Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

9 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

Йеговӕн барӕ раттӕ, цӕмӕй дин уодӕнцойнӕ дӕтта

Йеговӕн барӕ раттӕ, цӕмӕй дин уодӕнцойнӕ дӕтта

«Тухст сагъӕстӕ мин ӕнцойнӕ ку нӕбал лӕвардтонцӕ, уӕд мин дӕ зӕрдӕфедаргӕнӕн дзурдтӕ рӕвдудтонцӕ мӕ уод» (ПС. 94:19).

44 ЗАР Нифссаст адӕймаги кувд

РАЗДЗУРД *

1. Хатгай цӕбӕл фӕттухсӕн ӕма нӕмӕ уой туххӕй цӕхуӕн сагъӕстӕ фӕззиннуй?

ФӔУУЙ уотӕ, ӕма цӕбӕлдӕр хъӕбӕр истухсӕн. Ка ’й зонуй нӕ кадӕр ӕ дзурдтӕй кенӕ ӕ миутӕй фӕрресун кодта. Кенӕ ба нӕхуӕдтӕ кедӕр зӕрдихудти бацудан. Кенӕ ба, ка ’й зонуй, цӕхуӕндӕр рӕдуд искодтан, ӕма нӕмӕ уотӕ кӕсуй, цума нин Йеговӕ некӕд ниххатир кӕндзӕй. Еуӕй-еухатт ба тухсгӕ ке фӕккӕнӕн, уой туххӕй нӕмӕ уотӕ фӕккӕсуй, цума нин ӕууӕндундзийнадӕ нӕ фагӕ кӕнуй, ӕма уомӕ гӕсгӕ нӕхемӕ нецӕййаг ӕркӕсӕн. Фал цума уотӕ сагъӕс кӕнун раст ӕй?

2. Тухсгӕ ке фӕккӕнӕн, е лӕмӕгъ ӕууӕндундзийнадӕбӕл дзорӕг ке нӕй, е Библийӕй цӕхуӕн хабӕрттӕй зиннуй?

2 Ӕркӕсӕн цалдӕр хабаремӕ Библийӕй. Пахампар Самуили мадӕ Аннӕн федар ӕууӕндундзийнадӕ адтӕй. Фал ин ӕ бийнонтӕй еу кадӕр ӕ уодӕй гъазта ӕма уой туххӕй хъӕбӕр нифссаст адтӕй (1 Сам. 1:7). Апостол Павел дӕр федар ӕууӕндундзийнади хецау адтӕй, фал еухатт уотӕ загъта: «Еунӕг бон дӕр [мин] ӕнцойнӕ нӕ дӕттуй ӕгас ӕмбурдти мӕтӕ» (2 Кор. 11:28). Паддзах Давиди ба Йеговӕ е ’ууӕндундзийнади туххӕй уӕлдай хъӕбӕрдӕр уарзта (Гъуд. 13:22). Фал Давид дӕр уӕззау тӕрегъӕдтӕ искодта ӕма уой туххӕй ӕхе хуардта (Пс. 38:4). Йеговӕ се ’гасемӕндӕр уодӕнцойнӕ равардта ӕма син сӕ нифс бафедар кодта. Гъӕйдӕ мадта ӕркӕсӕн, сӕ хабӕрттӕй син цӕбӕл ахур кӕнӕн, уомӕ.

ЕУЗӔРДОН АННИ ХАБАРӔЙ ЦӔБӔЛ АХУР КӔНӔН?

3. Еуӕй-еухатт нӕ дзурдӕй куд фӕрресун кӕнунцӕ?

3 Еске нӕмӕ карзӕй ку исдзоруй кенӕ нин ести фудмиуӕ ку ракӕнуй, уӕлдайдӕр ба не ’мбал кенӕ нӕ хеуон, уӕд нин хъӕбӕр зин фӕууй. Еци адӕймаги хӕццӕ ке нӕбал федауӕн, уобӕл, ӕвӕдзи, хъӕбӕр фӕттухсӕн. Хатгай нин адӕймаги ӕнӕргъуди дзурдтӕ карди цӕфи хузӕн фӕуунцӕ (Ӕмб. 12:18). Кадӕртӕ ба барӕй дӕр уӕхӕн дзурдтӕ равзарунцӕ. Уӕхӕн уавӕри ка бахаудтӕй еу уӕхӕн ӕригон хуӕрӕ зӕгъуй: «Цалдӕр анзей размӕ мӕ хуарз ӕмбалбӕл ке нимадтон, еу уӕхӕн кизгӕ мӕбӕл цъухтӕ рауагъта. Е мин хъӕбӕр зин адтӕй! Уотӕ цӕмӕн бакодта, уой мӕ бон балӕдӕрун н’ адтӕй». Кӕд дӕуӕн дӕр дӕ хуарз ӕмбал кенӕ дӕ хеуон уӕхӕн зин искодта, уӕд дин Анни цӕветтон банхус кӕндзӕй.

4. Аннӕ цӕхуӕн уавӕри адтӕй?

4 Аннӕн ӕ уавӕр ӕнцонтӕй н’ адтӕй, уомӕн ӕма ин берӕ ӕнзти дӕргъи сувӕллӕнттӕ не ’нтӕстӕй (1 Сам. 1:2). Израили адӕни астӕу ба уӕхӕн силгоймаг, Хуцауи арфӕ кӕбӕл не ’рцудӕй, уӕхӕнбӕл нимад адтӕй. Уомӕ гӕсгӕ Аннӕ ӕхемӕ хъӕбӕр ӕгадӕ кастӕй (Райд. 30:1, 2). Ӕ лӕги дуккаг уосӕ Феннанӕн ба сувӕллӕнттӕ адтӕй, ӕма имӕ уой туххӕй Феннанӕ ӕнӕнвӕрсон каст кодта, удта ’й «е ’хсилкъӕ дзубандитӕй уотӕ бакодта, ӕма ӕхемӕ нийгъуста» (1 Сам. 1:6). Фиццаг рӕстӕг Аннӕ ӕ уавӕрбӕл хъӕбӕр тухстӕй, ӕ «цӕстисугӕй ӕхе ӕхснадта ӕма хуӕргӕ дӕр неци кодта». Ӕ зӕрдӕ хъӕбӕр рист адтӕй (1 Сам. 1:7, 10). Цума Аннӕн уодӕнцойнӕ ци рхаста?

5. Аннӕн кувд куд банхус кодта?

5 Аннӕ Йеговӕмӕ кувта ӕма ин ӕ зӕрдӕ раргом кодта. Уой фӕсте ба ӕ уавӕр хестӕр саугин Илийӕн радзурдта, ӕма ин е дӕр загъта: «Фарни хӕццӕ цо ӕма дин Израили Хуцау раттӕд, ци си курдтай, уой». Цума ин ести фенцондӕр ӕй? Уордигӕй ку рацудӕй, уӕд «хуӕргӕ дӕр бакодта, ӕма ӕ цӕсгон дӕр раздӕри хузӕн ӕнкъард нӕбал адтӕй» (1 Сам. 1:17, 18). Аннӕ Йеговӕмӕ ке ракувта, уой фӕрци ӕ зӕрдӕ ӕрсабур ӕй.

Анни хузӕн мах бон дӕр ци ӕй кӕнун, цӕмӕй нӕ зӕрди нӕуӕгӕй фарнӕ фӕззинна ӕма еци фарнӕ гъӕуай кӕнӕн? (кӕсӕ 6–10 абзацтӕ)

6. Анни хабарӕй, удта Филиппӕгтӕмӕ 4:6, 7 финст дзурдтӕй кувди туххӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?

6 Йеговӕмӕ ку ковӕн, уӕд нӕ зӕрди уодзӕй фарнӕ. Аннӕ ӕ уӕларвон Фидӕмӕ берӕ фӕккувта (1 Сам. 1:12). Мах бон дӕр ӕй Йеговӕмӕ ковун ӕма ин дзорун, цӕбӕл тухсӕн, цӕмӕй тӕрсӕн кенӕ кӕми фӕррӕдудан, уой. Нӕ кувдтитӕ бустӕги рӕсугъд ке нӕ уодзӕнцӕ, уобӕл нӕ тухсун нӕ гъӕуй. Хатгай Йеговӕмӕ ковгӕй кӕугӕ дӕр фӕккӕнӕн. Фал Йеговӕ уӕхӕн кувдтитӕй некӕд ратухсуй. Нӕ зиндзийнӕдти туххӕй ковгӕй ма гъӕуама ма иронх кӕнӕн Филиппӕгтӕмӕ 4:6, 7 финст фӕдзӕхст. (Ба сӕ кӕсӕ.) Павел финста кувди медӕг Йеговӕн арфӕ дӕр ке гъӕуама кӕнӕн. Арфӕ ба ин берӕ цӕйдӕрти туххӕй нӕ бон ӕй кӕнун, зӕгъӕн, цард нин ке равардта, зӕнхӕ уотӕ рӕсугъд ке сфӕлдиста, еузӕрдон уарзтӕй нӕ ке уарзуй ӕма нин дессаги нифс ке ес, уой туххӕй. Анни хабарӕй ма никкидӕр цӕбӕл ахур кӕнӕн?

7. Аннӕ ӕ сӕрихецауи хӕццӕ кумӕ фӕццӕуидӕ?

7 Аннӕ еци тухстӕй дӕр ӕ сӕрихецауи хӕццӕ Силоммӕ Йеговӕн ковунмӕ алкӕддӕр цӕуидӕ (1 Сам. 1:1–5). Хестӕр саугин Илий дӕр ӕй уоми бафедар кодта ӕма ин загъта, Йеговӕ ин ӕ кувдбӕл дзуапп ке ратдзӕй (1 Сам. 1:9, 17).

8. Не ’мбурдтӕ нин куд ӕнхус кӕнунцӕ? Ба ’й лӕдӕрун кӕнӕ.

8 Идарддӕр дӕр не ’мбурдтӕмӕ ку цӕуӕн, уӕд нӕ зӕрди уодзӕй фарнӕ. Фембӕлди райдайӕни ӕнсувӕр исковуй, цӕмӕй нин Йеговӕ ӕ сугъдӕг хъаурӕ ратта. Сугъдӕг хъаурӕ ци рӕзӕ дӕттуй, уонӕй ба сӕ еу ӕй фарнӕ (Гал. 5:22). Хъӕбӕр тухстӕй дӕр ӕмбурдмӕ ку ’рбацӕуӕн, уӕд Йеговӕн дӕр, удта хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн дӕр фадуат дӕттӕн, цӕмӕй нин нӕ нифс бафедар кӕнонцӕ ӕма нин нӕ зӕрдӕ ӕрсабур кӕнонцӕ. Йеговӕмӕ ковун ӕма ӕмбурдтӕмӕ цӕун хъӕбӕр ӕхсидзгӕ ӕй, уомӕн ӕма нин Йеговӕ уотемӕй ӕнхус кӕнуй (Дзиуит. 10:24, 25). Ӕркӕсӕн, Анни хабарӕй ма никкидӕр цӕбӕл ахур кӕнӕн, уомӕ.

9. Аннӕн ӕ уавӕри ци нӕ раййивта, фал ин ци банхус кодта?

9 Аннӕн ӕ уавӕр уайтагъд нӕ фӕххуӕздӕр ӕй. Ковӕндонӕй хӕдзарӕмӕ ку раздахтӕй, уӕддӕр ма Феннани хӕццӕ еу хӕдзари цардӕй. Удта Библий уотӕ финст некӕми ес, ӕма имӕ Феннанӕ ӕ цӕстингас раййивта. Ӕвӕдзи, е ’хсилкъӕ дзубандитӕ нӕ ниууагъта. Фал нур Аннӕн ӕ бон адтӕй еци дзубандитӕ мацӕмӕ дарун ӕма ӕ зӕрди фарнӕ гъӕуай кӕнун. Аннӕ Йеговӕн барӕ равардта, цӕмӕй ин уодӕнцойнӕ лӕвардтайдӕ. Минкъий фӕстӕдӕр ба ин Йеговӕ райарфӕ кодта ӕма ин ӕхе сувӕллон райгурдӕй (1 Сам. 1:19, 20; 2:21).

10. Анни хабарӕй ма цӕбӕл ахур кӕнӕн?

10 Уавӕр ку нӕ хуӕздӕр кӕна, уӕддӕр нӕ бон ӕй нӕ зӕрди фарнӕ багъӕуай кӕнун. Фӕууй уотӕ, ӕма Йеговӕмӕ дӕр ковӕн, ӕмбурдтӕмӕ дӕр цӕуӕн, нӕ уавӕр ба уӕддӕр нӕ хуӕздӕр кӕнуй. Фал Анни хабарӕй бӕрӕг ӕй, Йеговӕ нин уодӕнцойнӕ ке ратдзӕй. Е нӕ некӕд феронх кӕндзӕй ӕма нин нӕ еузӕрдондзийнади туххӕй ӕ рӕстӕги райарфӕ кӕндзӕй (Дзиуит. 11:6).

АПОСТОЛ ПАВЕЛИ ХАБАРӔЙ ЦӔБӔЛ АХУР КӔНӔН?

11. Павел цӕбӕлти тухстайдӕ?

11 Апостол Павел ӕ царди берӕ цӕбӕлдӕрти тухстӕй. Зӕгъӕн, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ зиндзийнӕдтӕбӕл ке ӕмбалдӕнцӕ, е ин ӕнцойнӕ нӕ лӕвардта, уомӕн ӕма еци киристӕнтти берӕ уарзта (2 Кор. 2:4; 11:28). Мадта ’й е знӕгтӕ ба еу ӕма дууӕ хатти нӕ фӕннадтонцӕ, удта ’й ахӕстдони дӕр исбадун кӕниуонцӕ. «Гъӕуагӕ ӕййафун» ци ӕй, уой дӕр зудта (Фил. 4:12). Удта ма расагъӕс кӕнӕ, науӕбӕл цӕугӕй дӕр куд тухсидӕ, ӕртӕ хатти ибӕл ку ниппурхӕ ’й, уой фӕсте (2 Кор. 11:23–27). Цума Павелӕн еци тухст уавӕрти ци ӕнхус кодта?

12. Павелӕн ци ’нхус кодта, цӕмӕй минкъйидӕр тухстайдӕ?

12 Павел тухстӕй, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ зиндзийнӕдтӕ ке ӕвзурстонцӕ, уобӕл, фал ӕй лӕдӕрдтӕй, еунӕг ӕхе хъауритӕй син ке нӕ банхус кӕндзӕй. Уомӕ гӕсгӕ иннетӕй дӕр ӕнхус ракоридӕ. Зӕгъӕн, цӕхуӕндӕр гъуддӕгтӕ баихӕс кӕнидӕ Тимофей ӕма Титӕн. Ӕма уони ӕнхуси фӕрци уотӕ хъӕбӕр нӕбал тухстӕй (Фил. 2:19, 20; Тит. 1:1, 4, 5).

Павели хузӕн мах бон дӕр ци ӕй кӕнун, цӕмӕй нӕ тухст сагъӕстӕ сӕ буни ма искӕнонцӕ? (кӕсӕ 13–15 абзацтӕ)

13. Хестӕр нӕлгоймӕгти бон куд ӕй Павели фӕнзун?

13 Иннетӕй ӕнхус корӕ. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ, Павели хузӕн тухсунцӕ, зиндзийнӕдтӕбӕл ка ӕмбӕлуй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕбӕл. Фал хестӕр нӕлгоймӕгти бон дӕр алци нӕй. Бонзонгӕ ке ’нцӕ, уомӕ гӕсгӕ ӕригон ӕнсувӕрти ахур кӕнунцӕ, цӕмӕй син Хуцауи дзогӕмӕ кӕсунмӕ ӕнхус кӕнонцӕ (2 Тим. 2:2).

14. Павел цӕмӕй нӕ тарстӕй ӕма ин ӕ цӕветтонӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?

14 Дӕу нифс дӕр бафедар кӕнун ке гъӕуй, уой лӕдӕрӕ. Павел сӕрниллӕг адӕймаг адтӕй, ӕма ’й лӕдӕрдтӕй, е ’мбӕлтти ӕнхус ӕй ке гъӕуй, цӕмӕй ин ӕ нифс федар кодтайуонцӕ. Е ’мбӕлттӕй ’й ке федар кодтонцӕ, уой туххӕй иннетӕмӕ лӕмӕгъ ке фӕккӕсдзӕй, уомӕй нӕ тарстӕй. Павел Филимонмӕ финста: «Дӕ уарзондзийнади туххӕй ку фегъустон, уӕд мин е ӕрхаста устур цийнӕ ӕма уодӕнцойнӕ» (Филим. 7). Зиндзийнӕдти рӕстӕг ма ин никкидӕр ка ӕнхус кодта, уони туххӕй дӕр загъта (Кол. 4:7–11). Махӕн дӕр нӕ нифс бафедар кӕнун ке гъӕуй, уобӕл сӕрниллӕгӕй ку исарази уӕн, уӕд нин хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ зӕрдиагӕй банхус кӕндзӕнцӕ.

15. Зиндзийнӕдти рӕстӕг Павелӕн уодӕнцойнӕ ци хаста?

15 Дӕ зӕрдӕ Хуцауи Дзурдбӕл дарӕ. Павел ӕй зудта, Финстади фӕрци ӕхецӕн уодӕнцойнӕ ке иссердзӕй (Ром. 15:4). Уомӕй уӕлдай ма си цийфӕнди зиндзийнӕдти сӕрти рахезунмӕ дӕр зунд иссирдтайдӕ (2 Тим. 3:15, 16). Павел Роми дуккаг хатт ахӕст ку адтӕй, уӕд ӕй лӕдӕрдтӕй, ӕ мӕлӕт хӕстӕг ке ӕй. Цума уӕхӕн уавӕри куд бакодта? Тимофеййӕн ниффӕдзахста, цӕмӕй ин «тухтӕнттӕ» ӕрбахастайдӕ (2 Тим. 4:6, 7, 9, 13). Цӕмӕн? Еци тухтӕнттӕ, ӕвӕдзи, адтӕнцӕ Дзиуиттаг Финститӕй киунугутӕ, ӕма си Павел Хуцауи Дзурд ӕртасунмӕ пайда кодтайдӕ. Мах дӕр Павели хузӕн Хуцауи Дзурд ку ’ртасӕн, уӕд нӕ ӕ Дзурди фӕрци бафедар кӕндзӕй, цийфӕнди зин уавӕри ма уӕн, уӕддӕр.

ПАДДЗАХ ДАВИДИ ХАБАРӔЙ ЦӔБӔЛ АХУР КӔНӔН?

Уӕззау тӕрегъӕд ка искодта, уомӕн Давиди хабар куд банхус кӕндзӕй? (кӕсӕ 16–19 абзацтӕ)

16. Давид уӕззау тӕрегъӕд ку искодта, уӕд ӕй е цӕмӕ ӕркодта?

16 Давиди ӕ цӕсгон хуардта, ӕма е дзӕгъӕли н’ адтӕй. Давид Вирсавий хӕццӕ ӕнӕгъдау миуӕ бакодта, уой фӕсте ба ин ӕ лӕги рамарун кодта ӕма цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕг ӕ тӕрегъӕд римахста (2 Сам. 12:9). Фиццаг рӕстӕг Давид, е ’фсарӕ ин ци дзурдта, уомӕ не ’гъуста. Ӕма уой туххӕй фесафта, Йегови хӕццӕ ин ци лимӕндзийнадӕ адтӕй, уой, удта ӕхе бахуардта ӕма ма сӕйгӕ дӕр фӕцӕй (Пс. 32:3, 4). Цума Давидӕн ци банхус кодта, ӕхе сӕри фудӕй ибӕл ка ӕрцудӕй, еци зиндзийнӕдти сӕрти рахезунмӕ, ӕма махӕн дӕр ци банхус кӕндзӕй, уӕззау тӕрегъӕд ку искӕнӕн, уӕд?

17. Псаломи 51:1–4 финст дзурдтӕй куд зиннуй, Давид ӕ тӕрегъӕдтӕбӕл зӕрдӕй ке ӕрфӕсмон кодта?

17 Йеговӕмӕ ковӕ, цӕмӕй дин ниххатир кӕна. Фӕстагмӕ Давид уӕддӕр Йеговӕмӕ искувта ӕма ин радзурдта, ӕ гъуддӕгтӕбӕл куд фӕсмон кӕнуй, уой. (Бакӕсӕ Псалом 51:1–4.) Уой фӕсте ин дзӕвгарӕ фенцондӕр ӕй! (Пс. 32:1, 2, 4, 5). Кӕд ести уӕззау тӕрегъд искодтай, уӕд ӕй римӕхсгӕ ма кӕнӕ. Йеговӕмӕ исковӕ ӕма ин алцидӕр радзорӕ. Уой фӕсте дин фенцондӕр уодзӕй ӕма дӕхе уотӕ нӕбал хуӕрдзӕнӕ. Фал дӕ кӕд фӕндуй, цӕмӕй нӕуӕгӕй Йеговӕмӕ бахӕстӕг уай, уӕд ма дӕ никкидӕр цидӕр гъӕуй бакӕнун.

18. Давид зундамундмӕ цӕхуӕн цӕстӕй ракастӕй?

18 Зундамундмӕ байгъосӕ. Йеговӕ Давидмӕ пахампар Нафани ку рарвиста, уӕд Давид ӕхе рӕститӕ кӕнунмӕ нӕ фӕййагайдта. Тӕрегъӕд айдагъ Вирсавий лӕги нихмӕ не ’скодта, фал ма Йегови нихмӕ дӕр, ӕма уобӕл сӕрниллӕгӕй басастӕй. Давид зундамундмӕ байгъуста, ӕма ин Йеговӕ ниххатир кодта (2 Сам. 12:10–14). Кӕд ести уӕззау тӕрегъӕд искодтан, уӕд нӕ радзорун гъӕуй, Йеговӕ ӕ адӕни сӕргъи ке ниввардта, еци фиййӕутти хӕццӕ (Иак. 5:14, 15). Ӕма нӕхе гъӕуама ма рӕститӕ кӕнӕн. Хестӕр нӕлгоймӕгти зундамундмӕ куд тагъддӕр байгъосӕн, уотӕ нин тагъддӕр фенцондӕр уодзӕй, удта нӕмӕ нӕ цийнӕдзийнадӕ дӕр тагъддӕр раздӕхдзӕй.

19. Нӕхецӕн федарӕй ци гъӕуама зӕгъӕн?

19 Дӕхецӕн федарӕй зӕгъӕ, уӕхӕн тӕрегъӕд ке некӕдбал искӕндзӕнӕ. Паддзах Давид ӕй лӕдӕрдтӕй, цӕмӕй нӕуӕгӕй ма фӕррӕдуйа, уой туххӕй ӕй Йегови ӕнхус ке гъӕуй (Пс. 51:7, 10, 12). Йеговӕ ин ку ниххатир кодта, уӕд ӕхецӕн федарӕй загъта, ӕ сӕрмӕ лӕгъуз сагъӕстӕ ке нӕбал уадздзӕй. Уой фӕрци ӕ зӕрди нӕуӕгӕй фарнӕ ӕрцардӕй.

20. Йеговӕ нин хатир ке кӕнуй, уой туххӕй си боз ке ан, уой нӕ бон куд ӕй бавдесун?

20 Йеговӕ нин хатир ке кӕнуй, уой туххӕй си боз ке ан, уой бавдесдзиан, хатир си ку корӕн, ӕ зундамундмӕ ин ку игъосӕн ӕма уӕхӕн рӕдудӕй нӕхе ку гъӕуай кӕнӕн, уӕд. Аци къахдзӕфтӕ ку искӕнӕн, уӕд нӕ зӕрди нӕуӕгӕй фарнӕ фӕззиндзӕй. Уӕззау тӕрегъӕд ка искодта, еу уӕхӕн ӕнсувӕр Джеймс уой ӕхебӕл бавзурста ӕма загъта: «Хестӕр нӕлгоймӕгтӕн алцидӕр ку радзурдтон, уӕд мин дзӕвгарӕ фенцондӕр ӕй, раст цума мӕ рагъӕй уаргъ рахаудтӕй, уотӕ». Мах ӕй зонӕн «Йеговӕ хӕстӕг [ке] ӕй, зӕрдӕсаст ка ӕй, уонӕмӕ, ӕма, нифссаст ка ӕй, уони ервӕзун кӕнуй»! (Пс. 34:18).

21. Цӕмӕй нин Йеговӕ уодӕнцойнӕ ратта, уой туххӕй нӕ ци кӕнун гъӕуй?

21 Аци дуйнейӕн ӕ кӕрон куд хӕстӕгдӕр кӕнуй, уотӕ, гӕнӕн ес, ӕма уавӕртӕ фуддӕрӕй-фуддӕр кӕнонцӕ. Мадта дӕбӕл тухст сагъӕстӕ хъӕбӕрдӕр кӕнун куддӕр райдайонцӕ, уотӕ Йеговӕй ӕнхус корӕ. Библи лӕмбунӕг ӕртасӕ. Аннӕ, Давид ӕма дин Павел фӕнзуйнаг уӕнтӕ. Нӕ уӕларвон Фидӕмӕ ковӕ, цӕмӕй дин, ци дӕ тухсун кӕнуй, уой балӕдӕрунмӕ банхус кӕна (Пс. 139:23). Ци дӕ тухсун кӕнуй, уой Йегови бӕрагӕ уадзӕ, уӕлдайдӕр ба дӕхе барӕ кӕбӕл нӕ цӕуй, еци гъуддӕгтӕ. Ӕма гъе уӕд дӕу бон дӕр уодзӕй псаломзаргӕнӕги хузӕн зӕгъун: «Тухст сагъӕстӕ мин ӕнцойнӕ ку нӕбал лӕвардтонцӕ, уӕд мин дӕ зӕрдӕфедаргӕнӕн дзурдтӕ рӕвдудтонцӕ мӕ уод» (Пс. 94:19).

4 ЗАР «Йеговӕ мӕ Фиййау ӕй»

^ 5 абз. Алкедӕр ни рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ цӕхуӕндӕр зиндзийнӕдти туххӕй тухст сагъӕсти буни фӕууй. Аци статьяй ӕркӕсдзиан, рагидзаманти ка цардӕй ӕма цӕхуӕндӕр зиндзийнӕдтӕбӕл ка ӕмбалдӕй, уӕхӕн еузӕрдон лӕггадгӕнгути хабӕрттӕй ӕртемӕ. Удта ма радзубанди кӕндзиан, Йеговӕ син сӕ нифс куд федар кодта, уобӕл.