Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

47 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Левиты чиныгӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

Левиты чиныгӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

«Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у Хуыцауы комытӕфӕй фыст ӕмӕ пайда у» (2 ТИМ. 3:16).

98 ЗАРӔГ Сыгъдӕг Фыстад у Хуыцауӕй

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1, 2. Левиты чиныджы цы фыст ис, уый абон чырыстӕтты зонын цӕмӕн хъӕуы?

АПОСТОЛ Павел йе ’рыгон ӕмбал Тимофейӕн йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта: «Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у Хуыцауы комытӕфӕй фыст ӕмӕ пайда у» (2 Тим. 3:16). Левиты чиныг дӕр Фыстадмӕ хауы. Ацы чиныджы тыххӕй цы хъуыды кӕныс? Чи зоны, искӕмӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ, ацы чиныджы цы закъӕттӕ ис, уыдон абон ницы пайда сты. Фӕлӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ афтӕ нӕ хъуыды кӕнынц.

2 Левиты чиныг фыст ӕрцыд иу-3 500 азы размӕ, фӕлӕ йӕ Йегъовӕ нӕ рӕстӕгмӕ бахъахъхъӕдта «махӕн зонд бацамонынӕн» (Ром. 15:4). Ацы чиныгӕй базонӕн ис, Йегъовӕ цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый. Уымӕ гӕсгӕ махӕн дӕр пайда у. Левиты чиныгӕй нӕхицӕн зондӕн бирӕ цыдӕртӕ райсдзыстӕм. Аныхас кӕнӕм цыппар хъуыддагыл.

ЙЕГЪОВӔ НӔ РАЙГОНД КӔД УЫДЗӔН?

3. Израилӕгтӕ алы аз дӕр Сыгъдӕггӕнӕн бон нывӕндтӕ цӕмӕн хастой?

3 Фыццаг: цӕмӕй нын Йегъовӕ нӕ нывӕндтӕ иса, уый тыххӕй нӕ хъуамӕ райгонд уа. Алы аз дӕр-иу Сыгъдӕггӕнӕн бон Израилы адӕм иумӕ ӕрӕмбырд сты, ӕмӕ-иу хистӕр сауджын фосы нывӕндтӕ ӕрхаста. Уыцы нывӕндтӕ израилӕгтӕн сӕ зӕрдыл лӕууын кодтой, сӕ тӕригъӕдтӕй сӕ ссыгъдӕг кӕнын кӕй хъуыди. Фӕлӕ-иу уыцы бон хистӕр сауджын Ӕппӕты сыгъдӕг бынатмӕ нывонды тугимӕ бацӕуыны размӕ хъуамӕ сарӕзтаид ӕндӕр хъуыддаг. Ӕмӕ уыцы хъуыддаг израилӕгтӕн сӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕнынӕй бирӕ ахсджиагдӕр уыд.

(кӕс 4 абзац) *

4. Левиты 16:12, 13 стихтӕм гӕсгӕ-иу хистӕр сауджын цы сарӕзта, Сыгъдӕггӕнӕн бон-иу фыццаг хатт Ӕппӕты сыгъдӕг бынатмӕ куы бацыд, уӕд? (Кӕс нывмӕ ӕддаг цъарыл.)

4 Бакӕс Левит 16:12, 13. Нӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕнӕм: у Сыгъдӕггӕнӕн бон ӕмӕ хистӕр сауджын Хуыцауы цатырмӕ фӕцӕуы. Уыцы бон Ӕппӕты сыгъдӕг бынатмӕ хъуамӕ ӕртӕ хатты бацӕуа, ӕмӕ ныр фыццаг хатт бацӕудзӕн. Йӕ иу къухы ис хӕрздӕф буд, иннӕ къухы та – судзгӕ зынгтӕй йедзаг сызгъӕрин зынгхӕссӕн. Сыгъдӕг бынат Ӕппӕты сыгъдӕг бынатӕй чи хицӕн кӕны, уыцы ӕмбӕрзӕны раз ӕрлӕууыд. Уырдӕм кӕй бацӕудзӕн, уый стыр кад кӕй у, уый ӕмбары, уымӕн ӕмӕ, зӕгъӕн ис, Йегъовӕйы раз ӕрлӕудзӕн. Уый фӕстӕ Ӕппӕты сыгъдӕг бынатмӕ бацыд ӕмӕ бадзырды чырыны раз ӕрлӕууыд. Стӕй буд судзгӕ зынгтыл сабыргай рауагъта, ӕмӕ цатыр хӕрздӕф буды тӕфӕй байдзаг *. Фӕстӕдӕр та Ӕппӕты сыгъдӕг бынатмӕ бацӕудзӕн, тӕригъӕды тыххӕй цы фосы нывӕндтӕ хаст ӕрцыд, уыдоны тугимӕ. Уӕ хъус-ма ӕрдарут: сауджын хӕрздӕф буд ссыгъта, тӕригъӕды тыххӕй цы нывӕндтӕ хаст ӕрцыд, уыдоны туг ӕрбахӕссыны размӕ.

5. Сауджын-иу Сыгъдӕггӕнӕн бон буд кӕй ссыгъта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

5 Сауджын-иу Сыгъдӕггӕнӕн бон буд кӕй ссыгъта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Библи куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй Йегъовӕйӕн йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты куывдтытӕ буды хуызӕн сты (Пс. 141:2; Рарг. 5:8). Уӕлдӕр куыд загъд уыд, афтӕмӕй хистӕр сауджын Йегъовӕйы размӕ буд бахӕссын йӕхицӕн стыр кадыл нымадта. Раст афтӕ, куы фӕкувӕм, уӕд-иу хъуамӕ бӕрӕг уа, Йегъовӕйӕн тынг кӕй аргъ кӕнӕм ӕмӕ йӕм нӕ бон кувын кӕй у, уый нӕхицӕн стыр кадыл кӕй нымайӕм. Мах стыр бузныг стӕм, Дунесфӕлдисӕг нын уый бар кӕй радта, цӕмӕй йӕм баввахс уӕм, сывӕллон йӕ фыдмӕ куыд ӕввахс вӕййы, афтӕ (Иак. 4:8). Йегъовӕ нӕ нымайы йӕ хӕлӕрттыл! (Пс. 25:14). Цы кады аккаг нӕ скодта, уымӕн афтӕ тынг аргъ кӕнӕм, ӕмӕ нӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ искуы фӕфыдӕнхъӕл кӕнӕм.

6. Хистӕр сауджын-иу нывонд ӕрхӕссыны размӕ буд кӕй ссыгъта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

6 Куыд загътам, афтӕмӕй-иу хистӕр сауджын нывонд ӕрхӕссыны размӕ хъуамӕ буд ссыгътаид. Уый фӕрцы-иу нӕ дызӕрдыг кодта, нывонд куы ӕрхӕсса, уӕд дзы Йегъовӕ райгонд кӕй уыдзӕн. Уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Йесойы йӕ цард нывондӕн ӕрхӕссыны размӕ хъуыди ахсджиаг цыдӕр саразын, ӕмӕ уый адӕмы фервӕзын кӕнынӕй бирӕ ахсджиагдӕр уыд. Цымӕ уый цы уыд? Цалынмӕ зӕххыл цард, уӕдмӕ хъуамӕ Йегъовӕйыл иузӕрдион уыдаид, цӕмӕй йын Йегъовӕ йӕ нывонд райстаид. Афтӕмӕй Йесо равдыстаид, Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнын кӕй у ӕппӕты растдӕр царды фӕндаг. Стӕй сбӕлвырд кодтаид, йӕ Фыдӕн, Дун-дунейы Хицау уа, уый бар кӕй ис ӕмӕ уымӕй растдӕр разамынд кӕй ничи дӕтты.

7. Йесо йӕ цардӕй йӕ Фыды зӕрдӕ куыд рухс кодта?

7 Йесо зӕххыл куы цард, уӕд алы хъуыддаджы дӕр Йегъовӕйы коммӕ каст. Ӕмӕ кӕд фӕлварӕнтыл ӕмӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлд ӕмӕ йӕм хъизӕмайраг мӕлӕт кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый зыдта, уӕддӕр ӕй фӕндыд сбӕлвырд кӕнын, йӕ Фыды хицаудзинадӕй хуыздӕр кӕй нӕй (Фил. 2:8). Зын уавӕрты-иу куы уыд, уӕд-иу «дзыназгӕйӕ ӕмӕ цӕссыгкалгӕйӕ» Хуыцаумӕ куывта (Дзут. 5:7). Йӕ зӕрдӕбын куывдтытӕй бӕрӕг уыд, Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй уыд. Стӕй-иу кӕй куывта, уый фӕрцы йӕ ноджы тынгдӕр фӕндыд йӕ Фыды коммӕ кӕсын. Йегъовӕйӕн Йесойы куывдтытӕ хӕрздӕф буды хуызӕн уыдысты. Йесо йӕ цардӕй йӕ Фыды зӕрдӕ рухс кодта ӕмӕ сбӕлвырд кодта, Йегъовӕйӕн уый бар кӕй ис, цӕмӕй Дун-дунейы Хицау уа.

8. Нӕ бон куыд у Йесойы фӕзмын?

8 Махӕн дӕр нӕ бон у Йесойау ӕппӕт хъарутӕй архайын, цӕмӕй Йегъовӕйы коммӕ кӕсӕм ӕмӕ йыл иузӕрдион уӕм. Фӕлварӕнты рӕстӕг Йегъовӕйӕ зӕрдиагӕй ӕххуыс фӕкурӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ фӕнды йӕ зӕрдӕ рухс кӕнын. Афтӕмӕй равдисӕм, Йегъовӕйы хицаудзинады фарс кӕй стӕм. Мах ӕмбарӕм, Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕ кӕй нӕ хъусдзӕн, йе сӕфт кӕмӕй уыны, уыцы хъуыддӕгтӕ куы аразӕм, уӕд. Фӕлӕ кӕд Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрӕм, уӕд хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, нӕ зӕрдӕбын куывдтытӕ йын хӕрздӕф буды хуызӕн кӕй сты. Мах фидарӕй зонӕм, нӕ иузӕрдиондзинад ӕмӕ нӕ коммӕгӕсдзинад нӕ уӕларвон Фыдӕн ӕхсызгон кӕй сты (Ӕмб. 27:11).

ЙЕГЪОВӔЙӔН ЛӔГГАД КӔНӔМ, КӔЙ ЙӔ УАРЗӔМ ӔМӔ ДЗЫ БУЗНЫГ КӔЙ СТӔМ, УЫЙ ТЫХХӔЙ

(кӕс 9 абзац) *

9. Израилӕгтӕ-иу фарны нывӕндтӕ цӕмӕн хастой?

9 Дыккаг: Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнӕм, бузныг дзы кӕй стӕм, уый тыххӕй. Ӕркӕсӕм, рагон Израилы фарны нывӕндтӕ цӕмӕн хастой, уымӕ *. Левиты чиныгӕй базонӕн ис, израилӕгтӕ-иу фарны нывӕндтӕ кӕй ӕрхастой, Хуыцауӕй бузныг кӕй уыдысты, уый тыххӕй (Лев. 7:11–13, 16–18). Уыцы нывӕндтӕ уый тыххӕй нӕ хастой, ӕмӕ уый сӕ хӕс уыд, фӕлӕ, сӕхи кӕй фӕндыд, уый тыххӕй. Уӕдӕ-иу адӕймаг ахӕм нывонд ӕрхаста барвӕндонӕй, Йегъовӕ Хуыцауы кӕй уарзта, уый тыххӕй. Нывонд фосы дзидзайӕ сӕ бон хӕрын уыд, нывонд-иу чи ӕрхаста, уыцы адӕймагӕн, йӕ бинонтӕн ӕмӕ сауджынтӕн. Фӕлӕ фосы нывонды кӕцыдӕр хӕйттӕ ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы уыдысты. Кӕцы хӕйттӕ?

(кӕс 10 абзац) *

10. Левиты 3:6, 12, 14–16 стихты фарны нывӕндты тыххӕй цы фыст ис, уый фӕрцы нӕ бон куыд у бамбарын, Йесойы йӕ Фыды фӕндон ӕххӕст кӕнын цӕмӕн фӕндыд, уый?

10 Ӕртыккаг: Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый тыххӕй йын дӕттӕм, хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уый. Йегъовӕйы цӕсты фосӕн йӕ хуыздӕр хай уыд фиу, стӕй йӕ уыргтӕ ӕмӕ йӕ игӕр. (Бакӕс Левит 3:6, 12, 14–16.) Уымӕ гӕсгӕ-иу Йегъовӕйы зӕрдӕ тынг барухс, израилӕгтӕ-иу ын уыцы хӕйттӕ нывондӕн зӕрдиагӕй куы ’рхастой, уӕд. Уымӕй-иу равдыстой, хуыздӕрӕй сӕм цы уыд, уый сӕ Йегъовӕйӕн раттын кӕй фӕндыд. Афтӕ Йесо дӕр, Йегъовӕйы кӕй уарзта, уый тыххӕй йын ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кодта ӕмӕ йын афтӕмӕй лӕвӕрдта, хуыздӕрӕй йӕм цы уыд, уый (Иоан. 14:31). Йесойӕн ӕхсызгон уыд Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын, стӕй йын йӕ закъон тынг уарзта (Пс. 40:8). Куыд цин кодтаид Йегъовӕ, Йесо йын куыд зӕрдиагӕй лӕггад кодта, уымӕ кӕсгӕйӕ!

Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый тыххӕй нӕ фӕнды, хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уый йын дӕттын (кӕс 11, 12 абзацтӕ) *

11. Нӕ лӕггад фарны нывӕндтимӕ абарӕн цӕмӕн ис ӕмӕ нын ныфсы хос цы у?

11 Махӕн дӕр нӕ лӕггад фарны нывӕндты хуызӕн у, уымӕн ӕмӕ уый фӕрцы Йегъовӕйӕн ӕвдисӕм, цы зӕрдӕ йӕм дарӕм, уый. Хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уый йын дӕттӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзӕм. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ сты милуантӕ, ӕмӕ йын куыд ӕхсызгон у, йӕхи дӕр ӕмӕ йын йӕ уагӕвӕрдтӕ дӕр кӕй уарзынц, уый тыххӕй йын кӕй лӕггад кӕнынц! Йегъовӕ уыны, цы аразӕм, ӕрмӕст уый нӕ, фӕлӕ йӕ цӕмӕн аразӕм, уый дӕр, ӕмӕ нын нӕ зӕрдиаг фыдӕбонӕн аргъ кӕны. Уый нӕ ныфс куыннӕ хъуамӕ уадза! Зӕгъӕм, кӕд ацӕргӕ дӕ ӕмӕ дӕ бон нал у, цас дӕ фӕнды, уыйбӕрц лӕггад кӕнын, уӕд зон, Йегъовӕ дын дӕ уавӕр кӕй ӕмбары. Чи зоны дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ фаг нӕ лӕггад кӕныс. Фӕлӕ Йегъовӕ уыны, тынг ӕй кӕй уарзыс ӕмӕ уый тыххӕй, дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый кӕй аразыс. Ды Йегъовӕйӕн дӕттыс, хуыздӕрӕй дӕм цы ис, уый, ӕмӕ йӕ ӕхсызгонӕй райсы.

12. Йегъовӕ фарны нывӕндтӕм цы цӕстӕй каст ӕмӕ нӕ уый ныфс куыд уадзы?

12 Хуыцауы адӕм-иу фарны нывӕндтӕ кӕй хастой, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Фосӕн-иу йӕ хуыздӕр хӕйттӕ куы сыгъдысты, уӕд-иу сӕ тӕф Йегъовӕйӕн ӕхсызгон уыд. Уӕдӕ мах дӕр нӕ лӕггады, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый куы фӕаразӕм, уӕд уый Йегъовӕйӕн ӕхсызгон вӕййы (Кол. 3:23). Ахъуыды-ма кӕн, Йегъовӕ дӕм куы фӕкӕсы, уӕд куыд фӕцин кӕны. Дӕ лӕггады ӕппӕт хъарутӕй цы аразыс, уымӕ Йегъовӕ хӕзнайы цӕстӕй кӕсы, ӕмӕ уӕлдай нӕу, бирӕ аразыс ӕви гыццыл. Уый дын дӕ фыдӕбон йӕ зӕрдыл дардзӕн ӕмӕ йын аргъ кӕндзӕн ӕнусты дӕргъы дӕр (Матф. 6:20; Дзут. 6:10).

ЙЕГЪОВӔ ЙӔ ОРГАНИЗАЦИЙӔН АРФӔ КӔНЫ

13. Левиты 9:23, 24 стихтӕм гӕсгӕ, Йегъовӕ куыд равдыста, сауджынтӕй райгонд кӕй уыд, уый?

13 Цыппӕрӕм: Йегъовӕ арфӕ кӕны йӕ организацийы зӕххон хайӕн. Ахъуыды-ма кӕнӕм, н. э. размӕ 1512 азы израилӕгтӕ Синайы хохрӕбын Хуыцауы цатыр куы ӕрӕвӕрдтой, уӕд цы ’рцыд, ууыл (Рац. 40:17). Моисей Аароны ӕмӕ йӕ фыртты сауджынтӕй сӕвӕрдта. Израилы адӕм ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй бакастаиккой, сауджынтӕ фосы нывӕндтӕ фыццаг хатт куыд хӕсдзысты, уымӕ (Лев. 9:1–5). Цымӕ Йегъовӕ куыд равдыста, сауджынтӕй ӕвӕрд чи ’рцыд, уыдонӕй райгонд кӕй уыд, уый? Моисей ӕмӕ Аарон адӕмӕн куы арфӕ кодтой, уӕд Йегъовӕйӕ рацыд арт ӕмӕ, нывондхӕссӕныл цы нывонд уыди, уый аныхъуырдта. (Бакӕс Левит 9:23, 24.)

14. Израилы цы сауджынтӕ уыд, уыдон кӕмӕ амонынц?

14 Уӕларвӕй арт кӕй ӕрцыд, уый цӕуыл дзурӕг уыд? Афтӕмӕй Йегъовӕ равдыста, Ааронӕн ӕмӕ йӕ фырттӕн кӕй ӕххуыс кӕндзӕн. Израилӕгтӕ уый куы федтой, уӕд бамбӕрстой, уыцы сауджынтӕн уыдон дӕр кӕй хъуамӕ ӕххуыс кӕной. Йегъовӕ Израилы сауджынтӕй райгонд кӕй уыд, уый зонын мах абон цӕмӕн хъӕуы? Уымӕн ӕмӕ уыдон амыдтой стырдӕр сауджынтӕм – Хистӕр сауджын Йесомӕ ӕмӕ, йемӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ чи уыдзӕн, уыцы 144 минмӕ (Дзут. 4:14; 8:3–5; 10:1).

Йегъовӕ йӕ организацийӕн арфӕ кӕны ӕмӕ йын разамынд дӕтты. Мах йӕ организацийӕн зӕрдиагӕй ӕххуыс кӕнӕм (кӕс 15–17 абзацтӕ) *

15, 16. Йегъовӕ «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарӕй» райгонд кӕй у, уый куыд ӕвдисы?

15 1919 азы Йесо сӕвӕрдта «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары». Уыцы цагъар разамынд дӕтты хъусын кӕныны хъуыддагӕн ӕмӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕн «хӕринаг афоныл дӕтты» (Матф. 24:45). Хуыцау ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарӕй райгонд кӕй у, уый уынӕм?

16 Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дуне тынг архайынц, цӕмӕй ӕууӕнкджын цагъары куыст ӕрлӕууын кӕной. Ӕмӕ ӕнӕ Йегъовӕйы ӕххуысӕй уыцы куыст ӕцӕгдӕр ӕрлӕууыдаид. Фӕлӕ ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары ницы бакъуылымпы кодта: нӕдӕр дыууӕ дунеон хӕсты, нӕдӕр дунейы экономикӕйы уавӕр, нӕдӕр, нӕ фӕдыл кӕй зилынц ӕмӕ нӕ ӕнаххосӕй кӕй ӕфхӕрынц, уый. Цагъар Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕн абоны онг дӕр уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг дӕтты. Ахъуыды-ма кӕн, абон нӕм цас публикацитӕ ис, ууыл. Уыдон иууылдӕр сты лӕвар ӕмӕ сты 900 ӕвзагӕй фылдӕрыл! Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хуыцау ӕууӕнкджын цагъарӕн ӕххуыс кӕны. Хъусын кӕныны хъуыддаг дӕр дзурӕг у Йегъовӕйы арфӕдзинадыл. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, хорз хабар хъуыстгонд цӕуы «ӕгас зӕххы цъарыл дӕр» (Матф. 24:14). Уӕдӕ бӕрӕг у, абон Йегъовӕ йӕ организацийӕн разамынд кӕй дӕтты ӕмӕ йын рӕдауӕй кӕй арфӕ кӕны.

17. Йегъовӕйы организацийӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?

17 Хорз уаид, алчидӕр нӕ куы ахъуыды кӕнид: «Йегъовӕйы организацийы кӕй дӕн, уымӕн аргъ кӕнын?» Моисейы заманты уӕларвӕй арт ӕрцыд, ӕмӕ уымӕй Йегъовӕ равдыста, сауджынтӕй кӕй сӕвӕрдта, уыдонӕй райгонд кӕй у. Раст афтӕ Йегъовӕ махӕн дӕр ӕвдисы, абон йӕ организацийы уылты кӕй архайы. Ӕмӕ дзы мах бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй стӕм бузныг (1 Фес. 5:18, 19). Нӕ бон куыд у Йегъовӕйы организацийӕн ӕххуыс кӕнын? Не ’ххуыс бӕрӕг уыдзӕн, Библийӕ, нӕ публикацитӕй, нӕ фембӕлдты ӕмӕ нӕ конгрессты цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уымӕй. Уый ма бӕрӕг уыдзӕн, хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы ӕппӕт хъарутӕй куы архайӕм, уымӕй дӕр (1 Кор. 15:58).

18. Дӕ фидар фӕнд цы у?

18 Уӕдӕ, Левиты чиныгӕй цы базыдтам, уымӕ гӕсгӕ архайӕм. Мах фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕ нӕ нывӕндтӕй райгонд уа. Мах Йегъовӕйӕн лӕггад кӕндзыстӕм, бузныг дзы кӕй стӕм, уый тыххӕй. Хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уый Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр дӕтдзыстӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзӕм. Стӕй йын йӕ организацийӕн ӕппӕт хъарутӕй ӕххуыс кӕндзыстӕм. Афтӕмӕй Йегъовӕйӕн равдисдзыстӕм, кӕй йын лӕггад кӕнӕм, уый нӕхицӕн стыр кадыл кӕй нымайӕм!

96 ЗАРӔГ Хуыцауы чиныг – стыр хӕзна

^ 5 абз. Левиты чиныджы фыст сты, Йегъовӕ рагон Израилӕн кӕй радта, уыцы закъӕттӕ. Мах чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ уыцы закъӕттӕ ӕххӕст кӕнын нӕ хъӕуы, фӕлӕ нын уӕддӕр пайда сты. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, Левиты чиныгӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм, ууыл.

^ 4 абз. Хуыцауы цатыры цы буд сыгътой, уый «уӕлдай табуйагыл» нымад уыд, ӕмӕ дзы рагон Израилы пайда кодтой ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ (Рац. 30:34–38). Никуы ис фыст, зӕгъгӕ, фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ буд сыгътой.

^ 54 абз. НЫВ. Сыгъдӕггӕнӕн бон-иу израилаг хистӕр сауджын бацыд Ӕппӕты сыгъдӕг бынатмӕ буд ӕмӕ судзгӕ зынгтимӕ, цӕмӕй-иу уыцы бынат адджын тӕфӕй байдзаг уыдаид. Уый фӕстӕ-иу Ӕппӕты сыгъдӕг бынатмӕ ногӕй бацыд, тӕригъӕды тыххӕй-иу цы нывӕндтӕ хаст ӕрцыд, уыдоны тугимӕ.

^ 56 абз. НЫВ. Израилаг нӕлгоймаг сауджынмӕ фыс ӕрбакодта, цӕмӕй йӕ уый фарны нывондӕн ӕрхӕсса, ӕмӕ афтӕмӕй равдыста, йӕ бинонтӕ Йегъовӕйӕ бузныг кӕй сты.

^ 58 абз. НЫВ. Зӕххыл лӕггад кӕнгӕйӕ Йесо Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ кӕй ӕххӕст кодта ӕмӕ уыцы хъуыддаджы йӕ фӕдылдзӕуджытӕн дӕр кӕй ӕххуыс кодта, уымӕй равдыста, Йегъовӕйы тынг кӕй уарзта.

^ 60 абз. НЫВ. Ацӕргӕ хо кӕд рынчын у, уӕддӕр писмоты фӕрцы хъусын кӕны ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйӕн дӕтты, хуыздӕрӕй йӕм цы ис, уый.

^ 62 абз. НЫВ. Разамонӕг советӕй ӕфсымӕр Геррит Лёш хъусын кӕны, ногӕй кӕуыл бакуыстой, уыцы «Ног дунейы тӕлмац» кӕй рацыд немыцаг ӕвзагыл (2019 аз, февраль). Абон Германийы хъусынгӕнджытӕ ацы дыууӕ хойау уацамынды ӕхсызгонӕй пайда кӕнынц ног Библийӕ.