Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

«Йегъовӕ... ныфссаст чи у, уыдоны ирвӕзын кӕны»

«Йегъовӕ... ныфссаст чи у, уыдоны ирвӕзын кӕны»

Не ’ппӕт дӕр хатт цӕйдӕр тыххӕй ӕрӕнкъард вӕййӕм. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нӕ уырнындзинад лӕмӕгъ у. Суанг ма Йегъовӕйӕн дӕр йӕ зӕрдӕ цӕуылдӕрты фӕриссы (Рд 6:5, 6). Фӕлӕ кӕд дӕхимӕ арӕх ныхъхъусыс кӕнӕ ӕдзух ӕнкъард вӕййыс, уӕд дӕ бон цы у саразын?

Йегъовӕйӕ ӕххуыс кур. Йегъовӕ нын не ’нкъарӕнтӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсы. Уый фӕуыны, хъӕлдзӕг кӕнӕ ӕнкъард куы вӕййӕм. Фӕзоны, цавӕрдӕр хъуыдытӕ ӕмӕ нӕм ӕнкъарӕнтӕ цӕмӕн вӕййы, уый (Пс 7:9б). Ӕппӕты ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ нӕ Йегъовӕ уарзы ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй тох кӕнӕм ныфссӕттӕг хъуыдытимӕ ӕмӕ ма суанг депрессиимӕ дӕр (Пс 34:18).

Дӕ зонд хъахъхъӕн. Ныфссаст куы вӕййӕм, уӕд уый фӕзыны, Йегъовӕимӕ нын цы хӕлардзинад ис, ууыл дӕр. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕ хъус дарӕм нӕ хъуыдытӕм, ӕмӕ-иу нӕ зӕрдӕ хъахъхъӕнӕм (Ӕм 4:23).

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ХОТӔ ӔМӔ ӔФСЫМӔРТӔН СӔ ЗӔРДӔТЫ ИС ФАРН, КӔД ДЕПРЕССИИМӔ ТОХ КӔНЫНЦ, УӔДДӔР» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Никкийӕн цы баххуыс кодта депрессиимӕ тох кӕнынӕн?

  • Никки цӕмӕн сфӕнд кодта дохтырмӕ ацӕуын? (Мф 9:12)

  • Никки йӕ ныфс Йегъовӕйыл кӕй дардта, уый цӕмӕй уыд бӕрӕг?