Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

49 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

«Ис йӕхи афон» кусынӕн ӕмӕ улӕфынӕн

«Ис йӕхи афон» кусынӕн ӕмӕ улӕфынӕн

«Ацӕуӕм хибар ранмӕ, цӕмӕй уым иу гыццыл уӕ фӕллад суадзат» (МАР. 6:31).

143 ЗАРӔГ Лӕмбынӕг уӕм, лӕггад кӕнӕм ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм!

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Абон бирӕтӕ кусынмӕ цы цӕстӕй кӕсынц?

КӔМ цӕрыс, уым адӕмӕн сӕ фылдӕр кусынмӕ цы цӕстӕй кӕсынц? Бирӕ бӕстӕты адӕм ныр цас кусынц, уыйбӕрц раздӕр нӕ куыстой. Тынг бирӕ чи кусы, уыдонӕн арӕх рӕстӕг нӕ вӕййы сӕ бинонтӕн, стӕй баулӕфынӕн ӕмӕ сӕ цардыл ахъуыды кӕнынӕн дӕр (Еккл. 2:23). Иуӕй-иутӕ та кусын ӕппындӕр нӕ уарзынц ӕмӕ ӕфсӕнттӕ ссарынц, цӕмӕй ма кусой (Ӕмб. 26:13, 14).

2, 3. Йегъовӕ ӕмӕ Йесо кусынмӕ цы цӕстӕй кӕсынц?

2 Фӕлӕ Йегъовӕ ӕмӕ Йесо кусынмӕ цы цӕстӕй кӕсынц, уый хицӕн кӕны, ацы дунейы адӕм уымӕ цы цӕстӕй кӕсынц, уымӕй. Йегъовӕ куыстуарзаг Хуыцау у. Ӕмӕ уый тыххӕй Йесо дӕр дзырдта: «Мӕ Фыд ныры онг дӕр фыдӕбон кӕны, ӕмӕ ӕз дӕр фыдӕбон кӕнын» (Иоан. 5:17). Йегъовӕ сфӕлдыста тынг бирӕ зӕдты ӕмӕ ӕгӕрон Дун-дуне. Ахъуыды-ма кӕн, уыдӕттыл цас бафыдӕбон кодтаид. Ӕмӕ нӕ рӕсугъд зӕххыл дӕр цас диссӕгтӕ сфӕлдыста. Псаломзарӕггӕнӕг раст загъта: «Куыд бирӕ сты дӕ хъуыддӕгтӕ, о Йегъовӕ! Иууылдӕр сӕ скодтай де стыр зондӕй. Зӕхх нӕ зыны де сконд хъуыддӕгтӕй» (Пс. 104:24).

3 Йесо уыцы хъуыддаджы фӕзмыдта йӕ Фыды. Хуыцау «арв куы цӕттӕ кодта», уӕд ын Йесо ӕххуыс кодта. Уый уыд «йӕ фарсмӕ куыд дӕсны кусӕг» (Ӕмб. 8:27–31). Уымӕй бирӕ фӕстӕдӕр, зӕххыл куы уыди, уӕд дӕр, диссаджы хъуыддаджы лӕуд уыд. Хуыцау ын цы куыст бахӕс кодта, уый йын хӕринагӕй уӕлдай нӕ уыд, ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ бӕлвырд кодтой, Хуыцау ӕй кӕй рарвыста (Иоан. 4:34; 5:36; 14:10).

4. Йегъовӕ ӕмӕ Йесо улӕфынмӕ цы цӕстӕй кӕсынц, уымӕй нын фӕзминаг куыд сты?

4 Йегъовӕ ӕмӕ Йесо бирӕ кӕй фыдӕбон кӕнынц, уый цымӕ ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕ улӕфын нӕ хъӕуы? Нӕ, уый афтӕ нӕу. Йегъовӕ никуы бафӕллайы, ӕмӕ йӕ йӕ фӕллад уадзын нӕ фӕхъӕуы. Ӕнӕуи Библийы ис фыст, зӕгъгӕ, Йегъовӕ арв ӕмӕ зӕхх куы скодта, уӕд «улӕфын райдыдта» (Рац. 31:17). Фӕлӕ уый, ӕвӕццӕгӕн, ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕ фӕлдисгӕ ницыуал кодта ӕмӕ йӕ къухты фыдӕбоныл цин кодта. Кӕд Йесо дӕр зӕххыл лӕггад кӕнгӕйӕ бирӕ фыдӕбон кодта, уӕддӕр-иу баулӕфынӕн ӕмӕ йе ’мбӕлттимӕ иумӕ къӕбӕр бахӕрынӕн рӕстӕг ссардта (Матф. 14:13; Лук. 7:34).

5. Бирӕтӕн зын цы вӕййы?

5 Библи Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн дзуры, цӕмӕй куыстуарзаг уой. Хъуамӕ зивӕггӕнаг ма уой (Ӕмб. 15:19). Ӕвӕццӕгӕн, ды дӕр кусыс, цӕмӕй дӕ бинонты фӕдарай. Уымӕй уӕлдай ма Йесойы ахуыргӕнинӕгтыл се ’ппӕтыл дӕр ис хӕс – хорз хабар хъусын кӕнын. Фӕлӕ дӕ улӕфын дӕр куыннӕ хъӕуы. Кӕд кусгӕ кӕныс, уӕд дын, мыййаг, хатт зын вӕййы уацамындӕн ӕмӕ улӕфынӕн рӕстӕг ссарын? Куыд ис базонӕн, кусын цас хъӕуы ӕмӕ улӕфын цас хъӕуы, уый?

КУСЫН ЦАС ХЪӔУЫ ӔМӔ УЛӔФЫН ЦАС ХЪӔУЫ?

6. Марчы 6:30–34 стихтӕй куыд зыны, Йесо кусынмӕ ӕмӕ улӕфынмӕ раст цӕстӕй кӕй каст?

6 Ахсджиаг у, цӕмӕй кусынмӕ раст цӕстӕй кӕсӕм. Паддзах Соломон Хуыцауы разамындӕй ныффыста: «Ис йӕхи афон... алы хъуыддагӕн дӕр». Ӕмӕ загъта, кӕй ис рӕстӕг садзынӕн, аразынӕн, кӕуынӕн, худынӕн ӕмӕ кафынӕн (Еккл. 3:1–8). Уӕдӕ ӕнӕмӕнг у, цӕмӕй адӕймаг кусгӕ дӕр кӕна ӕмӕ улӕфгӕ дӕр кӕна. Ӕмӕ Йесо ацы дыууӕ хъуыддагмӕ раст цӕстӕй каст. Иухатт апостолтӕ уацамындӕй ӕрбаздӕхтысты, ӕмӕ сӕ, «ӕгӕр-мӕгуыр, къӕбӕр бахӕрынмӕ дӕр не ’вдӕлд». Уӕд сын Йесо загъта: «Ацӕуӕм хибар ранмӕ, цӕмӕй уым иу гыццыл уӕ фӕллад суадзат». (Бакӕс Марчы 6:30–34.) Кӕд-иу Йесойӕн ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн баулӕфынӕн алы хатт фадат нӕ уыд, уӕддӕр Йесо зыдта, алкӕй дӕр сӕ улӕфын ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы.

7. Сабатбоны закъоны тыххӕй цы базондзыстӕм, уый нын куыд баххуыс кӕндзӕн?

7 Алкӕй дӕр нӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ фӕхъӕуы баулӕфын кӕнӕ нӕ царды исты фӕивын. Уый ӕнӕмӕнг кӕй у, уый бӕрӕг у, Хуыцау рагзаманты йӕ адӕмӕн сабатбоны закъон кӕй радта, уымӕй. Уыцы закъон хъуамӕ ӕххӕст кодтаиккой алы къуыри дӕр. Кӕд мах Моисейы закъон ӕххӕст кӕнын нӕ хъӕуы, уӕддӕр дзы сабатбоны тыххӕй цы фыст ис, уымӕй цӕуылдӕр ахуыр кӕнӕм. Цы базонӕм, уый фӕрцы нӕ бон уыдзӕн ахъуыды кӕнын, кусынмӕ ӕмӕ улӕфынмӕ раст цӕстӕй кӕсӕм ӕви нӕ.

САБАТ – РӔСТӔГ УЛӔФЫНӔН ӔМӔ ХУЫЦАУӔН КУВЫНӔН

8. Рацыды 31:12–15 стихтӕй куыд зыны, афтӕмӕй израилӕгтӕ сабаты цы хъуамӕ арӕзтаиккой?

8 Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй, Хуыцау ӕхсӕз «бонмӕ» алцыдӕр куы сфӕлдыста, уӕд уый фӕстӕ зӕххыл ницыуал фӕлдыста (Райд. 2:2). Фӕлӕ Йегъовӕ куыстуарзаг Хуыцау у, ӕмӕ ныры онг дӕр ӕндӕр хъуыддӕгты «фыдӕбон кӕны» (Иоан. 5:17). Йегъовӕ ӕвдӕм «бон» улӕфын райдыдта. Ӕмӕ израилӕгтӕн дӕр загъта, цӕмӕй уыдон дӕр алы ӕвдӕм бон улӕфыдаиккой. Уый сын загъта, зӕгъгӕ, сабатбоны закъон у «нысан мӕн ӕмӕ сымах ӕхсӕн». Уый уыди «улӕфты бон... Йегъовӕйы бон». (Бакӕс Рацыд 31:12–15.) Уыцы бон кусӕн никӕмӕн уыд, ӕмӕ уый хауди суанг сывӕллӕттӕм, цагъартӕм ӕмӕ хӕдзарон фосмӕ дӕр (Рац. 20:10). Уый фӕрцы адӕмӕн сӕ бон уыд рӕстӕг Хуыцауы хъуыддӕгтӕн рахицӕн кӕнын.

9. Йесойы рӕстӕджы чидӕртӕ сабатбоны закъон куыд сзыгъуыммӕ кодтой?

9 Сабатбон Хуыцауы адӕмӕн цины бон уыди. Фӕлӕ Йесойы рӕстӕджы дины разамонджытӕй бирӕтӕ сабатбоны закъон скарз кодтой. Суанг ма афтӕ дӕр дзырдтой, зӕгъгӕ, дам, сабаты ӕфсиртӕй дӕр нӕй ӕртонӕн. Стӕй, дам, рынчынты дзӕбӕх кӕнын дӕр не ’мбӕлы (Мар. 2:23–27; 3:2–5). Фӕлӕ Йегъовӕ афтӕ нӕ хъуыды кодта. Ӕмӕ Йесо уый бамбарын кодта, хабар ӕцӕгӕй куыд у, уый базонын кӕй фӕндыд, уыдонӕн.

Йесойы бинонтӕ-иу сабаты архайдтой Хуыцауы хъуыддӕгты (кӕс 10 абзац) *

10. Матфейы 12:9–12 стихтӕй цы ис базонӕн, Йесо сабатбоны закъонмӕ цы цӕстӕй каст, уый тыххӕй?

10 Йесо ӕмӕ, йӕ фӕдылдзӕуджытӕй дзуттаг чи уыд, уыдон ӕххӕст кодтой сабатбоны закъон, уымӕн ӕмӕ уыдысты Моисейы закъоны дӕлбар *. Фӕлӕ Йесо дзургӕ дӕр кодта ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй дӕр ӕвдыста, сабаты кӕй ис адӕмӕн хорздзинад аразӕн ӕмӕ сын ӕххуыс кӕнӕн. Уый комкоммӕ загъта: «Сабаты хорздзинад аразӕн ис». (Бакӕс Матфейы 12:9–12.) Йесо афтӕ нӕ хъуыды кодта, ӕмӕ, иннӕтӕн хорздзинад чи аразы ӕмӕ сын чи ’ххуыс кӕны, уый сабатбоны закъон халы. Йӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уыд, кӕй ӕмбӕрста, Йегъовӕ уыцы бон улӕфынӕн сӕйраджыдӕр цӕмӕн рахицӕн кодта, уый. Сабат-иу Хуыцауы адӕмӕн улӕфты бон кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ-иу сын рӕстӕг уыд Хуыцауы хъуыддӕгтӕн. Куыд зыны, афтӕмӕй, Йесо цы бинонты ’хсӕн схъомыл, уыдон дӕр-иу сабаты Хуыцауы хъуыддӕгты архайдтой. Уый бӕрӕг у, Библийы Йесойы тыххӕй цы фыст ис, уымӕй: «Стӕй ӕрцыд Назаретмӕ, кӕм схъомыл, уырдӕм. Ӕмӕ куыд ахуыр уыд, афтӕ та сабаты бацыд ӕмбырдгӕнӕнмӕ ӕмӕ ӕрлӕууыд адӕмы раз Фыстадӕй бакӕсынмӕ» (Лук. 4:15–19).

КУСЫНМӔ ЦЫ ЦӔСТӔЙ КӔСЫС?

11. Кусынмӕ цы цӕстӕй хъӕуы кӕсын, уымӕй Йесойӕн фӕзминаг чи уыд?

11 Иосиф Йесойы хъӕддӕсныйы куыстыл куы ахуыр кодта, уӕд ын ӕнӕмӕнг ӕмбарын кодтаид, Йегъовӕ кусынмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый (Матф. 13:55, 56). Йесо уыдта, Иосиф алы бон дӕр куыд фыдӕбон кодта, цӕмӕй йе стыр бинонты фӕдардтаид. Фӕстӕдӕр Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн афтӕ дӕр загъта: «Фыдӕбонгӕнӕг уый аккаг у, ӕмӕ йын йӕ фыдӕбонӕн бафидой» (Лук. 10:7). Йесо бӕгуыдӕр зыдта, уӕззау фыдӕбон цы у, уый.

12. Библийӕ кӕцы стихтӕй у бӕрӕг, кусын ӕмӕ фыдӕбон кӕнын кӕй хъӕуы, уый?

12 Апостол Павел дӕр магуса нӕ уыд. Йӕ сӕйраг куыст уыд адӕмӕн Йесойы тыххӕй ӕмӕ, цӕуыл ахуыр кодта, уый тыххӕй дзурын. Фӕлӕ Павел кусгӕ дӕр кодта, цӕмӕй йӕхи фӕдардтаид. Фессалоникӕгтӕ зыдтой, уый «ӕхсӕвӕй-бонӕй... [йӕ] хид калгӕйӕ фыдӕбон» кӕй кодта, цӕмӕй стыр хӕрдзтӕй макӕй батыхсын кодтаид (2 Фес. 3:8; Хъуыд. 20:34, 35). Павел хуыдта цатыртӕ, ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, йӕ фыстӕджы фессалоникӕгтӕн уый кой кодта. Зӕгъӕм, Коринфы куы уыд, уӕд ӕрлӕууыд Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕмӕ. Уыдон дӕр «цатыртӕ... хуыдтой», ӕмӕ «семӕ куыста». Павел афтӕ кӕй загъта, «ӕхсӕвӕй-бонӕй» куыстон, зӕгъгӕ, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ӕдзухдӕр кусгӕ кодта. Улӕфгӕ дӕр-иу кодта. Зӕгъӕм, сабаты-иу нӕ куыста. Уыцы бон-иу ын фадат уыд дзуттӕгтӕн хъусын кӕнынӕн, уымӕн ӕмӕ-иу уыдон дӕр сабаты нӕ куыстой (Хъуыд. 13:14–16, 42–44; 16:13; 18:1–4).

13. Павелӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

13 Павел нын у фӕзминаг. Кӕд ӕй кусын дӕр хъуыди, уӕддӕр уый ӕдзухдӕр лӕуд уыд «табуйаг хъуыддаджы» – хъусын кодта «Хуыцауы хорз хабар» (Ром. 15:16; 2 Кор. 11:23). Павел иннӕтӕн дӕр дзырдта, цӕмӕй хорз хабар хъусын кодтаиккой. Зӕгъӕм, Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕйӕ загъта, кӕй сты йе ’мкусджытӕ «Йесо Чырыстийы хъуыддаджы» (Ром. 12:11; 16:3). Коринфӕгтӕм та Павел ныффыста, зӕгъгӕ, «ӕдзухдӕр бирӕ фыдӕбон кӕнут Хицауы хъуыддаджы» (1 Кор. 15:58; 2 Кор. 9:8). Йегъовӕ ма йын суанг ахӕм ныхӕстӕ дӕр ныффыссын кодта: «Кусын кӕй нӕ фӕнды, уый хӕргӕ дӕр ма кӕнӕд» (2 Фес. 3:10).

14. Иоанны 14:12 стихы фыст ныхӕстӕ куыд ӕмбаргӕ сты?

14 Ацы фӕстаг бонты хорз хабар хъусын кӕнынӕй ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынӕй ахсджиагдӕр куыст нӕй. Йесо загъта, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй араздзысты, уый цы хъуыддӕгтӕ арӕзта, уыдонӕй стырдӕр хъуыддӕгтӕ. (Бакӕс Иоанны 14:12.) Йесо уый зӕгъинаг нӕ уыд, ӕмӕ уыйау диссӕгтӕ араздзыстӕм. Фӕлӕ йӕ уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕ хъусын кӕндзысты фылдӕр рӕтты, ахуыр кӕндзысты фылдӕр адӕмы ӕмӕ сӕ лӕггад ахӕсдзӕн фылдӕр рӕстӕг.

15. Цавӕр фарстатыл хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм ӕмӕ цӕмӕн?

15 Кӕд искуы кусыс, уӕд ахъуыды кӕн: «Мӕ куысты мӕ куыстуарзагӕй зонынц? Цы куыст мын бахӕс кӕнынц, уый афоныл ӕмӕ бӕстон бакӕнын?» Кӕд о, уӕд дыл дӕ хицау дӕр ӕууӕнддзӕн. Стӕй ахӕм ӕнӕзӕрдӕхудт кусӕг кӕй дӕ, уый уынгӕйӕ, чи зоны, де ’мкусджыты дӕр бафӕнда хорз хабармӕ байхъусын. Хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы куыд архайыс, уый тыххӕй та цы ис зӕгъӕн? Ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: «Ацы хъуыддаджы мӕ куыстуарзагӕй зонынц? Уацамындмӕ мӕхи хорз бацӕттӕ кӕнын? Хорз чи байхъусы, уыдонмӕ ногӕй ӕвӕстиатӕй бацӕуын? Хъусын кӕнгӕйӕ алыхуызон фадӕттӕй фӕпайда кӕнын?» Кӕд о, уӕд дын дӕ лӕггад ӕнӕмӕнг циндзинад хӕсдзӕн.

УЛӔФЫНМӔ ЦЫ ЦӔСТӔЙ КӔСЫС?

16. Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕ улӕфынмӕ цы цӕстӕй кастысты, уый куыд хицӕн кӕны, абон бирӕтӕ уымӕ цы цӕстӕй кӕсынц, уымӕй?

16 Йесо ӕмбӕрста, йӕхи дӕр ӕмӕ-иу йӕ апостолты дӕр иуӕй-иу хатт баулӕфын кӕй хъуыд. Фӕлӕ уӕды рӕстӕджы бирӕтӕ уыдысты, Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы цы хъӕздыг лӕджы кой кодта, уый хуызӕн, ӕмӕ абон дӕр бирӕтӕ ахӕм сты. Уыцы лӕг йӕхицӕн дзырдта: «Хӕр, нуаз, хъӕлдзӕгӕй ӕрвит дӕ бонтӕ» (Лук. 12:19; 2 Тим. 3:4). Уымӕн ӕппӕты сӕйраг уыди улӕфын ӕмӕ хи ирхӕфсын. Фӕлӕ Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕн та сӕйраг сӕ уды дзӕбӕхӕн цӕрын нӕ уыд.

Кусынмӕ ӕмӕ улӕфынмӕ раст цӕстӕй куы кӕсӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн афтӕ цӕрын, цӕмӕй нын сӕйраг уой, удӕнцой чи хӕссы, уыцы хорз хъуыддӕгтӕ (кӕс 17 абзац) *

17. Куыстӕй сӕрибар куы вӕййӕм, уӕд нӕ рӕстӕгӕй куыд фӕпайда кӕнӕм?

17 Мах дӕр архайӕм, Йесо куыд кодта, афтӕ кӕныныл. Куыстӕй сӕрибар куы вӕййӕм, уӕд ӕрмӕст улӕфгӕ нӕ фӕкӕнӕм, фӕлӕ ма фӕаразӕм хорз хъуыддӕгтӕ – хорз хабар фӕхъусын кӕнӕм ӕмӕ ӕмбырдтӕм фӕцӕуӕм. Мах тынг ахсджиагыл нымайӕм ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын ӕмӕ ӕмбырдтӕм цӕуын. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый фӕаразӕм, цӕмӕй дарддӕр дӕр уыцы табуйаг хъуыддӕгты лӕуд уӕм (Дзут. 10:24, 25). Искуыдӕм улӕфынмӕ куы ацӕуӕм, уӕд уым дӕр ӕмбырдтӕм фӕцӕуӕм, стӕй, кӕуыл фембӕлӕм, уыдонимӕ Библийыл аныхас кӕнынӕн фадӕттӕ фӕагурӕм (2 Тим. 4:2).

18. Нӕ Паддзах Йесо Чырыстийы цы фӕнды?

18 Мах тынг бузныг стӕм нӕ Паддзах Йесо Чырыстийӕ, нӕ бон цы у, уымӕй фылдӕр нӕ кӕй нӕ домы, стӕй нын кӕй ӕххуыс кӕны кусынмӕ ӕмӕ улӕфынмӕ раст цӕстӕй кӕсынӕн (Дзут. 4:15). Уый фӕнды, цӕмӕй-иу нӕ фӕллад дӕр суадзӕм. Фӕлӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй фыдӕбон дӕр кӕнӕм, ома кусӕм, стӕй, удӕнцой чи хӕссы, уыцы хъуыддаджы архайӕм – ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнӕм. Иннӕ статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, Йесо цы сарӕзта, цӕмӕй нӕ тӕригъӕды цагъарадӕй фервӕзын кӕна.

38 ЗАРӔГ Хуыцау дӕ бафидар кӕндзӕн

^ 5 абз. Библи нын ӕххуыс кӕны кусынмӕ ӕмӕ улӕфынмӕ раст цӕстӕй кӕсынӕн. Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, израилӕгтӕн сабатбоны тыххӕй цы закъон уыд лӕвӕрд, уымӕ. Уый фӕрцы нӕ бон уыдзӕн ахъуыды кӕнын, кусынмӕ ӕмӕ улӕфынмӕ цы цӕстӕй кӕсӕм, ууыл.

^ 10 абз. Йесо куы амард ӕмӕ йӕ куы бавӕрдтой, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ хъуамӕ «хӕрздӕфгӕнаг кӕрдӕджытӕ ӕмӕ хӕрздӕф сойтӕ» ӕрцӕттӕ кодтаиккой, цӕмӕй йын йӕ мардмӕ базылдаиккой. Фӕлӕ сабатбоны закъон ӕххӕст кӕнын афтӕ ахсджиагыл нымадтой, ӕмӕ, цалынмӕ сабат нӕ фӕци, уӕдмӕ «ницы куыстой» (Лук. 23:55, 56).

^ 55 абз. НЫВ. Иосиф сабаты йӕ бинонты ӕмбырдгӕнӕнмӕ ӕрбакодта.

^ 57 абз. НЫВ. Фыд кусы, цӕмӕй йӕ бинонты фӕдара, фӕлӕ йын сӕрибар рӕстӕг куы вӕййы, уӕд фӕархайы Хуыцауы хъуыддӕгты, ӕмӕ афтӕ кӕны, йӕ бинонтимӕ улӕфынмӕ куы ацыд, суанг уӕд дӕр.