Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы Паддзахады фарс ныр слӕуу!

Хуыцауы Паддзахады фарс ныр слӕуу!

Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн: кӕм цӕрыс, уырдӕм тыхдымгӕ ӕрбахӕстӕг кӕны. Ӕмӕ хицауад адӕмы бафӕдзӕхста: «ӔВӔСТИАТӔЙ АЛИДЗУТ! ӔДАС БЫНАТ ССАРУТ!» Ахӕм уавӕры дӕ куыд бахъӕуид бакӕнын? Тӕссаг дын кӕм нӕ уа, ахӕм ранмӕ алидзын.

Зӕгъӕн ис, ӕмӕ мах не ’ппӕт дӕр ахӕм рӕстӕджы цӕрӕм, ӕмӕ тагъд райдайдзӕн «тыхдымгӕ». Уыцы «тыхдымгӕ» Чырысти схуыдта «стыр бӕллӕх» (Матфейы 24:21). Кӕмфӕнды ма цӕрӕм,– уыцы стыр бӕллӕхӕй никуыдӕм алидздзыстӕм. Фӕлӕ уӕддӕр нӕ бон у цыдӕр аразын, цӕмӕй нӕхи бахъахъхъӕнӕм.

Йесо Чырысти адӕмы хохыл куы ахуыр кодта, уӕд сын загъта: «Уӕдӕ фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы паддзахад ӕмӕ йӕ рӕстдзинад» (Матфейы 6:33). Уый нӕ бон куыд у аразын?

Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы Паддзахад. Ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ нын царды ӕппӕты сӕйрагдӕр хъуамӕ уа Хуыцауы Паддзахад (Матфейы 6:25, 32, 33). Уый ахсджиаг цӕмӕн у? Уымӕн ӕмӕ адӕмӕн сӕхи бон нӕу сӕ зындзинӕдтӕн кӕрон скӕнын. Уыцы зын хъуыддаг саразын бантысдзӕн ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахадӕн.

Агурут Хуыцауы рӕстдзинад. Хъуамӕ архайӕм Хуыцауы рӕстаг закъӕттӕм ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрыныл. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый нӕхӕдӕг куы скъуыддзаг кӕнӕм, уӕд уый хорзӕй ницӕмӕ ӕркӕндзӕн (Ӕмбисӕндтӕ 16:25). Фӕлӕ Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы цӕрӕм, уӕд ын йӕ зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм, стӕй уый нӕхицӕн дӕр хӕсдзӕн пайда (Исай 48:17, 18).

Дарддӕр дӕр архайут фыццаджыдӕр Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ йӕ рӕстдзинад агурыныл. Чырысти загъта, иуӕй-иутӕй кӕй айрох уыдзӕн, ӕппӕты ахсджиагдӕр цы у, уый, стӕй сӕм афтӕ кӕй кӕсдзӕн, ӕмӕ сӕм бирӕ ӕхца куы уа, уӕд уыдзысты ӕдас. Чидӕртӕ та, гӕнӕн ис, царды сагъӕстыл афтӕ суой, ӕмӕ сын Хуыцауы Паддзахады хъуыддӕгтӕн рӕстӕг мауал уа (Матфейы 6:19–21, 25–32).

Фӕлӕ, Хуыцауы Паддзахады фарс чи лӕууы, уыдонӕн та Чырысти зӕрдӕ бавӕрдта, цардӕн сӕ ныр ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уый сын кӕй уыдзӕн ӕмӕ фидӕны та ӕнӕкӕрон арфӕдзинӕдтӕй кӕй схайджын уыдзысты (Матфейы 6:33).

Кӕд фыццаг ӕнусы цӕрӕг Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ фыццаджыдӕр Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ йӕ рӕстдзинад агуырдтой, уӕддӕр сӕ рӕстӕджы зындзинӕдтӕн ӕмӕ хъизӕмӕрттӕн кӕрон не ’рцыд. Фӕлӕ уӕддӕр уыдон уыдысты хъахъхъӕд. Цымӕ куыд?

Уыдон цардысты Хуыцауы рӕстаг закъӕттӕм ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ. Ӕмӕ уый фӕрцы хызт уыдысты, Хуыцауы закъӕттӕ чи ницӕмӕ дардта, уыдон-иу цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты, ахӕм зындзинӕдтӕй. Хуыцауы Паддзахад кӕй ӕрцӕудзӕн, уый сӕ фидарӕй кӕй уырныдта, уый фӕрцы сӕ бон уыд суанг стыр зындзинӕдтӕ дӕр сфӕразын. Стӕй ма-иу сӕ Хуыцау схайджын кодта, «адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъаруйӕ», цӕмӕй-иу сӕ бон уыдаид фидар фӕлӕууын (2 Коринфӕгтӕм 4:7–9).

ФЫЦЦАДЖЫДӔР ХУЫЦАУЫ ПАДДЗАХАД АГУРДЗЫНӔ?

Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ фыццаджыдӕр агуырдтой Хуыцауы Паддзахад, Чырысти сын куыддӕриддӕр бафӕдзӕхста, афтӕ. Уыдон Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кодтой, кӕмыты цардысты ӕмӕ-иу кӕмыты уыдысты, уым ӕппӕт адӕмӕн дӕр (Колоссӕгтӕм 1:23). Цымӕ абон дӕр уыцы хъуыддаджы исчи архайы?

О, уыцы куыст абон кӕнынц Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Уыдон ӕмбарынц, Хуыцауы Паддзахад ацы дуне сӕфты хай куы бакӕна, уымӕ бирӕ кӕй нал баззад. Уымӕ гӕсгӕ уыдон зӕрдиагӕй архайынц, Чырысти кӕй кой кодта, уыцы хъуыддаджы. Уый загъта: «Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой. Ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон» (Матфейы 24:14).

Ды та куыд бакӕндзынӕ? Хорз уаид, фыццаг ӕнусы македойнаг горӕт Верийы чи цард, уыдоны куы бафӕзмис. Апостол Павел сын Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар куы хъусын кодта, уӕд «уыдон Хуыцауы ныхасмӕ тынг зӕрдиагӕй хъуыстой». Уыцы горӕты цӕрджытӕ «Фыстад лӕмбынӕг иртӕстой», цӕмӕй сбӕлвырд кодтаиккой, цы сын дзурынц, уый ӕцӕгдӕр афтӕ у ӕви нӕ. Ӕмӕ цы базыдтой, уымӕ гӕсгӕ архайгӕ дӕр кодтой (Хъуыддӕгтӕ 17:11, 12).

Дӕуӕн дӕр дӕ бон у афтӕ архайын. Фыццаджыдӕр Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ йӕ рӕстдзинад куы агурай, уӕд ныр дӕр хъахъхъӕд уыдзынӕ ӕмӕ фидӕны та ӕнустӕм уыдзынӕ ӕдас ӕмӕ фӕрнӕйдзаг.