Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Чырысти мӕн тыххӕй дӕр амард?

Чырысти мӕн тыххӕй дӕр амард?

БИБЛИЙЫ цы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты кой ис, уыдон дӕр уыдысты «мах хуызӕн» адӕймӕгтӕ, ӕмӕ дзы бакӕсӕн ис, цавӕр ӕнкъарӕнтӕ ӕмӕ хъуыдытӕ-иу сӕм сӕвзӕрд, уый тыххӕй (Иак. 5:17). Зӕгъӕм, Павел Ромӕгтӕм 7:21–24 стихты ныффыста: «Раст цы у, уый саразын мӕ куы фӕфӕнды, уӕд мӕ разы ӕрбалӕууы ӕвзӕрдзинад... Мӕнӕ цы мӕгуыр дӕн!» Ӕмӕ нӕ бон у Павелы ӕнкъарӕнтӕ бамбарын. Мах дӕр фӕхъӕуы нӕ хъӕндзинӕдтимӕ тох кӕнын, ӕмӕ Павелы хуызӕн иузӕрдион адӕймаг йӕхицӕй афтӕ кӕй загъта, уый нын у ныфсы хос.

Фӕлӕ ма Павел ӕндӕр ӕнкъарӕнты кой дӕр кодта. Галатӕгтӕм 2:20 стихы ныффыста, зӕгъгӕ, Хуыцауы Фырт «мӕн... бауарзта ӕмӕ мӕн тыххӕй йӕ цард... радта». Дӕу та уырны, Йесо дӕ кӕй бауарзта ӕмӕ йӕ цард дӕу тыххӕй кӕй радта, уый? Чи зоны, хатт афтӕ нӕ фӕхъуыды кӕныс.

Кӕд ныр дӕр ма дӕ раздӕры тӕригъӕдты тыххӕй дӕхи хӕрыс, уӕд, чи зоны, хатгай фӕдызӕрдыг кӕныс, Йегъовӕ дӕ кӕй уарзы ӕмӕ дын кӕй ныххатыр кодта, ууыл. Ӕмӕ уӕд, ӕвӕццӕгӕн, фӕдызӕрдыг кӕныс, Йесо йӕ цард нывондӕн дӕу тыххӕй кӕй ӕрхаста, ууыл дӕр. Цымӕ Йесойы та фӕнды, цӕмӕй дӕ уырна, йӕ цард дӕу тыххӕй кӕй радта? Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Чырыстийы нывондмӕ ахӕм цӕстӕй кӕсай? Цӕй ӕмӕ ацы дыууӕ фарстайыл аныхас кӕнӕм.

ЙЕСО ЙӔХӔДӔГ ЦЫ ХЪУЫДЫ КӔНЫ?

Йесойы фӕнды, цӕмӕй дӕ фидарӕй уырна, йӕ цард дӕу тыххӕй дӕр кӕй радта, уый. Фӕлӕ дын уымӕн цы баххуыс кӕндзӕн? Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, Лукайы 23:39–43 стихты цы хабар фыст ис, уый. Йесойы фарсмӕ цы дыууӕ фыдгӕнӕджы байтыгътой, уыдонӕй иу йӕ фыдракӕндыл басаст. Ӕвӕццӕгӕн, стыр фыдракӕнд сарӕзта, уымӕн ӕмӕ-иу ахӕм карз тӕрхон хаст ӕрцыд, тынг ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ-иу чи сарӕзта, ӕрмӕстдӕр уыцы фыдгӕнджытӕн. Ӕмӕ уыцы уӕззау уавӕры Йесойӕн загъта: «Йесо, паддзах куы суай, уӕд-иу мӕ ӕрхъуыды кӕн».

Цымӕ йын Йесо цавӕр дзуапп радта? Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн ахӕм ныв: Йесо удхар кӕны, йӕ буар иууылдӕр риссы, фӕлӕ йӕ сӕр уыцы фыдгӕнӕджы ’рдӕм разылдта ӕмӕ йӕм бакаст. Стӕй йӕхимӕ уыйбӕрц хъарутӕ ссардта, цӕмӕй йӕм йӕ мидбылты бахудтаид, ӕмӕ йын зӕрдӕ бавӕрдта: «Ӕцӕг дын зӕгъын абон: уыдзынӕ мемӕ Дзӕнӕты». Йесойӕн йӕ бон уыд уыцы фыдгӕнӕгӕн ӕнӕуи зӕгъын, зӕгъгӕ, Адӕймаджы Фырт уый тыххӕй ӕрцыд, цӕмӕй йӕ уд ратта бирӕты балхӕныны тыххӕй (Матф. 20:28). Фӕлӕ дӕ хъус ӕрдардтай, Йесо йын куыд фӕлмӕнӕй бамбарын кодта, йӕ цард нывондӕн уый тыххӕй дӕр кӕй ӕрхаста? Йесо йын загъта, «уыдзынӕ мемӕ», зӕгъгӕ, ӕмӕ уыцы ныхӕстӕй равдыста, хӕлар зӕрдӕ йӕм кӕй дардта. Стӕй ма йын бӕлвырдӕй загъта, цы арфӕдзинадӕй схайджын уыдзӕн, уый тыххӕй дӕр – цӕрдзӕн зӕххыл дзӕнӕты.

Йесойы фӕндыд, цӕмӕй уыцы нӕлгоймаг бамбӕрстаид, йӕ нывонд уымӕн дӕр стыр пайда кӕй ӕрхӕсдзӕн. Уыцы фыдгӕнӕгӕн уӕд фадат нал уыд, цӕмӕй Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг суыдаид ӕмӕ Хуыцауӕн лӕггад кодтаид. Ӕмӕ кӕд Йесо уыцы фыдгӕнӕгмӕ ахӕм зӕрдӕ дардта, уӕд, донаргъуыд чи райста ӕмӕ Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны, уыцы чырыстӕттӕм та ахӕм зӕрдӕ куыннӕ хъуамӕ дара. Кӕд раздӕр цавӕрдӕр тӕригъӕдтӕ арӕзтай, уӕддӕр дӕ фидарӕй цӕй фӕрцы уырндзӕн, Йесойы нывонд дӕуӕн дӕр пайда кӕй ӕрхӕсдзӕн, уый?

ПАВЕЛӔН ЦЫ БАХХУЫС КОДТА?

Йесо Павелӕн хъусын кӕнын кӕй бахӕс кодта, уый фӕрцы Павел ӕмбӕрста, Чырыстийы нывонд уый тыххӕй дӕр кӕй ӕрцыд хаст. Павел ныффыста: «Ӕз тынг бузныг дӕн нӕ Хицау Йесо Чырыстийӕ, хъару мын чи радта, уымӕй. Уый мӕ сӕвӕрдта лӕггадгӕнӕгӕй, ӕмӕ мӕ афтӕмӕй иузӕрдионыл банымадта, кӕд кӕддӕр Хуыцауы фаудтон, йӕ адӕмы йын ӕфхӕрдтон ӕмӕ ӕдзӕсгом адӕймаг уыдтӕн, уӕддӕр» (1 Тим. 1:12–14). Йесо йын йӕ бӕрны ахӕм хъуыддаг кӕй бакодта, уый йын дзурӕг уыд йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинадыл, стӕй йӕ кӕй уарзта ӕмӕ йыл кӕй ӕууӕндыд, ууыл. Йесо махӕн дӕр бахӕс кодта хъусын кӕнын (Матф. 28:19, 20). Йесо дын уыцы хъуыддаг кӕй бахӕс кодта, уый дӕуӕн та цӕуыл дзурӕг у?

Альберт ӕмбырдӕй цух уыд 34 азы бӕрц. Уый ӕрӕджы фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕхт, ӕмӕ мӕнӕ цы зӕгъы: «Мӕ тӕригъӕдтӕ ӕдзухдӕр мӕ разы сты. Фӕлӕ уацамынды куы вӕййын, уӕд ӕй фембарын, уыцы лӕггад мын Йесо йӕхӕдӕг кӕй бахӕс кодта, апостол Павелӕн ӕй куыд бахӕс кодта, афтӕ. Уый фӕрцы мӕ ныфсыл ныфс бафты, стӕй мӕхимӕ ӕмӕ мӕ цардмӕ раст цӕстӕй кӕсын ӕмӕ мӕ ӕнусон цардӕй ис фидар ныфс» (Пс. 51:3).

Мах Библи фӕахуыр кӕнӕм алыхуызон адӕмимӕ, ӕмӕ-иу сын хъуамӕ ӕмбарын кӕнӕм, Йесо сӕм фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у ӕмӕ сӕ кӕй уарзы

Аллан цалынмӕ рӕстдзинад нӕ базыдта, уӕдмӕ ӕвзӕр фӕндагыл лӕуд уыд ӕмӕ уыди тынг ӕгъатыр адӕймаг. Уый зӕгъы: «Ныр дӕр ма ӕрхъуыды кӕнын, адӕмӕн цас цыдӕртӕ бавзарын кодтон, уый. Ӕмӕ хатгай уый тыххӕй мӕхимӕ ныхъхъусын. Фӕлӕ Йегъовӕйӕн бузныг фӕзӕгъын, мӕнӕн, ахӕм тӕригъӕдджын адӕймагӕн, фадат кӕй дӕтты, цӕмӕй иннӕтӕн хорз хабар хъусын кӕнон. Уацамынды мӕм исчи хорз куы байхъусы, уӕд та йӕ ногӕй бамбарын, Йегъовӕ ӕцӕгдӕр куыд хорз Хуыцау у ӕмӕ адӕмы куыд тынг уарзы. Уӕд ахъуыды кӕнын, зӕгъгӕ, ӕвӕццӕгӕн, Йегъовӕ мӕн уылты ӕххуыс кӕны, мӕн хуызӕн фыдгӕнӕг чи уыд, уыдонӕн».

Хорз хабар куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд фӕаразӕм хорздзинад ӕмӕ нӕ хъуыдытӕ вӕййынц хорз цӕуылдӕрты. Уый фӕрцы ӕмбарӕм, Йесо нӕм фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у, стӕй нӕ кӕй уарзы ӕмӕ ныл кӕй ӕууӕнды.

ЙЕГЪОВӔ НӔ ЗӔРДӔТӔЙ СТЫРДӔР У

Цалынмӕ Хӕйрӕджы фыддуне сӕфт не ’рцӕуа, уӕдмӕ ныл, гӕнӕн ис, нӕ зӕрдӕ нӕ раздӕры тӕригъӕдты тыххӕй худа. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ахӕм хъуыдытимӕ ӕмӕ ӕнкъарӕнтимӕ тох кӕнӕм?

Кӕд Джин ӕрыгонӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кодта, уӕддӕр уыцы иу рӕстӕг ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ дӕр арӕзта. Ӕмӕ йӕ уый тыххӕй ныр дӕр ма йӕ цӕсгом фӕхӕры. Фӕлӕ Джин зӕгъы: «„Хуыцау нӕ зӕрдӕтӕй стырдӕр“ кӕй у, уый мын стыр ныфсы хос у» (1 Иоан. 3:19, 20). Йегъовӕ ӕмӕ Йесо ӕмбарынц, тӕригъӕдджын кӕй стӕм. Ӕмӕ уый куы нӕ рох кӕнӕм, уӕд-иу мах дӕр удӕнцой ссардзыстӕм. Йегъовӕ ӕмӕ Йесо сӕ уарзондзинад хъуыддагӕй равдыстой. Ӕмӕ дӕ рох ма уӕд, Чырыстийы нывонд ӕххӕст адӕмы тыххӕй кӕй не ’рцыд хаст, фӕлӕ, йе ’взӕр хъуыддӕгтыл чи ’рфӕсмон кӕны, уыцы тӕригъӕдджынты тыххӕй (1 Тим. 1:15).

Йесо зӕххыл лӕггадгӕнгӕйӕ ӕнӕххӕст адӕммӕ цы зӕрдӕ дардта, ууыл лӕмбынӕг куы хъуыды кӕнай, стӕй дын кӕй бахӕс кодта, уыцы хъуыддаджы зӕрдиагӕй куы архайай, уӕд дӕ зӕрдӕ ӕууӕндын кӕндзынӕ, Йесо йӕ цард дӕу тыххӕй дӕр кӕй радта, ууыл. Афтӕ куы кӕнай, уӕд дӕ бон уыдзӕн Павелау зӕгъын: «Йесо мӕ бауарзта ӕмӕ мӕн тыххӕй йӕ цард радта».