Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

Игъосун кӕнгӕй пайда кӕнӕ нӕ сайти сӕйраг фарсӕй

Игъосун кӕнгӕй пайда кӕнӕ нӕ сайти сӕйраг фарсӕй

Нӕ сайти сӕйраг фарсбӕл ес ссылкитӕ статьятӕмӕ ӕма видеороликтӕмӕ, рӕстдзийнадӕ базонун ке фӕндуй, уонӕн (Гъд 13:48). Арӕх си ӕвзурст цӕунцӕ, фӕстаг хабӕртти ка адтӕй кенӕ берӕ адӕни ка тухсун кӕнуй, уӕхӕн фарстатӕ.

Игъосун кӕнгӕй нӕ бон куд ӕй сайти сӕйраг фарсӕй пайда кӕнун?

  • Сайтмӕ алли бон дӕр бацӕуисӕ. Дӕ гъос ӕрдарисӕ, сӕйраг фарсбӕл хаййи «Избранное» ци рацӕуй, уомӕ. Ӕма расагъӕс кӕнӕ, ци адӕни хӕццӕ фӕдздзубанди кӕнис, уонӕн си пайда ци адтайдӕ, уобӕл. Уой фӕрци дӕмӕ игъосун кӕнунмӕ алкӕддӕр нӕуӕг гъудитӕ уодзӕй. (Хаййи «Избранное» ма раздӕр цӕхуӕн ӕрмӕг рацудӕй, уой фӕууинунмӕ ралхъевӕ «Ещё статьи».)

  • Дзубанди райдайунмӕ пайдӕ кӕнӕ, сӕйраг фӕрсбӕл ци статьятӕ ӕма видеороликтӕ ес, уонӕй. Ка ’й зонуй, кӕмӕн игъосун кӕнис, еци адӕни зӕрдӕмӕ фӕццӕуонцӕ ӕма сӕ фулдӕр базонун бафӕндӕуа.

  • Адӕнӕн сайти сӕйраг фарс ӕвдесӕ. Дӕ бон ӕй адӕймагӕн бавдесун, цӕхуӕн темитӕ си ӕвзурст цӕунцӕ, удта ’й ци тухсун кӕнуй, уой фӕдбӕл ӕрмӕг ӕ бон иссерун куд ӕй.

  • Пайдӕ кӕнӕ мадзалӕй «Рарветун». Кедӕрти нӕ фӕффӕндуй нӕ хӕццӕ дзубанди кӕнун, фал сӕ нӕ сӕйтмӕ бацӕун ба бафӕндуй. Уӕхӕн адӕймагӕн дӕ бон ӕй рарветун ссылкӕ нӕ сайти сӕйраг фарсмӕ кенӕ ба цӕхуӕндӕр статьямӕ кенӕ видеороликмӕ.