Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

6 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Нӕ Фыд Йегъовӕ нӕ тынг уарзы

Нӕ Фыд Йегъовӕ нӕ тынг уарзы

«Кувгӕ та кӕнут афтӕ: „Нӕ уӕларвон Фыд“» (МАТФ. 6:9).

135 ЗАРӔГ Йегъовӕ фӕлмӕнӕй дзуры: «Зондджын у, мӕ хъӕбул»

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Персы паддзахимӕ-иу аныхас кӕнын кӕй фӕндыд, уый-иу фыццаг цы хъуамӕ сарӕзтаид?

ДӔ ЦӔСТЫТЫЛ-МА ауайын кӕн, цыма цӕрыс раджы заманты Персы паддзахады. Хъӕуы дӕ цавӕрдӕр хъуыддаджы фӕдыл паддзахимӕ аныхас кӕнын, ӕмӕ йӕм хъуамӕ ацӕуай горӕт Сузӕмӕ. Фӕлӕ йӕ зоныс, цӕмӕй йемӕ аныхас кӕнай, уый тыххӕй уал дзы фыццаг бар кӕй хъуамӕ ракурай, науӕд удӕгасӕй нӕ баззайдзынӕ (Есф. 4:11).

2. Цы ис зӕгъӕн, нӕ бон Йегъовӕимӕ ныхас кӕнын куыд у, уый тыххӕй?

2 Куыд хорз у, Йегъовӕ уыцы паддзахы хуызӕн кӕй нӕу! Йегъовӕ кӕцыфӕнды зӕххон хицауӕй дӕр бирӕ уӕлдӕр ӕмӕ бирӕ хъомысджындӕр у, фӕлӕ уӕддӕр нӕ бон у йемӕ кӕдфӕнды дӕр ныхас кӕнын. Уый алкӕддӕр цӕттӕ вӕййы махмӕ байхъусынмӕ. Йегъовӕйӕн ис алыхуызон кадджын титултӕ, зӕгъӕм, Сфӕлдисӕг Стыр Хуыцау, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау, Дунедарӕг Стыр Хуыцау. Фӕлӕ уый фӕнды, цӕмӕй йӕ хонӕм нӕ Фыд (Матф. 6:9). Йегъовӕмӕ афтӕ ӕввахс уӕм, уый йӕ кӕй фӕнды, уый нын ӕхсызгон куыннӕ у!

3. Нӕ бон цӕмӕн у Йегъовӕйы нӕ Фыд хонын ӕмӕ ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

3 Ӕцӕгдӕр, нӕ бон у Йегъовӕйы нӕ Фыд хонын, уымӕн ӕмӕ нын уый радта цард (Пс. 36:9). Ӕмӕ нӕ Фыд кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕм хъуамӕ хъусӕм ӕмӕ йӕ коммӕ кӕсӕм. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд хайджын уыдзыстӕм диссаджы арфӕдзинӕдтӕй (Дзут. 12:9). Ӕмӕ уыцы арфӕдзинӕдтӕй иу у ӕнусон цард кӕнӕ уӕлӕрвты, кӕнӕ зӕххыл. Фӕлӕ абон дӕр стӕм арфӕдзинӕдтӕй хайджын. Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, уый бӕрӕг цӕмӕй у, уымӕ. Стӕй ма аныхас кӕндзыстӕм, фидарӕй нӕ цӕмӕн хъуамӕ уырна, Йегъовӕ нӕ кӕй никуы ныууадздзӕн, уый. Фыццаг уал ӕркӕсӕм, нӕ уӕларвон Фыд нӕ тынг кӕй уарзы ӕмӕ ныл кӕй тыхсы, уый кӕцӕй зонӕм, уымӕ.

ЙЕГЪОВӔ НӔ УАРЗЫ ӔМӔ НЫЛ ТЫХСЫ

Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй, фыд йӕ сывӕллӕттимӕ куыд ӕнгом вӕййы, уый дӕр немӕ афтӕ ӕнгом уа (кӕс 4 абзац)

4. Кӕмӕндӕрты зын цӕмӕн у Йегъовӕйы сӕ Фыдыл нымайын?

4 Мыййаг дын зын у Хуыцауы дӕ Фыдыл нымайын? Чидӕртӕ хъуыды кӕнынц, Хуыцау кӕм ис ӕмӕ ӕз та кӕм дӕн, зӕгъгӕ. Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау сӕ кӕй уарзы, ууыл дызӕрдыг кӕнынц. Фӕлӕ нӕ нӕ уӕларвон Фыд тынг уарзы ӕмӕ йӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй афтӕ хъуыды кӕнӕм. Уый нын радта цард ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕм баввахс уӕм. Апостол Павел афинӕгтимӕ ныхас кӕнгӕйӕ уый кой куы скодта, уӕд сын уый фӕстӕ загъта, зӕгъгӕ, Йегъовӕ «махӕй алкӕмӕй дӕр дард нӕу» (Хъуыд. 17:24–29). Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй нӕ алчидӕр йемӕ ныхас кӕна, сывӕллон йӕ уарзӕгой ныййарӕгимӕ куыд фӕныхас кӕны, афтӕ.

5. Иу хойы хабарӕй цы ис базонӕн?

5 Кӕмӕндӕр та Йегъовӕйы йӕ Фыдыл нымайын зын уымӕн вӕййы, ӕмӕ фыды рӕвдыдӕй цух уыд. Иу хо афтӕ загъта: «Мӕ фыд-иу мӕ тынг ӕфхӕрдта. Ӕмӕ Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтон, уӕд мын зын уыди Йегъовӕйы мӕ уӕларвон Фыдыл нымайын. Фӕлӕ Йегъовӕйы хуыздӕр куы базыдтон, уӕд бынтон ӕндӕрхуызон райдыдтон хъуыды кӕнын». Кӕд дӕумӕ дӕр ахӕм хъуыдытӕ вӕййы, уӕд ма тыхс. Иу бон ды дӕр бамбардзынӕ, Йегъовӕ ӕппӕты хуыздӕр Фыд кӕй у.

6. Матфейы 11:27 стихмӕ гӕсгӕ, Йегъовӕ цы сарӕзта, цӕмӕй йӕ нӕ уарзӕгой Фыдыл нымайӕм?

6 Йегъовӕ нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй йӕ нӕ уарзӕгой Фыдыл нымайӕм. Зӕгъӕм, Библийы ныффыссын кодта, Йесо цы дзырдта ӕмӕ цы арӕзта, уый тыххӕй. (Бакӕс Матфейы 11:27.) Йесо алцӕмӕй дӕр йӕ Фыды фӕзмыдта. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыд зӕгъын: «Мӕн чи федта, уый федта Фыды дӕр» (Иоан. 14:9). Уый Йегъовӕйы арӕх хуыдта «Фыд». Ӕрмӕст цыппар Евангелийы кӕсгӕйӕ фенӕн ис, афтӕ йӕ кӕй схуыдта 165 хатты бӕрц. Цымӕ йӕ афтӕ арӕх цӕмӕн хуыдта «Фыд»? Йесойы фӕндыд, цӕмӕй адӕм бамбӕрстаиккой, Йегъовӕ уарзӕгой Фыд кӕй у (Иоан. 17:25, 26).

7. Йегъовӕ йӕ Фыртмӕ цы зӕрдӕ дардта?

7 Ӕркӕсӕм, Йегъовӕ йӕ Фыртмӕ цы зӕрдӕ дардта, уымӕ. Йегъовӕ алкӕддӕр хъуыста Йесойы куывдтытӕ ӕмӕ-иу ын дзуапп дӕр радта (Иоан. 11:41, 42). Йесо-иу цыфӕнды зын уавӕры дӕр уыдта, Йегъовӕ йӕ кӕй уарзы ӕмӕ йын кӕй ӕххуыс кӕны (Лук. 22:42, 43).

8. Йегъовӕ Йесойыл куыд тыхст?

8 Йесо йӕ Фыды нымадта йӕ Царддӕттӕгыл ӕмӕ йӕ Дарӕгыл. Уый загъта: «Ӕз мӕ Фыды фӕрцы... цӕрын» (Иоан. 6:57). Йесо йӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр йӕ Фыдыл дардта, ӕмӕ йын Йегъовӕ лӕвӕрдта, цӕрынӕн ӕй цыдӕриддӕр хъуыд, уый. Уымӕй ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ йын ӕххуыс кодта, цӕмӕй йыл иузӕрдион уыдаид (Матф. 4:4).

9. Йегъовӕ куыд равдыста, йӕ Фырты кӕй уарзта ӕмӕ йыл кӕй тыхст, уый?

9 Йегъовӕ уарзӕгой Фыд у, ӕмӕ Йесойӕн бамбарын кодта, алкӕддӕр ын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн (Матф. 26:53; Иоан. 8:16). Йегъовӕ йӕ ӕппӕт хъизӕмӕрттӕй нӕ фервӕзын кодта, фӕлӕ йын баххуыс кодта, цӕмӕй фӕлварӕнты фидар фӕлӕууыдаид. Йесо зыдта, цыфӕнды ма бавзара, уӕддӕр уый рӕстӕгмӕ кӕй уыдзӕн (Дзут. 12:2). Йегъовӕ равдыста, Йесойы кӕй уарзта, уый. Йӕ куывдтытӕ йын хъуыста, цӕрынӕн ӕй цыдӕриддӕр хъуыд, уый йын лӕвӕрдта, ахуыр ӕй кодта ӕмӕ йын ӕххуыс кодта (Иоан. 5:20; 8:28). Ныр та аныхас кӕнӕм, нӕ уӕларвон Фыд махыл дӕр куыд тыхсы, ууыл.

НӔ УАРЗӔГОЙ ФЫД НЫЛ КУЫД ТЫХСЫ?

Уарзӕгой фыд: 1) йӕ сывӕллӕттӕм лӕмбынӕг фӕхъусы; 2) йӕ сывӕллӕттыл батыхсы; 3) йӕ сывӕллӕтты фӕахуыр кӕны; 4) йӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕны. Нӕ уӕларвон Фыд дӕр ныл афтӕ тыхсы (кӕс 10–15 абзацтӕ) *

10. Псалом 66:19, 20 стихтӕм гӕсгӕ, Йегъовӕ куыд равдисы, кӕй нӕ уарзы, уый?

10 Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕм хъусы. (Бакӕс Псалом 66:19, 20.) Йегъовӕ нын афтӕ нӕ зӕгъы, зӕгъгӕ, ӕрмӕстдӕр уал хатты у дӕ бон кувын, ӕрмӕстдӕр уый ӕмӕ уый тыххӕй ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уыйбӕрц рӕстӕг. Уый фӕнды, цӕмӕй йӕм арӕх кувӕм (1 Фес. 5:17). Нӕ бон у нӕ Хуыцаумӕ кӕдфӕнды дӕр ӕмӕ кӕмфӕнды дӕр кувын. Афтӕ ӕнӕвдӕлон никуы вӕййы, ӕмӕ йын нӕ куывдтытӕм байхъусынӕн рӕстӕг ма уа. Уый алкӕддӕр цӕттӕ вӕййы махмӕ байхъусынмӕ. Ӕмӕ нын нӕ куывдтытӕм кӕй хъусы, уый куы бамбарӕм, уӕд ӕм ноджы тынгдӕр баввахс вӕййӕм. Псаломзарӕггӕнӕг загъта: «Мӕ зӕрдӕ уарзондзинадӕй байдзаг, уымӕн ӕмӕ мын Йегъовӕ хъусы мӕ хъӕлӕс» (Пс. 116:1).

11. Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕн дзуапп куыд ратты?

11 Нӕ Фыд нын нӕ куывдтытӕм ӕрмӕст хъусгӕ нӕ фӕкӕны, фӕлӕ ма нын дзуапп дӕр ратты. Апостол Иоанн загъта: «Хуыцауӕй йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ цыфӕнды ма ракурӕм,– хъусы нӕ» (1 Иоан. 5:14, 15). Гӕнӕн ис, ӕмӕ нын Йегъовӕ нӕ куывдтытӕн дзуапп, мах куыд ӕнхъӕл стӕм, афтӕ ма ратта. Уый зоны, хуыздӕр нын цы уыдзӕн, уый. Ӕмӕ хатт йӕ дзуапп вӕййы, «нӕ», зӕгъгӕ, кӕнӕ та йӕ фӕфӕнды, цӕмӕй банхъӕлмӕ кӕсӕм (2 Кор. 12:7–9).

12, 13. Нӕ уӕларвон Фыд ныл кӕй тыхсы, уый цӕмӕй у бӕрӕг?

12 Йегъовӕ нын дӕтты, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ. Йегъовӕ алы фыдӕй дӕр цы домы, уый йӕхӕдӕг дӕр аразы (1 Тим. 5:8). Уый нын дӕтты, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ. Йегъовӕйы нӕ фӕнды, цӕмӕй, цы бахӕрӕм, нӕ уӕлӕ цы скӕнӕм кӕнӕ кӕм цӕрӕм, уыдӕттыл ӕгӕр мӕт кӕнӕм (Матф. 6:32, 33; 7:11). Суанг нын нӕ фидӕныл дӕр ахъуыды кодта, ӕмӕ нын ног дунейы ратдзӕн, цы нӕ хъӕудзӕн, уыдӕттӕ.

13 Ӕппӕты ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ нын Йегъовӕ ӕххуыс кӕны, цӕмӕй йӕм ӕввахсдӕр кӕнӕм. Йӕ Ныхасы нын раргом кодта, чи у, уый, стӕй йӕм цавӕр фӕнд ис, цӕмӕн нӕ сфӕлдыста ӕмӕ фидӕны цавӕр хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕн, уый. Нӕ ныййарджыты кӕнӕ нын ӕндӕр кӕйдӕр уылты баххуыс кодта, цӕмӕй йӕ базыдтаиккам. Ӕмӕ нын ныр дӕр ӕххуыс кӕны фӕлмӕнзӕрдӕ хистӕр нӕлгоймӕгты ӕмӕ иннӕ фӕлтӕрдджын чырыстӕтты уылты. Уымӕй уӕлдай ма нӕ нӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ ӕмбырдты ахуыр кӕны. Ӕппӕт уыдӕттӕй бӕрӕг у, нӕ Фыд Йегъовӕ нӕ алкӕуыл дӕр кӕй тыхсы (Пс. 32:8).

14. Йегъовӕ нын зонд цӕмӕн фӕамоны ӕмӕ уый куыд фӕаразы?

14 Йегъовӕ нӕ ахуыр кӕны. Йесойӕ уӕлдай, мах ӕнӕххӕст стӕм. Уымӕ гӕсгӕ, куы бахъӕуы, уӕд нын нӕ уӕларвон Фыд зонд дӕр бацамоны. Библийы фыст ис: «Йегъовӕ, кӕй уарзы, зонд дӕр уымӕн амоны» (Дзут. 12:6, 7). Йегъовӕ нын зонд алыхуызӕтты бацамоны. Зӕгъӕм, вӕййы афтӕ, ӕмӕ Библийы цыдӕр бакастыстӕм кӕнӕ ӕмбырды цавӕрдӕр хъуыды фехъуыстам, ӕмӕ бамбӕрстам, цыдӕр нӕ фӕивын кӕй хъӕуы. Кӕнӕ та нын Йегъовӕ баххуыс кӕны хистӕр нӕлгоймӕгты уылты. Ӕмӕ нын зонд куы фӕамоны, уӕд уый алкӕддӕр фӕаразы, уарзгӕ нӕ кӕй кӕны, уый тыххӕй (Йер. 30:11).

15. Йегъовӕ нын фӕлварӕнты куыд баххуыс кӕны?

15 Йегъовӕ нын фӕлварӕнты фидар фӕлӕууынӕн баххуыс кӕны. Уарзӕгой фыд йӕ сывӕллӕттӕн зын рӕстӕджы куыд баххуыс кӕны, афтӕ нын нӕ уӕларвон Фыд дӕр фӕлварӕнты рӕстӕг баххуыс кӕны. Йегъовӕ нӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы хъахъхъӕны, адӕймаг дзы цӕй тыххӕй адард вӕййы, уыдӕттӕй (Лук. 11:13). Баххуыс ма нын кӕны, тыхст ӕмӕ ныфссаст куы вӕййӕм, уӕд дӕр. Зӕгъӕм, зӕрдӕ нын бавӕрдта, фидӕны нӕм диссаджы цард кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Ӕмӕ нын уый фӕрцы зындзинӕдтӕ сфӕразын ӕнцондӕр вӕййы. Цыфӕнды ныл ма ’рцӕуа, уӕддӕр нын нӕ уарзӕгой Фыд нӕ хъӕдгӕмттӕ иууылдӕр байгас кӕндзӕн. Цы зындзинӕдтӕ ӕвзарӕм, уыдон рӕстӕгмӕ сты, Йегъовӕйы арфӕдзинӕдтӕ та уыдзысты ӕнустӕм (2 Кор. 4:16–18).

НӔ УӔЛАРВОН ФЫД НӔ НИКУЫ НЫУУАДЗДЗӔН

16. Адам йӕ уӕларвон Фыдмӕ кӕй нӕ байхъуыста, уый цӕмӕ ’ркодта?

16 Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, уый ма бӕрӕг у, Адам йӕ ныхмӕ куы рацыд, уӕд куыд бакодта, уымӕй дӕр. Адам йӕ уӕларвон Фыды ныхасы сӕрты куы ахызт, уӕд йӕ бинонтӕй нал уыд. Ӕмӕ йӕ байзӕддӕгты дӕр уыцы бинонтӕй фӕхауӕггаг кодта (Ром. 5:12; 7:14). Фӕлӕ Йегъовӕ уыцы хабармӕ фӕрсырдыгӕй нӕ каст.

17. Адам Йегъовӕйы ныхмӕ куы рацыд, уӕд Йегъовӕ уайтагъд цы сарӕзта?

17 Йегъовӕ Адамы бафхӕрдта, фӕлӕ йын йӕ байзӕддӕгты ӕнӕ ныфсӕй нӕ ныууагъта. Уый уайтагъд зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ коммӕ чи кӕса, уыцы адӕм та фӕстӕмӕ йӕ бинонтӕй кӕй уыдзысты (Райд. 3:15; Ром. 8:20, 21). Уымӕн гӕнӕн ис йӕ уарзон Фырт Йесойы нывонды фӕрцы. Йегъовӕ йӕ Фырты мах тыххӕй кӕй радта, уымӕй равдыста, куыд тынг нӕ уарзы, уый (Иоан. 3:16).

Кӕд Хуыцауӕй адард стӕм, фӕлӕ фӕсмон кӕнӕм, уӕд хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Фыд нӕм зӕрдиагӕй кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы (кӕс 18 абзац)

18. Цӕуылнӕ хъуамӕ дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй йӕ бинонтӕй уӕм, кӕд дзы адард стӕм, уӕддӕр?

18 Кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ бинонтӕй уӕм. Уый нӕ никуы рафӕлмӕцы ӕмӕ нын алкӕддӕр баххуыс кӕны. Хатт ын йӕ зӕрдӕ фӕриссын кӕнӕм кӕнӕ дзы адард вӕййӕм. Фӕлӕ ныл Йегъовӕ йӕ къух никуы ауигъы. Нӕ Фыд нӕ куыд тынг уарзы, уый Йесо хорз бамбарын кодта иу фӕсномыг ныхасӕй. Уый у фӕсномыг ныхас сӕфт фырты тыххӕй (Лук. 15:11–32). Ацы фӕсномыг ныхасы фыд йӕ фыртмӕ алкӕддӕр ӕнхъӕлмӕ каст. Ныфс ӕй уыд, ӕнӕмӕнг кӕй ӕрбаздӕхдзӕн. Ӕмӕ хӕдзармӕ куы ’рбаздӕхт, уӕд фыды цинӕн кӕрон нал уыд. Кӕд Йегъовӕйӕ адард стӕм, фӕлӕ фӕсмон кӕнӕм, уӕд хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Фыд нӕм зӕрдиагӕй кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы.

19. Адамы тыххӕй цы зындзинӕдтӕ ӕвзарӕм, уыдонӕн Йегъовӕ кӕрон куыд скӕндзӕн?

19 Адамы тыххӕй цы зындзинӕдтӕ ӕвзарӕм, уыдонӕн нӕ уӕларвон Фыд кӕрон скӕндзӕн. Адам Йегъовӕйы ныхмӕ куы рацыд, уӕд Йегъовӕ аскъуыддзаг кодта, адӕмӕй 144 мины кӕй равзардзӕн ӕмӕ сӕ йӕхицӕн фырттӕ кӕй скӕндзӕн, цӕмӕй йӕ Фыртимӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ уой. Ног дунейы Йесо ӕмӕ уыцы паддзӕхтӕ коммӕгӕс адӕмӕн ӕххуыс кӕндзысты, цӕмӕй суой ӕххӕст адӕймӕгтӕ. Адӕм фӕстаг хатт фӕлвӕрд куы ’рцӕуой, уӕд, коммӕгӕс чи разына, уыдонӕн Хуыцау ратдзӕн ӕнусон цард. Нӕ уӕларвон Фыд куыд цин кӕндзӕн, зӕхх ӕххӕст адӕмӕй – йӕ фырттӕ ӕмӕ йӕ чызджытӕй – куы байдзаг уа, уӕд! Уый цӕй диссаджы рӕстӕг уыдзӕн!

20. Йегъовӕ нӕ тынг кӕй уарзы, уый куыд ӕвдисы ӕмӕ иннӕ статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

20 Йегъовӕ ӕвдисы, тынг нӕ кӕй уарзы, уый. Уымӕй хуыздӕр Фыд нӕй! Уый нын нӕ куывдтытӕ хъусы ӕмӕ нын дӕтты, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, стӕй нӕ нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн цы хъӕуы, уыдӕттӕ. Уымӕй уӕлдай ма нӕ ахуыр кӕны, зонд нын амоны ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны фӕлварӕнты фидар фӕлӕууынӕн. Фидӕны та нӕ схайджын кӕндзӕн диссаджы арфӕдзинӕдтӕй. Нӕ уӕларвон Фыд нӕ кӕй уарзы ӕмӕ ныл кӕй тыхсы, уый нын ӕхсызгон куыннӕ у! Иннӕ статьяйы дзырд цӕудзӕн, Йегъовӕйы уарзондзинадӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый нӕ бон ӕвдисын куыд у, ууыл.

108 ЗАРӔГ Хуыцауы ӕнувыд уарзт

^ 5 абз. Йегъовӕйы арӕх фӕхонӕм Сфӕлдисӕг ӕмӕ Дунедарӕг. Фӕлӕ ма Йегъовӕ у нӕ уарзӕгой Фыд дӕр. Ацы статьяйы дзырд цӕудзӕн, ахӕм цӕстӕй йӕм цӕмӕн хъуамӕ кӕсӕм, ууыл. Стӕй ма базондзыстӕм, Йегъовӕ нӕ кӕй никуы ныууадздзӕн, уый нӕ фидарӕй цӕмӕн хъуамӕ уырна, уый дӕр.

^ 59 абз. НЫВТӔ. Цыппар нывӕй алкӕцыйыл дӕр ӕвдыст ис фыд йӕ сывӕллонимӕ: 1) фыд йӕ лӕппумӕ лӕмбынӕг хъусы; 2) фыд йӕ чызгӕн хӕринаг скодта; 3) фыд йӕ лӕппуйы ахуыр кӕны; 4) фыд йӕ лӕппуйы сабыр кӕны. Цыппар нывы фӕстӕ зыны Йегъовӕйы къух, ӕмӕ уый амоны, Йегъовӕ махыл дӕр афтӕ кӕй тыхсы, уымӕ.