Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

28 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

Йеговӕн лӕггадӕ кӕндзиан, ку нӕ нихгӕнонцӕ, уӕддӕр

Йеговӕн лӕггадӕ кӕндзиан, ку нӕ нихгӕнонцӕ, уӕддӕр

«Ци фӕууидтан ӕма ци фегъустан, уони туххӕй ма дзорӕн, е нӕ бон нӕй» (ГЪУД. 4:19, 20).

122 ЗАР Федар, ӕнӕфӕккеугӕ уотӕ!

РАЗДЗУРД *

1, 2. а) Кӕцидӕр бӕстити хецауадӕ нӕ гъуддаг ке нихгӕдтоцӕ, е нӕмӕ дессаг цӕмӕннӕ кӕсуй? б) Аци статьяй цӕбӕл радзордзиан?

2018 анзи, нӕ гъуддаг ӕхгӕд кӕми ӕй, уӕхӕн бӕстити хуарз хабар игъосун кодтонцӕ 223 000 игъосунгӕнӕгӕй фулдӕр. Хецауадӕ нӕ нихмӕ ке цӕуй, е нӕмӕ дессаг нӕ кӕсуй. Айразиккон статьяй куд финст адтӕй, уомӕ гӕсгӕ ’й ӕцӕг киристӕнттӕ зонунцӕ, ӕфхуӕрд ке ӕййафдзӕнцӕ, уой (2 Тим. 3:12). Кӕмифӕнди ма цӕрӕн, алкӕмидӕр нин тӕссаг ӕй, хецауадӕ нин нӕ уарзӕгой Хуцауӕн лӕггадӕ кӕнуни барӕ ке нӕбал дӕтдзӕй, уомӕй.

2 Кӕд, ду кӕми цӕрис, уоми дӕр хецауадӕ Йеговӕн сӕребарӕй лӕггадӕ кӕнуни барӕ нӕбал дӕттуй, уӕд дӕмӕ, ӕвӕдзи, фӕззиннуй уӕхӕн фарстатӕ: «Йеговӕ нӕмӕ естӕй туххӕй исмӕстгун ӕй? Цума нӕ гъуддаг уобӕл ӕрлӕудзӕй? Ӕндӕр бӕстӕмӕ раледзун хуӕздӕр нӕ уайдӕ?» Гъӕйдӕ аци фарстатӕмӕ ӕркӕсӕн ӕма радзубанди кӕнӕн, нӕ бон куд ӕй Йеговӕн идарддӕр дӕр лӕггадӕ кӕнун, хецауадӕ нин уӕхӕн барӕ ку нӕ дӕтта, уӕддӕр. Удта ма базонӕн, нӕхе цӕхуӕн рӕдудтитӕй гъӕуама хезӕн, уой дӕр.

ЙЕГОВӔ НӔМӔ ЕСТӔЙ ТУХХӔЙ ИСМӔСТГУН ӔЙ?

3. 2 Коринфӕгтӕмӕ 11:23–27 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ апостол Павел цӕхуӕн ӕфхуӕрд ӕййафта, ӕма уомӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?

3 Беретӕ уотӕ фӕссагъӕс кӕнунцӕ, зӕгъгӕ, ӕвӕдзи, Йегови хуарзӕнхӕй фенӕхай ан, ӕма нин уой туххӕй нӕ гъуддаг нихгӕдтонцӕ. Фал е уотӕ нӕй. Е бӕрӕг ӕй апостол Павели хабарӕй. Хуцауи хуарзӕнхӕй хайгин ке адтӕй, уобӕл дзубанди дӕр нӕййес, уомӕн ӕма ин берӕ кадгин гъуддӕгтӕ баихӕс кодта. Зӕгъӕн, Павел ниффинста Киристон Грекъаг Финститӕмӕ ка бахаудтӕй, 14 уӕхӕн финстӕги, удта ма ’й Йеговӕ ӕндӕр адӕнихӕттитӕн апостолӕй исӕвардта. Фал Павел дӕр карз ӕфхуӕрд ӕййафта. (Бакӕсӕ 2 Коринфӕгтӕмӕ 11:23–27.) Павели хабарӕй бӕрӕг ӕй, Йегови еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕ дӕр ӕфхуӕрд ке феййафунцӕ.

4. Аци дуйне ни е ’сӕфт цӕмӕн уинуй?

4 Киристе ӕй балӕдӕрун кодта, ӕфхуӕргӕ нӕ цӕй туххӕй кӕндзӕнцӕ, уой. Е загъта: «Сумах ба аци дуйнейӕй нӕ айтӕ... ӕма уи уомӕ гӕсгӕ аци дуйне е ’сӕфт уинуй» (Иоан. 15:18, 19). Нӕ гъуддаг нин ке нихгӕдтонцӕ, е уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма нин Йеговӕ нӕбал арфӕ кӕнуй. Е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма раст куд ӕй, уотӕ архайӕн!

ЦУМА НӔ ГЪУДДАГ ӔРЛӔУДЗӔЙ?

5. Адӕни бон ӕй Йегови раст дин фесафун? Ба ’й лӕдӕрун кӕнӕ.

5 Адӕни бон нӕй, Алцигъон Хуцау Йеговӕ ци дин ӕрфедар кодта, уой фесафун. Беретӕ уобӕл хъӕбӕр архайдтонцӕ, фал син неци рауадӕй. Зӕгъӕн, Дуккаг дуйнеуон тугъди рӕстӕг берӕ бӕстити хецауӕдтӕ Хуцауи адӕни карзӕй ӕфхуардтонцӕ. Йегови Ӕвдесӕнти айдагъ Германий не ’фхуардтонцӕ, фал ма Австралий, Канади ӕма ма ӕндӕр бӕстити дӕр. Фал дӕ гъос ӕрдарай бӕрӕггӕнӕнтӕмӕ. 1939 анзи, тугъд ку райдӕдта, уӕд ӕгас дуйнебӕл адтӕй 72 475 игъосунгӕнӕги. Тугъди кӕронмӕ ба 1945 анзи сӕ нимӕдзӕ иссӕй 156 299. Йегови Ӕвдесӕнти нимӕдзӕ дууӕ хатти фулдӕр фӕцӕй! Бӕрӕг ӕй, Йеговӕ ӕ адӕни фарсмӕ ке адтӕй.

6. Хецауадӕ Йегови Ӕвдесӕнти нихмӕ ку рацӕуй, уӕд е арӕхдӕр цӕмӕ ӕркӕнуй? Ӕрхӕссӕ цӕветтон.

6 Хецауадӕ нӕ нихмӕ ку рацӕуй, уӕд нӕ сӕ зӕрдтӕй тӕрсун фӕккӕнунцӕ, фал берети ба е баразӕнгард кӕнуй Йеговӕн фулдӕр лӕггадӕ кӕнунмӕ. Цӕветтонӕн ӕрхӕссӕн, минкъий сувӕллон кӕмӕн ес, еу уӕхӕн бийнонти. Сӕ бӕсти Йегови Ӕвдесӕнти гъуддаг ку нихгӕдтонцӕ, уӕд тӕрсгӕ нӕ фӕккодтонцӕ, фал ма пионертӕй лӕггадӕ кӕнун дӕр райдӕдтонцӕ. Уой туххӕй бийнойнаг, хуарз ӕхца ин кӕми фистонцӕ, уӕхӕн куст ниууагъта. Лӕг куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ, беретӕ, Йегови Ӕвдесӕнти ке нихгӕдтонцӕ, уой ку фегъустонцӕ, уӕд сӕ бафӕндадтӕй фулдӕр базонун, ка ан, уой туххӕй. Уомӕ гӕсгӕ, дан, мин ӕнцондӕр иссӕй адӕймаги хӕццӕ Библи ахур кӕнун райдайун. Еци бӕстӕй еу хестӕр нӕлгоймаг ба загъта, Йеговӕн ка нӕбал лӕггадӕ кодта, уонӕй беретӕ нӕуӕгӕй ӕмбурдтӕмӕ цӕун ӕма игъосун кӕнун ке райдӕдтонцӕ.

7. а) Левити 26:36, 37 финст дзурдтӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? б) Хецауадӕ нин Йеговӕн лӕггадӕ кӕнуни барӕ ку нӕ дӕтта, уӕд куд архайдзӕнӕ?

7 Не знӕгтӕ нӕ ӕфхуӕрун ку райдайунцӕ, уӕд сӕ фӕффӕндуй, цӕмӕй нӕ фӕттӕрсун кӕнонцӕ ӕма Йеговӕн мабал лӕггадӕ кӕнӕн. Сӕ бон ӕй мах туххӕй аллихузи мӕнгӕттӕ парахат кӕнун, нӕ хӕдзарӕмӕ нин ӕрбампурсун, тӕрхондонӕмӕ нӕбӕл бадӕттун ӕма нӕ ахӕстдони исбадун кӕнун. Уотӕ сӕмӕ кӕсуй ӕма еуей ку исбадун кӕнонцӕ, уӕд иннетӕ дӕр фӕттӕрсдзӕнцӕ. Ӕма син еци барӕ ку раттӕн, цӕмӕй нин нӕ зӕрдити тас бауадзонцӕ, уӕд уотӕ рауайдзӕй ӕма нӕхуӕдтӕ нӕхе «нихгӕндзиан». Мах нӕ фӕндуй Левити 26:36, 37 ке туххӕй финст ес, уони хузӕн ун. (Ба сӕ кӕсӕ.) Удта нӕ бауадздзиан, цӕмӕй уой туххӕй Йеговӕн минкъийдӕр лӕггадӕ кӕнун райдайӕн кенӕ нӕ лӕггадӕ еугур уагъд никкӕнӕн. Мах не ’гас зӕрдӕ дӕр Йеговӕбӕл дарӕн ӕма фур тӕссӕй зир-зир кӕнун нӕ райдайдзиан (Ис. 28:16). Йеговӕмӕ ковдзиан, цӕмӕй нин байамона, куд хуӕздӕр ӕй бакӕнун, уой. Еу гъуддаг федарӕй зонӕн: Йеговӕ Хуцау нӕ фарсмӕ ку уа, уӕд нӕ еузӕрдонӕй лӕггадӕ кӕнунмӕ еунӕг хецауадӕ дӕр нӕ бахъор кӕндзӕй (Дзиуит. 13:6).

ӔНДӔР БӔСТӔМӔ РАЛЕДЗУН ХУӔЗДӔР НӔ УАЙДӔ?

8, 9. а) Бийнонти хестӕрӕн цӕхуӕн унаффӕ гъӕуй рахӕссун? б) Хуӕздӕр унаффӕ рахӕссунмӕ ин ци банхус кӕндзӕй?

8 Кӕд, кӕми цӕрис, уоми хецауадӕ Йегови Ӕвдесӕнтӕн сӕребарӕй лӕггадӕ кӕнуни барӕ нӕбал дӕттуй, уӕд, ӕвӕдзи, расагъӕс кӕнис: «Ӕндӕр бӕстӕмӕ фӕлледзун хуӕздӕр нӕ уайдӕ?» Еци гъуддаги дӕ бӕсти унаффӕ неке рахӕсдзӕй. Кӕмӕндӕр ӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕудзӕй, фиццаг ӕноси киристӕнттӕ ӕфхуӕрд ӕййафун ку райдӕдтонцӕ, уӕд куд бакодтонцӕ, е. Знӕгтӕ Стефани дортӕй ку рамардтонцӕ, уӕд ахуркӕнуйнӕгтӕ Йерусалимӕй фӕллигъдӕнцӕ Иудейӕмӕ ӕма Самаримӕ, кадӕртӕ ба Финикийӕ, Кипр ӕма Антиохимӕ дӕр (Матф. 10:23; Гъуд. 8:1; 11:19). Фал кадӕр ба расагъӕс кӕндзӕй, Павел куд бакодта, уобӕл. Павел, знӕгтӕ игъосун кӕнуни гъуддаги нихмӕ карзӕй кӕми цудӕнцӕ, уордиги нӕ рандӕ ’й, фал си идарддӕр игъосун кодта ӕма еци горӕтти ци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ адтӕй, уони федар кодта, кӕд уомӕй ӕхе цардӕн дӕр тӕссаг адтӕй, уӕддӕр (Гъуд. 14:19–23).

9 Аци хабӕрттӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? Бийнонтӕн хуӕздӕр ци уодзӕй, уой гъӕуама бийнонти хестӕр ниллух кӕна. Унаффӕ рахӕссуни размӕ бал гъӕуама Йеговӕмӕ ракова ӕма расагъӕс кӕна, ӕндӕр бӕстӕмӕ фӕлледзун хуӕздӕр уодзӕй ӕви нӕ, уобӕл. Еци гъуддаги ӕ хӕссуйнаг «алкедӕр ӕхуӕдӕг фӕххӕсдзӕй» (Гал. 6:5). Ӕма ка ци унаффӕ рахаста, уой туххӕй тӕрхон кӕнун некӕмӕн гъӕуй.

НӔ БОН КУД ӔЙ ЙЕГОВӔН ЛӔГГАДӔ КӔНУН, ХЕЦАУАДӔ НИН НӔ ГЪУДДАГ КУ НИХГӔНОНЦӔ, УӔД?

10. Филиал ӕма хестӕр нӕлгоймӕгтӕ цӕхуӕн разамунд дӕтдзӕнцӕ?

10 Нӕ бон куд ӕй Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун, хецауадӕ нин нӕ гъуддаг ку нихгӕнонцӕ, уӕд? Филиал хестӕр нӕлгоймӕгтӕн амундтӕ ратдзӕй, ӕууӕндундзийнадӕ федаргӕнӕн хуӕруйнаг кӕцӕй есгӕ ’й, ӕмбурдтӕ куд уадзгӕ ’нцӕ ӕма идарддӕр куд игъосун кӕнгӕ ’й, уой фӕдбӕл. Филиалӕн хестӕр нӕлгоймӕгтӕмӕ фӕххабар кӕнун ку нӕ уайа, уӕдта хестӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕхуӕдтӕ байархайдзӕнцӕ, цӕмӕй ӕмбурд идарддӕр Йеговӕн лӕггадӕ кӕна. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ разамунд дӕтдзӕнцӕ, Библий ӕма нӕ публикацити ци финст ес, уомӕ гӕсгӕ (Матф. 28:19, 20; Гъуд. 5:29; Дзиуит. 10:24, 25).

11. Ӕууӕндундзийнадӕ федаргӕнӕн хуӕруйнагӕй цох ке некӕд уодзиан, уобӕл федарӕй цӕмӕн ӕууӕндӕн? Нӕхе бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй нӕмӕ еци хуӕруйнаг уа?

11 Йеговӕ зӕрдӕ байвардта, ӕ лӕггадгӕнгутӕн ӕууӕндундзийнадӕ федаргӕнӕн хуӕруйнаг фӕндон ке уодзӕй (Ис. 65:13, 14; Лук. 12:42–44). Мадта ӕппундӕр ма гурусхӕ кӕнтӕ, нӕ организаци алцидӕр ке бакӕндзӕй, цӕмӕй нин банхус кӕна Йеговӕбӕл еузӕрдонӕй байзайунмӕ. Фал нӕхе бон ба ци ӕй кӕнун? Хецауадӕ нин нӕ гъуддаг ку нихгӕна, уӕд хуарз уайдӕ Библи ӕма нӕ литературӕ дзӕбӕх рауӕн баримӕхсун. Еци публикацитӕн аргъ дӕр нӕййес, ӕма сӕ ӕнцонтӕй кӕми иссердзӕнцӕ, уоми сӕ уадзун нӕ гъӕуй. Е хауй электронон публикацитӕмӕ дӕр. Алкедӕр ни гъӕуама байархайа, цӕмӕй еци рӕстӕг не ’ууӕндундзийнадӕ федарӕй байзайа.

Йегови фӕрци нӕ зӕрди тас нӕ бацӕудзӕй ӕма идарддӕр дӕр нӕ фембӕлдтӕмӕ цӕудзиан (кӕсӕ 12 абзац) *

12. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ ци бакӕндзӕнцӕ, цӕмӕй нӕ фембӕлдтӕ адӕни цӕсти ма хауонцӕ?

12 Ӕмбурдтӕмӕ ба куд цӕудзиан? Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ байархайдзӕнцӕ, цӕмӕй нӕ фембӕлдтӕ уӕлдай хатт адӕни цӕсти ма хауонцӕ. Ка ’й зонуй нин хестӕр нӕлгоймӕгтӕ зӕгъдзӕнцӕ, цӕмӕй минкъий къуӕрттӕй ӕмбурд кӕнӕн, удта нӕ бунат ӕма нӕ рӕстӕг арӕхдӕр ӕййевӕн. Уомӕй уӕлдай ма нӕ ӕмбурдмӕ цӕугӕй ӕма уордигӕй рацӕугӕй дӕр гъӕудзӕй сабурдӕр дзорун, цӕмӕй нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти никки тӕссагдӕр уавӕри ма гӕлдзӕн. Удта цӕмӕй адӕни цӕсти ма хауӕн, уой туххӕй нӕ, ӕвӕдзи, гъӕудзӕй хумӕтӕгдӕр хъӕппӕлти цӕун.

Мах нӕ игъосун кӕнуни гъуддаг нӕ ниууаддзиан, хецауадӕ нин уӕхӕн барӕ ку нӕбал дӕтта, уӕддӕр (кӕсӕ 13 абзац) *

13. Советон Цӕдеси ка цардӕй, еци ӕнсувӕрти хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?

13 Игъосун ба куд кӕндзиан? Бунӕттон уавӕртӕ куд амононцӕ, уомӕ гӕсгӕ. Кудфӕнди ма уа, уӕддӕр игъосун кӕнунмӕ фадуӕттӕ иссердзиан, уомӕн ӕма Йегови уарзӕн ӕма нӕ фӕндуй иннетӕн ӕ Паддзахади туххӕй дзорун (Лук. 8:1; Гъуд. 4:29). Еу историк, Эмили Бэран, Советон Цӕдеси ка цардӕй, еци Ӕвдесӕнти туххӕй финста: «Хецауадӕ дингӕнгутӕн сӕ гъудитӕ парахат кӕнунмӕ барӕ ку нӕбал лӕвардта, уӕд Йегови Ӕвдесӕнтӕ дзурдтонцӕ, сӕ синхонти, ӕмкосгути ӕма ӕмбӕлтти хӕццӕ. Уой туххӕй сӕ фӕстӕдӕр ку ниййахӕстонцӕ ӕма сӕ, уӕззау куст кӕми кодтонцӕ, еци лагертӕмӕ ку рарвистонцӕ, уӕд уоми ба дзурдтонцӕ иннӕ ахӕстити хӕццӕ». Не ’нсувӕртӕ игъосун кӕнуни гъуддаг нӕ ниууагътонцӕ, кӕд хецауадӕ сӕ нихмӕ карзӕй рацудӕй, уӕддӕр. Кӕми цӕрис, уоми дӕр игъосун кӕнуни барӕ ку нӕбал дӕттонцӕ, уӕд дӕ бон уодзӕй еци ӕнсувӕрти ӕргъуди кӕнун.

НӔХЕ ЦӔМӔЙ ГЪӔУАМА ХЕЗӔН

Гъосӕй лӕуун кӕд гъӕуй, уой гъӕуама зонӕн (кӕсӕ 14 абзац) *

14. Псалом 39:1 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ лӕмбунӕг цӕмӕ гъӕуама уӕн?

14 Алци дзоргӕ ке нӕй, е ди иронх ма уӕд. Библий финст ӕй, «ес рӕстӕг гъосӕй лӕуунмӕ», зӕгъгӕ, ӕма уой гъӕуама ма иронх кӕнӕн, уӕлдайдӕр ба нин хецауадӕ нӕ гъуддаг ку нихгӕна, уӕд (Еккл. 3:7). Цӕхуӕндӕр гъуддӕгти кой гъӕуама иннетӕн ма кӕнӕн. Уомӕ хаунцӕ нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти нӕмттӕ, кӕми фембурд кӕнӕн, еци бунӕттӕ, нӕ игъосун кӕнуни мадзӕлттӕ ӕма ӕууӕндундзийнадӕ федаргӕнӕн хуӕруйнаг кӕцӕй есӕн, е. Еци хабӕрттӕ нӕдӕр хецауадӕн дзордзиан, нӕдӕр хеуӕнттӕн ӕма не ’мбӕлттӕн, сауӕнгӕ ма ӕндӕр бӕсти ка цӕруй, уонӕн дӕр. Еци гъуддаги лӕмбунӕг ку нӕ уӕн, уӕд нӕ хуӕртӕ ӕма не ’нсувӕртӕ мах туххӕй тӕссаг уавӕри бахаудзӕнцӕ. (Бакӕсӕ Псалом 39:1.)

15. Сайтан цӕбӕл архайуй ӕма нӕ бон куд ӕй нӕхе е скъӕппӕгӕй багъӕуай кӕнун?

15 Листӕг гъуддӕгтӕн нӕ еудзийнадӕ фехалун ма бауадзӕ. Сайтан ӕй зонуй, хӕдзари медӕг бийнонтӕ кӕрӕдзей нихмӕ ку исуонцӕ, уӕд сӕ цард ке фехӕлдзӕй (Мар. 3:24, 25). Уомӕ гӕсгӕ ӕгас хъауритӕй архайуй, цӕмӕй нӕ низмӕнта. Уотӕ ’й фӕндуй, цӕмӕй уой нихмӕ нӕ, фал кӕрӕдзей нихмӕ тох кӕнӕн.

16. Хуӕрӕ Гертруд Пётцингери хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?

16 Къӕрцгъос ун гъӕуй федар хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти дӕр. Ӕркӕсӕн, дууӕ исӕрст хуӕри, Гертруд Пётцингер ӕма Эльфриде Лёр, ци уавӕри бахаудтӕнцӕ, уомӕ. Етӕ дӕр иннӕ хуӕрти хӕццӕ бахаудтӕнцӕ нацистити концлагермӕ. Гертруд Эльфридемӕ соцъа кӕнун райдӕдта, ӕ радзубандити фӕрци ӕ бон иннӕ хуӕрти федар кӕнун ке адтӕй, уой туххӕй. Фӕстӕдӕр Гертруд ӕхецӕй фефсӕрми ӕй ӕма Йеговӕн лигъстӕ кӕнун райдӕдта, цӕмӕй ин банхус кодтайдӕ. Е финста: «Гъӕуама ’й лӕдӕрӕн, кадӕртӕ цӕхуӕндӕр гъуддӕгти махӕй дӕснидӕр ке фӕуунцӕ, уой, ӕма син фулдӕр кадгин ихӕстӕ ке ес, е нин гъӕуама гъулӕг ма уа». Цума Гертрудӕн ци банхус кодта? Фулдӕр сагъӕс кӕнун райдӕдта Эльфридей хӕларзӕрдӕдзийнадӕ ӕма ӕ ӕндӕр хуарз менеугутӕбӕл. Уой фӕрци Эльфридей хӕццӕ нӕуӕгӕй балимӕн ӕй. Гертруд ӕма Эльфриде концлагерӕй уодӕгасӕй рацудӕнцӕ ӕма сӕ мӕлӕти уӕнгӕ дӕр Йеговӕн еузӕрдонӕй фӕллӕггадӕ кодтонцӕ. Мах дӕр нӕ еудзийнадӕ багъӕуай кӕнунбӕл не ’гас хъауритӕй ку архайӕн, уӕд нӕ Сайтан дӕр нӕ низмӕнтдзӕй (Кол. 3:13, 14).

17. Нӕхе зундӕй архайун тӕссаг цӕмӕн ӕй?

17 Дӕхе зундӕй нифсгун ма уо. Бӕрнон ӕнсувӕрти амундтӕмӕ ку игъосӕн, уӕд нӕхе уӕлдай зиндзийнӕдтӕй багъӕуай кӕндзиан (1 Пет. 5:5). Мӕнӕ еу хабар. Нӕ гъуддаг ӕхгӕд кӕми ӕй, уӕхӕн бӕститӕй еуеми бӕрнон ӕнсувӕртӕ игъосунгӕнгутӕн загътонцӕ, цӕмӕй гӕгъӕдин публикацитӕ адӕнӕн ма иурстайуонцӕ. Фал еу пионер ӕнсувӕрмӕ ба уотӕ кастӕй, ӕма куд архайгӕй, уой ӕхуӕдӕг хуӕздӕр зонуй, ӕма идарддӕр дӕр игъосун кӕнгӕй литературӕ иурста. Цума е цӕмӕ ӕркодта? Еухатт еци ӕнсувӕр, удта ма цалдӕр игъосунгӕнӕги кедӕрти хӕццӕ дзубанди кодтонцӕ, ӕма сӕ дзурд куддӕр фӕцӕнцӕ, уотӕ сӕмӕ полиций косгутӕ бацудӕнцӕ. Ӕвӕдзи, сӕ фӕдбӕл цудӕнцӕ ӕма ӕнсувӕртӕ адӕнӕн ци публикацитӕ уагътонцӕ, уони фӕстӕмӕ ӕмбурд кодтонцӕ. Аци хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? Ӕнсувӕртӕ ци амундтӕ дӕттунцӕ, уонӕмӕ игъосун гъӕуй, кӕд нӕхуӕдтӕ ӕндӕрхузи гъуди кӕнӕн, уӕддӕр. Йеговӕ нин алкӕддӕр арфӕ кӕндзӕй, разамунд дӕттунмӕ ке исӕвардта, уонӕмӕ ку игъосӕн, уӕд (Дзиуит. 13:7, 17).

18. Ӕнӕгъӕугӕ амундтӕ дӕттун цӕмӕннӕ гъӕуй?

18 Ӕнӕгъӕугӕ амундтӕ ма дӕттетӕ. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕнӕгъӕугӕ амундтӕ ку фӕддӕттунцӕ, уӕд уомӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти цард никки зиндӕр искӕнунцӕ. Ӕнсувӕр Юрай Каминский Чехословакий ци рӕстӕгутӕ адтӕй уой туххӕй зӕгъуй: «Бӕрнон ӕнсувӕрти, удта ма хестӕр нӕлгоймӕгтӕй берети ку ӕрахӕстонцӕ ӕма сӕ ку исбадун кодтонцӕ, уӕд ӕмбурдти ӕма районти ӕхемӕ разамунд ка райста, етӕ игъосунгӕнгутӕн дуйне амундтӕ равардтонцӕ, ци ӕнгъезуй ӕма ци не ’нгъезуй, уой фӕдбӕл». Йеговӕ нин иннети бӕсти унаффӕ хӕссуни барӕ нӕ равардта. Ӕнӕгъӕугӕ амундтӕ ка дӕттуй, етӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти багъӕуай кӕнунбӕл нӕ архайунцӕ, фал син сӕхе «се ’ууӕндундзийнадӕн хецау кӕнунцӕ» (2 Кор. 1:24).

УӔ ЛӔГГАДӔ МАКӔД УАДЗЕТӔ

19. 2 Анзфинстити 32:7, 8 финст дзурдтӕ нин цӕхуӕн нифс дӕттунцӕ?

19 Нӕ сӕйраг знаг, Сайтан, Йегови лӕггадгӕнгути фӕдбӕл идарддӕр дӕр зелдзӕй (1 Пет. 5:8; Рарг. 2:10). Сайтан ӕма ӕ зундбӕл ка цӕуй, етӕ аллихузи дӕр архайдзӕнцӕ, цӕмӕй Йеговӕн лӕггадӕ кӕнуни барӕ макӕмӕн бал уа. Фал мах нӕ лӕггадӕ нӕ ниууадздзиан, цийфӕнди ма ӕрцӕуа, уӕддӕр! (Дук. з. 7:21). Йеговӕ нӕ фарс ӕй ӕма нин алкӕддӕр ӕнхус кӕндзӕй, хецауадӕ нин нӕ гъуддаг ку нихгӕна, уӕддӕр. (Бакӕсӕ 2 Анзфинстити 32:7, 8.)

20. Дӕ федар фӕндӕ ци ӕй?

20 Мадта нин фиццаг ӕноси ӕнсувӕртӕ фӕнзуйнаг уӕнтӕ. Етӕ, бартӕ ке къохти адтӕнцӕ, уонӕн загътонцӕ: «Уӕхуӕдтӕ расагъӕс кӕнайтӕ, Хуцаумӕ нӕ, фал сумахмӕ ку игъосӕн, уӕд е Хуцауи рази раст уодзӕй? Мах уин зӕгъӕн: ци фӕууидтан ӕма ци фегъустан, уони туххӕй ма дзорӕн, е нӕ бон нӕй» (Гъуд. 4:19, 20).

73 ЗАР Банхус нин кӕнӕ, цӕмӕй нифсхаст уӕн

^ 5 абз. Зӕгъӕн, кӕми цӕрис, уоми хецауадӕ Йегови Ӕвдесӕнти гъуддаг нихгӕдтонцӕ. Аци статьяй ӕркӕсдзиан, уӕхӕн уавӕри куд архайгӕ ’й ӕма нӕхе цӕхуӕн рӕдудтитӕй гъӕуама хезӕн, цӕмӕй идарддӕр дӕр нӕ уарзӕгой Хуцауӕн лӕггадӕ кӕнӕн.

^ 59 абз. ХУЗӔ. Аци статьяй ӕгас хузтӕбӕл дӕр ӕнцӕ, нӕ гъуддаг ӕхгӕд кӕми ӕй, еци бӕстити ка лӕггадӕ кӕнуй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ. Аци хузӕбӕл игъосунгӕнгути минкъий къуар фембӕлд уадзунцӕ ӕнсувӕри хӕдзари, уӕлдай дзаумӕуттӕ кӕми фӕддаруй, еци авари.

^ 61 абз. ХУЗӔ. Хуӕрӕ (галеуӕрдиги) силгоймаги хӕццӕ дзубанди кӕнгӕй фадуат агоруй, цӕмӕй ин Йегови туххӕй радзора.

^ 63 абз. ХУЗӔ. Ӕнсувӕри ӕрахӕстонцӕ ӕма ’й фӕрсунцӕ, фал син ӕмбурди туххӕй неци дзоруй.