Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

9 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Йегъовӕ дын дӕ зӕрдӕ ӕрсабыр кӕндзӕн

Йегъовӕ дын дӕ зӕрдӕ ӕрсабыр кӕндзӕн

«Тыхст хъуыдытӕ мын-иу ӕнцой куы нал лӕвӕрдтой, уӕд мын дӕ зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ рӕвдыдтой мӕ уд» (ПС. 94:19).

44 ЗАРӔГ Ныфссаст адӕймаджы куывд

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Адӕймаг цӕуыл фӕмӕт кӕны ӕмӕ йыл уый куыд фӕзыны?

ӔВӔЦЦӔГӔН, ды дӕр хатт цӕуылдӕрты фӕмӕт кӕныс. Чи зоны дын чидӕр йӕ ныхӕстӕй кӕнӕ йӕ хъуыддӕгтӕй дӕ зӕрдӕ фӕриссын кодта. Кӕнӕ та дӕхӕдӕг цыдӕр загътай кӕнӕ сарӕзтай, ӕмӕ дын уый ӕнцой нӕ дӕтты. Зӕгъӕм, цӕмӕйдӕр фӕрӕдыдтӕ ӕмӕ ныр мӕт кӕныс, зӕгъгӕ мын ӕй Йегъовӕ никуы ныххатыр кӕндзӕн. Суанг ма, чи зоны, хъуыды кӕныс, ӕмӕ, афтӕ тынг кӕй мӕт кӕныс, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ дӕм фаг уырнындзинад нӕй ӕмӕ, Хуыцауы лӕггадгӕнӕг уай, уый аккаг нӕ дӕ. Фӕлӕ цымӕ уый афтӕ у?

2. Библийӕ кӕй цӕвиттонтӕй у бӕрӕг, адӕймаг истӕуыл куы мӕт кӕна, уӕд уый ууыл дзурӕг кӕй нӕу, ӕмӕ йӕм фаг уырнындзинад нӕй?

2 Ӕркӕсӕм Библийӕ цалдӕр цӕвиттонмӕ. Пехуымпар Самуилы мад Аннӕ фидар уырнындзинады хицау уыд. Фӕлӕ йын йӕ бинонтӕй иу чидӕр ӕвзӕр кӕй уыд, уый тыххӕй йӕхицӕн ӕнцой нал ардта (1 Сам. 1:7). Апостол Павелӕн дӕр йӕ уырнындзинад фидар уыд, фӕлӕ уый дӕр цӕуылдӕрты мӕт кодта. Зӕгъӕм ын ӕнцой нӕ лӕвӕрдта «ӕппӕт ӕмбырдты мӕт» (2 Кор. 11:28). Паддзах Давидӕн дӕр уыди диссаджы уырнындзинад, ӕмӕ Йегъовӕйӕн тынг адджын сси (Хъуыд. 13:22). Фӕлӕ Давид стыр тӕригъӕдтӕ сарӕзта, ӕмӕ стӕй тынг маст кодта (Пс. 38:4). Йегъовӕ дзы алкӕмӕн дӕр удӕнцой радта ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ ӕрсабыр кодта. Цӕй ӕмӕ ӕркӕсӕм, уыцы лӕггадгӕнджытӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм, уымӕ.

ИУЗӔРДИОН АННӔЙӔ ЦӔУЫЛ АХУЫР КӔНӔМ

3. Хатт нын иннӕты ныхӕстӕ масты хос цӕмӕн вӕййынц?

3 Исчи нын рӕхуыст ныхас куы фӕзӕгъы кӕнӕ нын ӕвзӕрӕй исты куы саразы, уӕлдайдӕр та не ’мбал кӕнӕ нӕ хиуӕттӕй исчи, уӕд нын уый, гӕнӕн ис, ӕнцой мауал дӕтта. Гӕнӕн ис, мӕт кӕнӕм, уыцы адӕймагимӕ раздӕрау ӕввахс кӕй нал уыдзыстӕм, ууыл. Хатт адӕймаг зӕрдӕриссӕн ныхӕстӕ ӕнӕрхъуыдыйӕ фӕзӕгъы, фӕлӕ йӕ ныхӕстӕ вӕййынц карды цӕфау! (Ӕмб. 12:18). Чидӕр та барӕй фӕзӕгъы, нӕ зӕрдӕ нын чи скъахы, ахӕм ныхӕстӕ. Иу ӕрыгон хо радзырдта: «Цалдӕр азы размӕ ме ’мбӕлттӕй иу социалон сетьты мӕн тыххӕй гӕдыныхӕстӕ апарахат кодта. Мӕ зӕрдӕ мын тынг скъахта. Нӕ йӕ ӕмбӕрстон, ӕнхъӕл кӕмӕй нӕ уыдтӕн, уыцы адӕймаг мын ахӕм рыст цӕмӕн бавзарын кодта». Кӕд дӕуӕн дӕр де ’мбал кӕнӕ дӕ хиуӕттӕй исчи дӕ зӕрдӕ фӕриссын кодта, уӕд дын Аннӕйы хабар баххуыс кӕндзӕн.

4. Аннӕ цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлд?

4 Аннӕ алыхуызон зындзинӕдтыл сӕмбӕлд. Бирӕ азты дӕргъы йын сывӕллон нӕ цыд (1 Сам. 1:2). Израилӕгтӕм та афтӕ нымад уыд, ӕмӕ ахӕм сылгоймагӕн Хуыцау нӕ дӕтты зӕнӕг. Ӕмӕ уый тыххӕй Аннӕ йӕхимӕ ӕгад каст (Райд. 30:1, 2). Фӕлӕ йын масты хос ӕрмӕст уый нӕ уыд. Йӕ лӕг Елхъанӕн ма уыди ӕндӕр ус дӕр, Феннанӕ, ӕмӕ йын уымӕй уыди сывӕллӕттӕ. Феннанӕ Аннӕмӕ хӕлӕг кодта, ӕмӕ-иу ӕй «йе ’лхыскъ ныхӕстӕй уый онг скодта, ӕмӕ-иу йӕхимӕ ныхъхъуыста» (1 Сам. 1:6). Фыццаг Аннӕ уый тыххӕй тынг маст кодта, гъемӕ-иу «цӕссыгӕй йӕхи ӕхсадта ӕмӕ-иу хӕргӕ дӕр ницы кодта» (1 Сам. 1:7, 10). Цымӕ йын цы баххуыс кодта?

5. Аннӕ Хуыцаумӕ кӕй скуывта, уый йын куыд баххуыс кодта?

5 Аннӕ Йегъовӕмӕ скуывта ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ цӕссыгкалгӕйӕ фӕдзырдта. Уый фӕстӕ хистӕр сауджын Илийӕн йӕ хабар бамбарын кодта. Уӕд ын Илий загъта: «Фарнимӕ цу ӕмӕ дын Израилы Хуыцау раттӕд, цы дзы куырдтай, уый». Ӕмӕ Аннӕ уырдыгӕй куы рацыд, «уӕд хӕргӕ дӕр бакодта, ӕмӕ йӕ цӕсгом дӕр раздӕрау ӕнкъард нал уыд» (1 Сам. 1:17, 18). Хуыцаумӕ кӕй скуывта, уый фӕрцы йӕ зӕрдӕ ӕрсабыр.

Аннӕйау нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй-иу нӕ зӕрдӕтӕ ӕрсабыр уой? (кӕс 6–10 абзацтӕ)

6. Аннӕйы хабарӕй ӕмӕ Филиппӕгтӕм 4:6, 7 стихтӕй нӕ бон зондӕн райсын цы у?

6 Йегъовӕмӕ куы кувӕм, уӕд-иу нын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ зӕрдӕтӕ ӕрсабыр уой. Аннӕ йӕ уӕларвон Фыдимӕ бирӕ фӕныхас кодта (1 Сам. 1:12). Ӕмӕ махӕн дӕр нӕ бон у Йегъовӕимӕ бирӕ ныхас кӕнын ӕмӕ йын дзурын, цӕуыл тыхсӕм, цӕуыл мӕт кӕнӕм, цӕмӕй тӕрсӕм ӕмӕ цӕмӕй фӕрӕдийӕм, уыдӕтты тыххӕй. Ӕнӕмӕнг нӕу, ӕмӕ нӕ куывдтытӕ уой рӕсугъд ӕмдзӕвгӕты хуызӕн. Вӕййы афтӕ дӕр, ӕмӕ йын кӕугӕйӕ фӕдзурӕм, нӕ маствӕллад зӕрдӕйы цы ис, уыдӕттӕ. Фӕлӕ нӕ Йегъовӕ никуы сфӕлмӕцы. Уымӕй уӕлдай ма нӕ хъӕуы нӕ зӕрдыл дарын, Филиппӕгтӕм 4:6, 7 стихты цы уынаффӕ ис, уый дӕр. (Бакӕс сӕ.) Павел бӕлвырдӕй загъта, Йегъовӕйӕн бузныг кӕй хъуамӕ дзурӕм. Бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй йын вӕййы бузныг зӕгъӕн, зӕгъӕм, цард нын кӕй радта, уый тыххӕй, цы диссӕгтӕ сфӕлдыста, уыдоны тыххӕй, йе ’нувыд уарзты тыххӕй ӕмӕ нын фидӕны цы диссаджы цард балӕвар кӕндзӕн, уый тыххӕй. Цымӕ ма Аннӕйӕ ноджыдӕр цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

7. Аннӕ-иу алы аз дӕр йӕ лӕгимӕ кӕдӕм ацыд?

7 Кӕд Аннӕ маст ӕмӕ зындзинӕдтӕ ӕвзӕрста, уӕддӕр-иу алы аз дӕр йӕ лӕгимӕ ацыд Силоммӕ, Йегъовӕйы цатыр кӕм уыд, уыцы бынатмӕ (1 Сам. 1:1–5). Аннӕ уым куы уыд, хистӕр сауджын Илий йын гъеуӕд загъта, Йегъовӕ дын раттӕд, цы дзы куырдтай, уый, зӕгъгӕ, ӕмӕ дзы ныфс гъеуӕд бауагъта (1 Сам. 1:9, 17).

8. Ӕмбырдтӕ нын куыд баххуыс кӕнынц?

8 Ӕмбырдтӕм куы цӕуӕм, уӕд-иу нын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ зӕрдӕтӕ ӕрсабыр уой. Ӕмбырды райдианы ӕфсымӕр Хуыцаумӕ куы фӕкувы, уӕд дзы ракуры йӕ сыгъдӕг тых. Фарн, кӕнӕ сабырдзинад та у, сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ цы миниуджытӕ хауы, уыдонӕй иу (Гал. 5:22). Ӕмӕ нӕ зӕрдӕ мӕт ӕмӕ сагъӕстӕй йедзаг куы вӕййы, фӕлӕ уӕддӕр ӕмбырдтӕм куы фӕцӕуӕм, уӕд Йегъовӕйӕн, стӕй хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн фадат фӕдӕттӕм, цӕмӕй-иу нын нӕ ныфсыл ныфс бафтауой ӕмӕ-иу нын баххуыс кӕной, цӕмӕй та нӕ зӕрдӕйы фарн ӕрцӕра. Йегъовӕ нын нӕ зӕрдӕтӕ фыццаджыдӕр ӕрсабыр кӕны, кӕй йӕм фӕкувӕм ӕмӕ ӕмбырдтӕм кӕй фӕцӕуӕм, уый фӕрцы (Дзут. 10:24, 25). Фӕлӕ ма Аннӕйы хабарӕй иу цыдӕр у нӕ бон нӕхицӕн зондӕн райсын.

9. Аннӕ дарддӕр цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлд, фӕлӕ цы фӕивта?

9 Аннӕ йӕ зындзинӕдтӕй уайтагъд нӕ фервӕзт. Силомӕй сӕхимӕ куы ’рбаздӕхт, уӕд йӕ уавӕртӕ нӕ аивтой. Уӕддӕр ӕй хъуыди Феннанӕимӕ иу хӕдзары цӕрын. Ӕмӕ Библийы афтӕ нӕй фыст, ӕмӕ йӕм Феннанӕ хуыздӕр цӕстӕй кӕсын райдыдта. Ӕвӕццӕгӕн ын дарддӕр дӕр ӕлхыскъ, зӕрдӕриссӕн ныхӕстӕ кодта. Фӕлӕ Аннӕмӕ йӕ ныхӕстӕ нымады нал уыдысты. Уый йӕ мӕт ӕмӕ йӕ сагъӕстӕ Йегъовӕйы бар бакодта, ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ маст нал сыгъта. Аннӕ Йегъовӕйы бауагъта, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ ӕрсабыр кодтаид. Ӕмӕ йын цасдӕры фӕстӕ та йӕ куывдӕн дӕр дзуапп радта, ӕмӕ йын зӕнӕг рацыд! (1 Сам. 1:19, 20; 2:21).

10. Аннӕйы хабар нын цӕуыл дзурӕг у?

10 Нӕ зындзинӕдтӕй уайтагъд куы нӕ фервӕзӕм, уӕддӕр гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ зӕрдӕтӕ ӕрсабыр уой. Хатт афтӕ дӕр вӕййы, ӕмӕ Хуыцаумӕ зӕрдиагӕй фӕкувӕм ӕмӕ ӕмбырдтӕм дӕр фӕцӕуӕм, фӕлӕ нӕ зындзинӕдтӕ нӕ фӕцыдӕр вӕййынц. Фӕлӕ нын Аннӕйы хабар ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕйӕн цыфӕнды уавӕры дӕр йӕ бон у нӕ зӕрдӕтӕ ӕрсабыр кӕнын. Йегъовӕ нӕ никуы ферох кӕндзӕн, ӕмӕ нын нӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзӕн (Дзут. 11:6).

АПОСТОЛ ПАВЕЛӔЙ ЦӔУЫЛ АХУЫР КӔНӔМ

11. Павел-иу цӕуыл мӕт кодта?

11 Павел бирӕ цӕуылдӕрты мӕт кодта. Зӕгъӕм, мӕт кодта йӕ хотӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртыл. Уый сӕ тынг уарзта, ӕмӕ, зындзинӕдтыл кӕй ӕмбӕлдысты, уый йын ӕнцой нӕ лӕвӕрдта (2 Кор. 2:4; 11:28). Хорз хабар куы хъусын кодта, уӕд-иу ӕй, йӕ ныхмӕ чи цыд, уыдон фӕнадтой ӕмӕ-иу ӕй ахӕстоны баппӕрстой. Ӕвзӕрста ма ӕндӕр зындзинӕдтӕ дӕр, зӕгъӕм-иу хатт хъуаг ӕййӕфта (Фил. 4:12). Уымӕй уӕлдай, ӕппынкъаддӕр ӕртӕ хатты бахауд ахӕм уавӕры, ӕмӕ-иу цы науыл цыд, уый-иу ныппырх. Ӕмӕ-иу уый фӕстӕ науыл цӕугӕйӕ куыннӕ тарстаид (2 Кор. 11:23–27). Цымӕ Павелӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй афтӕ тынг ма мӕт кодтаид?

12. Павелӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртыл афтӕ тынг ма мӕт кодтаид?

12 Кӕд Павел йӕ хотӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртыл тынг мӕт кодта, уӕддӕр афтӕ нӕ хъуыды кодта, ӕмӕ се ’ппӕтӕн дӕр йӕхӕдӕг баххуыс кӕндзӕн. Павел бонзонгӕ адӕймаг уыд. Ӕмӕ иннӕтӕн дӕр бабар кодта, цӕмӕй ӕмбырдтӕн ӕххуыс кодтаиккой. Зӕгъӕм, ӕууӕнкджын ӕфсымӕртӕ Тимофей ӕмӕ Титӕн сӕ бар бирӕ хӕстӕ бакодта. Ӕмӕ сӕ лӕггады фӕрцы Павел хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртыл афтӕ тынг нал мӕт кодта. (Фил. 2:19, 20; Тит. 1:1, 4, 5).

Апостол Павелау нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй ӕгӕр ма мӕт кӕнӕм? (кӕс 13–15 абзацтӕ)

13. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у Павелы бафӕзмын?

13 Иннӕтӕй ӕххуыс кур. Нӕ рӕстӕджы дӕр ис Павелы хуызӕн фӕлмӕнзӕрдӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ. Ӕмбырдӕй исчи зындзинӕдтӕ куы февзары, уӕд ыл тынг фӕмӕт кӕнынц. Фӕлӕ арӕх хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон нӕ вӕййы се ’ппӕтыл аххӕссын. Ӕмӕ бонзонгӕ куы уой, уӕд-иу иннӕ фӕлтӕрдджын ӕфсымӕртӕй ӕххуыс ракурдзысты. Стӕй ӕрыгон ӕфсымӕртӕн амондзысты, Хуыцауы дзугмӕ кӕсын куыд хъӕуы, уый, цӕмӕй сын уыцы хъуыддаджы ӕххуыс кӕной (2 Тим. 2:2).

14. Павел цӕмӕй нӕ тарсти ӕмӕ дзы цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

14 Хъуамӕ-иу басӕттай, дӕуӕн дӕр кӕй фӕхъӕуы дӕ ныфсыл ныфс бафтауын. Павел сӕрныллӕг уыди, ӕмӕ ӕмбӕрста, уымӕн дӕр-иу йӕ ныфсыл ныфс бафтауын кӕй хъуыд. Куыд зыны, афтӕмӕй нӕ тарсти, йе ’мбӕлттӕ йӕ кӕй фидар кодтой, уый тыххӕй йӕ иннӕтӕ лӕмӕгъ адӕймагыл кӕй банымайдзысты, уымӕй. Павел Филимонмӕ фыста: «Дӕ уарзондзинады тыххӕй куы фехъуыстон, уӕд мын уый ӕрхаста стыр цин ӕмӕ удӕнцой» (Филим. 7). Павелӕн ма зын рӕстӕджы ноджыдӕр цалдӕр адӕймаджы уыдысты ныфсы хос, ӕмӕ уыдоны кой дӕр кодта (Кол. 4:7–11). Сӕрныллӕг куы уӕм ӕмӕ-иу куы басӕттӕм, махӕн дӕр кӕй фӕхъӕуы нӕ ныфсыл ныфс бафтауын, уӕд-иу нын нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ зӕрдиагӕй баххуыс кӕндзысты.

15. Павелӕн зын уавӕры удӕнцой цы ’рхаста?

15 Хуыцауы Ныхас дын удӕнцой хӕссӕд. Павел зыдта, Фыстад ын удӕнцойы хос кӕй уыдзӕн (Ром. 15:4). Зыдта ма, Фыстады фӕрцы йӕм кӕй уыдзӕн ахӕм зонд, цӕмӕй йӕ бон уа цыфӕнды фӕлварӕны дӕр фидар фӕлӕууын (2 Тим. 3:15, 16). Ромы дыккаг хатт ахст куы уыд, уӕд ӕй ӕмбӕрста, тагъд ын мӕлӕты тӕрхон кӕй рахӕсдзысты. Ӕмӕ ахӕм зын уавӕры куыд кодта? Тимофеймӕ ныффыста, тагъддӕр мӕм ӕрцу ӕмӕ демӕ «тыхтӕттӕ» рахӕсс, зӕгъгӕ (2 Тим. 4:6, 7, 9, 13). Цымӕ цӕмӕн? Ӕвӕццӕгӕн, уыцы тыхтӕттӕ уыдысты Дзуттаг Фыстытӕй кӕцыдӕр чингуытӕ. Ӕмӕ Павелы хъуыдысты, цӕмӕй йӕ бон уыдаид Хуыцауы Ныхас арф иртасын. Мах дӕр Павелау Хуыцауы Ныхас ӕдзух куы иртасӕм, уӕд-иу нын Йегъовӕ йӕ Ныхасы фӕрцы нӕ зӕрдӕтӕ ӕрсабыр кӕндзӕн, цыфӕнды зын уавӕры ма уӕм, уӕддӕр.

ПАДДЗАХ ДАВИДӔЙ ЦӔУЫЛ АХУЫР КӔНӔМ

Уӕззау тӕригъӕд куы саразӕм, уӕд нын паддзах Давиды хабар куыд баххуыс кӕндзӕн? (кӕс 16–19 абзацтӕ)

16. Давид йӕхи масты хай куыд бакодта?

16 Давид сарӕзта стыр тӕригъӕд. Вирсавиимӕ ӕмуат ӕрцыд, стӕй йын йӕ лӕджы амарын кодта ӕмӕ цасдӕр рӕстӕг йӕ фыдракӕндтӕ сусӕг кодта (2 Сам. 12:9). Йӕ цӕсгом ӕй кӕй хордта, уый фыццаг ницӕмӕ дардта. Уый тыххӕй Йегъовӕйӕ адард, стӕй йӕхимӕ ныхъхъуыста ӕмӕ йе уӕнгты дӕр хъару нал баззад (Пс. 32:3, 4). Кӕд Давид йӕхи ахӕм масты хай бакодта, уӕддӕр ын цы баххуыс кодта? Ӕмӕ махӕн дӕр цы баххуыс кӕндзӕн, уӕззау тӕригъӕд куы саразӕм, уӕд?

17. Псаломы 51:1–4 стихтӕй куыд зыны, Давид йӕ тӕригъӕдтыл ӕцӕгдӕр кӕй ӕрфӕсмон кодта?

17 Хуыцаумӕ кув, цӕмӕй дын ныххатыр кӕна. Ӕппынфӕстаг Давид Йегъовӕмӕ скуывта. Йӕ тӕригъӕдтыл тынг ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ сӕ Йегъовӕйӕн раргом кодта. (Бакӕс Псалом 51:1–4.) Уӕд ын тынг фенцон! (Пс. 32:1, 2, 4, 5). Уӕззау тӕригъӕд куы саразай, уӕд-иу ӕй ма сусӕг кӕн. Йегъовӕмӕ-иу скув ӕмӕ-иу ын раргом кӕн, цы сарӕзтай, уый. Ӕмӕ уӕд дӕхи афтӕ тынг нал хӕрдзынӕ ӕмӕ дын фенцондӕр уыдзӕн. Фӕлӕ цӕмӕй Йегъовӕ фӕстӕмӕ дӕ Хӕлар суа, уый тыххӕй дӕ хъӕудзӕн ноджыдӕр цыдӕр саразын.

18. Давид Йегъовӕйы зондамындмӕ цы цӕстӕй ракаст?

18 Зондамынд дӕ зӕрдӕмӕ айс. Йегъовӕ пехуымпар Нафаны Давидмӕ куы арвыста, цӕмӕй йын йӕ тӕригъӕд хурмӕ рахастаид, уӕд Давид йӕхи нӕ рӕстытӕ кодта кӕнӕ нӕ дзырдта, уӕззау тӕригъӕд нӕ сарӕзтон, зӕгъгӕ. Уый уайтагъд басаст, ӕрмӕст Вирсавийы лӕджы ныхмӕ кӕй нӕ сарӕзта тӕригъӕд, фӕлӕ фыццаджыдӕр Йегъовӕйы раз. Давид Йегъовӕйы зондамынд йӕ зӕрдӕмӕ айста, ӕмӕ йын Йегъовӕ ныххатыр кодта (2 Сам. 12:10–14). Кӕд уӕззау тӕригъӕд сарӕзтам, уӕд хъуамӕ аныхас кӕнӕм, Йегъовӕ нӕ кӕй бар бакодта, уыцы нӕлгоймӕгтимӕ (Иак. 5:14, 15). Ӕмӕ-иу хъуамӕ нӕхи ма рӕстытӕ кӕнӕм. Цӕмӕй нӕ тӕригъӕды тыххӕй нӕхи мауал хӕрӕм ӕмӕ та нӕ зӕрдӕйы ногӕй фарн ӕмӕ циндзинад уа, уый тыххӕй-иу хъуамӕ зондамынд нӕ зӕрдӕмӕ уайтагъд айсӕм, цавӕрфӕнды ма уа, уӕддӕр.

19. Нӕ фидар фӕнд цы хъуамӕ уа?

19 Дӕ фидар фӕнд уӕд, ахӕм тӕригъӕд кӕй нал сараздзынӕ. Паддзах Давид зыдта, Йегъовӕйы ӕххуыс ӕй кӕй хъуыди, цӕмӕй ахӕм тӕригъӕд макуыуал сарӕзтаид (Пс. 51:7, 10, 12). Йегъовӕ Давидӕн куы ныххатыр кодта, уӕд Давид йӕхицӕн фидарӕй загъта, ӕвзӕр хъуыдытӕ йӕхимӕ ӕмгӕрон дӕр кӕй нал ӕрбауадздзӕн. Ӕмӕ ӕппынфӕстаг йӕ сагъӕстӕй фервӕзт ӕмӕ йӕ зӕрдӕ ӕрсабыр.

20. Цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, Йегъовӕ нын нӕ рӕдыдтытӕ кӕй ныххатыр кӕны, уый тыххӕй дзы бузныг кӕй стӕм?

20 Цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, Йегъовӕ нын нӕ рӕдыдтытӕ кӕй ныххатыр кӕны, уый тыххӕй дзы бузныг кӕй стӕм, уый? Куы-иу ӕм кувӕм, цӕмӕй нын ныххатыр кӕна, зондамынд-иу нӕ зӕрдӕмӕ куы айсӕм ӕмӕ-иу ӕппӕт тыхтӕй куы архайӕм, цӕмӕй ахӕм рӕдыдтытӕ макуыуал ӕруадзӕм. Ӕмӕ-иу уӕд нал мӕт кӕндзыстӕм ӕмӕ та нӕ зӕрдӕты уыдзӕн фарн. Иу ӕфсымӕр, Джеймс, зӕгъгӕ, уый йӕхиуыл бавзӕрста. Афтӕ зӕгъы: «Мӕ тӕригъӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕн куы раргом кодтон, уӕд цыма ме ’ккойӕ уӕззау уаргъ ахауд, афтӕ мын фенцон. Афтӕ тынг нал тыхстӕн ӕмӕ мӕ зӕрдӕ гыццылгай ӕрсабыр». Уӕдӕ нын ныфсы хос куыннӕ у, «Йегъовӕ хӕстӕг [кӕй] у, зӕрдӕсаст чи у, уыдонмӕ, ӕмӕ, ныфссаст чи у, уыдоны [кӕй] ирвӕзын кӕны»! (Пс. 34:18).

21. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй-иу нын Йегъовӕ нӕ зӕрдӕтӕ ӕрсабыр кӕна?

21 Ацы дунейӕн йӕ кӕрон хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кӕны, ӕмӕ нӕ мӕты цы ’фтаудзӕн, уыдӕттӕ дӕр фылдӕр уыдзӕн. Истӕуыл куы тыхсай ӕмӕ куы мӕт кӕнай, уӕд-иу уайтагъд Йегъовӕйӕ ӕххуыс бацагур. Библи лӕмбынӕг иртас. Бафӕзм-иу Аннӕйы, Павелы ӕмӕ Давиды. Дӕ уӕларвон Фыдмӕ кув, цӕмӕй дын баххуыс кӕна, ӕнцой дын цы нӕ дӕтты, уый бамбарынӕн (Пс. 139:23). Дӕ уӕргътӕ-иу уый бар бакӕн, уӕлдайдӕр та, дӕ бар кӕуыл нӕ цӕуы, уыдон. Ӕмӕ уӕд дӕ бон уыдзӕн псаломзарӕггӕнӕгау Йегъовӕйӕн зӕгъын: «Тыхст хъуыдытӕ мын-иу ӕнцой куы нал лӕвӕрдтой, уӕд мын дӕ зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ рӕвдыдтой мӕ уд» (Пс. 94:19).

4 ЗАРӔГ «Йегъовӕ у мӕ Фыййау»

^ 5 абз. Хаттӕй-хатт нӕ алчидӕр фӕмӕт кӕны ӕмӕ фӕтыхсы, зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлы, уӕд. Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, рагзаманты чи цард, уыцы лӕггадгӕнджытӕй ӕртӕйы хабармӕ. Ӕмӕ аныхас кӕндзыстӕм, цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты ӕмӕ сын Йегъовӕ удӕнцой куыд радта ӕмӕ сын сӕ зӕрдӕтӕ куыд ӕрсабыр кодта, ууыл.