдӕ нӕ бон куыд у нӕхи ныртӕккӕ фидар кӕнын?

3 Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, Йегъовӕмӕ ноджы тынгдӕр цӕй фӕрцы баввахс уыдзыстӕм ӕмӕ ныртӕккӕ ууыл архайын ахсджиаг цӕмӕн у, уымӕ. Аныхас ма кӕндзыстӕм, фылдӕр хъӕбатырдзинад нӕм цӕй фӕрцы уыдзӕн, ууыл. Стӕй ма базондзыстӕм, адӕм нӕ се сӕфт куы уыной, уӕд нын фидар фӕлӕууынӕн цы баххуыс кӕндзӕн.

ЙЕГЪОВӔМӔ НОДЖЫ ТЫНГДӔР ЦӔЙ ФӔРЦЫ БАВВАХС УЫДЗЫСТӔМ?

4. Дзуттӕгтӕм 13:5, 6 стихтӕм гӕсгӕ нӕ фидарӕй цы хъуамӕ уырна ӕмӕ цӕмӕн?

4 Хъуамӕ нӕ фидарӕй уырна, Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы ӕмӕ нӕ кӕй никуы ныууадздзӕн. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 13:5, 6.) Бирӕ азты размӕ иу «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыд: «Хуыцауы хорз чи зоны, уый йыл фӕлварӕны йӕ ныфс ӕгасӕй дӕр дардзӕн». Уӕдӕ цӕмӕй ӕфхӕрд ӕййафгӕйӕ фидар фӕлӕууӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Йегъовӕйы уарзӕм ӕмӕ йыл нӕ ныфс ӕгасӕй дӕр дарӕм, стӕй макуы дызӕрдыг кӕнӕм, кӕй нӕ уарзы, ууыл (Матф. 22:36–38; Иак. 5:11).

5. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ма дызӕрдыг кӕнай, Йегъовӕ дӕ кӕй уарзы, ууыл?

5 Хъуамӕ Библи алы бон дӕр кӕсӕм ӕмӕ нӕ нысан хъуамӕ уа Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнын (Иак. 4:8). Библи кӕсгӕйӕ-иу дӕ хъус ӕрдар, Йегъовӕ куыд уарзӕгой, фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ хӕларзӕрдӕ Хуыцау у, уымӕ. Ахъуыды-иу кӕн, Йегъовӕйы ныхӕстӕ ӕмӕ хъуыддӕгтӕ йӕ уарзондзинадыл дзурӕг куыд сты, ууыл (Рац. 34:6). Кӕмӕндӕрты зын вӕййы, Хуыцау сӕ кӕй уарзы, ууыл баууӕндын, уымӕн ӕмӕ сӕ никуы ничи уарзта. Кӕд дӕуӕн дӕр ууыл баууӕндын зын у, уӕд афтӕ бакӕн: алы бон дӕр-иу дӕхицӕн ныффысс, Йегъовӕ дӕм фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ хӕларзӕрдӕ кӕй у, уый цы хъуыддӕгтӕй равдисы, уыдон (Пс. 78:38, 39; Ром. 8:32). Йегъовӕ дын хорзӕй цы сарӕзта ӕмӕ Йегъовӕйы тыххӕй Библийы цы бакӕсыс, ууыл-иу куы хъуыды кӕнай, уӕд-иу дӕ бон бирӕ цыдӕртӕ уыдзӕн ныффыссын. Йегъовӕ цыдӕриддӕр аразы, уымӕн куы аргъ кӕнай, уӕд ӕм ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕндзынӕ (Пс. 116:1, 2).

6. Псалом 94:17–19 стихтӕм гӕсгӕ, Хуыцаумӕ зӕрдӕбынӕй куы кувай, уӕд дын уый куыд баххуыс кӕндзӕн?

6 Хъуамӕ Йегъовӕмӕ ӕдзухдӕр кувӕм. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн ахӕм ныв: фыд йӕ гыццыл лӕппуйы йӕ хъӕбысы ӕрбакодта, ӕмӕ йын лӕппу дзуры, уыцы бон ыл хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр цы ’рцыд, уыдӕттӕ. Зоны йӕ, йӕ фыд ӕй кӕй бамбардзӕн. Ды дӕр Йегъовӕмӕ алы бон дӕр зӕрдӕбынӕй куы кувай, уӕд йемӕ ӕнгом уыдзынӕ. (Бакӕс Псалом 94:17–19.) Йегъовӕимӕ куы фӕныхас кӕныс, уӕд-иу «дӕ цӕссыг калгӕйӕ дӕ зӕрдӕйы тыппыртӕ суадз» ӕмӕ, цӕмӕй тӕрсыс ӕмӕ дӕ цы тыхсын кӕны, уый-иу ын радзур (Йер. хъ. 2:19). Ӕмӕ дӕ уӕд Хуыцау схайджын кӕндзӕн йӕ фарнӕй, «зонд кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы фарнӕй» (Фил. 4:6, 7). Йегъовӕмӕ зӕрдӕбынӕй арӕх куы кувай, уӕд ӕм ноджы тынгдӕр баввахс уыдзынӕ (Ром. 8:38, 39).

Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ Паддзахадыл фидарӕй куы ’ууӕндӕм, уӕд уыдзыстӕм хъӕбатыр

Стэнли Джонс нӕ дызӕрдыг кодта, Хуыцауы Паддзахад цы сараздзӕн, ууыл, ӕмӕ уый фӕрцы йӕ уырнындзинад уыд фидар (кӕс 7 абзац)

7. Хуыцау йӕ Паддзахадимӕ баст зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, уый дӕ фидарӕй цӕмӕн хъуамӕ уырна?

7 Хуыцауы Паддзахад адӕмӕн арфӕдзинӕдтӕ кӕй ӕрхӕсдзӕн, уый нӕ хъуамӕ фидарӕй уырна (Ным. 23:19). Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтыл куы дызӕрдыг кӕнай, уӕд Хӕйрӕгӕн ӕмӕ, йӕ зондыл чи цӕуы, уыдонӕн ӕнцондӕр уыдзӕн, цӕмӕй дӕ тас бауадзой (Ӕмб. 24:10; Дзут. 2:15). Дӕ бон цы у ныртӕккӕ аразын, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахадыл ноджы тынгдӕр ӕууӕндай? Рӕстӕг-иу рахицӕн кӕн, Хуыцау йӕ Паддзахады тыххӕй зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттӕ раиртасынӕн ӕмӕ-иу ахъуыды кӕн, йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл ӕууӕндӕн цӕмӕн ис. Уый дын куыд баххуыс кӕндзӕн? Ӕркӕсӕм ӕфсымӕр Стэнли Джонсы хабармӕ. Уый йӕ уырнындзинады тыххӕй авд азы ахӕстоны фӕбадт *. Цымӕ иузӕрдионӕй цӕй фӕрцы баззад? Ӕфсымӕр Джонс загъта: «Мӕ уырнындзинад фидар уыд, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕмӕ, цы сараздзӕн, уый тыххӕй зыдтон, ӕмӕ йыл иу гыццыл дӕр никуы фӕдызӕрдыг дӕн. Ӕмӕ никӕй бон уыд афтӕ бакӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйы ныууагътаин». Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтыл фидарӕй куы ’ууӕндай, уӕд ӕм ӕввахсдӕр кӕндзынӕ ӕмӕ дӕ зӕрдӕйы тас нӕ бацӕудзӕн (Ӕмб. 3:25, 26).

8. Ӕмбырдтӕм цы цӕстӕй кӕсӕм, уымӕ гӕсгӕ ныр дӕр цы ис сбӕрӕг кӕнӕн?

8 Хъуамӕ ӕмбырдтӕм ӕдзухдӕр цӕуӕм. Ӕмбырдтӕ нын ӕххуыс кӕнынц Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнынӕн. Цы цӕстӕй сӕм кӕсӕм, уымӕ гӕсгӕ ныр дӕр сбӕрӕг кӕнӕн ис, фидӕны нӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд фидар фӕлӕудзыстӕм ӕви нӕ (Дзут. 10:24, 25). Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Чи зоны, ныртӕккӕ гыццыл зындзинӕдты тыххӕй ӕмбырдтӕ цух кӕнӕм. Фӕлӕ, фӕстӕдӕр хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ ӕмбӕлын тӕссаг куы уа, уӕд та куыд кӕндзыстӕм? Хъуамӕ ныртӕккӕ нӕхицӕн фидарӕй зӕгъӕм, ӕмбырдтӕ кӕй нӕ цух кӕндзыстӕм. Ӕмӕ нӕ не знӕгтӕ иумӕ ӕмбырд кӕнын куы хъыгдарой, уӕддӕр нӕ уый нӕ бауромдзӕн. Хъуамӕ ныр дӕр ӕмбырдтӕн аргъ кӕнӕм ӕмӕ ӕмбырдтӕм цӕуын уарзӕм. Ӕмӕ уӕд, нӕ ныхмӕ карзӕй дӕр куы цӕуой ӕмӕ нын хицауад нӕ хъуыддаг дӕр куы сӕхгӕна, уӕддӕр фыццаджыдӕр Хуыцаумӕ хъусдзыстӕм, адӕммӕ нӕ, фӕлӕ (Хъуыд. 5:29).

Ныртӕккӕ Библийӕ кӕцыдӕр стихтӕ куы бахъуыды кӕнай ӕмӕ нӕ зарджытӕ куы сахуыр кӕнай, уӕд дын уый стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн, ӕфхӕрд куы ӕййафай, уӕд (кӕс 9 абзац) *

9. Стихтӕ бахъуыды кӕнын ахсджиаг цӕмӕн у?

9 Нӕ зӕрдӕмӕ ӕппӕты тынгдӕр чи цӕуы, уыцы стихтӕ-иу бахъуыды кӕнӕм (Матф. 13:52). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, адӕймагӕн йӕ бон нӕу алцы бахъуыды кӕнын. Фӕлӕ-иу дын Йегъовӕ йӕ хъомысджын сыгъдӕг тыхы фӕрцы хъӕугӕ стихтӕ дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзӕн (Иоан. 14:26). Скӕсӕн Германийы ахӕстоны камерӕйы иунӕгӕй чи бадт, иу ахӕм ӕфсымӕр загъта: «Хорз ӕмӕ уӕдмӕ 200 стихӕй фылдӕр бахъуыды кодтон. Кӕд иунӕг уыдтӕн, уӕддӕр мӕ бон уыд уыцы стихты фӕрцы Библийӕ алыхуызон фарстатыл хъуыды кӕнын». Уыцы стихтӕ не ’фсымӕрӕн баххуыс кодтой, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахс уыдаид ӕмӕ йыл иузӕрдионӕй баззадаид.

(кӕс 10 абзац) *

10. Нӕ зарджытӕ цӕмӕн хъуамӕ ахуыр кӕнӕм?

10 Зарджыты чиныджы ӕмӕ нӕ сайты цы зарджытӕ ис, уыдон-иу сахуыр кӕнӕм ӕмӕ-иу сӕ зарӕм. Павел ӕмӕ Силӕ Филиппты ахӕстоны куы уыдысты, уӕд Хуыцауы кадӕн зарджытӕ зарыдысты. Уыдон зыдтой уыцы зарджыты ныхӕстӕ (Хъуыд. 16:25). Советон Цӕдисы та не ’фсымӕрты Сыбырмӕ куы ахастой, уӕд сӕ уырнындзинад куыд фидар кодтой? Хо Марийӕ Федунь загъта: «Нӕ зарджыты чиныгӕй цыдӕриддӕр зарджытӕ хъуыды кодтам, уыдон-иу зарыдыстӕм». Марийӕ ма загъта, уыцы зарджыты фӕрцы се ’ппӕтӕн дӕр сӕ ныфсыл ныфс кӕй ӕфтыд ӕмӕ Йегъовӕмӕ ӕввахс кӕй уыдысты. Ды дӕр, дӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр чи цӕуы, уыцы зарджытӕ заргӕйӕ нӕ бафидар вӕййыс? Уӕдӕ сӕ ныртӕккӕ ахуыр кӕнын райдай! (Кӕс рамкӕ « Ратт мын хъӕбатырдзинад».)

ФЫЛДӔР ХЪӔБАТЫРДЗИНАД НӔМ ЦӔЙ ФӔРЦЫ УЫДЗӔН?

11, 12. а) 1 Самуилы 17:37, 45–47 стихтӕм гӕсгӕ, Давид хъӕбатыр цӕй фӕрцы уыд? б) Давиды хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

11 Цӕмӕй ӕфхӕрд ӕййафгӕйӕ фидар фӕлӕууай, уый тыххӕй хъуамӕ уай хъӕбатыр. Фӕлӕ дӕм кӕд афтӕ кӕсы, ӕмӕ дын хъӕбатырдзинад нӕ фаг кӕны, уӕд дын цы баххуыс кӕндзӕн? Рох дӕ ма уӕд: ӕцӕг хъӕбатырдзинад адӕймагӕн йӕ асӕй, йӕ тыхӕй ӕмӕ йӕ курдиӕттӕй кӕнгӕ нӕу. Ӕрхъуыды-ма кӕн, Давид ӕрыгонӕй Голиафимӕ куыд схӕцыд, уый. Давид Голиафы хуызӕн бӕрзонд ӕмӕ тыхджын нӕ уыд, стӕй гӕрзифтонг нӕ уыди. Давидмӕ хъама дӕр нӕ уыд, фӕлӕ уӕддӕр уыд тынг хъӕбатыр. Ӕмӕ уыцы сӕрбӕрзонд богалы ныхмӕ ныфсджынӕй рацыд.

12 Давид ахӕм хъӕбатыр цӕй фӕрцы уыд? Фидарӕй йӕ уырныдта, Йегъовӕ йемӕ кӕй ис. (Бакӕс 1 Самуилы 17:37, 45–47.) Давид Голиафы раз зынгӕ дӕр нӕ кодта, фӕлӕ Давид ууыл нӕ хъуыды кодта. Уый хъуыды кодта, Голиаф Йегъовӕйы раз зынгӕ дӕр кӕй нӕ кодта, ууыл. Ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Йегъовӕ немӕ кӕй ис, уый нӕ фидарӕй куы уырна ӕмӕ, не знӕгтӕ Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы раз зынгӕ дӕр кӕй нӕ кӕнынц, уый нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд мах дӕр уыдзыстӕм хъӕбатыр (2 Аз. 20:15; Пс. 16:8). Уӕдӕ ныртӕккӕ, цалынмӕ ӕфхӕрд ӕййафын нӕ райдыдтам, уӕдмӕ, нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй нӕм фылдӕр хъӕбатырдзинад уа?

13. Фылдӕр хъӕбатырдзинад нӕм цӕй фӕрцы уыдзӕн?

13 Фылдӕр хъӕбатырдзинад нӕм фӕзындзӕн, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар куы хъусын кӕнӕм, уӕд. Хъусын кӕнгӕйӕ мах сахуыр вӕййӕм нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дарын ӕмӕ адӕмӕй нал фӕтӕрсӕм (Ӕмб. 29:25). Зӕгъӕм, адӕймаг гимнастикӕ куы фӕкӕны, уӕд свӕййы тыхджындӕр ӕмӕ фидардӕр. Раст афтӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ, куыстуӕтты, бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты, стӕй нын фадат куы фӕзыны, уӕд куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд свӕййӕм ноджы хъӕбатырдӕр, ныфсджындӕр ӕмӕ фидардӕр. Уый нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, нӕ хъуыддаг нын куы сӕхгӕной, уӕд дӕр ныфсджынӕй хъусын кӕнӕм (1 Фес. 2:1, 2).

Нэнси Юэн хорз хабар хъусын кодта, кӕд йӕ ныхмӕ цыдысты, уӕддӕр (кӕс 14 абзац)

14, 15. Нэнси Юэны ӕмӕ Валентинӕ Гарновскаяйы цӕвиттонтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

14 Ӕркӕсӕм, стыр хъӕбатырдзинад чи равдыста, дыууӕ ахӕм иузӕрдион хойы цӕвиттонтӕм. Сӕ иу уыд Нэнси Юэн. Нэнси ныллӕджытӕ сылгоймаг уыд, иу метр ӕмӕ ’рдӕг йеддӕмӕ нӕ уыди. Фӕлӕ ахӕм хъӕбатыр уыд, ӕмӕ дзы тас афтӕ ӕнцонтӕй нӕ бауагътаис *. Нэнси цард Китайы, ӕмӕ кӕд йӕ ныхмӕ цыдысты, уӕддӕр хорз хабар хъусын кодта. Уый тыххӕй 20 азӕй фылдӕр ахӕстоны фӕбадт. Иухатт ма йын допросы рӕстӕг афтӕ дӕр загътой, зӕгъгӕ, дам, ӕвӕццӕгӕн, нӕ бӕстӕйы дӕуӕй фыдзонддӕр адӕймаг нӕй.

Валентинӕ Гарновскаяйы фидарӕй уырныдта, Йегъовӕ йемӕ кӕй ис (кӕс 15 абзац)

15 Иннӕ та у Валентинӕ Гарновскаяйы хабар. Уый та цард Советон Цӕдисы. Валентинӕ ӕртӕ хатты уыд ахст, ӕмӕ лагерты ӕмӕ ахӕстоны ӕдӕппӕтӕй фӕци 21 азы *. Цӕй тыххӕй? Цыфӕнды уавӕрты дӕр ныфсджынӕй кӕй хъусын кодта, уый тыххӕй йӕ банымадтой «амӕй-ай фыддӕр фыдгӕнӕгыл». Ацы дыууӕ иузӕрдион хойы ахӕм хъӕбатыр цӕй фӕрцы разындысты? Уыдоны фидарӕй уырныдта, Йегъовӕ семӕ кӕй ис.

16. Ӕцӕг хъӕбатыр кӕд уыдзыстӕм?

16 Куыд федтам, афтӕмӕй нӕ хъӕбатырдзинад нӕ курдиӕттӕй кӕнгӕ нӕу. Хъуамӕ нӕхицӕй ныфсджын ма уӕм, фӕлӕ нӕ хъуамӕ фидарӕй уырна, Йегъовӕ немӕ кӕй ис ӕмӕ мах тыххӕй йӕхӕдӕг тохы кӕй бацӕуы (Дык. з. 1:29, 30; Зах. 4:6). Ӕмӕ уӕд уыдзыстӕм ӕцӕг хъӕбатыр.

АДӔМ НӔ СЕ СӔФТ КУЫ УЫНОЙ, УӔД НӔ БОН ЦЫ У АРАЗЫН?

17, 18. Иоанны 15:18–21 стихтӕм гӕсгӕ нӕ Йесо цӕмӕй бафӕдзӕхста? Хабар афтӕ цӕмӕн у?

17 Махӕн ӕхсызгон вӕййы, иннӕтӕ нын куы фӕаргъ кӕнынц, уӕд. Фӕлӕ адӕмы зӕрдӕмӕ куы нӕ цӕуӕм, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ хъуамӕ нӕхимӕ ницӕйаг кӕсӕм. Йесо загъта: «Амондджын уыдзыстут, адӕм уӕ се сӕфт куы уыной, хъоды уыл-иу куы бакӕной, фидистӕ уын куы кӕной ӕмӕ уӕ фыдгӕнджытӕ куы хоной Адӕймаджы Фырты тыххӕй» (Лук. 6:22). Цымӕ Йесойы ацы ныхӕстӕй цы зӕгъын фӕндыд?

18 Йесо афтӕ нӕ загъта, ӕмӕ чырыстӕттӕн ӕхсызгон уыдзӕн, адӕм сӕ се сӕфт кӕй уындзысты, уый. Фӕлӕ бамбарын кодта, йӕ фӕдылдзӕуджытӕм цы ’нхъӕлмӕ кӕсы. Ацы дунейӕ кӕй не стӕм, стӕй, Чырыстийы ахуырӕдтӕм гӕсгӕ кӕй цӕрӕм ӕмӕ, уый цы хабар хъусын кодта, уыцы хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ ацы дуне йе сӕфт уыны. (Бакӕс Иоанны 15:18–21.) Мах фӕнды Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын, ӕмӕ нӕм кӕд иннӕтӕ, нӕ уӕларвон Фыды кӕй уарзӕм, уый тыххӕй ӕвзӕр зӕрдӕ дарынц, уӕд сӕ бар сӕхи.

19. Нӕ бон куыд у апостолты бафӕзмын?

19 Адӕм цыфӕнды ма дзурой ӕмӕ цыфӕнды ма аразой, уӕддӕр-иу макуы фефсӕрмы у, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй дӕ, уымӕй (Мих. 4:5). Ахъуыды-ма кӕнӕм, Йесойы куы амардтой, уый фӕстӕ апостолтӕ Иерусалимы куыд архайдтой, ууыл. Уыдон зыдтой, дзуттаг дины разамонджытӕ сӕ сӕ удхӕссӕг кӕй уыдтой (Хъуыд. 5:17, 18, 27, 28). Фӕлӕ уӕддӕр алы бон дӕр кувӕндонмӕ цыдысты ӕмӕ Чырыстийы тыххӕй хорз хабар хъусын кодтой – йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй сты, уый нӕ сусӕг кодтой (Хъуыд. 5:42). Апостолтӕ адӕмӕй нӕ фӕтарстысты ӕмӕ дарддӕр сӕ куыст кодтой. Махӕн дӕр не ’мкусджытӕ, нӕ къласӕгтӕ ӕмӕ нӕ сыхӕгтӕ куы зоной, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй стӕм, ӕмӕ уый нӕ хъуыддӕгтӕй дӕр куы уа бӕрӕг, уӕд нын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй адӕмӕй ма тӕрсӕм (Хъуыд. 4:29; Ром. 1:16).

20. Апостолтӕ цӕмӕн цин кодтой, кӕд сӕ адӕм се сӕфт уыдтой, уӕддӕр?

20 Апостолтӕ цӕмӕн цин кодтой, кӕд ӕфхӕрд ӕййӕфтой, уӕддӕр? Уыдон зыдтой, адӕм сӕ се сӕфт цӕй тыххӕй уынынц, уый. Ӕмӕ, Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнгӕйӕ ӕфхӕрд кӕй ӕййӕфтой, уый сӕхицӕн кадыл нымадтой (Лук. 6:23; Хъуыд. 5:41). Фӕстӕдӕр апостол Петр ныффыста: «Кӕд [уӕ] рӕстдзинады тыххӕй хъизӕмар кӕнын дӕр бахъӕуа, уӕддӕр амондджын уыдзыстут» (1 Пет. 2:19–21; 3:14). Махӕй дӕр адӕм се сӕфт уый тыххӕй уынынц, ӕмӕ, раст цы у, уый аразӕм. Ӕмӕ уый нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр лӕггад кӕндзыстӕм ӕмӕ нӕ ницы бауромдзӕн.

ХЪУАМӔ НӔХИ НЫРТӔККӔ БАЦӔТТӔ КӔНӔМ!

21, 22. а) Ӕфхӕрд кӕй ӕййафдзынӕ, уымӕ дӕхи куыд бацӕттӕ кӕндзынӕ? б) Иннӕ статьяйӕ цы базондзыстӕм?

21 Мах ӕй нӕ зонӕм, нӕ ныхмӕ цӕуын кӕд райдайдзысты кӕнӕ та нын хицауад нӕ хъуыддаг бынтондӕр кӕд сӕхгӕндзӕн. Фӕлӕ зонӕм уый, ӕмӕ нӕ бон у ахӕм хабӕрттӕм нӕхи ныртӕккӕ бацӕттӕ кӕнын. Уый тыххӕй хъуамӕ Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнӕм, хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй нӕм фылдӕр хъӕбатырдзинад уа ӕмӕ нӕ адӕм се сӕфт кӕй уынынц, ууыл хъуамӕ ӕгӕр ма мӕт кӕнӕм. Ӕмӕ уӕд фидӕны ӕфхӕрд ӕййафгӕйӕ фидар фӕлӕудзыстӕм.

22 Фӕлӕ кӕд, хицауад нын нӕ хъуыддаг кӕм сӕхгӕдта, ахӕм ран цӕрыс, уӕд куыд хъуамӕ архайай? Иннӕ статьяйӕ базондзыстӕм, Библийӕ нын цавӕр уагӕвӕрдтӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй нӕ бон уа Йегъовӕйӕн ахӕм уавӕрты дӕр лӕггад кӕнын.

118 ЗАРӔГ «Бафтау нын нӕ уырнындзинадыл»

^ 5 абз. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ иннӕтӕ се сӕфт уыной. Фӕлӕ абон уа, райсом уа,– не ’ппӕт дӕр ӕфхӕрд баййафдзыстӕм. Ацы статья нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕфхӕрд ӕййафгӕйӕ хъӕбатыр уӕм.

^ 7 абз. Кӕс 1965 азы 15 декабры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 756–767 фӕрстӕ (англ.).

^ 14 абз. Кӕс 1981 азы 1 январы «Сторожевая башня», 4–7 фӕрстӕ. Ноджыдӕр бакӕс видеороликмӕ «Йегъовӕйы ном хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн» нӕ интернет-телеуынынады. (Кӕс ИНТЕРВЬЮТӔ ӔМӔ ЦАУТӔ.)

^ 67 абз. НЫВ. Бинонты ахуыры рӕстӕг ныййарджытӕ карточкӕты фӕрцы сӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнынц стихтӕ бахъуыды кӕнынӕн.

^ 70 абз. НЫВ. Бинонтӕ ӕмбырдмӕ машинӕйыл фӕцӕуынц ӕмӕ нӕ зарджытӕ зарынц.