Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

28 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Куы нӕ сӕхгӕной, уӕддӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕндзыстӕм

Куы нӕ сӕхгӕной, уӕддӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕндзыстӕм

«Цы федтам ӕмӕ цы фехъуыстам, уыдӕтты тыххӕй ма дзурӕм, уый нӕ бон нӕу» (ХЪУЫД. 4:19, 20).

122 ЗАРӔГ Фидар, ӕнӕфӕцудгӕ ут!

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1, 2. а) Хицауад нын нӕ хъуыддаг куы сӕхгӕна, уӕд ууыл цӕуылнӕ хъуамӕ дис кӕнӕм? б) Ацы статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

2018 азы 223 000 хъусынгӕнӕгӕй фылдӕр цардысты, нӕ хъуыддаг ӕхгӕд кӕм у кӕнӕ нын сӕрибарӕй архайыны бар кӕм нӕй, уыцы бӕстӕты. Ӕмӕ уый диссаг дӕр нӕу. Айразмӕйы статьяйы куыд федтам, афтӕмӕй ӕцӕг чырыстӕттӕ зонынц, ӕфхӕрд кӕй ӕййафдзысты (2 Тим. 3:12). Ӕмӕ кӕмфӕнды ма цӕрӕм, уӕддӕр, гӕнӕн ис, ӕмӕ нын хицауад ӕнӕнхъӕлӕджы нӕ хъуыддаг сӕхгӕна, цӕмӕй нӕ бон мауал уа нӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын.

2 Кӕд дӕ бӕстӕйы дӕр нӕ хъуыддаг ӕхгӕд ӕрцыд, уӕд, чи зоны, хъуыды кӕныс ахӕм фарстатыл: «Ӕфхӕрд кӕй ӕййафӕм, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕ Хуыцау райгонд нал у? Кӕд нын нӕ хъуыддаг сӕхгӕдтой, уӕд ныр Йегъовӕйӕн нал лӕггад кӕндзыстӕм? Хуыцауӕн сӕрибарӕй лӕггад кӕнӕн кӕм ис, ахӕм бӕстӕмӕ цӕрынмӕ ацӕуон ӕви ам баззайон?» Ацы фарстатыл дзырд цӕудзӕн ацы статьяйы. Стӕй ма аныхас кӕндзыстӕм, нӕ бон куыд у ахӕм уавӕрты Йегъовӕйӕн дарддӕр лӕггад кӕнын ӕмӕ нӕхи цавӕр къӕппӕджытӕй хъуамӕ хизӕм, ууыл.

ӔФХӔРД КӔЙ ӔЙЙАФӔМ, УЫЙ УУЫЛ ДЗУРӔГ У, ӔМӔ НӔ ХУЫЦАУ РАЙГОНД НАЛ У?

3. 2 Коринфӕгтӕм 11:23–27 стихтӕй куыд зыны, афтӕмӕй апостол Павел цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлд? Йӕ хабарӕй цы у бӕрӕг?

3 Кӕд нын хицауад нӕ хъуыддаг сӕхгӕдта, уӕд, чи зоны, афтӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нӕ Хуыцау йӕ арфӕдзинадӕй ӕнӕхай фӕкодта. Фӕлӕ уый раст хъуыды нӕу. Ӕфхӕрд кӕй ӕййафӕм, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ нӕ рухс кӕны. Ӕркӕсӕм-ма апостол Павелы хабармӕ. Хуыцау Павелӕй райгонд кӕй уыд, уый бирӕ цӕмӕйдӕрты уыд бӕрӕг. Зӕгъӕм, Павелмӕ ахӕм кад ӕрхауд, ӕмӕ, Чырыстон Грекъаг Фыстыты цы фыстӕджытӕ ис, уыдонӕй ныффыста 14 фыстӕджы. Стӕй Павел уыд иннӕ адӕмтӕм ӕрвыст апостол. Фӕлӕ уӕддӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлд ӕмӕ карз ӕфхӕрд ӕййӕфта. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 11:23–27.) Павелы хабарӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ иуӕй-иу хатт кӕй бауадзы, цӕмӕй йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ ӕфхӕрд ӕййафой.

4. Ацы дуне нӕ йе сӕфт цӕмӕн уыны?

4 Йесо бамбарын кодта, нӕ ныхмӕ цӕмӕн цӕудзысты, уый. Уый загъта, ацы дунейӕ кӕй не стӕм, уый тыххӕй нӕ адӕм се сӕфт кӕй уындзысты (Иоан. 15:18, 19). Уӕдӕ, ӕфхӕрд кӕй ӕййафӕм, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нӕ Йегъовӕ йӕ арфӕдзинадӕй ӕнӕхай фӕкодта. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ, Хуыцауы цӕсты раст цы у, уый аразӕм!

КӔД НӔ ХЪУЫДДАГ ӔХГӔД ӔРЦЫД, УӔД ЙЕГЪОВӔЙӔН НАЛ ЛӔГГАД КӔНДЗЫСТӔМ?

5. Зӕххон адӕймагӕн йӕ бон у афтӕ бакӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйӕн мачиуал лӕггад кӕна? Ӕрхӕсс цӕвиттонтӕ.

5 Зӕххон адӕймагӕн йӕ бон нӕу афтӕ бакӕнын, цӕмӕй Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау Йегъовӕйӕн мачиуал лӕггад кӕна. Ууыл бирӕтӕ архайдтой, фӕлӕ сын ницы рауад. Ӕркӕсӕм, Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕг хабар куыд уыд, уымӕ. Бирӕ бӕстӕты хицауад Хуыцауы адӕмы карзӕй ӕфхӕрдта. Уыцы рӕстӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрмӕст Германийы нӕ сӕхгӕдтой (сӕхгӕдта сӕ нацистон парти), фӕлӕ ма Австралийы, Канадӕйы ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕты дӕр. Фӕлӕ-ма ахъуыды кӕн, хабар куыд рауад, ууыл. 1939 азы, хӕст куы райдыдта, уӕд, ӕгас зӕххыл дӕр уыди 72 475 хъусынгӕнӕджы. Фӕлӕ 1945 азы, хӕст куы фӕци, уӕд, хъусынгӕнджытӕ хыгъдтӕм гӕсгӕ уыдысты 156 299. Йегъовӕ йӕ адӕмӕн арфӕ кодта, ӕмӕ сӕ нымӕцыл дыууӕ хаттӕй дӕр фылдӕр бафтыд!

6. Нӕ ныхмӕ кӕй фӕцӕуынц, уый арӕх цы пайда ӕрхӕссы? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

6 Хуыцауы адӕмӕн сӕ ныхмӕ куы фӕцӕуынц, уӕд сыл уый арӕх хорзырдӕм дӕр фӕзыны. Ӕмӕ сӕ тас нӕ бацӕуы, фӕлӕ ма Йегъовӕйӕн ноджы фылдӕр лӕггад кӕнын райдайынц. Зӕгъӕм, афтӕ бакодтой, гыццыл сывӕллон кӕмӕн уыд, иу ахӕм бинонтӕ. Сӕ бӕстӕйы нӕ хъуыддаг ӕхгӕд куы ’рцыд, уӕд уыдон нӕ фӕтарстысты, фӕлӕ райдыдтой пионертӕй лӕггад кӕнын. Ус ма йӕ куыст дӕр ныууагъта, кӕд ын дзы бирӕ фыстой, уӕддӕр. Лӕг та загъта, куы сӕ сӕхгӕдтой, уӕд бирӕты кӕй бафӕндыд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй фылдӕр базонын ӕмӕ йын уый фӕрцы ӕнцондӕр кӕй уыд адӕмимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайын. Нӕ хъуыддаг нын кӕй сӕхгӕдтой, уый ма цы пайда фӕци? Уыцы бӕстӕйӕ иу хистӕр нӕлгоймаг загъта, уый размӕ Йегъовӕйӕн чи нал лӕггад кодта, уыдонӕй бирӕтӕ фӕстӕмӕ ӕмбырдтӕм цӕуын ӕмӕ хъусын кӕнын кӕй райдыдтой.

7. а) Левиты 26:36, 37 стихтӕй зондӕн райсӕн цы ис? б) Дӕ бӕстӕйы нӕ хъуыддаг ӕхгӕд куы ’рцӕуа, уӕд куыд бакӕндзынӕ?

7 Не знӕгтӕ нын Йегъовӕйӕн лӕггад кӕныны бар куы нал фӕдӕттынц, уӕд сӕ фӕнд вӕййы, цӕмӕй нӕ тас бауадзой, ӕмӕ Йегъовӕйӕн мауал лӕггад кӕнӕм. Уымӕй уӕлдай ма нӕ мӕнг ныхӕстӕ фӕкӕнынц, нӕ хӕдзӕрттӕ нын баджигул кӕнынц, тӕрхондонмӕ ныл бадӕттынц ӕмӕ кӕйдӕрты та ахӕстоны дӕр сбадын кӕнынц. Афтӕ сӕм кӕсы, ӕмӕ сын иугӕр бантыст кӕйдӕрты ахӕстоны сбадын кӕнын, уӕд уый базонгӕйӕ иннӕтӕ дӕр стӕрсдзысты. Фӕлӕ сын уый бар куы раттӕм, цӕмӕй нын нӕ зӕрдӕты тас бауадзой, уӕд афтӕ рауайдзӕн, ӕмӕ нӕхӕдӕг нӕхи «сӕхгӕдтам». Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй, Левиты 26:36, 37 стихты кӕй кой цӕуы, уыдоны хуызӕн уӕм. (Бакӕс сӕ.) Мах нӕ бауадздзыстӕм, цӕмӕй нӕ тас бацӕуа ӕмӕ уый тыххӕй ӕрлӕмӕгъ уӕм кӕнӕ та Йегъовӕйӕн ӕппындӕр мауал лӕггад кӕнӕм. Мах нӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр Йегъовӕйыл дарӕм ӕмӕ ницӕмӕй тӕрсӕм (Ис. 28:16). Мах Йегъовӕмӕ фӕкувӕм ӕмӕ дзы разамынд фӕкурӕм. Йегъовӕ немӕ ис. Ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ зонӕм, кӕцыдӕр бӕстӕйы хицауад цыфӕнды хъомысджын ма уа, уӕддӕр йӕ бон кӕй нӕ бауыдзӕн афтӕ бакӕнын, цӕмӕй Хуыцауыл нӕ зӕрдӕ сивӕм (Дзут. 13:6).

ӔНДӔР БӔСТӔМӔ ЦӔРЫНМӔ АЦӔУОН ӔВИ АМ БАЗЗАЙОН?

8, 9. а) Алы чырыстон дӕр йӕхӕдӕг цавӕр уынаффӕ хъуамӕ рахӕсса? б) Адӕймагӕн раст уынаффӕ рахӕссынӕн цы баххуыс кӕндзӕн?

8 Кӕд дӕ бӕстӕйы нӕ хъуыддаг ӕхгӕд ӕрцыд, уӕд, чи зоны, хъуыдытӕ кӕныс, дӕ бон Йегъовӕйӕн сӕрибарӕй лӕггад кӕнын кӕм уыдзӕн, ахӕм бӕстӕмӕ цӕрынмӕ ацӕуай ӕви баззайай. Уый дӕ бӕсты ничи аскъуыддзаг кӕндзӕн, хъуамӕ дӕхӕдӕг рахӕссай уынаффӕ. Ахӕм уынаффӕ рахӕссыны размӕ ис ӕркӕсӕн, фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ ахӕм уавӕрты куыд кодтой, уымӕ. Знӕгтӕ Стефаны куы амардтой, уӕд Иерусалимы цӕрӕг ахуыргӕнинӕгтӕ Иудейӕ ӕмӕ Самарийыл ныххӕлиу сты ӕмӕ ма суанг Финики, Кипр ӕмӕ Антиохимӕ дӕр бахӕццӕ сты (Матф. 10:23; Хъуыд. 8:1; 11:19). Кӕнӕ та ис ахъуыды кӕнӕн, фӕстӕдӕр та чырыстӕтты ногӕй ӕфхӕрын куы райдыдтой, уӕд апостол Павел куыд бакодта, ууыл. Уый аскъуыддзаг кодта, знӕгтӕ сӕ хъусын кӕнын кӕм нӕ уагътой, уым кӕй баззайдзӕн, кӕд йӕ цардӕн тӕссаг уыд, уӕддӕр. Фӕндыди йӕ, чырыстӕттӕ карз ӕфхӕрд кӕм ӕййӕфтой, уыцы горӕтты хорз хабар хъусын кӕнын ӕмӕ ӕфсымӕрты фидар кӕнын (Хъуыд. 14:19–23).

9 Ацы хабӕрттӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Чи зоны, уӕ бинонтӕ хъуыды кӕнынц ӕндӕр бӕстӕмӕ ацӕуыныл. Ӕмӕ уӕд бинонты хистӕр хъуамӕ уынаффӕ рахӕсса, ацӕуат ӕви баззайат. Ахӕм уынаффӕ рахӕссыны размӕ хъуамӕ Хуыцаумӕ скува ӕмӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕна йӕ бинонты уавӕртыл, стӕй сыл уый хорзырдӕм кӕнӕ ӕвзӕрырдӕм куыд фӕзындзӕн, ууыл. Уыцы хъуыддаджы алы чырыстон дӕр хъуамӕ «йӕхи хӕссинаг... йӕхӕдӕг ахӕсса» (Гал. 6:5). Ӕмӕ-иу хъуамӕ нӕ зӕрдӕ макӕуыл худа, цы уынаффӕ рахаста, уый тыххӕй.

КУЫ НӔ СӔХГӔНОЙ, УӔД ДАРДДӔР КУЫД ЛӔГГАД КӔНДЗЫСТӔМ?

10. Филиал ӕмӕ нын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цавӕр разамынд дӕтдзысты?

10 Хицауад нын нӕ хъуыддаг куы сӕхгӕна, уӕд дӕ бон куыд уыдзӕн Йегъовӕйӕн дарддӕр лӕггад кӕнын? Филиал уе ’мбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕн разамынд ӕмӕ уынаффӕтӕ дӕтдзӕн, уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг исӕн кӕцӕй ис, стӕй иумӕ ӕмбырд кӕнӕн ӕмӕ хъусын кӕнӕн куыд ис, уый фӕдыл. Фӕлӕ филиалӕн фадат куы нӕ уа, цӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕн разамынд дӕтта, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕ уе ’мбырды алкӕмӕн дӕр ӕххуыс кӕндзысты, цӕмӕй уӕ бон уа Йегъовӕйӕн дарддӕр лӕггад кӕнын. Уыдон уын разамынд дӕтдзысты, Библийы ӕмӕ нӕ публикациты цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ (Матф. 28:19, 20; Хъуыд. 5:29; Дзут. 10:24, 25).

11. Уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг дын алкӕддӕр кӕй уыдзӕн, ууыл цӕуылнӕ хъуамӕ дызӕрдыг кӕнай? Дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй дӕ Библи ӕмӕ иннӕ публикацитӕ бахъахъхъӕнай?

11 Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ лӕггадгӕнджытӕн уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг алкӕддӕр кӕй уыдзӕн (Ис. 65:13, 14; Лук. 12:42–44). Ӕмӕ Хуыцауы организаци алцыдӕр араздзӕн, цӕмӕй дын уа, иузӕрдионӕй баззайынӕн дӕ цыдӕриддӕр хъӕуы, уый. Фӕлӕ уӕ бӕстӕйы нӕ хъуыддаг ӕхгӕд куы ’рцӕуа, уӕд дӕхи бон та цы уыдзӕн аразын? Дӕ Библи ӕмӕ иннӕ публикацитӕ хорз кӕм бамбӕхсай, ахӕм бынат-иу ссар. Уыцы хӕзнатӕ,– фӕнды мыхуыргонд публикацитӕ уой, фӕнды электронон,– ӕнцонтӕй сӕ кӕм ссарой, ахӕм ран ма уадз. Алчидӕр хъуамӕ, йӕ бон цыдӕриддӕр у, уый араза, цӕмӕй йӕ уырнындзинад фидар уа.

Йегъовӕйы фӕрцы уыдзыстӕм ныфсджын ӕмӕ дарддӕр иумӕ ӕмбырд кӕндзыстӕм (кӕс 12 абзац) *

12. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбырдты хъуыддаг куыд спълан кӕндзысты, цӕмӕй цӕсты ма хауат?

12 Ӕмбырдты хабар та куыд уыдзӕн? Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ алцыдӕр афтӕ спълан кӕндзысты, цӕмӕй цӕсты ма хауат. Чи зоны, уынаффӕ рахӕссой, гыццыл къордтӕй кӕй ӕмбырд кӕндзыстут, стӕй фембӕлдты рӕстӕг ӕмӕ бынӕттӕ арӕх кӕй ивдзысты. Дӕуӕн дӕр дӕ бон у цыдӕр аразын, цӕмӕй хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты тӕссаг уавӕры ма баппарай. Зӕгъӕм, ӕмбырдтӕ кӕм вӕййынц, уырдӕм цӕугӕйӕ ӕмӕ-иу фӕстӕмӕ цӕугӕйӕ хъӕрӕй ма дзур. Стӕй ма уӕ, чи зоны, бахъӕуа хуымӕтӕгдӕр кондӕй цӕуын, цӕмӕй цӕсты ма хауат.

Хицауад нын нӕ хъуыддаг куы сӕхгӕна, уӕддӕр хорз хабар хъусын кӕндзыстӕм (кӕс 13 абзац) *

13. Советон Цӕдисы чи цард, уыцы ӕфсымӕрты цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

13 Хорз хабар куыд хъусын кӕндзыстӕм, уый алы ран дӕр кӕнгӕ уыдзӕн, цы уавӕртӕ дзы уа, уыдонӕй. Фӕлӕ куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр-иу хъусын кӕнынӕн фадӕттӕ ссардзыстӕм, уымӕн ӕмӕ мах Йегъовӕйы уарзӕм ӕмӕ нӕ зӕрдиагӕй фӕнды иннӕтӕн йӕ Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнын (Лук. 8:1; Хъуыд. 4:29). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Советон Цӕдисы куыд хъусын кодтой, уый фӕдыл историк Эмили Бэран загъта: «Хицауад Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн куы загъта, хъусын кӕныны бар сын кӕй нӕй, уӕд уыдон райдыдтой сӕ сыхӕгтӕн, се ’мкусджытӕн ӕмӕ се ’мбӕлттӕн хъусын кӕнын. Ӕмӕ сӕ уый тыххӕй лагертӕм ӕрвитын куы райдыдтой, уӕд-иу уым та ахст адӕмӕн хъусын кодтой». Уӕдӕ кӕд Советон Цӕдисы нӕ хъуыддаг ӕхгӕд уыд, уӕддӕр не ’фсымӕртӕ дарддӕр хорз хабар хъусын кодтой. Дӕ бӕстӕйы дӕр хъусын кӕныны бар куы нал уа, уӕд-иу дын уыцы ӕфсымӕртӕ фӕзминаг уӕнт!

НӔХИ ЦАВӔР КЪӔППӔДЖЫТӔЙ ХЪУАМӔ ХИЗӔМ?

Хъуамӕ ӕмбарӕм, кӕй ис «рӕстӕг хъусӕй лӕууынӕн» (кӕс 14 абзац) *

14. Псалом 39:1 стих нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд нӕхи цавӕр рӕдыдӕй бахиздзыстӕм?

14 Хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, иннӕтӕн цы дзурӕм, ууыл. Нӕ бӕстӕйы нӕ хъуыддаг ӕхгӕд куы уа, уӕд хъуамӕ ӕмбарӕм, кӕй ис «рӕстӕг хъусӕй лӕууынӕн» (Еккл. 3:7). Дзурын цы нӕ хъӕуы, уый хъуамӕ ма дзурӕм, зӕгъӕм, нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты нӕмттӕ, стӕй, кӕм ӕмбырд кӕнӕм, куыд хъусын кӕнӕм ӕмӕ уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг кӕцӕй исӕм, уый. Уыцы хабӕрттӕ нӕдӕр, хицауады номӕй чи архайы, уыдонӕн дзурдзыстӕм, нӕдӕр не ’мбӕлттӕн ӕмӕ нӕ хӕстӕджытӕн (уӕлдай нӕу, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сты ӕви нӕ), фӕнды нӕхи бӕстӕйы цӕрой, фӕнды ӕндӕр бӕстӕты. Ахӕм рӕдыд куы ’руадзӕм, уӕд не ’фсымӕрты тӕссаг уавӕры баппардзыстӕм. (Бакӕс Псалом 39:1.)

15. Хӕйрӕг цӕуыл архайдзӕн ӕмӕ нӕ бон куыд у нӕхи йӕ къӕппӕгӕй бахизын?

15 Не ’хсӕн исты куы рауайа, уӕд-иу хъуамӕ ма бауадзӕм, цӕмӕй нӕ иудзинад фехӕла. Хӕдзары мидӕг бинонтӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ куы суой, уӕд сӕ цардӕн ӕнӕфехӕлгӕ нӕй, ӕмӕ Хӕйрӕг дӕр уый зоны (Мар. 3:24, 25). Уый ӕдзухдӕр архайдзӕн, цӕмӕй нӕ ныддихтӕ кӕна. Ӕмӕ йӕ фӕнд йӕ къухы куы бафта, уӕд йемӕ нал тох кӕндзыстӕм, фӕлӕ кӕрӕдзиимӕ.

16. Хо Гертруд Пётцингер нын фӕзминаг цӕмӕй у?

16 Ахӕм къӕппӕджы фӕлтӕрд чырыстӕттӕ дӕр бахауынц. Ӕркӕсӕм дыууӕ сӕрст хойы хабармӕ. Гертруд Пётцингеры ӕмӕ Эльфриде Лёры нацистты рӕстӕг концлагермӕ арвыстой, ӕмӕ ма дзы уыд ӕндӕр хотӕ дӕр. Уым-иу Эльфриде хоты йӕ раныхӕстӕй бафидар кодта, ӕмӕ йӕм Гертруд хӕлӕг кӕнын райдыдта. Фӕстӕдӕр Гертрудӕн йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл ӕрхудт, ӕмӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс ракуырдта. Уый фӕстӕ Гертруд ныффыста: «Иннӕтӕ махӕй курдиатджындӕр куы уой кӕнӕ сын кадджындӕр хӕстӕ куы уа, уӕд-иу хъуамӕ уымӕ раст цӕстӕй кӕсӕм». Цымӕ Гертруд йӕ зондахаст цӕй фӕрцы фӕивта? Уый хъуыды кӕнын райдыдта Эльфридейы хорз миниуджытыл, куыд хӕларзӕрдӕ уыд, ууыл. Ӕмӕ уый фӕрцы фӕстӕмӕ балымӕн сты. Уыцы хотӕ концлагеры удӕгасӕй баззадысты ӕмӕ сӕ зӕххон царды кӕронмӕ Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодтой. Уӕдӕ-иу хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй искӕимӕ кӕрӕдзи куы нӕ бамбарӕм, уӕд-иу хъуамӕ ӕппӕт хъарутӕй бацархайӕм, цӕмӕй-иу хъуыддаг банывыл кӕнӕм. Афтӕмӕй нӕ иудзинад бахъахъхъӕндзыстӕм (Кол. 3:13, 14).

17. Нӕхицӕй ныфсджын цӕуылнӕ хъуамӕ уӕм?

17 Хъуамӕ нӕхицӕй ныфсджын ма уӕм. Бӕрнон ӕфсымӕртӕ нын цы разамынд дӕттынц, уымӕ куы хъусӕм, уӕд нӕхи уӕлдай мӕстытӕ ӕмӕ зындзинӕдтӕй бахиздзыстӕм (1 Пет. 5:5). Зӕгъӕм, нӕ хъуыддаг ӕхгӕд кӕм у, иу ахӕм бӕстӕйы бӕрнон ӕфсымӕртӕ уынаффӕ рахастой, хъусынгӕнджытӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ кӕй нӕ хъусын кӕндзысты, фӕлӕ-иу ӕндӕр фадӕттӕй кӕй пайда кӕндзысты, цӕмӕй-иу адӕмимӕ ӕнӕуи ныхас кӕнын райдайой. Стӕй ма хъусынгӕнджыты бафӕдзӕхстой, цӕмӕй хъусын кӕнгӕйӕ журналтӕ макӕмӕн дӕттой. Фӕлӕ, пионерӕй чи лӕггад кодта, иу ахӕм ӕфсымӕрмӕ афтӕ фӕкаст, ӕмӕ, хъусын кӕнын куыд хъӕуы, уый йӕхӕдӕг хуыздӕр зоны, ӕмӕ адӕмӕн журналтӕ лӕвӕрдта. Иухатт кӕимӕдӕрты хъусын кодта, ӕмӕ, уацамынд куы фесты, уӕд сӕ пъӕлицӕйы кусджытӕ баурӕдтой. Ӕвӕццӕгӕн, чидӕр сӕ фӕдыл цыд ӕмӕ-иу журналтӕ кӕмӕн радтой, уыдонӕй сӕ фӕстӕмӕ иста. Ацы хабар нын цӕуыл дзурӕг у? Афтӕ нӕм куы кӕса, ӕмӕ, куыд архайын хъӕуы, уый нӕхӕдӕг хуыздӕр зонӕм, уӕддӕр хъуамӕ ӕфсымӕрты разамындмӕ хъусӕм. Йегъовӕ йӕ адӕмӕн разамынд кӕй уылты дӕтты, уыдонимӕ куы ӕмгуыст кӕнӕм, уӕд нын алкӕддӕр арфӕ кӕндзӕн (Дзут. 13:7, 17).

18. Цавӕрдӕр закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ ӕрымысӕм, уый раст цӕуылнӕ у?

18 Хъуамӕ-иу цавӕрдӕр закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ ма ӕрымысӕм. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ-иу сӕхӕдӕг цавӕрдӕр закъӕттӕ куы ӕрымысой, уӕд уый иннӕтӕн уаргъӕй уӕлдай нӕ уыдзӕн. Ӕфсымӕр Юрай Каминский радзырдта, Чехословакийы нӕ хъуыддаг ӕхгӕд куы уыд, уыцы рӕстӕджы тыххӕй: «Хистӕр нӕлгоймӕгтӕй бирӕты куы ’рцахстой, уӕд, ӕмбырдтӕн ӕмӕ районтӕн разамынд чи лӕвӕрдта, уыцы ’фсымӕртӕй иуӕй-иутӕ сӕхӕдӕг цавӕрдӕр закъӕттӕ ӕрымысыдысты, хъусынгӕнджытӕ цы хъуамӕ аразой ӕмӕ цы хъуамӕ ма аразой, уый фӕдыл». Йегъовӕ нын уый бар нӕ радта, цӕмӕй иннӕты бӕсты уынаффӕтӕ хӕссӕм. Цавӕрдӕр закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ чи ӕрымысы, уымӕй афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ йе ’фсымӕрты ӕдасдзинадыл хъуыды кӕны. Ахӕм адӕймаг йӕхи йе ’фсымӕрты уырнындзинадӕн хицау кӕны (2 Кор. 1:24).

ЙЕГЪОВӔЙӔН ДАРДДӔР ДӔР ЛӔГГАД КӔН

19. Хӕйрӕг цыфӕнды ма араза, уӕддӕр нӕ 2 Азфыстыты 32:7, 8 стихтӕ ныфс куыд уадзынц?

19 Нӕ сӕйраг знаг, Сайтан Хӕйрӕг, дарддӕр дӕр Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты ныхмӕ карзӕй цӕудзӕн (1 Пет. 5:8; Рарг. 2:10). Хӕйрӕг ӕмӕ, йӕ зондыл чи цӕуы, уыдон архайдзысты, цӕмӕй нӕ хъуыддаг ӕхгӕд ӕрцӕуа. Фӕлӕ хъуамӕ мацӕмӕй тӕрсӕм ӕмӕ Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр лӕггад кӕнӕм! (Дык. з. 7:21). Йегъовӕ немӕ ис, ӕмӕ нын нӕ хъуыддаг куы сӕхгӕной, уӕд дӕр нын ӕххуыс кӕндзӕн. (Бакӕс 2 Азфыстыты 32:7, 8.)

20. Дарддӕр цӕуыл архайдзынӕ?

20 Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ дины разамонджытӕй нӕ фӕтарстысты ӕмӕ сын загътой: «Уӕхӕдӕг-ма ахъуыды кӕнут, Хуыцаумӕ нӕ, фӕлӕ сымахмӕ куы хъусӕм, уӕд уый Хуыцауы раз раст уыдзӕн? Мах уын зӕгъӕм: цы федтам ӕмӕ цы фехъуыстам, уыдӕтты тыххӕй ма дзурӕм, уый нӕ бон нӕу» (Хъуыд. 4:19, 20). Цӕй ӕмӕ мах дӕр Йегъовӕйӕн дарддӕр хъӕбатырӕй лӕггад кӕнӕм!

73 ЗАРӔГ Баххуыс нын кӕн, цӕмӕй ныфсджынӕй дзурӕм

^ 5 абз. Хицауад нын нӕ хъуыддаг куы сӕхгӕна, уӕд нӕ бон куыд уыдзӕн нӕ Хуыцауӕн дарддӕр лӕггад кӕнын ӕмӕ-иу нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм? Ацы статьяйы уый фӕдыл ис хорз уынаффӕтӕ.

^ 59 абз. НЫВ. Нывтыл ӕвдыст ис, сӕрибарӕй архайыны бар кӕм нӕй, ахӕм бӕстӕты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ куыд лӕггад кӕнынц, уый. Ацы нывыл ӕвдыст ис, хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ гыццыл къордӕй ӕфсымӕры хӕдзары, къӕбицы, ӕмбырд куыд уадзынц, уый.

^ 61 абз. НЫВ. Хо (галиуырдыгӕй) сылгоймагимӕ хӕларзӕрдӕйӕ ныхӕстӕ кӕны, фӕнды йӕ, цӕмӕй йын Йегъовӕйы тыххӕй радзура.

^ 63 абз. НЫВ. Пъӕлицӕйы кусджытӕ ӕфсымӕрмӕ йе ’мбырды тыххӕй фарстатӕ дӕттынц, фӕлӕ сын уый ницы дзуры.