Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

6 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

Нӕ Фидӕ Йеговӕ нӕ хъӕбӕр берӕ уарзуй

Нӕ Фидӕ Йеговӕ нӕ хъӕбӕр берӕ уарзуй

«Ковгӕ ба кӕнтӕ уотӕ: „Нӕ уӕларвон Фидӕ“» (МАТФ. 6:9).

135 ЗАР Йеговӕ фӕлмӕнӕй зӕгъуй: «Зундгин уо, мӕ бӕдолӕ»

РАЗДЗУРД *

1. Персий паддзахи размӕ бацӕунмӕ дӕ ци гъудайдӕ бакӕнун?

ДӔ ЦӔСТИТӔБӔЛ рауайун кӕнӕ: 2 500 анзей размӕ Персий цӕрис. Гъӕуй дӕ бӕсти паддзахи хӕццӕ цӕхуӕндӕр гъуддаги фӕдбӕл радзорун ӕма фӕццӕуис Персий сӕйраг горӕт Сузӕмӕ. Ӕвӕдзи, дӕ сӕри къуми дӕр нӕ уодзӕй паддзахи размӕ, барӕ дин нӕ равардтонцӕ, уотемӕй бацӕун, уомӕн ӕма ’й лӕдӕрис, уой туххӕй дин мӕлӕти тӕрхон ке рахӕсдзӕнцӕ (Есф. 4:11).

2. Йегови нӕ бон куд ӕй хонун, уой туххӕй ци гъуди кӕнис?

2 Мах Йеговӕй хъӕбӕр боз ан, Персий паддзахи хузӕн ке нӕй, уой туххӕй. Еунӕг зӕнхон хецаумӕ дӕр Йегови бӕрцӕ хъаурӕ ӕма бартӕ нӕййес, фал нӕмӕ Йеговӕ байгъосунмӕ алкӕддӕр цӕттӕ фӕууй. Уой фӕндуй, цӕмӕй ӕ хӕццӕ сӕребарӕй дзорӕн. Йеговӕ ӕй Сфӕлдесӕг, Алцигъон ӕма Дун-дуйней Хецау, фал ӕй уӕддӕр фӕндуй, цӕмӕй ӕй «нӕ Фидӕ» хонӕн (Матф. 6:9). Ӕма нин е хъӕбӕр ӕхцӕуӕн ӕй!

3. Йегови «нӕ Фидӕ» исхонӕн цӕмӕн ес ӕма аци статьяй цӕбӕл радзубанди кӕндзиан?

3 Нӕ бон ӕй Йегови «нӕ Фидӕ» хонун, уомӕн ӕма нӕ Царддӕттӕг ӕй (Пс. 36:9). Ӕма нӕ Фидӕ ке ӕй, уомӕ гӕсгӕ ба имӕ гъӕуама игъосгӕ кӕнӕн. Е нин ци зӕгъуй, уой ку кӕнӕн, уӕд берӕ арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин уодзиан (Дзиуит. 12:9). Еци арфӕдзийнӕдтӕмӕ хауй ӕносон цард, кӕмӕндӕр уӕлӕрвти, кӕмӕндӕр ба зӕнхӕбӕл. Фал абони дӕр берӕ арфӕдзийнӕдтӕй хайгин ан. Аци статьяй ӕркӕсдзиан, Йеговӕ нин ӕй абони куд ӕвдесуй, уарзӕгой Фидӕ ке ӕй, уой, удта нӕ федӕни ке некӕд ниууадздзӕй, уобӕл федарӕй ӕууӕндун нӕ бон цӕмӕн ӕй. Фиццаг бал радзубанди кӕнӕн, нӕ уӕларвон Фидӕ нӕ ке уарзуй ӕма нӕбӕл ке тухсуй, е цӕмӕй бӕрӕг ӕй, уобӕл.

ЙЕГОВӔ НӔ УАРЗӔГОЙ ФИДӔ ӔЙ ӔМА НӔБӔЛ ТУХСУЙ

Йегови уотӕ фӕндуй, цӕмӕй, фидӕ ӕ сувӕллӕнтти хӕццӕ куд ӕнгом фӕууй, е дӕр нӕ хӕццӕ уотӕ ӕнгом уа (кӕсӕ 4 абзац)

4. Еуӕй-еуетӕн Йегови сӕ Фидӕбӕл нимайун зин цӕмӕн фӕууй?

4 Еуӕй-еуетӕн зин фӕууй Йегови сӕ Фидӕбӕл нимайун. Уотӕ сӕмӕ фӕккӕсуй, ӕма Йегови рази зингӕ дӕр некӕми кӕнунцӕ. Нӕ си феруагӕс кӕнуй, Алцигъон Хуцау уонӕбӕл дӕр ке тухсуй, е. Фал нӕ уарзӕгой Фиди нӕ фӕндуй, цӕмӕй уотӕ сагъӕс кӕнӕн. Е нин равардта цард ӕма ’й фӕндуй, цӕмӕй имӕ бахӕстӕг уӕн. Апостол Павел еци гъуди афинӕгтӕн ку балӕдӕрун кодта, уӕд ма син Хуцауи туххӕй загъта: «Е махӕй алкӕмӕйдӕр идард нӕй» (Гъуд. 17:24–29). Йегови фӕндуй, цӕмӕй ӕ хӕццӕ дзорӕн, сувӕллон ӕ уарзӕгой ниййерӕги хӕццӕ куд фӕдздзоруй, уотӕ.

5. Еу хуӕри хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?

5 Кӕмӕндӕрти ба Йегови сӕ Фидӕбӕл нимайун зин фӕууй, уомӕн ӕма сӕхе фидтӕлтӕй фӕлмӕн дзурд некӕд фегъустонцӕ. Ӕркӕсӕн, еу хуӕрӕ ци загъта, уомӕ: «Мӕ фидӕ хъӕбӕр ӕнахъӕл лӕг адтӕй. Ӕма Библи ахур кӕнун ку райдӕдтон, уӕд мин фиццӕгти зин адтӕй Йегови мӕ уӕларвон Фидӕбӕл нимайун. Фал фӕстӕдӕр, Йегови хуӕздӕр ку базудтон, уӕд ӕндӕрхузи сагъӕс кӕнун райдӕдтон». Дӕуӕн дӕр зин ӕй Йегови дӕ Фидӕбӕл нимайун? Кӕд гъо, уӕд дӕ нифс ма сӕттӕд. Еу афони ’й ду дӕр балӕдӕрдзӕнӕ, Йеговӕй хуӕздӕр Фидӕ ке нӕййес, уой.

6. Матфеййи 11:27 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ нин Йеговӕ цӕй фӕрци лӕдӕрун кӕнуй, нӕ уарзӕгой Фидӕ ке ӕй, уой?

6 Йеговӕ байархайдта, цӕмӕй Йесой дзурдтӕ ӕма гъуддӕгтӕ Библий финст ӕрцудайуонцӕ. Уой фӕрци нин ӕнцондӕр ӕй Йеговӕмӕ уарзӕгой Фиди цӕстӕй кӕсун. (Бакӕсӕ Матфеййи 11:27.) Йесо ӕ Фиди менеугутӕ ӕнхӕстӕй ке ӕвдиста, уомӕ гӕсгӕ загъта: «Мӕн ка фӕууидта, е фӕууидта Фиди дӕр» (Иоан. 14:9). Удта Йегови «Фидӕ», зӕгъгӕ, арӕх хонидӕ. Айдагъ Евангелити еу 165 хатти финст ӕй, Йесо Йегови Фидӕ куд исхудта, е. Цума цӕмӕн? Еу гъуддаг уой медӕги ӕй, ӕма ’й фӕндадтӕй, цӕмӕй адӕн балӕдӕрдтайуонцӕ, Йеговӕ сӕ уарзӕгой Фидӕ ке ӕй, уой (Иоан. 17:25, 26).

7. Йеговӕ Йесойӕн куд адтӕй, уомӕй ци базудтан?

7 Ӕркӕсӕн, Йегови туххӕй ма нӕ бон ци ӕй базонун, ӕ Фурт Йесо Киристейӕн куд адтӕй, уомӕй. Йеговӕ ин ӕ кувдтитӕ алкӕддӕр игъуста. Удта сӕмӕ айдагъ игъосгӕ нӕ кодта, фал ма ин сӕбӕл дзуапп дӕр лӕвардта (Иоан. 11:41, 42). Йесо цийфӕнди фӕлварӕнти ма бахаудтайдӕ, уӕддӕр ӕй лӕдӕрдтӕй, ӕ Фидӕ ’й ке уарзуй ӕма ӕ фарсмӕ ке ӕй, уой (Лук. 22:42, 43).

8. Йеговӕ Йесойӕн куд ӕнхус кодта?

8 Йесо ӕй лӕдӕрдтӕй, цард ин ӕ Фидӕ ке равардта ӕма уой фӕрци ке цӕруй, уой. Ӕма зӕгъгӕ дӕр уотӕ кодта: «Ӕз мӕ Фиди фӕрци... цӕрун» (Иоан. 6:57). Йесо ӕ Фидӕбӕл ӕ зӕрдӕ дардта ӕма ин Йеговӕ лӕвардта, цӕрунмӕ ’й ӕнӕмӕнгӕй ци гъудӕй, уой. Уомӕй уӕлдай ма ин Йеговӕ ӕнхус кодта, цӕмӕй еузӕрдонӕй байзадайдӕ (Матф. 4:4).

9. Йеговӕ Йесойӕн куд бавдиста, ӕ уарзӕгой Фидӕ ке ӕй ӕма ибӕл ке тухсуй, уой?

9 Йеговӕ, куд уарзӕгой Фидӕ, уотӕ Йесойӕн лӕдӕрун кодта, алкӕддӕр ӕ фарсмӕ ке уодзӕй ӕма ин багъӕуаги ке банхус кӕндзӕй (Матф. 26:53; Иоан. 8:16). Кӕд Йеговӕ Йесой ӕ зиндзийнӕдтӕй не ’суӕгъдӕ кодта, уӕддӕр ин хъаурӕ равардта, цӕмӕй федар фӕллӕудтайдӕ. Йесо ӕй зудта, цийфӕнди гъезӕмӕрттӕ ма бавзара, уӕддӕр рӕстӕгмӕ ке уодзӕнцӕ (Дзиуит. 12:2). Йеговӕ Йесобӕл ке тухстӕй, уой ин бавдиста, ӕ кувдтитӕ ин ке игъуста, цӕрунмӕ ’й ци гъудӕй, уой ин ке лӕвардта, ахур ӕй ке кодта ӕма ӕ фарсмӕ ке адтӕй, уомӕй (Иоан. 5:20; 8:28). Цума нӕ уӕларвон Фидӕ махбӕл дӕр уотӕ тухсуй? Гъо. Ӕркӕсӕн, уотӕ зӕгъӕн цӕмӕн ес, уомӕ.

НӔ УАРЗӔГОЙ ФИДӔ МАХБӔЛ КУД ТУХСУЙ

Уарзӕгой фидӕ ӕ сувӕллонмӕ: 1) лӕмбунӕг фегъосуй, 2) цӕрунмӕ ’й ци гъӕуй, уой ин дӕттуй, 3) ахур ӕй кӕнуй ӕма ’й 4) федар кӕнуй. Нӕ уӕларвон Фидӕ дӕр нӕбӕл уотӕ тухсуй (кӕсӕ 10–15 абзацтӕ) *

10. Псаломи 66:19, 20 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ Йеговӕ куд ӕвдесуй, ке нӕ уарзуй, уой?

10 Йеговӕ нин нӕ кувдтитӕ игъосуй. (Бакӕсӕ Псалом 66:19, 20.) Йеговӕ нин нӕ кувдтитӕн цӕхуӕндӕр арӕнтӕ не ’скодта. Уой фӕндуй, цӕмӕй имӕ арӕхдӕр ковӕн (1 Фес. 5:17). Нӕ бон ӕй Йеговӕмӕ кӕдфӕнди дӕр ӕма кӕмифӕнди дӕр ковун. Уотӕ некӕд уодзӕй, цӕмӕй ӕй нӕ кувдмӕ байгъосунмӕ ма райевдӕла. Цийфӕнди афони дӕр нӕмӕ байгъосдзӕй. Ӕма уой ке зонӕн, уомӕ гӕсгӕ ’й никки фулдӕр уарзӕн. Псаломзаргӕнӕг загъта: «Мӕ зӕрдӕ уарзондзийнадӕй байдзаг ӕй, уомӕн ӕма мин Йеговӕ игъосуй мӕ гъӕлӕс» (Пс. 116:1).

11. Йеговӕ нин нӕ кувдтитӕбӕл дзуапп куд фӕддӕттуй?

11 Нӕ уӕларвон Фидӕ нин нӕ кувдтитӕ айдагъ игъосгӕ нӕ кӕнуй, фал ма нин сӕбӕл дзуапп дӕр дӕттуй. Апостол Иоанн загъта: «Хуцауӕй ӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ цийфӕнди ма ракорӕн,– игъосуй нӕ» (1 Иоан. 5:14, 15). Фал е уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма нин Йеговӕ, мах цӕхуӕн дзуапп гъудӕй, уӕхӕн дзуапп ратдзӕй. Е ӕй хуӕздӕр зонуй, пайда нин ци ӕй, уой. Уомӕ гӕсгӕ еуӕй-еухатт ӕ дзуапп «нӕъ» дӕр фӕууй кенӕ ба ’й фӕффӕндуй, цӕмӕй бангъӕлмӕ кӕсӕн (2 Кор. 12:7–9).

12, 13. Нӕ уӕларвон Фидӕ нӕбӕл ке тухсуй, уой нин куд ӕвдесуй?

12 Йеговӕ нин дӕттуй, цӕрунмӕ нӕ ци гъӕуй, уой. Йеговӕ фидӕбӕл ци ихӕстӕ исӕвардта, уони ӕхуӕдӕг дӕр ӕнхӕст кӕнуй (1 Тим. 5:8). Ӕ сувӕллӕнттӕн дӕттуй, цӕрунмӕ сӕ ӕнӕмӕнгӕй ци гъӕуй, уой. Йегови нӕ фӕндуй, цӕмӕй хуӕруйнаг, хъӕппӕл ӕма цӕрӕнбунати туххӕй катай кӕнӕн (Матф. 6:32, 33; 7:11). Уомӕй уӕлдай ма нин Йеговӕ, куд уарзӕгой Фидӕ, уотӕ нӕ федӕнбӕл дӕр батухстӕй.

13 Уомӕй уӕлдай ма нин Йеговӕ алцидӕр дӕттуй, цӕмӕй имӕ нӕ бон уа хӕстӕг кӕнун. Библий фӕрци нин ӕхе, удта, ӕ фӕндон цӕй медӕги ӕй, уой базонун кодта, удта ма нин балӕдӕрун кодта, цӕмӕн цӕрӕн ӕма нӕмӕ федӕни ци ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уой дӕр. Дӕ ниййергутӕй кенӕ ӕндӕр ескӕмӕй рӕстдзийнадӕ ку базудтай, уӕд дӕмӕ, зӕгъӕн ес, ӕма Йеговӕ е ’ргом раздахта. Ӕма дӕбӕл абони уӕнгӕ дӕр тухсуй ӕма дин ӕнхус кӕнуй ӕмбурди хестӕр нӕлгоймӕгти, удта фӕлтӕрдгун хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти фӕрци. Уомӕй уӕлдай ма нӕ Йеговӕ не ’мбурдти фӕрци дӕр ахур кӕнуй. Айдагъ аци гъуддӕгтӕй дӕр бӕрӕг ӕй, Йеговӕ не ’гасебӕлдӕр ке тухсуй, уарзӕгой фидӕ ӕ сувӕллӕнттӕбӕл куд фӕттухсуй, уотӕ (Пс. 32:8).

14. Йеговӕ нӕ куд ахур кӕнуй ӕма цӕмӕн?

14 Йеговӕ нӕ ахур кӕнуй. Мах Йесой хузӕн ӕнхӕст нӕ ан. Уомӕ гӕсгӕ нӕ нӕ уарзӕгой Фидӕ ку фӕййахур кӕнуй, уӕд нин багъӕуаги зунд дӕр байамонуй. Библий финст ӕй: «Йеговӕ, ке уарзуй, зунд дӕр уомӕн амонуй» (Дзиуит. 12:6, 7). Йеговӕ нин зунд аллихузи фӕййамонуй. Зӕгъӕн, еуӕй-еухатт Библий ци бакӕсӕн кенӕ ӕмбурди ци фегъосӕн, уомӕй балӕдӕрӕн, исраст кӕнун нӕ ци гъӕуй, уой. Кенӕ ба нин, гӕнӕн ес, ӕма хестӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр банхус кӕнонцӕ. Йеговӕ нӕ кудфӕнди ма бараст кӕна, алцӕмӕндӕр ӕ рахуӕцӕн фӕууй уарзондзийнадӕ (Йер. 30:11).

15. Йеговӕ нӕ куд гъӕуай кӕнуй?

15 Йеговӕ нин зиндзийнӕдти рӕстӕг ӕнхус кӕнуй. Зӕнхон фидӕ зиндзийнӕдти рӕстӕг ӕ сувӕллӕнттӕн куд фенхус кӕнуй, уотӕ нин нӕ уӕларвон Фидӕ дӕр зиндзийнӕдти сӕрти хезунмӕ ӕнхус кӕнуй. Йеговӕ нин ӕ сугъдӕг хъаурӕ дӕттуй, цӕмӕй нин не ’ууӕндундзийнадӕн зӕран маци ’рхӕсса (Лук. 11:13). Уомӕй уӕлдай ма нӕхемӕ ку нийгъосӕн, уӕд дӕр нӕ Йеговӕ бафедар кӕнуй. Зӕгъӕн, равардта нин дессаги нифс, ӕма еци нифси фӕрци нӕ бон ӕй зиндзийнӕдти рӕстӕг федар фӕллӕуун. Расагъӕс кӕнӕ: цийфӕнди бӕллӕхтӕ нӕбӕл ма ’рцӕуа, нӕ уарзӕгой Фидӕ алцидӕр исраст кӕндзӕй. Нӕ зиндзийнӕдтӕ рӕстӕгмӕ ’нцӕ, Йегови арфӕдзийнӕдтӕ ба ӕносмӕ! (2 Кор. 4:16–18).

НӔ ФИДӔ НӔ НЕКӔД НИУУАДЗДЗӔЙ

16. Адам ӕ уарзӕгой Фиди нихмӕ ку рацудӕй, уӕд ци ’рцудӕй?

16 Йеговӕ нӕ куд берӕ уарзуй, уой ма уинӕн, ӕ зӕнхон сувӕллӕнттӕ ку фӕррӕдудӕнцӕ, уӕд ӕхе куд бадардта, уомӕй. Адам ӕ уӕларвон Фиди нихмӕ ку рацудӕй, уӕд айдагъ ӕхецӕн нӕ, фал ма ӕ байзӕддӕгтӕн дӕр Йегови бийнонти астӕу бунат нӕбал адтӕй (Ром. 5:12; 7:14). Фал Йеговӕ адӕнбӕл ӕ къох нӕ ракъуӕрдта.

17. Адам Йегови нихмӕ ку рацудӕй, уӕд Йеговӕ еци фӕдбӕл ци бакодта?

17 Йеговӕ Адами бафхуардта, фал ин ка нӕма райгурдӕй, еци байзӕддӕгти ба ӕнӕ нифсӕй нӕ ниууагъта. Хуцау еци фӕдбӕл зӕрдӕ байвардта, коммӕгӕс адӕн фӕстӕмӕ ӕ бийнонтӕ ке исуодзӕнцӕ (Райд. 3:15; Ром. 8:20, 21). Ӕма цӕмӕй еци гъуддаг искодтайдӕ, уой туххӕй ӕ Фурти, Йесо Киристей, нивонди ӕрхаста. Уотемӕй бавдиста, куд берӕ нӕ уарзуй, уой (Иоан. 3:16).

Кӕд Йеговӕй раидард ан, фал ӕрфӕсмон кодтан, уӕд гъӕуама ма дузӕрдуг кӕнӕн, нӕ уарзӕгой Фидӕ нӕмӕ зӕрдиагӕй ке ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уобӕл (кӕсӕ 18 абзац)

18. Кӕцӕй ӕй зонӕн, Йегови уотӕ ке фӕндуй, цӕмӕй ӕ бийнонтӕй уӕн, кӕд си раидард ан, уӕддӕр?

18 Кӕд ӕнӕнхӕст ан, уӕддӕр Йегови фӕндуй, цӕмӕй ӕ бийнонтӕй уӕн. Е ни некӕд фӕллайуй ӕма нин алкӕддӕр ӕнхус кӕнуй. Еуӕй-еухатт ин ӕ зӕрдихудти дӕр бацӕуӕн кенӕ ба си раидард уӕн, фал нӕбӕл уӕддӕр ӕ къох нӕ ракъуӕруй. Киристе исӕфт фурти туххӕй фӕсномуг хабар ку радзурдта, уӕд ӕй балӕдӕрун кодта, Йеговӕ цӕйбӕрцӕбӕл уарзӕгой ӕй, уой (Лук. 15:11–32). Аци фӕсномуг хабари фидӕ ӕнгъӕлмӕ кастӕй, ӕ фурт хӕдзарӕмӕ кӕд ӕрбаздӕхдзӕй, уомӕ. Ӕма ӕ фурт ку ӕрбаздахтӕй, уӕд ӕ цийнӕн кӕрон дӕр н’ адтӕй. Кӕд Йеговӕй раидард ан, фал фӕстӕдӕр ӕрфӕсмон кодтан, уӕд гъӕуама ма дузӕрдуг кӕнӕн, нӕ уарзӕгой Фидӕ нӕмӕ зӕрдиагӕй ке ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уобӕл.

19. Адами туххӕй ци зиндзийнӕдтӕ ӕвзарӕн, уонӕн нӕ уӕларвон Фидӕ кӕрон куд искӕндзӕй?

19 Адами туххӕй ци зиндзийнӕдтӕ ӕвзарӕн, уонӕн нӕ уӕларвон Фидӕ кӕрон искӕндзӕй. Адам Йегови нихмӕ ку рацудӕй, уӕд Йеговӕ унаффӕ рахаста, адӕнӕй 144 мини ке равзардзӕй ӕма си ӕхецӕн фурттӕ ке искӕндзӕй, цӕмӕй Йесой хӕццӕ уӕлӕрвти паддзӕхтӕ ӕма саугинтӕ уонцӕ. Нӕуӕг дуйней Киристе ӕма еци паддзӕхтӕ коммӕгӕс адӕнӕн ӕнхус кӕндзӕнцӕ, цӕмӕй исуонцӕ ӕнхӕст. Адӕн фӕстаг хатт фӕлвӕрд ку ӕрцӕуонцӕ, уӕд ма еузӕрдонӕй ка байзайа, уонӕн Хуцау ратдзӕй ӕносон цард. Расагъӕс кӕнӕ, нӕ уӕларвон Фидӕ куд цийнӕ кӕндзӕй, зӕнхӕ ӕнхӕст адӕнӕй – ӕ фурттӕ ӕма ӕ кизгуттӕй – ку байдзаг уа, уӕд! Е дессаги рӕстӕг уодзӕй!

20. Йеговӕ нӕ берӕ ке уарзуй, уой куд ӕвдесуй ӕма иннӕ статьяй дзурд цӕбӕл цӕудзӕй?

20 Йеговӕ нӕ берӕ уарзуй. Уомӕй хуӕздӕр Фидӕ нӕййес. Е нин нӕ кувдтитӕ игъосуй ӕма нин цӕрунмӕ, удта не ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнунмӕ цидӕриддӕр гъӕуй, уой дӕттуй. Нӕ нифс нин федар кӕнуй ӕма нӕ ахур кӕнуй. Удта ма нин ӕрцӕттӕ кодта берӕ дессаги лӕвӕрттӕ. Йеговӕ нӕ берӕ ке уарзуй ӕма нӕбӕл ке тухсуй, е нин хъӕбӕр ӕхцӕуӕн ӕй! Иннӕ статьяй дзурд цӕудзӕй, Йегови уарзондзийнадӕн ке аргъ кӕнӕн, уой нӕ бон куд ӕй ӕвдесун, уобӕл.

108 ЗАР Хуцауи ӕновуд уарзт

^ 5 абз. Арӕх Йеговӕбӕл фӕссагъӕс кӕнӕн, куд не Сфӕлдесӕгбӕл кенӕ Дун-дуйней Хецаубӕл. Фал ма Йеговӕ нӕ уарзӕгой Фидӕ дӕр ӕй ӕма нӕбӕл тухсуй. Е берӕ цӕхуӕндӕр гъуддӕгтӕй бӕрӕг ӕй. Аци статьяй си цалдӕремӕ ӕркӕсдзиан. Уомӕй уӕлдай ма базондзиан, Йеговӕ нӕ ке некӕд ниууадздзӕй, уобӕл федарӕй ӕууӕндӕн цӕмӕн ес, уой.

^ 59 абз. ХУЗТӔ. 1) фидӕ ӕ биццеумӕ лӕмбунӕг игъосуй; 2) фидӕ ӕ кизгӕн хуӕруйнаг искодта; 3) фидӕ ӕ биццеуи ахур кӕнуй; 4) фидӕ ӕ биццеуи сабур кӕнуй. Хузтӕн сӕ фӕсте зиннуй Йегови къох, ӕма е ӕвдесуй, Йеговӕ дӕр нӕбӕл уотӕ ке тухсуй.