Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

«Йеговӕ... нифссаст ка ӕй, уони ервӕзун кӕнуй»

«Йеговӕ... нифссаст ка ӕй, уони ервӕзун кӕнуй»

Алкедӕр ни рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ ӕрӕнкъард уй, фал е уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма не ’ууӕндундзийнадӕ лӕмӕгъ ӕй. Библий куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ Йеговӕ дӕр зонуй, маст кӕнун ци ӕй, уой (Рд 6:5, 6). Фал ӕгӕр арӕх ку маст кӕнӕн кенӕ алкӕддӕр нифссаст ку уӕн, уӕдта нин ци кӕнгӕ ’й?

Йеговӕй ӕнхус корӕ. Йегови фӕндуй, цӕмӕй нифссаст макӕд уӕн. Е ӕй уинуй, цийнӕ ку фӕккӕнӕн ӕма зӕрдӕрист ку фӕууӕн, уой. Зонуй ӕй, уӕхӕн ӕнкъарӕнтӕ ӕма нӕмӕ уӕхӕн сагъӕстӕ цӕмӕн фӕззиннуй, уой дӕр (Пс 7:9б). Йеговӕ нӕ берӕ уарзуй ӕма нифссаст адӕймагӕн алкӕддӕр банхус кӕнуй (Пс 34:18).

Нифс кӕмӕй сӕттуй, уӕхӕн сагъӕстӕй дӕхе гъӕуай кӕнӕ. Уӕхӕн сагъӕсти туххӕй адӕймагӕн тӕссаг ӕй, ӕ цийнӕ ку фесафа ӕма Йеговӕй ку раидард уа. Уомӕ гӕсгӕ гъӕуама нӕ зӕрдӕ гъӕуай кӕнӕн (Ӕм 4:23).

БАКӔСӔ СКЪУДДЗАГМӔ ВИДЕОРОЛИККӔЙ «В НАШЕЙ МЕЖДУНАРОДНОЙ СЕМЬЕ ЦАРИТ МИР» ӔМА ДЗУАПП РАТТӔ АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ:

  • Никки ку балӕдӕрдтӕй депресси имӕ ке ес, уӕд куд бакодта?

  • Никки дохтирмӕ цӕмӕн фӕццудӕй? (Мф 9:12)

  • Никки Йеговӕбӕл ӕ зӕрдӕ ке дардта, уой куд бавдиста?