Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

Ниййергутӕ, уӕ сувӕллӕнттӕн ӕнхус кӕнтӕ, цӕмӕй Хуцауи зундӕй исхайгин уонцӕ

Ниййергутӕ, уӕ сувӕллӕнттӕн ӕнхус кӕнтӕ, цӕмӕй Хуцауи зундӕй исхайгин уонцӕ

Ӕмбурдтӕ ниййергутӕн ӕнхус кӕнунцӕ, цӕмӕй сӕ сувӕллӕнтти Хуцауи зундбӕл ахур кӕнонцӕ. Сувӕллӕнттӕ ӕмбурдти лӕмбунӕг ку игъосонцӕ, удта сӕ дзуӕппитӕ рагацау ку цӕттӕ кӕнонцӕ, уӕд сӕ бон исуодзӕй Йегови туххӕй берӕ цидӕртӕ базонун ӕма ӕ хӕццӕ балимӕн ун (Д.з 31:12, 13). Ниййергутӕ, уӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй уӕ сувӕллӕнттӕн ӕмбурдтӕ фулдӕр пайда хӕссонцӕ?

  • Ӕгас хъауритӕй архайетӕ, цӕмӕй ӕмбурдтӕмӕ Паддзахади залмӕ цӕуайтӕ (Пс 22:22).

  • Уӕ гъуддӕгтӕ уотӕ испълан кӕнтӕ, цӕмӕй уӕ бон уа ӕмбурди размӕ кенӕ ӕмбурди фӕсте хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ радзубанди кӕнун (Дзт 10:25).

  • Алкӕмӕндӕр уи уӕд, ӕмбурди рӕстӕг ка багъӕудзӕй, еци ӕрмӕг.

  • Уӕ сувӕллӕнттӕн банхус кӕнтӕ сӕ дзуапп уотӕ бацӕттӕ кӕнун, цӕмӕй ӕй сӕхе дзурдтӕй зӕгъун сӕ бон исуа (Мф 21:15, 16).

  • Ӕмбурдти туххӕй лӕгъузӕй маци дзоретӕ, удта си ци разамунд фегъосетӕ, уобӕл ма хъур-хъур кӕнтӕ.

  • Уӕ сувӕллӕнтти разӕнгард кӕнтӕ, цӕмӕй уин Паддзахади зал ӕфснайунмӕ ӕнхус кӕнонцӕ, удта цӕмӕй хестӕр хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ дзубанди кӕнонцӕ.

Цӕмӕй сувӕллӕнттӕ Хуцауи ӕмбӕлттӕ исуонцӕ, уобӕл байархайун гъӕуй. Ка ’й зонуй уӕмӕ еуӕй-еухатт уотӕ кӕсдзӕй, цума уӕмӕ хъауритӕ нӕбал ес. Фал уӕ гъудий даретӕ: Йеговӕ алкӕддӕр уӕ фарсмӕ уодзӕй ӕма уин ӕнхус кӕндзӕй (Ис 40:29).

БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «РОДИТЕЛИ, ПОЛАГАЙТЕСЬ НА СИЛУ, КОТОРУЮ ДАЁТ ИЕГОВА» ӔМА ДЗУАПП РАТТӔ АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ:

  • Зак ӕма Лия фӕллад ке адтӕнцӕ, е сӕбӕл куд рабӕрӕг ӕй?

  • Ниййергутӕ Йеговӕй хъауритӕ цӕмӕн гъӕуама коронцӕ?

  • Зак ӕма Лия сӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл ке дардтонцӕ, е цӕмӕй бӕрӕг адтӕй?