Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

Дӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл дарӕ, скъолай дӕбӕл ку гириз кӕнонцӕ, уӕд

Дӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл дарӕ, скъолай дӕбӕл ку гириз кӕнонцӕ, уӕд

Ӕригон киристӕнттӕ арӕх се ’нгӕрттӕй ӕфхуӕрд баййафунцӕ. Ӕригон хуӕрӕ кенӕ ӕнсувӕрбӕл ӕ дини туххӕй ку фӕггириз кӕнунцӕ кенӕ ’й нӕмгӕ ку фӕккӕнунцӕ, уӕд ин е устур рист ӕрхӕссуй. Уой туххӕй, гӕнӕн ес, фӕттӕрса ӕма Йеговӕй раидард уа. Уӕхӕн уавӕри ци ес бакӕнӕн?

Йегови лӕггадгӕнгутӕй беретӕ федар фӕллӕудтӕнцӕ, уомӕн ӕма ибӕл сӕ зӕрдӕ дардтонцӕ (Пс 18:17). Зӕгъӕн, Есфир ӕ нифс бахаста, цӕмӕй Амани фудвӕнди туххӕй паддзахӕн радзурдтайдӕ (Есф 7:1–6). Уой разӕй ком дардта, ӕма уомӕй бавдиста, Йегови ӕнхусмӕ ке ӕнгъӕлмӕ кӕсуй (Есф 4:14–16). Йеговӕ ин райарфӕ кодта ӕма ин ӕхе дӕр ӕма ӕ адӕни дӕр багъӕуай кодта.

Кӕд дӕу дӕр де ’нгӕрттӕ ӕнцад нӕ уадзунцӕ, уӕд Йеговӕй ӕнхус корӕ, удта дӕ хабар радзорӕ хестӕртӕй ескӕмӕн, зӕгъӕн, дӕ ниййергутӕн. Йеговӕ Есфирӕн куд банхус кодта, уотӕ дӕуӕн дӕр банхус кӕндзӕй. Никкидӕр ма дӕ бон ци ӕй бакӕнун?

БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ЖИЗНЬ ПОДРОСТКА. ИЗДЕВАТЕЛЬСТВА В ШКОЛЕ: ЧТО ДЕЛАТЬ?» ӔМА ДЗУАПП РАТТӔ АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ:

  • Ӕригон киристӕнттӕ Чарли ӕма Феринӕй цӕбӕл ахур кӕнунцӕ?

  • Чарли ӕма Ферини дзурдтӕй куд зиннуй, ниййергути бон ци ӕй бакӕнун, сӕ сувӕллонбӕл скъолай ку гириз кӕнонцӕ, уӕд?