Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

44 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Цалынмӕ кӕрон не ’рцыд, уӕдмӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ ноджы ӕнгомдӕр кӕн

Цалынмӕ кӕрон не ’рцыд, уӕдмӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ ноджы ӕнгомдӕр кӕн

«Ӕцӕг ӕмбал алкӕддӕр уарзы» (ӔМБ. 17:17).

101 ЗАРӔГ Иумӕ лӕггад кӕнӕм

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

«Стыр бӕллӕхы» рӕстӕг нӕ хорз ӕмбӕлттӕ тынг хъӕудзӕн (кӕс 2 абзац) *

1, 2. 1 Петры 4:7, 8 стихтӕм гӕсгӕ, зындзинӕдтӕ цӕй фӕрцы сфӕраздзыстӕм?

АЦЫ «фӕстаг бонтӕн» сӕ кӕрон хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кӕй кӕны, уымӕ гӕсгӕ, гӕнӕн ис, сӕмбӕлӕм уӕззау фӕлварӕнтыл (2 Тим. 3:1). Зӕгъӕм, Африкӕйы иу бӕстӕйы ӕвзӕрстыты фӕстӕ райдыдтой змӕстытӕ. Ӕхсӕз мӕйӕ фылдӕр нӕ хотӕн ӕмӕ не ’фсымӕртӕн сӕ бон нӕ уыд сӕрибарӕй рацу-бацу кӕнын, уымӕн ӕмӕ адӕм тынг знӕт уыдысты ӕмӕ никӕуыл ауӕрстой. Уыцы зындзинӕдтӕ цӕй фӕрцы сфӕрӕзтой? Ӕдасдӕр ран чи цард, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ сӕ иуӕй-иуты суазӕг кодтой. Иу ӕфсымӕр загъта: «Кӕд ахӕм уавӕры уыдыстӕм, уӕддӕр амондджын уыдтӕн, уымӕн ӕмӕ ме ’мбӕлттӕ мӕ фарсмӕ уыдысты. Нӕ бон уыд кӕрӕдзи фидар кӕнын».

2 «Стыр бӕллӕх» куы райдайа, уӕд нӕ не ’мбӕлтты ӕххуыс тынг хъӕудзӕн (Рарг. 7:14). Уӕдӕ ахсджиаг у ныр архайын, цӕмӕй не ’мбӕлттимӕ ӕнгомдӕр суӕм. (Бакӕс 1 Петры 4:7, 8.) Йеремийы хабарӕй нӕ бон бирӕ цыдӕртӕ у зондӕн райсын. Иерусалим куы нӕма ныппырх кодтой, уӕд ын йе ’мбӕлттӕ баххуыс кодтой, цӕмӕй аирвӕзтаид *. Йереми нын фӕзминаг цӕмӕй у?

ЙЕРЕМИЙЫ ЦӔВИТТОНӔЙ АХУЫР КӔНУТ

3. а) Йереми цавӕр адӕмы ’хсӕн цард? б) Йереми йӕ писыр Варухӕн цы радзырдта ӕмӕ уый сӕ дыууӕйӕн дӕр цы пайда фӕци?

3 Цыппор азы кӕнӕ фылдӕр Йереми цард, Хуыцауыл иузӕрдион чи нӕ уыд, ахӕм адӕмы ’хсӕн. Ӕмӕ йӕ райгуырӕн горӕт Анафофы дӕр йӕ сыхӕгтӕ, стӕй, ӕвӕццӕгӕн, йӕ хиуӕттӕй дӕр чидӕртӕ Хуыцауыл сӕ зӕрдӕ сивтой (Йер. 11:21; 12:6). Фӕлӕ уӕддӕр Йереми иннӕтӕй йӕхи дард нӕ ласта. Зӕгъӕм, йӕ иузӕрдион писыр Варухӕн радзырдта, йӕ зӕрдӕйы цы уыд, уый. Цавӕр ӕнкъарӕнтӕ йӕм уыд, уый мах дӕр зонӕм, уымӕн ӕмӕ уый тыххӕй йӕ чиныджы ныффыста (Йер. 8:21; 9:1; 20:14–18; 45:1). Йеремийыл цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдон Варух куы фыста, уыцы рӕстӕг тынг ӕнгом систы, стӕй кӕрӕдзийӕн тынг аргъ кодтой (Йер. 20:1, 2; 26:7–11).

4. Йегъовӕ Йеремийӕн цы бахӕс кодта ӕмӕ уый фӕрцы Йереми ӕмӕ Варух хорз ӕмбӕлттӕ куыд систы?

4 Йереми бирӕ азты дӕргъы израилӕгтӕн ныфсджынӕй фӕдзӕхста, Иерусалимыл цы ’рцӕудзӕн, уый тыххӕй (Йер. 25:3). Цӕмӕй израилӕгтӕ ӕрфӕсмон кодтаиккой, уый тыххӕй Йегъовӕ Йеремийӕн тыхтоны ныффыссын кодта, цӕмӕй сӕ фӕдзӕхста, уыдӕттӕ (Йер. 36:1–4). Хуыцау Йеремийӕн ӕмӕ Варухӕн цы куыст бахӕс кодта, уый иумӕ, ӕвӕццӕгӕн, цалдӕр мӕйы кодтой, ӕмӕ уыцы рӕстӕг куыннӕ ныхас кодтаиккой, сӕ уырнындзинад сын чи бафидар кодтаид, ахӕм хабӕрттыл.

5. Варух Йеремийӕн хорз ӕмбал кӕй уыд, уый цӕмӕй уыд бӕрӕг?

5 Йереми ӕмӕ йе ’мбал Варух тыхтон фыст куы фесты, уӕд Йереми Варухӕн загъта, цӕмӕй адӕмӕн, тыхтоны цы фыст уыд, уый фехъусын кодтаид (Йер. 36:5, 6). Кӕд Варухӕн тӕссаг уыд, уӕддӕр Йеремийы ныхас сӕххӕст кодта. Ахъуыды-ма кӕн, Варух кувӕндоны кӕртмӕ куы бацыд ӕмӕ, тыхтоны цы фыст уыд, уый адӕмӕн куы бакаст, уӕд дзы Йереми куыд сӕрыстыр уыдаид (Йер. 36:8–10). Иудӕйы кънйӕзтӕ фехъуыстой, Варух цы сарӕзта, уый ӕмӕ йын загътой, цӕмӕй йӕ уыдонӕн дӕр бакастаид! (Йер. 36:14, 15). Кънйӕзтӕ сфӕнд кодтой Йеремийы ныхӕстӕ паддзах Иоакимӕн радзурын. Фӕлӕ уый размӕ Варухӕн загътой: «Ацу, ӕмӕ уӕ дыууӕ дӕр бамбӕхсут, ды дӕр ӕмӕ Йереми дӕр, цӕмӕй мачи зона, кӕм стут, уый» (Йер. 36:16–19). Ӕмӕ сӕ дзӕгъӕлы нӕ бафӕдзӕхстой!

6. Йереми ӕмӕ Варухы ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд уыдон куыд бакодтой?

6 Йереми цы ныхӕстӕ ныффыста, уый паддзах Иоаким куы фехъуыста, уӕд мӕстӕй рафыхт ӕмӕ тыхтон басыгъта. Стӕй бардзырд радта, цӕмӕй Йеремийы ӕмӕ Варухы ӕрцахстаиккой. Фӕлӕ Йереми нӕ фӕтарст. Ӕндӕр тыхтон райста, Варухмӕ йӕ радта ӕмӕ йын Йегъовӕйы ныхӕстӕ радзырдта. Ӕмӕ Варух ногӕй ныффыста, «Иудӕйы паддзах Иоаким кӕй басыгъта, уыцы тыхтоны цыдӕриддӕр фыст уыд, уый» (Йер. 36:26–28, 32).

7. Йереми ӕмӕ Варух иу куыст кӕй кодтой, уый фӕрцы ӕнгомдӕр куыд систы?

7 Зындзинӕдты рӕстӕг иумӕ фидар чи фӕлӕууы, уыдон арӕх тынг ӕнгом свӕййынц. Паддзах Иоаким кӕй басыгъта, уыцы тыхтон Йереми ӕмӕ Варух иумӕ ногӕй куы фыстой, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, кӕрӕдзи ноджы хуыздӕр базыдтой ӕмӕ ноджы хуыздӕр ӕмбӕлттӕ систы. Ацы дыууӕ иузӕрдион адӕймаджы цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

КӔРӔДЗИЙӔН-ИУ ДЗУРУТ, УӔ ЗӔРДӔЙЫ ЦЫ ИС, УЫЙ

8. Цы нӕ фӕкъуылымпы кӕны, цӕмӕй нӕхицӕн хорз ӕмбӕлттӕ скӕнӕм, фӕлӕ ууыл уӕддӕр цӕмӕн хъӕуы архайын?

8 Чи зоны нын ӕнцон нӕу, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый иннӕтӕн дзурын, чидӕр нӕ кӕй фӕхъыг кодта, уый тыххӕй (Ӕмб. 18:19, 24). Кӕнӕ нӕм, чи зоны, афтӕ кӕсы, ӕмӕ, цӕмӕй нӕхицӕн хорз ӕмбӕлттӕ скӕнӕм, уымӕн нын фаг рӕстӕг нӕй, стӕй нӕм уымӕн хъарутӕ дӕр нӕй. Фӕлӕ афтӕ хъуыды кӕнын нӕ хъӕуы, ӕмӕ уымӕн гӕнӕн нӕй. Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй зындзинӕдты рӕстӕг нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ нӕ фарсмӕ уой, уӕд хъуамӕ ныр семӕ хорз ӕмбӕлттӕ суӕм. Ӕмӕ уый тыххӕй та ахсджиаг у, цӕмӕй-иу сын, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый дзурӕм (1 Пет. 1:22).

9. а) Йесо йе ’мбӕлттыл кӕй ӕууӕндыд, уый цӕмӕй уыд бӕрӕг? б) Де ’мбӕлттимӕ ӕргом куы ныхас кӕнай, уӕд дын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй семӕ ноджы ӕнгомдӕр суай? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

9 Йесо йе ’мбӕлттыл кӕй ӕууӕндыд, уый равдыста, семӕ-иу ӕргом кӕй ныхас кодта ӕмӕ-иу сӕ кӕй ницы сусӕг кодта, уымӕй (Иоан. 15:15). Махӕн дӕр нӕ бон у Йесойау архайын – нӕ цин, нӕ сагъӕстӕ ӕмӕ нӕ мӕстытӕ не ’мбӕлттӕн дзурын. Исчи демӕ куы фӕныхас кӕны, уӕд-иу ӕм лӕмбынӕг хъус. Ӕмӕ-иу, чи зоны, фенай, уыцы адӕймаджы хуызӕн бирӕ цӕмӕйдӕрты кӕй дӕ, зӕгъӕм, куыд хъуыды кӕныс, цавӕр ӕнкъарӕнтӕ дӕм вӕййы ӕмӕ дӕм цы фӕндтӕ ис, уымӕй. Ӕркӕсӕм иу 29-аздзыд хойы цӕвиттонмӕ. Йӕ ном хуыйны Синди. Уый балымӕн, 67 азы кӕуыл цӕуы, ахӕм пионер-хоимӕ, Мари-Луизимӕ. Синди ӕмӕ Мари-Луиз алы цыппӕрӕмы дӕр райсомӕй иумӕ фӕхъусын кӕнынц ӕмӕ алыхуызон хабӕрттыл фӕныхас кӕнынц. Синди зӕгъы: «Ӕхсызгон мын вӕййы ахсджиаг хабӕрттыл ме ’мбӕлттимӕ ныхас кӕнын. Уый фӕрцы сӕ хуыздӕр базонын ӕмӕ сӕ хуыздӕр фембарын». Дыууӕ ӕмбалы сӕ хъуыдытӕ ӕмӕ сӕ зӕрдӕйы ӕнкъарӕнтӕ кӕрӕдзийӕн куы фӕдзурынц ӕмӕ кӕрӕдзимӕ лӕмбынӕг куы фӕхъусынц, уӕд ноджы ӕнгомдӕр свӕййынц. Ды дӕр-иу Синдийау де ’мбӕлттимӕ зӕрдӕбынӕй куы ныхас кӕнай ӕмӕ-иу сын, дӕ зӕрдӕйы цы ис, уый куы дзурай, уӕд семӕ ноджы ӕнгомдӕр уыдзынӕ (Ӕмб. 27:9).

ИУМӔ ЛӔГГАД КӔНУТ

Хорз ӕмбӕлттӕ иумӕ фӕхъусын кӕнынц (кӕс 10 абзац)

10. Ӕмбисӕндты 27:17 стихмӕ гӕсгӕ, не ’мчырыстӕттимӕ иумӕ куы фӕлӕггад кӕнӕм, уӕд ӕнгомдӕр куыд свӕййӕм?

10 Йереми ӕмӕ Варухау мах дӕр нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ иумӕ куы фӕлӕггад кӕнӕм ӕмӕ сын сӕ хорз миниуджытӕ куы фӕуынӕм, уӕд сӕ бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр вӕййӕм ӕмӕ семӕ ӕнгомдӕр свӕййӕм. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 27:17.) Зӕгъӕм, куы фӕхъусыс, уацамынды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ рӕстдзинады сӕрыл ныфсджынӕй куыд дзурынц кӕнӕ Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ йӕ фӕндты тыххӕй куыд зӕрдиагӕй дзурынц, уӕд дӕм цавӕр ӕнкъарӕнтӕ фӕзыны? Ӕвӕццӕгӕн сӕ тынгдӕр уарзын райдайыс.

11, 12. Не ’мбӕлттимӕ куы хъусын кӕнӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй семӕ ноджы ӕнгомдӕр суӕм? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

11 Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд кӕрӕдзи тынгдӕр уарзын райдайӕм. Ӕркӕсӕм дыууӕ хабармӕ. Иу 23-аздзыд хо, Аделин, йе ’мбал Кандисӕн загъта, цӕмӕй хъусын кӕнынмӕ ацыдаиккой, арӕх кӕм нӕ фӕхъусын кӕнынц, ахӕм ранмӕ. Аделин загъта: «Мах фӕндыд, цӕмӕй ноджы зынгзӕрдӕйӕдӕр хъусын кодтаиккам ӕмӕ нын нӕ лӕггад фылдӕр циндзинад хастаид. Хъуамӕ дыууӕйӕ дӕр бафидар уыдаиккам, цӕмӕй дарддӕр дӕр нӕ бон уыдаид, хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уый Йегъовӕйӕн дӕттын». Иумӕ кӕй лӕггад кодтой, уый сын цы пайда ӕрхаста? Аделин загъта: «Алы изӕр дӕр-иу кӕрӕдзийӕн радзырдтам, адӕмимӕ ныхас кӕнгӕйӕ-иу нӕ цы бафидар кодта, уый. Стӕй ма-иу ныхас кодтам, Йегъовӕ нын уацамынды разамынд кӕй лӕвӕрдта, уый-иу куыд федтам, ууыл дӕр. Уыцы хабӕрттыл ныхас кӕнгӕйӕ-иу нӕ циныл цин бафтыд. Стӕй афтӕмӕй кӕрӕдзи ноджы хуыздӕр базыдтам».

12 Моймӕдзыд чи нӕу, дыууӕ ахӕм хойы, Лаилӕ ӕмӕ Марианнӕ, цӕрынц Францийы. Уыдон фондз къуыримӕ хъусын кӕнынмӕ ацыдысты Централон-Африкаг Республикӕмӕ, сӕйраг горӕт Бангимӕ. Лаилӕ зӕгъы: «Марианнӕимӕ кӕрӕдзийӕ бирӕ цӕмӕйдӕрты кӕй хицӕн кӕнӕм, уый тыххӕй нын иумӕ ӕнцон нӕ уыд. Фӕлӕ кӕрӕдзиимӕ ӕргом кӕй ныхас кодтам, стӕй кӕрӕдзи сыгъдӕгзӕрдӕйӕ кӕй уарзтам, уый фӕрцы тынгдӕр балымӕн стӕм. Марианнӕ ног уавӕртыл уайтагъд сахуыр, стӕй бынӕттон адӕмы уарзта ӕмӕ зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодта, ӕмӕ йын уый тыххӕй ноджы тынгдӕр аргъ кӕнын райдыдтон». Цӕмӕй дын хорз ӕмбӕлттӕ фӕзына, уый тыххӕй дӕ ӕндӕр бӕстӕмӕ цӕуын нӕ хъӕуы. Кӕм цӕрыс, уым хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ хъусын кӕнгӕйӕ дын алы хатт дӕр фадат вӕййы, цӕмӕй кӕрӕдзи хуыздӕр базонат ӕмӕ хорз ӕмбӕлттӕ суат.

ИННӔТӔН СӔ ХОРЗ МИНИУДЖЫТӔ УЫНУТ ӔМӔ СЫН ХАТЫР КӔНУТ

13. Иннӕтимӕ иумӕ исты хъуыддаджы куы фӕархайӕм, уӕд хатт хабар куыд рауайы?

13 Не ’мбӕлттимӕ иумӕ исты хъуыддаджы куы фӕархайӕм, уӕд сын хатт ӕрмӕст сӕ хорз миниуджытӕ нӕ фӕуынӕм, фӕлӕ ма сӕ рӕдыдтытӕ дӕр. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр хорз ӕмбӕлттӕ уӕм? Ногӕй та ӕркӕсӕм Йеремийы цӕвиттонмӕ. Цы йын баххуыс кодта, цӕмӕй иннӕтӕн сӕ хорз миниуджытӕ уыдтаид ӕмӕ сын сӕ рӕдыдтытӕ хатыр кодтаид?

14. Йереми Йегъовӕйы тыххӕй цы бамбӕрста ӕмӕ йын уый куыд баххуыс кодта?

14 Йереми ныффыста, йӕ ном чи хӕссы, уыцы чиныг ӕмӕ ма, ӕвӕццӕгӕн, 1 Паддзӕхты ӕмӕ 2 Паддзӕхты чингуытӕ дӕр. Уыцы чингуытӕ фысгӕйӕ бамбӕрста, Йегъовӕ ӕнӕххӕст адӕммӕ куыд фӕлмӕнзӕрдӕ у, уый. Зӕгъӕм, Йереми зыдта, паддзах Ахав йӕ фыдхъуыддӕгтыл куы ’рфӕсмон кодта, уӕд ын Йегъовӕ кӕй загъта, йӕ хӕдзар ын йӕ рӕстӕджы бӕллӕхы хай кӕй нӕ бакӕндзӕн (1 Пад. 21:27–29). Йереми ма зыдта, Манасси Йегъовӕйы Ахавӕй тынгдӕр кӕй ӕфхӕрдта. Фӕлӕ Йегъовӕ уӕддӕр Манассийӕн ныххатыр кодта, кӕй ӕрфӕсмон кодта, уый тыххӕй (2 Пад. 21:16, 17; 2 Аз. 33:10–13). Йереми уыцы хабӕрттӕ кӕй зыдта, уый йын куыннӕ баххуыс кодтаид, цӕмӕй йӕхӕдӕг дӕр йе ’мбӕлттимӕ фӕразонӕй архайдтаид ӕмӕ сӕм фӕлмӕнзӕрдӕ уыдаид (Пс. 103:8, 9).

15. Йереми Йегъовӕйы фӕразондзинад куыд бафӕзмыдта, Варух йе ’ргом ӕндӕр цӕмӕдӕр куы аздӕхта, уӕд?

15 Ӕркӕсӕм, Варух ӕндӕр цӕмӕдӕр йе ’ргом куы аздӕхта ӕмӕ уый тыххӕй йӕ хӕс куы нал ӕххӕст кодта, уӕд ын Йереми куыд баххуыс кодта, уымӕ. Уый йе ’мбалыл йӕ къух нӕ ауыгъта, уӕддӕр нӕ фӕивдзӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ йын радзырдта, Хуыцау ын фӕлмӕнӕй, фӕлӕ ӕргом цы уынаффӕ радта, уый тыххӕй (Йер. 45:1–5). Ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

Хорз ӕмбӕлттӕ кӕрӕдзийӕн ныххатыр кӕнынц (кӕс 16 абзац)

16. Ӕмбисӕндты 17:9 стихмӕ гӕсгӕ, цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй не ’мбӕлттӕй ма адард уӕм?

16 Мах нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй нӕ домӕм, цӕмӕй ӕххӕст уой. Уӕдӕ нын кӕд хорз ӕмбӕлттӕ ис, уӕд хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй нӕ хӕлардзинад ма фехӕла. Фӕлӕ не ’мбӕлттӕ куы фӕрӕдийой, уӕд-иу сын, гӕнӕн ис, бахъӕуа Хуыцауы Ныхасӕй уынаффӕ раттын, ӕрмӕст фӕлмӕнӕй (Пс. 141:5). Куы нӕ фӕхъыг кӕной, уӕд сын хъуамӕ ныххатыр кӕнӕм. Ӕмӕ сын иугӕр ныххатыр кодтам, уӕд-иу уыцы хабары кой хъуамӕ макуыуал скӕнӕм нӕдӕр сӕхицӕн, нӕдӕр ӕндӕр искӕмӕн. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 17:9.) Ацы уӕззау рӕстӕджыты тынг ахсджиаг у, цӕмӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты хъӕндзинӕдтӕм ма кӕсӕм, фӕлӕ сын сӕ хорз миниуджытӕ уынӕм. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд ноджы ӕнгомдӕр уыдзыстӕм. Ууыл хъуамӕ ныр архайӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ стыр бӕллӕхы рӕстӕг хорз ӕмбӕлттӕ тынг хъӕудзӕн.

ИННӔТЫ УАРЗУТ ӔНУВЫД УАРЗТӔЙ

17. Йереми куыд равдыста, зын сахат йе ’мбалы фарсмӕ чи ӕрбалӕууы, ахӕм ӕмбал кӕй уыд?

17 Пехуымпар Йеремийы хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уыд, зын сахат йе ’мбалы фарсмӕ чи ӕрбалӕууы, ахӕм ӕмбал кӕй уыд. Иухатт паддзахы фӕсдзӕуин Авдемелех Йеремийы мӕлӕтӕй фервӕзын кодта, цъыф кӕм уыд, ахӕм дзыхъхъы йӕ куы ныппӕрстой, уӕд. Авдемелех тарст, кънйӕзтӕ йын исты фыдбылыз куы ракӕной, уымӕй. Йереми уый тыххӕй куы базыдта, уӕд ӕнцад нӕ бадт, зӕгъгӕ, ме ’мбал йӕхӕдӕг истытӕ кӕндзӕн. Кӕд Йереми ахӕстоны уыд, уӕддӕр, йӕ бон цы уыд, уый арӕзта. Авдемелехӕн загъта, Йегъовӕ йӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн, ӕмӕ йӕ афтӕмӕй бафидар кодта (Йер. 38:7–13; 39:15–18).

Хорз ӕмбӕлттӕ зын рӕстӕджыты кӕрӕдзийӕн феххуыс кӕнынц (кӕс 18 абзац)

18. Ӕмбисӕндты 17:17 стихмӕ гӕсгӕ, цы хъуамӕ аразӕм, не ’мбӕлттӕ зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлой, уӕд?

18 Абон нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ алыхуызон зындзинӕдтӕ ӕвзарынц, зӕгъӕм, зӕххӕнкъуыстыты тыххӕй кӕнӕ хӕстыты тыххӕй. Ахӕм хабӕрттӕ куы ’рцӕуы, уӕд кӕмӕндӕрты сӕ бон вӕййы уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты суазӕг кӕнын. Кӕмӕндӕрты та сӕ бон вӕййы ӕхцайӕ баххуыс кӕнын. Фӕлӕ не ’ппӕтӕн дӕр нӕ бон у Йегъовӕмӕ кувын, цӕмӕй-иу нӕ хотӕн ӕмӕ не ’фсымӕртӕн баххуыс кӕна. Хо кӕнӕ ӕфсымӕрӕн йӕ ныфс кӕй асаст, уый куы базонӕм, уӕд, чи зоны, нӕ фӕзонӕм, цы йын зӕгъӕм кӕнӕ йын куыд баххуыс кӕнӕм. Фӕлӕ нӕ алкӕмӕн дӕр йӕ бон у истӕмӕй баххуыс кӕнын. Зӕгъӕм, нӕ бон у йемӕ рӕстӕг ӕрвитын. Нӕ бон ӕм у лӕмбынӕг байхъусын кӕнӕ та йын бакӕсын, нӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр чи цӕуы ӕмӕ йын йӕ ныфсыл ныфс чи бафтаудзӕн, ахӕм стих (Ис. 50:4). Ӕппӕты сӕйрагдӕр у, цӕмӕй-иу зын сахат не ’мбӕлтты фарсмӕ уӕм. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 17:17.)

19. Ныр куы архайӕм, цӕмӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ ӕнгомдӕр суӕм, уӕд нын уый фидӕны куыд баххуыс кӕндзӕн?

19 Хъуамӕ ныр архайӕм, цӕмӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ хорз ӕмбӕлттӕ суӕм ӕмӕ нӕ хӕлардзинад хъахъхъӕнӕм. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ не знӕгтӕ мӕнг ныхӕсты фӕрцы архайдзысты, цӕмӕй кӕрӕдзийыл мауал ӕууӕндӕм ӕмӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ суӕм. Фӕлӕ уый сӕ къухы нӕ бафтдзӕн. Уыдонӕн сӕ бон нӕ бауыдзӕн афтӕ бакӕнын, цӕмӕй нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты мауал уарзӕм ӕмӕ, не ’хсӕн цы хӕлардзинад ис, уый фехӕла. Мах нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ хорз ӕмбӕлттӕ ӕрмӕст ацы дунейы кӕронмӕ нӕ уыдзыстӕм, фӕлӕ ӕнустӕм дӕр!

24 ЗАРӔГ Ссӕуӕм Йегъовӕйы хохмӕ!

^ 5 абз. Кӕрон хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кӕй кӕны, уымӕ гӕсгӕ не ’ппӕт дӕр хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй не ’мчырыстӕттимӕ ноджы ӕнгомдӕр кӕнӕм. Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, Йеремийы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм, уый. Базондзыстӕм ма, ныр нын хорз ӕмбӕлттӕ куы уа, уӕд нын уый зын рӕстӕджыты куыд баххуыс кӕндзӕн, уый дӕр.

^ 2 абз. Йеремийы чиныджы цы хабӕртты кой ис, уыдон, фӕд-фӕдыл куыд цыдысты, афтӕ фыст не сты.

^ 57 абз. НЫВТӔ. Ацы нывы ӕвдыст ис, «стыр бӕллӕхы» рӕстӕг, гӕнӕн ис, цы уавӕртӕ уа, уый. Цалдӕр хо ӕмӕ ’фсымӕры иумӕ ӕрӕмбырд сты иу ӕфсымӕры хӕдзары цары. Хорз ӕмбӕлттӕ кӕй сты, уый фӕрцы сӕ бон у зындзинӕдты рӕстӕг кӕрӕдзи фидар кӕнын. Дарддӕр ӕртӕ нывыл ӕвдыст ис, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ, цалынмӕ стыр бӕллӕх нӕ райдыдта, уӕдмӕ кӕй архайынц, цӕмӕй ноджы ӕнгомдӕр уой.