Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | МАТФЕЙЫ 20, 21

«Кӕй уӕ фӕнды, цӕмӕй кадджын уа, уый уын хъуамӕ уа лӕггадгӕнӕг»

«Кӕй уӕ фӕнды, цӕмӕй кадджын уа, уый уын хъуамӕ уа лӕггадгӕнӕг»

20:28

Сӕрбӕрзонд чиныджыдӕсныты ӕмӕ фарисейты зӕрдӕмӕ цыди, базары фӕзы сӕм адӕм се ’ргом кӕй здӕхтой ӕмӕ сын салам кӕй лӕвӕрдтой, уый

Сӕрбӕрзонд чиныджыдӕснытӕ ӕмӕ фарисейтӕ тынг бӕллыдысты, цӕмӕй сын адӕм кад кодтаиккой (Мф 23:5–7). Йесо уыдонӕй тынг хицӕн кодта. «Адӕймаджы Фырт... уый тыххӕй не ’рцыд, цӕмӕй йын лӕггад кӕной, фӕлӕ цӕмӕй йӕхӕдӕг балӕггад кӕна» (Мф 20:28). Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ фылдӕр цавӕр хъуыддӕгтӕ аразынмӕ тырнӕм? Иннӕты цӕсты кӕй тыххӕй скадджын уыдзыстӕм ӕмӕ нӕ кӕй тыххӕй ӕппӕлдзысты, ахӕм хъуыддӕгтӕм? Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй нын Йегъовӕйы цӕсты кад уа, уӕд Чырыстийы фӕзмдзыстӕм ӕмӕ иннӕтӕн, нӕ бон цӕмӕйдӕриддӕр у, уымӕй ӕххуыс кӕндзыстӕм. Ахӕм лӕггад та арӕх Йегъовӕйы йеддӕмӕ ничи фӕуыны (Мф 6:1–4). Сӕрныллӕг чырыстон...

  • Паддзахады зал ӕфснайынӕн ӕмӕ йӕм зилынӕн феххуыс кӕны

  • ацӕргӕтӕм ӕмӕ иннӕтӕм фӕкӕсынмӕ нӕ фӕзивӕг кӕны

  • мысайнаг фӕдӕтты, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады хъуыддаг размӕ цӕуа