Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

Хуыцауы ӕнувыд уарзт нӕ Хӕйрӕджы мӕнг ныхӕстӕй хъахъхъӕны

Хуыцауы ӕнувыд уарзт нӕ Хӕйрӕджы мӕнг ныхӕстӕй хъахъхъӕны

Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй адӕм афтӕ хъуыды кӕной, ӕмӕ ӕвзӕр хабӕрттӕ Хуыцауы аххосӕй цӕуынц (Иов 8:4).

Уый архайы, цӕмӕй нӕ ахӕм хъуыдыйыл баууӕндын кӕна, зӕгъгӕ, Йегъовӕйӕн уӕлдай нӕу, иузӕрдион ыл стӕм ӕви нӕ (Иов 9:20–22; w15 1/7 12 ф., 3 абз.).

Йегъовӕ нӕ ӕнувыд уарзтӕй уарзы ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй-иу Хӕйрӕджы мӕнг ныхӕстыл ма баууӕндӕм ӕмӕ иузӕрдионӕй баззайӕм (Иов 10:12; Пс 32:7, 10; w21.11 6 ф., 14 абз.).

БАФӔЛВАР: фӕлварӕныл куы сӕмбӕлай, уӕд-иу дӕ хъус дар, Йегъовӕ дӕ ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзы, уый цавӕр хъуыддӕгтӕй у бӕрӕг, ӕмӕ-иу сӕ ныффысс. Уыцы фыстытӕм-иу рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ ӕркӕс.