Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

40 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

«Фӕстаг бонтӕн» сӕ фӕстаг бонты Хуыцауы хъуыддаджы бирӕ фыдӕбон кӕнут

«Фӕстаг бонтӕн» сӕ фӕстаг бонты Хуыцауы хъуыддаджы бирӕ фыдӕбон кӕнут

«Ут фидар ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ, ӕдзухдӕр бирӕ фыдӕбон кӕнут Хицауы хъуыддаджы» (1 КОР. 15:58).

58 ЗАРӔГ Агурӕм фарнуарзаг адӕмы

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Кӕцӕй йӕ зонӕм, «фӕстаг бонты» кӕй цӕрӕм, уый?

КӔД 1914 азы фӕстӕ райгуырдтӕ, уӕд дӕ цард ӕнӕхъӕнӕй дӕр арвыстай ацы дунейы «фӕстаг бонты» цӕргӕйӕ (2 Тим. 3:1). Йесо дзырдта, нӕ рӕстӕджы цы хабӕрттӕ цӕудзӕн, уыдоны тыххӕй. Ӕмӕ уыцы хабӕртты кой махӕй алчидӕр фехъуыста. Уыдонмӕ хауынц хӕстытӕ, зӕххӕнкъуыстытӕ, фыднизтӕ, адӕм хӕринагхъуаг кӕй ӕййафынц, фыдхъуыддӕгтӕ кӕй сарӕх сты ӕмӕ Йегъовӕйы адӕм ӕфхӕрд кӕй ӕййафынц, уый (Матф. 24:3, 7–9, 12; Лук. 21:10–12). Стӕй ма уынӕм, апостол Павел адӕмы тыххӕй цы дзырдта, уый дӕр кӕй ӕххӕст кӕны. (Кӕс рамкӕ « Абон адӕм цыхуызӕн сты».) Мах, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты, фидарӕй уырны, «фӕстаг бонты» кӕй цӕрӕм, уый (Мих. 4:1).

2. Цавӕр фарстатӕн нӕ хъӕуы дзуапп базонын?

2 1914 азӕй ныр бирӕ рӕстӕг рацыд. Ӕмӕ зӕгъӕн ис, мах цӕрӕм «фӕстаг бонтӕн» сӕ фӕстаг бонты. Ацы дунейӕн йӕ кӕрон тынг хӕстӕг у, ӕмӕ нӕ хъӕуы ахӕм ахсджиаг фарстатӕн дзуапп базонын: «фӕстаг бонты» кӕрон цавӕр хабӕрттӕ ’рцӕудзӕн? Ӕмӕ, цалынмӕ уыцы хабӕрттӕ не ’рцӕуой, уӕдмӕ Йегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ цы хъуамӕ аразӕм?

«ФӔСТАГ БОНТЫ» КӔРОН ЦАВӔР ХАБӔРТТӔ ’РЦӔУДЗӔН?

3. 1 Фессалоникӕгтӕм 5:1–3 стихты цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ хицӕуттӕ цы фехъусын кӕндзысты?

3 Бакӕс 1 Фессалоникӕгтӕм 5:1–3. Ам Павел кӕны «Йегъовӕйы боны» кой. Ӕмӕ, ацы скъуыддзаджы уыцы «бон» цы рӕстӕгмӕ амоны, уый райдайдзӕн, хицауӕдтӕ сӕхи «Стыр Вавилоныл», ома мӕнг динтыл се ’ппӕтыл дӕр, куы ныццӕвой, уымӕй, ӕмӕ фӕуыдзӕн Армагеддонӕй (Рарг. 16:14, 16; 17:5). Уыцы «боны» хӕдразмӕ хицӕуттӕ фехъусын кӕндзысты «сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад!». Алы бӕстӕты хицӕуттӕ иуӕй-иу хатт ахӕм ныхӕстӕ фӕзӕгъынц, бӕстӕты ’хсӕн ахастдзинӕдтӕ банывыл кӕныны кой куы фӕкӕнынц, уӕд *. Фӕлӕ, Библи цӕй кой кӕны, зӕгъгӕ, «сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад!» фехъусын кӕндзысты, уыцы хабар бынтон ӕндӕрхуызон уыдзӕн. Цӕмӕн? Уыцы ныхӕстӕ куы сӕххӕст уой, уӕд адӕмӕй бирӕтӕ хъуыды кӕндзысты, ӕмӕ хицауӕдтӕн бантыст зӕххыл сабырдӕр ӕмӕ ӕдасдӕр цард скӕнын. Фӕлӕ ӕцӕгӕй та «стыр бӕллӕхы» уыцы хицауӕдтӕн «ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрцӕудзӕн се сӕфт» (Матф. 24:21).

Хицӕуттӕ «сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад» куы фехъусын кӕной, уӕд-иу дӕ уыцы ныхӕстӕ ма фӕсайӕнт (кӕс 3–6 абзацтӕ) *

4. а) «Сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад», зӕгъгӕ, кӕй фехъусын кӕндзысты, уый тыххӕй цы нӕ зонӕм? б) Уыцы хабары тыххӕй ныртӕккӕ цы зонӕм?

4 Мах ӕй нӕ зонӕм, хицӕуттӕ «сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад» цӕмӕ гӕсгӕ фехъусын кӕндзысты ӕмӕ йӕ куыд фехъусын кӕндзысты. Стӕй нӕ зонӕм, ӕрмӕстдӕр ӕй иу хатт фехъусын кӕндзысты ӕви цалдӕр хатты. Фӕлӕ иу хъуыддаг зонӕм бӕлвырд: ацы дунейы хицӕуттӕн нӕ бантысдзӕн зӕххыл сабыр ӕмӕ ӕдас цард скӕнын, ӕмӕ нӕ сӕ ныхӕстӕ хъуамӕ ма фӕсайой. Фӕлӕ, Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй хъуамӕ цырддзаст уӕм, цӕмӕй-иу бамбарӕм, уыцы пехуымпарад ӕххӕст кӕнын кӕй райдыдта. Уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ «Йегъовӕйы бон» мӕнӕ-мӕнӕ райдайдзӕн!

5. 1 Фессалоникӕгтӕм 5:4–6 стихтӕ нын куыд ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй «Йегъовӕйы бонмӕ» цӕттӕ уӕм?

5 Бакӕс 1 Фессалоникӕгтӕм 5:4–6. Павелы ныхӕстӕй нӕ бон у базонын, цы нӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй «Йегъовӕйы бонмӕ» цӕттӕ уӕм. Мах хъуамӕ «иннӕты хуызӕн фынӕй ма кӕнӕм», фӕлӕ хъуамӕ уӕм «цырддзаст». Зӕгъӕм, хъуамӕ политикӕимӕ баст хъуыддӕгтӕй нӕхи хизӕм, кӕннод афтӕ нал уыдзӕн зӕгъӕн, ӕмӕ «ацы дунейӕ не стӕм» (Иоан. 15:19). Мах ӕй зонӕм, ӕгас зӕххыл дӕр сабыр цард ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахад кӕй скӕндзӕн.

6. Адӕмӕн нӕ цавӕр хъуыддаджы фӕнды баххуыс кӕнын ӕмӕ цӕмӕн?

6 Нӕхӕдӕг цырддзаст кӕй стӕм, уымӕй уӕлдай ма нӕ фӕнды иннӕтӕн дӕр ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй «райхъал уой», ома базоной, Библимӕ гӕсгӕ нӕ рӕстӕджы цавӕр хабӕрттӕ хъуамӕ цӕуа, уыдоны тыххӕй. Рох нӕ ма уӕд: стыр бӕллӕх куы райдайа, уӕд адӕмӕн нал уыдзӕн фадат Йегъовӕйы фӕндагыл ӕрлӕууынӕн. Ӕмӕ нӕ уый тыххӕй хъӕуы ныртӕккӕ ӕвӕстиатӕй хъусын кӕнын! *

ЗЫНГЗӔРДӔЙӔ ХЪУСЫН КӔН

Хорз хабар куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд адӕмӕн равдисӕм, ӕгас зӕххыл дӕр сабыр ӕмӕ ӕдас цард ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахад кӕй скӕндзӕн (кӕс 7–9 абзацтӕ)

7. Йегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ ныртӕккӕ цы хъуамӕ аразӕм?

7 Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй, йӕ «бонмӕ» ма цы гыццыл рӕстӕг баззад, уыцы рӕстӕг хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнӕм. Хъуамӕ «ӕдзухдӕр бирӕ фыдӕбон кӕнӕм Хицауы хъуыддаджы» (1 Кор. 15:58). Фӕстаг бонты цы ахсджиаг хабӕрттӕ цӕудзӕн, Йесо уыдоны кой куы кодта, уӕд загъта, цы куыст кӕндзыстӕм, уый тыххӕй дӕр: «Зӕгъын ма уын уый дӕр, ӕмӕ уал раздӕр хъуамӕ хорз хабар ӕппӕт адӕмтӕн дӕр хъуыстгонд ӕрцӕуа» (Мар. 13:4, 8, 10; Матф. 24:14). Ахъуыды-ма кӕн: хъусын кӕнынмӕ куы ацӕуыс, уӕд алы хатт дӕр феххӕст кӕныс ацы пехуымпарад!

8. Цӕмӕй у бӕрӕг, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъуыстгонд ӕнтыстджынӕй кӕй цӕуы?

8 Цымӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъуыстгонд ӕнтыстджынӕй цӕуы? Алы аз дӕр уыцы хабар ноджы фылдӕр адӕм фехъусы. Фӕстаг бонты ӕгас зӕххыл дӕр хъусынгӕнджыты нымӕцыл цас бафтыд, ууыл-ма ахъуыды кӕнӕм. 1914 азы 43 бӕстӕйы уыди 5 155 хъусынгӕнӕджы. Абон та 240 бӕстӕйы хъусынгӕнджытӕ сты 8,5 милуаны бӕрц! Фӕлӕ уӕддӕр нӕ куыст нӕма фӕци. Хъуамӕ дарддӕр дӕр хъусын кӕнӕм, адӕмы ӕппӕт зындзинӕдтӕн дӕр кӕрон ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахад кӕй скӕндзӕн (Пс. 145:11–13).

9. Дарддӕр дӕр цӕмӕн хъуамӕ хъусын кӕнӕм?

9 Хорз хабар хъуыстгонд цӕудзӕн, Йегъовӕ кӕдмӕ зӕгъа, уӕдмӕ. Адӕмӕн ма цас рӕстӕг баззад Йегъовӕ Хуыцауы ӕмӕ Йесо Чырыстийы базонынӕн? (Иоан. 17:3). Мах уый нӕ зонӕм. Фӕлӕ йӕ зонӕм, ӕмӕ цалынмӕ стыр бӕллӕх нӕ райдыдта, уӕдмӕ, «ӕнусон царды фӕндагыл цӕуын кӕй фӕнды», уыдонӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бон кӕй у хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ айсын ӕмӕ Йегъовӕйы фӕндагыл ӕрлӕууын (Хъуыд. 13:48). Нӕ бон куыд у уыцы адӕмӕн баххуыс кӕнын, цалынмӕ ма рӕстӕг ис, уӕдмӕ?

10. Йегъовӕ нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй адӕмӕн рӕстдзинад амонӕм?

10 Йегъовӕ нын йӕ организацийы уылты дӕтты, адӕмӕн рӕстдзинад амонынӕн цыдӕриддӕр хъӕуы, уый. Зӕгъӕм, «Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад» чи хуыйны, уыцы фембӕлды алы къуыри дӕр ахуыр кӕнӕм ӕнтыстджынӕй хъусын кӕнын. Вӕййы дзы уынаффӕтӕ нӕ лӕггады фӕдыл: куыд ис адӕмимӕ ныхас райдайӕн, цы сын вӕййы зӕгъӕн, ногӕй сӕ куы бабӕрӕг кӕнӕм, уӕд, стӕй куыд ис Библийы ахуыртӕ уадзӕн. Йегъовӕйы организаци ма нын радта алыхуызон кусӕнгӕрзтӕ иннӕты ахуыр кӕнынӕн. Уыцы кусӕнгӕрзтӕ нын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй-иу...

  • адӕмимӕ ныхас райдайӕм;

  • адӕмимӕ афтӕ ныхас кӕнӕм, цӕмӕй сӕм цымыдисаг кӕса, цы сын дзурӕм, уый;

  • адӕмӕн дарддӕр ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй-иу сӕ фылдӕр базонын бафӕнда;

  • адӕмимӕ Библи арӕхстджынӕй ахуыр кӕнӕм;

  • фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уыдонӕн нӕ сайтмӕ бацамонӕм ӕмӕ сӕ ӕмбырдтӕм фӕхонӕм.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ахӕм кусӕнгӕрзтӕ нӕм кӕй ис, уый хорз у. Фӕлӕ ма сӕ хъуамӕ архайгӕ дӕр кӕнӕм *. Зӕгъӕм, дзӕбӕх кӕимӕ аныхас кодтам, ахӕм адӕймагӕн буклет кӕнӕ журнал куы ныууадзӕм, уӕд ын уыдзӕн, цы кӕса, уый, цалынмӕ йӕм ногӕй не ’рбацӕуӕм, уӕдмӕ. Махӕй алкӕмӕн дӕр йӕ хӕс у алы мӕй дӕр, йӕ бон цас у, уыйбӕрц Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнын.

11. Онлайн-курс Библи ахуыр кӕнынӕн цӕмӕн ӕрцыд арӕзт?

11 Йегъовӕ адӕмӕн рӕстдзинад базонынӕн цы мадзӕлтты фӕрцы ӕххуыс кӕны, уыдонӕй иу у Онлайн-курс Библи ахуыр кӕнынӕн *. Ис сайты jw.org®. Ацы курс цӕмӕн ӕрцыд арӕзт? Алы мӕй дӕр алы бӕстӕты мингай адӕм интернеты фӕагурынц, Библи хуыздӕр кӕй фӕрцы ис базонӕн, ахӕм курсытӕ. Ӕмӕ, нӕ сайты цы курс ис, уый фӕрцы сӕ бон у Хуыцауы Ныхасӕй цыдӕртӕ базонын. Уымӕй уӕлдай, кӕимӕ фӕныхас кӕнӕм, уыдонӕй иуӕй-иуты нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй сӕм исчи цӕуа ӕмӕ семӕ Библи ахуыр кӕна. Ӕмӕ ахӕм адӕмӕн ис нӕ сайты уыцы курс равдисӕн, кӕд гӕнӕн уа, уӕд.

12. Адӕймагӕн йӕ бон цы у нӕ онлайн-курсӕй базонын?

12 Нӕ онлайн-курсы цы уроктӕ ис, уыдонӕй базонӕн ис Библийы ӕмӕ йӕ Авторы тыххӕй, Библийы кӕй кой ис, уыдонӕй кӕйдӕрты тыххӕй ӕмӕ, Библи адӕмӕн ныфс цӕмӕй ӕвӕры, уый тыххӕй. Уыцы уроктӕ ахуыргӕнгӕйӕ адӕймаг базондзӕн:

  • Библи адӕймагӕн куыд ӕххуыс кӕны;

  • чи сты Йегъовӕ, Йесо Чырысти ӕмӕ зӕдтӕ;

  • Хуыцау адӕмы цӕмӕн сфӕлдыста;

  • адӕм зындзинӕдтӕ цӕмӕн ӕвзарынц ӕмӕ фыддзинад цӕмӕн ис.

Уымӕй уӕлдай ма дзы дзырд цӕуы, Йегъовӕ...

  • зындзинӕдтӕн ӕмӕ мӕлӕтӕн кӕрон куыд скӕндзӕн;

  • чи амард, уыдоны куыд райгас кӕндзӕн;

  • кӕмӕн ницы рауад, уыцы зӕххон хицауӕдтӕ Хуыцауы Паддзахадӕй куыд баивдзӕн.

13. Адӕймаг онлайн-курс куы рацӕуа, уӕд дӕр ма йемӕ хъӕудзӕн Библи ахуыр кӕнын? Бамбарын ӕй кӕн.

13 Кӕд адӕймаг онлайн-курс рацыд, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ йемӕ Библи ахуыр кӕнын нал хъӕуы. Йесо нын бахӕс кодта кадджын хъуыддаг – ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын. Онлайн-курс арӕзт ӕрцыд, цӕмӕй-иу адӕймаг йӕхӕдӕг уроктӕм ӕркӕса. Ӕмӕ, цы базона, уый йӕ зӕрдӕмӕ куы фӕцӕуа, уӕд ӕй бафӕнддзӕн фылдӕр базонын. Ӕмӕ уӕд, чи зоны, сразы уа Библи ахуыр кӕныныл дӕр. Алы урокы кӕрон дӕр фыст ис, адӕймагӕн йӕ бон кӕй у курдиат байдзаг кӕнын, цӕмӕй йемӕ исчи Библи ахуыр кӕна. Нӕ сайты уылты алы бон дӕр нӕ организацимӕ алы бӕстӕтӕй ӕрбарвитынц 230 курдиаты бӕрц! Адӕймагимӕ исчи Библи ахуыр кӕна, уый тынг ахсджиаг у!

ДАРДДӔР ДӔР АХУЫРГӔНИНӔГТӔ ЦӔТТӔ КӔН

14. Матфейы 28:19, 20 стихты Йесо цы бафӕдзӕхста, уымӕ гӕсгӕ ӕппӕт тыхтӕй цӕуыл архайӕм ӕмӕ цӕмӕн?

14 Бакӕс Матфейы 28:19, 20. Хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнӕм. Библийы ахуыртӕ уадзгӕйӕ хъуамӕ адӕмы ахуыр кӕнӕм, Йесо цы бафӕдзӕхста, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын. Хъуамӕ сын ӕмбарын кӕнӕм, тынг ахсджиаг кӕй у, цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдайой. Уый тыххӕй та сӕ хъӕуы, цы базонынц, сӕ цард уымӕ гӕсгӕ аразын, сӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнын ӕмӕ донаргъуыд райсын. Ӕрмӕстдӕр афтӕмӕй фервӕздзысты, Йегъовӕйы бон куы ’рцӕуа, уӕд (1 Пет. 3:21).

15. Рӕстӕг нын цӕмӕн нӕй ӕмӕ цӕуылнӕ?

15 Раздӕр куыд загътам, афтӕмӕй ацы дунейы кӕронмӕ тынг гыццыл баззад. Уымӕ гӕсгӕ нын уыйбӕрц рӕстӕг нӕй, цӕмӕй Библи дарддӕр ахуыр кӕнӕм, Йегъовӕйы фӕндагыл ӕрлӕууынвӕнд чи нӕ кӕны, уыдонимӕ (1 Кор. 9:26). Мах хъӕуы ӕвӕстиатӕй архайын! Цалынмӕ рӕстӕг ис, уӕдмӕ нырма дзӕвгар адӕмӕн хъӕуы Хуыцауы Паддзахады тыххӕй фехъусын кӕнын.

МӔНГ ДИНТИМӔ ДЫН ИУМӔЙАГӔЙ МАЦЫ УӔД

16. Раргомады 18:2, 4, 5, 8 стихтӕм гӕсгӕ, не ’ппӕты дӕр цы хъӕуы аразын? (Кӕс ма фиппаинаг дӕр.)

16 Бакӕс Раргомад 18:2, 4, 5, 8. Ацы стихтӕй базонӕн ис, Йегъовӕ ма йӕ лӕггадгӕнджытӕн ноджыдӕр цы фӕдзӕхсы, уый. Ӕцӕг чырыстӕттӕн хъуамӕ сӕ цардӕй бӕрӕг уа, Стыр Вавилонимӕ сын иумӕйагӕй ӕппындӕр кӕй ницы ис. Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уый раздӕр, чи зоны, мӕнг динтӕй кӕцыдӕрыл хӕст уыд. Чи зоны, арӕх цыди аргъуанмӕ ӕмӕ йын йӕ хъуыддӕгты архайдта, стӕй мысайнӕгтӕ дӕр лӕвӕрдта. Ӕмӕ, цалынмӕ ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕг суа, уӕдмӕ йын хъуамӕ мӕнг динимӕ иумӕйагӕй мацыуал уа. Хъуамӕ равдиса, уыцы диныл хӕст кӕй нал у кӕнӕ Стыр Вавилонимӕ баст организацитӕй иуы дӕр кӕй нал ис, уый. Уый тыххӕй йӕ хъӕуы уыцы аргъуанмӕ кӕнӕ уыцы организацимӕ писмо ныффыссын кӕнӕ та ӕндӕр хуызы равдисын, йемӕ йын иумӕйагӕй кӕй ницыуал ис *.

17. Ӕцӕг чырыстӕттӕ цавӕр куыстыл не сразы уыдзысты ӕмӕ цӕуылнӕ?

17 Ӕцӕг чырыстӕттӕ куыст ӕвзаргӕйӕ дӕр хъуамӕ къӕрцхъус уой, цӕмӕй, цы куыст кӕнынц, уый Стыр Вавилонимӕ баст ма уа (2 Кор. 6:14–17). Цӕвиттон, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн аргъуанмӕ куыстмӕ нӕ бацӕудзӕн. Кӕнӕ та, зӕгъӕм, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕцыдӕр организацийы кусы, ӕмӕ йӕ йӕ хицау цавӕрдӕр куыст бакӕнынмӕ аргъуанмӕ ӕрвиты. Уым ӕй дзӕвгар рӕстӕг ӕрвитын куы бахъӕуа, уӕд ахӕм куыстыл не сразы уыдзӕн. Ӕмӕ кӕд цавӕрдӕр куыстуаты хицау йӕхӕдӕг у, уӕд, Стыр Вавилонмӕ чи хауы, уыцы организацитӕй иуимӕ дӕр нӕ баныхас кӕндзӕн, цӕмӕй сын исты куыстытӕ бакӕна. Ацы хъуыддагмӕ ахӕм цӕстӕй цӕмӕн кӕсӕм? Уымӕн ӕмӕ нӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй, Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг чи нӕу, уыцы динты хъуыддӕгты архайӕм ӕмӕ сӕ тӕригъӕдты аххосджын уӕм (Ис. 52:11) *.

18. Иу ӕфсымӕр куыстимӕ баст фарста Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куыд аскъуыддзаг кодта?

18 Цалдӕр азы размӕ иу хистӕр нӕлгоймагыл ахӕм хабар ӕрцыд. Уый кодта хъӕддӕсныйы куыст. Ӕмӕ, арӕзтадимӕ баст куыстытӕ чи кодта, иу ахӕм нӕлгоймаг ӕй хъавыд баххуырсынмӕ. Сӕ горӕты иу аргъуаны хъуыди цыдӕр саразын. Уыцы нӕлгоймаг зыдта, не ’фсымӕр кӕй никуы сразы аргъуанты исты куыстытӕ кӕныныл. Фӕлӕ ацы хатт йӕ бон ӕндӕр никӕй уыди ссарын. Не ’фсымӕр Библийы уагӕвӕрдты сӕрты нӕ ахызт ӕмӕ уыцы куыстыл не сразы. Иннӕ къуыри бынӕттон газеты ныммыхуыр кодтой ӕндӕр хъӕддӕсныйы къам. Къамы уыд, аргъуаныл крест куыд фидар кӕны, уый. Гъеныр не ’фсымӕр фидар куы нӕ фӕлӕууыдаид ӕмӕ уыцы куыстыл куы сразы уыдаид, уӕд газеты уый къам ныммыхуыр кодтаиккой. Ӕмӕ йын уӕд хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты ’хсӕн цавӕр ном уыдаид? Ахъуыды-ма кӕн, Йегъовӕ та уымӕ цы цӕстӕй ракастаид!

ЦЫ БАЗЫДТАМ?

19, 20. а) Ацы статьяйӕ цы базыдтам? б) Ноджыдӕр ма цы базондзыстӕм?

19 Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй тагъд хицӕуттӕ фехъусын кӕндзысты, «сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад», зӕгъгӕ. Йегъовӕйы фӕрцы йӕ зонӕм, хицауӕдтӕн кӕй нӕ бантысдзӕн ӕгас зӕххыл дӕр сабыр ӕмӕ ӕдас цард скӕнын. Цалынмӕ уыцы хабар не ’рцыд ӕмӕ стыр бӕллӕх нӕ райдыдта, уӕдмӕ цы хъуамӕ аразӕм? Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй дарддӕр дӕр Хуыцауы Паддзахады тыххӕй зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнӕм ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнӕм. Стӕй нын мӕнг динтимӕ иумӕйагӕй хъуамӕ ӕппындӕр мацы уа. Ома хъуамӕ равдисӕм, раздӕр цы диныл хӕст уыдыстӕм, уыимӕ нӕ ӕппындӕр кӕй ницыуал бӕтты. Ӕмӕ, цы куыст кӕнӕм, уый дӕр хъуамӕ Стыр Вавилонимӕ баст ма уа.

20 «Фӕстаг бонты» кӕрон ма ноджыдӕр цавӕр хабӕрттӕ ’рцӕудзӕн ӕмӕ нын Йегъовӕ ноджыдӕр цы бафӕдзӕхста? Стӕй нӕ бон куыд у нӕхи бацӕттӕ кӕнын, тагъд цы хабӕрттӕ ’рцӕудзӕн, уыдонмӕ? Уыдӕттӕ базондзыстӕм иннӕ статьяйӕ.

71 ЗАРӔГ Мах стӕм Йегъовӕйы ӕфсад!

^ 5 абз. Тагъд хицӕуттӕ фехъусын кӕндзысты, «сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад!», зӕгъгӕ, ома сын кӕй бантыст сабыр ӕмӕ ӕдас цард скӕнын. Уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ стыр бӕллӕх мӕнӕ-мӕнӕ райдайдзӕн. Цалынмӕ «сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад!» нӕ фехъусын кӕной, уӕдмӕ цы хъуамӕ аразӕм? Уый базондзыстӕм ацы статьяйӕ.

^ 3 абз. Зӕгъӕм, Иугонд Нациты Организацийы сайты фыст ис, уыцы организаци кӕй «архайы, цӕмӕй ӕгас зӕххыл дӕр уа сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад».

^ 10 абз. Уыцы кусӕнгӕрзтӕй куыд ис архайӕн, уый тыххӕй фылдӕр бакӕсӕн ис 2018 азы октябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы», статьяйы «Иннӕтӕн рӕстдзинад амонут».

^ 11 абз. Ныртӕккӕ ацы курс ис англисаг ӕмӕ португайлаг ӕвзӕгтыл ӕмӕ ма фӕстӕдӕр фӕзындзӕн ӕндӕр ӕвзӕгтыл дӕр.

^ 16 абз. Кӕмдӕрты, динимӕ баст чи сты, ахӕм организацитӕ скӕнынц ирхӕфсӕн ӕмӕ фӕлладуадзӕн бынӕттӕ, зӕгъӕм, спортзалтӕ, бассейнтӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм бынӕттӕ. Ӕмӕ кӕд уыцы организацитӕ нӕ фӕсӕттынц, цавӕрдӕр динимӕ баст кӕй сты, уӕддӕр ӕцӕгӕй сӕ нысан вӕййы динимӕ баст ӕмӕ фӕхъарынц дины ахуырӕдтӕ. Ӕмӕ чырыстӕттӕ хъуамӕ ахӕм организацитимӕ дӕр баст ма уой.

^ 17 абз. Динтимӕ баст куыстмӕ Библимӕ гӕсгӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм, уый тыххӕй фылдӕр дзырд цӕуы 1999 азы 15 апрелы «Сторожевая башня»-йы, рубрикӕйы «Вопросы читателей».

^ 83 абз. НЫВ. Ног хабӕртты радзырдтой, хицӕуттӕ «сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад» кӕй фехъусын кодтой, уый тыххӕй, ӕмӕ адӕм кафейы дисгӕнгӕ хъусынц. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, лӕг ӕмӕ ус, уацамынды рӕстӕг гыццыл баулӕфынмӕ уыцы кафемӕ бауадысты. Уыдоны уыцы ныхӕстӕ нӕ фӕсайдтой.